Библийы 37 чиныг – Аггей
Ныффыста йӕ: Аггей
Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 520 азы
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: 112 боны (н. э. агъоммӕ 520 аз)
ЙӔ НОМ уыд Аггей. Уый уыд пехуымпар ӕмӕ «Йегъовӕйы минӕвар». Фӕлӕ уымӕй уӕлдай, чи уыд, уый тыххӕй цы зонӕм? (Агг. 1:13). Аггей уыд, чысыл пехуымпартӕ кӕй хонынц, уыдонӕй дӕсӕм. Н. э. агъоммӕ 537 азы дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм куы ’рыздӕхтысты, уӕд уыцы рӕстӕг цы ӕртӕ пехуымпары лӕггад кодтой, уыдонӕй уый уыд фыццаг. Иннӕ дыууӕ пехуымпары уыдысты Захари ӕмӕ Малахи. Аггейы ном (дзуттагау Хаггай) нысан кӕны «Бӕрӕгбоны [гуырд]». Ӕвӕццӕгӕн, райгуырд цавӕрдӕр бӕрӕгбоны рӕстӕг.
2 Дзуттаг таурӕгъмӕ гӕсгӕ Аггей райгуырд Вавилоны, ӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт Зоровавел ӕмӕ хистӕр сауджын Йесоимӕ. Аггей уӕхски-уӕхск лӕггад кодта Захариимӕ, ӕмӕ Ездрӕйы 5:1 ӕмӕ Езд 6:14 гӕсгӕ, сӕ дыууӕ дӕр ӕрцӕуӕггаг адӕмы фыртты разӕнгард кодтой кувӕндон цалцӕг кӕнынмӕ. Аггей Йегъовӕйы пехуымпар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кодта дыууӕ хъуыддаджы: уый разӕнгард кодта дзуттӕгты, цӕмӕй сын Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕной ӕмӕ ма пехуымпариуӕг кодта, Хуыцау адӕмты кӕй базмӕлын кӕндзӕн, уый тыххӕй (Агг. 2:6, 7).
3 Йегъовӕ ацы хъуыддаг Аггейӕн цӕмӕн бахӕс кодта? Уымӕн ис аххосаг: н. э. агъоммӕ 537 азы Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕн сӕ бон уыд сӕ райгуырӕн бӕстӕм аздӕхын ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар сцалцӕг кӕнын. Ралӕууыд н. э. агъоммӕ 520 аз, фӕлӕ ма кувӕндоны арӕзтады фӕудмӕ бирӕ хъуыди. Уыцы азты дӕргъы сӕ се ’знӕгтӕ кӕй хъыгдардтой, сӕ ныфс кӕй асаст ӕмӕ ма мулкыл дӕр кӕй бафтыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ ферох, цӕй тыххӕй ӕрыздӕхтысты, уый (Езд. 1:1–4; 3:10–13; 4:1–24; Агг. 1:4).
4 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, куыддӕр кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрдтой (н. э. агъоммӕ 536 азы), афтӕ «уыцы бӕстӕйы адӕм Иудӕйы адӕмӕн се ’онг мардтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕсаст кодтой, цӕмӕй мауал арӕзтаиккой; ӕмӕ-иу уынаффӕгӕнджытӕн бафыстой, цӕмӕй сын сӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕной» (Езд. 4:4, 5). Фӕстагмӕ, н. э. агъоммӕ 522 азы, знӕгтӕн иннӕ адӕмтӕй бантыст, цӕмӕй арӕзтадон куыстытӕ бауромыны бардзырд рацӕуа. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд н. э. агъоммӕ 520 азы, Персы паддзах Дарий Гистасп дыккаг аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд. Уыцы рӕстӕг Аггей райдыдта пехуымпар-ныхас кӕнын, ӕмӕ уый дзуттӕгты ныфс бауагъта ӕмӕ бавнӕлдтой кувӕндон дарддӕр аразынмӕ. Уӕд сыхаг бӕстӕты хицӕуттӕ арвыстой фыстӕг Даримӕ, цӕмӕй ацы хъуыддаджы фӕдыл йӕ ныхас загътаид. Дарий Киры бардзырд фӕстӕмӕ сфидар кодта ӕмӕ дзуттӕгты бахъахъхъӕдта се ’знӕгтӕй.
