Библийы чиныг 53 – 2 Фессалоникӕгтӕм
Ныффыста йӕ: Павел
Кӕм ӕрцыд фыст: Коринфы
Фыст фӕцис: н. э. 50 азмӕ ӕв.
АПОСТОЛ Павел йӕ дыккаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм ныффыста фыццаджы хӕдфӕстӕ. Стӕй йӕ ныффыста Коринфы, уымӕн ӕмӕ та Павел Силуан ӕмӕ Тимофейы номӕй салӕмттӕ ӕрвыста Фессалоникӕйы ӕмбырдӕн. Се ’ртӕ дӕр уыдысты, ӕмбырдтӕн чи ӕххуыс кодта, ахӕм цӕстдарджытӕ. Коринфӕй куы ацыдысты, уый фӕстӕ ма ӕртӕйӕ дӕр иумӕ кӕй фембӕлдысты, уый бӕлвырд нӕу (2 Фес. 1:1; Ап. хъ. 18:5, 18). Фыстӕг цы ӕвзагӕй фыст у ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕй бӕрӕг у: Павел ӕмбӕрста, фессалоникаг ӕфсымӕртӕн ӕвӕстиатӕй хъуыд уынаффӕ раттын, уымӕн ӕмӕ цыдӕр хъуыддаджы рӕдыдысты.
2 Павелы фыццаг фыстӕгыл ӕууӕндӕн куыд ис, афтӕ ацы фыстӕгыл дӕр. Ацы фыстӕгӕй дӕр скъуыддзӕгтӕ хаста Ириней (н. э. 2 ӕнус), стӕй иннӕ рагон фысджытӕ дӕр, уыимӕ Хъизӕмаргӕнӕг Юстин дӕр (уый дӕр цард н. э. 2 ӕнусы). Ӕвӕццӕгӕн, Юстин 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3 кой кодта, афтӕ куы ныффыста, зӕгъгӕ, «[тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ] фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг». 1 Фессалоникӕгтӕм фыстӕг цы рагон каталогты ӕмбӕлы, уыдоны ис дыккаг фыстӕг дӕр. Кӕд абон Честер Биттийы папирусы №2 (P46) нӕй, уӕддӕр ӕнӕхъӕнӕй уыд, 1 Фессалоникӕгтӕм фыстӕджы фӕстӕ цы авд сыфы нӕ фаг кӕны, уыдонӕй фыццаг дыууӕ сыфыл.
3 Цӕмӕн ӕрцыд фыст? Павел фессалоникӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй базонӕн ис, ӕмбырды чидӕртӕ кӕй дзырдта, Хицауы ’рцыд тынг ӕввахс у, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕй ӕмбырды адӕмы зонд хӕццӕ кодтой. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иуӕй-иутӕ уый ӕфсонӕй кусгӕ дӕр нал кодтой (2 Фес. 3:11). Павел йӕ фыццаг фыстӕджы дзырдта Хицауы ’рцыды тыххӕй, ӕмӕ афтӕ чи хъуыды кодта, йе ’рцыд тагъд уыдзӕн, зӕгъгӕ, уыдон ын йӕ ныхӕстӕ уайтагъд сзыгъуыммӕ кодтой. Стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, Павелы фыст кӕй хуыдтой, уыцы фыстӕгмӕ гӕсгӕ дзырдтой, «Йегъовӕйы бон [кӕй] ӕрцыд» (2 Фес. 2:1, 2).
4 Ӕвӕццӕгӕн, Павел уыцы хабӕртты тыххӕй фехъуыста, йӕ фыццаг фыстӕг ын ӕмбырдмӕ чи фӕхӕццӕ кодта, уыцы адӕймагӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй, тынг кӕй уарзта, уыцы ’фсымӕрты зондахаст сраст кодтаид. Афтӕмӕй, н. э. 51 азы Павел Коринфы йӕ дыууӕ ӕмбалимӕ куы уыд, уӕд Фессалоникӕмӕ фыстӕг арвыста. Уым Павел ӕфсымӕртӕн Чырыстийы ӕрцыды хабар бамбарын кодта, ӕмӕ сӕ фӕлмӕнӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл фидар лӕууыдаиккой.
ЦЫ ПАЙДА У
10 Ацы цыбыр фыстӕджы бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл цӕуы дзырд, ӕмӕ се ’ппӕтыл дӕр хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Зӕгъӕм: Йегъовӕ у ирвӕзындзинады Хуыцау ӕмӕ адӕймаджы сыгъдӕг кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ ӕцӕгдзинадыл кӕй ӕууӕнды, уый фӕрцы (2:13); чырыстӕттӕ хъуамӕ зындзинӕдты фидар уой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл нымад ӕрцӕуой (1:4, 5); Хицау Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн йе ’рцыды рӕстӕг (2:1); Йегъовӕ раст тӕрхон кӕндзӕн, хорз хабармӕ чи нӕ хъусы, уыдонӕн (1:5–8); хуынд чи у, уыдон Йесо Чырыстиимӕ иудзинады скадджын уыдзысты Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ (1:12); уыдон хуынд цӕуынц, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый руаджы (2:14); уырнындзинад тынг ахсджиаг у (1:3, 4, 10, 11; 2:13; 3:2); адӕймаг хъуамӕ куса, цӕмӕй йӕхи дӕр дара ӕмӕ лӕггад дӕр кӕна; куы нӕ куса, уӕд дзы магуса рауайдзӕн ӕмӕ иннӕты хъуыддӕгты йӕхи тъысдзӕн (3:8–12); Хуыцауы куы уарзӕм, уӕд фидар лӕудзыстӕм (3:5). Цас диссаджы хъуыдытӕ ис иу цыбыр фыстӕджы!
11 Ацы фыстӕгӕй бӕрӕг у, Павел тынг кӕй тыхсти Фессалоникӕйы ’фсымӕрты уырнындзинадыл ӕмӕ ӕмбырды иудзинадыл. Бамбарын сын кодта, Йегъовӕйы бон йӕ афоныл кӕй ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ уӕдмӕ кӕй хъуамӕ фӕзына, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг», цӕмӕй ӕрбада «Хуыцауы кувӕндоны ӕмӕ йӕхи афтӕ ӕвдиса, цыма хуыцау у». Фӕлӕ «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл» нымад чи цӕуы, уыдон фидарӕй ӕууӕндынц, Хицау Йесо йӕ рӕстӕгыл уӕлӕрвтӕй кӕй райдайдзӕн йӕ маст пиллон артау калын. «Цӕугӕ та ӕркӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕджытимӕ скадджын уа ӕмӕ, уырнындзинад кӕмӕ уыд, ӕппӕт уыдон дисы бафтой» (2:3, 4; 1:5, 10).