Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-2 6–8 фф.
  • Библийы чиныг 54 – 1 Тимофеймӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 54 – 1 Тимофеймӕ
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
bsi08-2 6–8 фф.

Библийы чиныг 54 – 1 Тимофеймӕ

Ныффыста йӕ: Павел

Кӕм ӕрцыд фыст: Македонийы

Фыст фӕцис: н. э. 61–64 азтӕм ӕв.

ЛУКА Хъуыддӕгты чиныджы Павелы царды хабӕрттӕ фӕуд кӕны афтӕ: Павел Ромы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кесӕр ын йӕ хъуыддаг кӕд равзардзӕни, уымӕ. Павел цард ӕххуырст хӕдзары ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, чидӕриддӕр ӕм цыд, уыдонӕн ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы «ницы къуылымпы кодта» (Ап. хъ. 28:30, 31). Фӕлӕ йӕ дыккаг фыстӕджы Тимофеймӕ Павел ныффыста: «Ӕз хъизӕмӕрттӕ дӕр уыцы хорз хабары тыххӕй ӕвзарын, суанг ма мӕ фыдгӕнӕгау рӕхыстӕй дӕр сбастой», ӕмӕ дзырдта, йӕ мӕлӕт кӕй ӕрбаввахс (2 Тим. 2:9; 4:6–8). Куыд тынг фӕивта йӕ уавӕр! Фыццаг хатт ахӕстоны куы бадти, уӕд ӕм хорз цӕстӕй кастысты, фӕлӕ йӕ дыккаг хатт та фыдгӕнӕгыл нымадтой. Н. э. 61 азы Павел Ромы куы уыди, уый тыххӕй Лука куы ныффыста ӕмӕ Павел йӕ хабӕрттӕ Тимофейӕн куы ракодта (ӕвӕццӕгӕн, уыцы фыстӕг ныффыста йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ), уыцы рӕстӕджы ’хсӕн цы ’рцыди?

2 Зын зӕгъӕн у, Павел йӕ фыстӕджытӕ Тимофей ӕмӕ Титмӕ, Хъуыддӕгты чиныджы цы рӕстӕджы кой цӕуы, уӕд кӕй ныффыста. Уымӕ гӕсгӕ Библи иртасджытӕй иуӕй-иутӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ: кесӕр равзӕрста Павелы хъуыддаг ӕмӕ йӕ н. э. 61 азы суӕгъд кодта. Иу дзырдуаты фыст ис: «Хъуыддӕгты чиныджы фӕстаг стихтӕ [зӕгъгӕ, Павелы суӕгъд кодтой, ахӕстоны дыууӕ азы куы фӕбадти, уӕд] растдӕр сты уыцы хъуыдыйӕ, зӕгъгӕ, Павелӕн стӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Лукайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Павелы йӕ куысты ничи къуылымпы кодта. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зыны, цыма дарддӕр дӕр лӕггад кодта»a. Уӕдӕ ис зӕгъӕн, Павел йӕ фыццаг фыстӕг Тимофеймӕ ныффыста н. э. 61–64 азты, ома фыццаг хатт Ромы ахӕстонӕй куы ссӕрибар ӕмӕ йӕ дыккаг хатт куы нӕма сбадын кодтой, уӕд.

3 Павелы ахӕстонӕй куы суӕгъд кодтой, уӕд та, ӕвӕццӕгӕн, Тит ӕмӕ Тимофеимӕ ногӕй райдыдта миссионерӕй лӕггад кӕнын. Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Павел Испанимӕ дӕр бахӕццӕ, фӕлӕ уый бӕрӕг нӕу. Ромаг Климент (н. э. 95 азмӕ ӕв.) ныффыста, зӕгъгӕ, Павел ахӕццӕ «суанг ныгуылӕны дард бӕстӕтӕм», уыдонмӕ та, чи зоны, Испани дӕр хаудb.