5 Аггейы пехуымпарадон чиныг Дзуттаг Фыстыты чингуытӕй кӕй у, ууыл дзуттӕгтӕ никуы дызӕрдыг кодтой. Уый афтӕ кӕй у, уый тыххӕй ма Ездрӕйы 5:1 ис фиппаинаг, зӕгъгӕ, Аггей дзуры «Израилы Хуыцауы номӕй», ахӕм ныхӕстӕ ма фыст ис Ездрӕйы 6:14 дӕр. Ацы пехуымпарадон чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уый ма бӕлвырд кӕны Павел дӕр, Аггейы ныхӕстӕ Дзуттӕгтӕм 12:26 кӕй загъта, уымӕй: «Ныр та зӕгъы: „Ноджы ма иу хатт ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр“» (Агг. 2:6).
6 Пехуымпар Аггейы чиныджы дзырдӕуы цыппар хабарыл, уыдон ын Хуыцау лӕвӕрдта 112 боны дӕргъы. Фыссы хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй. Хъус ӕрдаринаг у, Йегъовӕйы номмӕ йе ’ргом кӕй здахы, уый. Йӕ чиныджы 38 стихы Йегъовӕйы номы тыххӕй фыссы 35 хатты, 14 хатты дзы пайда кӕны дзырдбастӕй «ӕфсӕдты Йегъовӕ». Аггейы ныхӕстӕм гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, хъусинаг кӕй у Йегъовӕйӕ: «Аггей, Йегъовӕйы минӕвар, ацыд, цӕмӕй зӕгъа адӕмӕн, Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уый: „Ӕз уемӕ дӕн, адӕм“,– дзуры Йегъовӕ» (1:13).
7 Уый тынг ахсджиаг рӕстӕг уыд Хуыцауы адӕмӕн ӕмӕ сын Аггейы лӕггад стыр ахъаз фӕци. Аггей йӕ хӕстӕ ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ, дзуттӕгтӕн цы дзырдта, уый фӕлмӕндӕрӕй зӕгъыныл нӕ архайдта. Уый комкоммӕ дзырдта, ракӕ-бакӕ кӕныны рӕстӕг кӕй нӕу ӕмӕ куыстмӕ ӕрӕвналыны афон кӕй у. Кӕд дзуттӕгты фӕнды Йегъовӕйы хорзӕхтӕ райсын, уӕд сӕ ӕнӕмӕнгӕй дӕр хъӕуы Йегъовӕйы хӕдзар аразын ӕмӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Аггейы хабары мидис уыд: кӕд адӕймаджы фӕнды, ӕмӕ Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уа, уӕд хъуамӕ лӕггад кӕна ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын цы куыст бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕна.
ЦЫ ПАЙДА У
13 Йегъовӕ Аггейы уылты цы цыппар хабары фехъусын кодта, уыдон уыцы дуджы цӕрӕг дзуттӕгтӕн стыр ахъаз фесты. Уый фӕрцы ӕрӕвнӕлдтой куыстмӕ ӕмӕ цыппар ӕмӕ ’рдӕг азы фӕстӕ кувӕндон арӕзт фесты. Уый фӕрцы Израилы раст дин йӕ къахыл слӕууыд (Езд. 6:14, 15). Афтӕ зӕрдӕрайгӕйӕ кӕй архайдтой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Ацы хабар ӕрцыд, кувӕндон аразыны рӕстӕг Персы паддзах Дарий паддзахады гӕххӕттытӕм куы ӕркаст ӕмӕ ногӕй куы сфидар кодта Киры бардзырд, уӕд; афтӕмӕй паддзахы фӕрцы кувӕндон арӕзт фесты (Езд. 6:1–13).