4 Кӕм ныффыста Павел йӕ фыццаг фыстӕг Тимофеймӕ? 1 Тимофеймӕ 1:13 фыст ис, Павел кӕй бахӕс кодта Тимофейӕн, цӕмӕй Ефесы ӕмбырды иуӕй-иу хъуыддӕгтӕм ӕркастаид, цалынмӕ йӕхӕдӕг Македонийы уыд, уӕдмӕ. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел Македонийӕ ныффыста йӕ фыстӕг Тимофеймӕ, Ефесмӕ.

5 Тимофеймӕ дыууӕ фыстӕджы раджы заманты нымадтой Павелы фыстӕджытыл ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы хайыл. Фыццаг ӕнусы фысджытӕ дӕр ууыл разы уыдысты, уыимӕ Поликарп, Игнат ӕмӕ Ромаг Климент. Уыцы фыстӕджытӕ уыдысты фыццаг ӕнусты каталогты ӕмӕ сӕ нымадтой Павелы фыстӕджытыл. Иу дзырдуаты фыст ис: «Ног Фӕдзӕхсты ацы фыстӕджыты тыххӕй цас бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыйбӕрц никӕцыйӕн ис... Ӕууӕндӕн сыл кӕй ис, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдыдтой нӕ рӕстӕджы, уымӕн ӕмӕ рагон аргъуаны ууыл фидарӕй ӕууӕндыдысты»c.

6 Павел йӕ фыццаг фыстӕджы Тимофеймӕ ныффыста, цӕмӕй йын бамбарын кодтаид, ӕмбырды цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддӕгтӕ куыд хъуамӕ арӕзт цыдаиккой, уый. Стӕй ма йӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй йӕхи хъахъхъӕдтаид мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр фидар кодтаид, цӕмӕй «хӕццӕ хъуыдытӕй» сӕхи хызтаиккой (1 Тим. 6:20). Ефес хъӕздыг горӕт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн тӕссаг уыд, «ӕхцауарзаг» куы суыдаиккой, уымӕй, ӕмӕ сын Павел ратта цалдӕр уынаффӕ (6:10). Тимофей фӕлтӕрдджын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Йӕ фыд уыд грекъаг, йӕ мад та – Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ уыд, ахӕм дзуттаг сылгоймаг. Бӕрӕг нӕу, Тимофей чырыстон дины тыххӕй фыццаг хатт кӕд фехъуыста, уый. Фӕлӕ Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Листрӕйы куы уыд (ӕвӕццӕгӕн, н. э. 49 азы кӕрон кӕнӕ н. э. 50 азы райдианы), уӕд «Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты Листрӕ ӕмӕ Иконийы ӕфсымӕртӕ», цыдаид ыл 20 азы бӕрц. Павел фӕхуыдта Тимофейы, цӕмӕй йемӕ ӕмӕ Силӕимӕ ацыдаид уацамындон балцы (Ап. хъ. 16:1–3). Павелы 14 фыстӕгӕй Тимофейы ном ӕмбӕлы 11, стӕй ӕмбӕлы Хъуыддӕгты чиныджы дӕр. Павел ӕдзухдӕр фыдау тыхсти Тимофейыл. Цалдӕр хатты йын бахӕс кодта, цӕмӕй бабӕрӕг кодтаид ӕмӕ лӕггад кодтаид алы ӕмбырдты. Ӕвӕццӕгӕн, Тимофей уыд хорз миссионер ӕмӕ йӕ бон уыд фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын (1 Тим. 1:2; 5:23; 1 Фес. 3:2; Фил. 2:19).

ЦЫ ПАЙДА У

15 Тимофеймӕ фыццаг фыстӕг фидарӕй фӕдзӕхсы, ӕнӕпайда ӕмӕ «зондджын» ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны. «Цыдӕр ныхӕстыл быцӕу кӕнын» сӕрбӕрзонддзинадимӕ баст у ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм ахӕм ныхӕстӕ кӕнынӕй, уымӕн ӕмӕ Павел дзырдта, зӕгъгӕ, уый къуылымпыйы хос у уырнындзинад фидар кӕнынӕн, уыдон «расайынц, рацагур-бацагур кӕй хъӕуы, ахӕм фарстытӕ, Хуыцау уырнындзинады фӕрцы цы дӕтты, уымӕн та ницы ӕххуыс сты» (6:3–6; 1:4). Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтау, ахӕм быцӕутӕ дӕр сты «раст ахуырады ныхмӕ... амондджын Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы диссаджы хорз хабары» ныхмӕ (1:10, 11).