14 Ацы пехуымпарадон чиныджы ис, абон дӕр чи ахады, ахӕм зондджын уынаффӕтӕ. Зӕгъӕм, чиныджы дзырдӕуы, адӕймаг Хуыцауы хъуыддаг кӕй хъуамӕ араза йӕхи хъуыддӕгтӕй раздӕр (Агг. 1:2–8; Матф. 6:33). Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хиуарзондзинад адӕймаджы кӕй сафы ӕмӕ мулчы фӕдыл цӕуын дзӕгъӕлы кӕй у, Йегъовӕ цы фарн ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ дӕтты, уыдон та ӕцӕгӕйдӕр адӕймаджы кӕй хъӕздыг кӕнынц (Агг. 1:9–11; 2:9; Ӕмб. 10:22). Уыимӕ ма дзы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕймаг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕны, уый йӕ нӕ сыгъдӕг кӕны, фӕлӕ сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ йын зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕны, уый, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕгъдау ма уа (Агг. 2:10–14; Кол. 3:23; Ром. 6:19). Чиныджы ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ «ивгъуыд царды дзӕбӕх бонтӕм» фӕсмонгӕнгӕйӕ ма кӕсой, фӕлӕ хъуамӕ «сӕ зӕрдӕтӕ сӕ фӕндӕгтӕм раздахгӕйӕ» размӕ кӕсой ӕмӕ архайой Йегъовӕйӕн кад кӕныныл. Афтӕ куы аразой, уӕд Йегъовӕ дӕр уыдзӕни семӕ (Агг. 2:3, 4; 1:7, 8, 13; Фил. 3:13, 14; Ром. 8: 13).
15 Куыддӕриддӕр дзуттӕгтӕ кувӕндоны арӕзтадмӕ бавнӕлдтой, афтӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр уыдысты ӕнтыстджын. Ницыуал сӕ хъыгдардта. Сӕ куыст фесты афоныл. Йегъовӕйӕн ӕдӕрсгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕна, уый кӕддӕриддӕр уыдзӕн арфӕгонд. Зындзинӕдтӕ, зын нӕм кӕсой ӕви ӕцӕгӕйдӕр зын уой, ис аиуварс кӕнӕн, фидар куы уӕм ӕмӕ нӕм уырнындзинад куы уа, уӕд. Цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы «Йегъовӕйы ныхасмӕ» хъусын (Агг. 1:1).
16 Куыд ӕмбарын хъӕуы пехуымпарады ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «базмӕлын кӕндзӕн арв ӕмӕ зӕхх»? Апостол Павел Аггейы 2:6 ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, «[Хуыцау] ныр та зӕгъы: „Ноджы ма иу хатт ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр“. Ацы ныхӕстӕ, „ноджы ма иу хатт“, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ цы банкъуыст, ома Хуыцау цы нӕ сарӕзта, уыдӕттӕ фесӕфдзысты, цӕмӕй, фенкъуысӕн цӕмӕн нӕй, уый баззайа ӕнустӕм. Уӕдӕ, фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уый зонгӕйӕ, дарддӕр дӕр фидар хӕцӕм Хуыцауы стыр хорзӕхыл – уый фӕрцы йын у нӕ бон, йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнын, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ. Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи аныхъуыры, ахӕм арт» (Дзут. 12:26–29). Аггейы ныхӕстӕй бӕрӕг у, базмӕлын кӕнын ӕнӕмӕнгдӕр кӕй хъӕуы, цӕмӕй «аппара паддзахӕдты паддзахбадӕнтӕ ӕмӕ басӕтта адӕмты паддзахӕдты хъару» (Агг. 2:21, 22). Павел ацы пехуымпарад куы ӕрхаста, уӕд загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад у «фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй», уыцы паддзахад. Цӕй уӕдӕ, уыцы Паддзахадыл нӕ ныфс даргӕйӕ фидар уӕм ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цалынмӕ Йегъовӕ, зӕххыл цы адӕмтӕ цӕры, уыдон нӕ раппара, уӕдмӕ хъуамӕ цыдӕр зынаргъ базмӕла ӕмӕ рацӕуа уыцы адӕмтӕй, цӕмӕй фервӕза: «Ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕппӕт адӕмыхӕттыты, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕз ацы хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» (2:4, 7).