16 Ӕвӕццӕгӕн, зыд ӕмӕ кӕрӕф Ефесы чи цард, уыцы чырыстӕтты хъуыд уынаффӕ, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суыдаиккой ӕмӕ уый аххосӕй ма адзӕгъӕл уыдаиккой. Ӕмӕ сын Павел радта ахӕм уынаффӕ. Ацы дунейы арӕх фӕзӕгъынц Павелы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуынц ӕппӕт фыдбылызтӕ дӕр», фӕлӕ сӕм бирӕтӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Ӕцӕг чырыстӕттӕ та хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой ацы уынаффӕ. Уымӕй аразгӕ у сӕ цард. Хъуамӕ сӕхи хъахъхъӕной уыцы тӕссаг къӕппӕгӕй, ӕмӕ «сӕ зӕрдӕ дарой, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ нын ӕппӕт дӕр нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн рӕдауӕй чи дӕтты, уыцы Хуыцауыл» (6:6–12, 17–19).

17 Павелы фыстӕг ӕвдисы, ӕрыгон чырыстӕттӕ цавӕр хъуамӕ уой, уыцы хъуыддаджы сын Тимофей фӕзминаг кӕй у. Кӕд ӕрыгон уыд, уӕддӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар. Цӕстдарӕгмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдоныл бацархайдта ӕмӕ арфӕгонд ӕрцыд кадджын хӕстӕй. Абоны зынгзӕрдӕ чырыстон фӕсивӕдау Тимофейӕн дӕр хъуамӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдаиккой уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕнтыстджын уыдаид. Рӕстдзинады фӕндагыл размӕ ӕнтыстджынӕй цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн Павелы уынаффӕ пайда у: «Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕты куыд ахуыр кӕныс, уымӕ. Ацы хъуыддӕгты лӕуд у алкӕддӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (4:15, 16).

18 Ацы фыстӕджы фӕрцы нӕ бон у тынгдӕр аргъ кӕнын Хуыцауы разамындӕн. Фыст дзы ис, ӕмбырды нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн уа (2:8–15). Дарддӕр дзы ныхас цӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, ууыл. Хуыцауы сыгъдӕг уд амоны, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдон. Ацы фыстӕг разӕнгард кӕны, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдоны се ’ппӕты дӕр, цӕмӕй тырной кадджын хӕстӕм: «Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы» (3:1–13). Дзырд ма дзы цӕуы, цӕстдарӕг цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса хистӕртӕм, кӕстӕртӕм, нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ сылгоймӕгтӕм, ӕмӕ искӕй куы аххосджын кӕной, уӕд куыд кӕнын хъӕуы, ууыл. Павел дыууӕ хатты ӕрхаста скъуыддзӕгтӕ Дзуттаг Фыстытӕй, цӕмӕй равдыстаид, Хуыцауы ныхас дзурыны ӕмӕ амоныны хъуыддаджы чи фыдӕбон кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уӕлдай кад кӕнын кӕй хъӕуы: «Уымӕн ӕмӕ Фыстад афтӕ зӕгъы: „Гал хор куы най кӕна, уӕд ын йӕ дзых бастӕй ма дар. Ӕмӕ ноджыдӕр: Фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн бафидой“» (1 Тим. 5:1–3, 9, 10, 19–21, 17, 18; Дык. з. 25:4; Лев. 19:13).

19 Павел ӕппӕт ацы хорз уынаффӕтӕ куы радта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, ацы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕнӕзӕрдӕхудтӕй, фау ӕрхӕссӕн куыд мацӕмӕ уа, афтӕ, цалынмӕ Хицау Йесо Чырысти йӕхи раргом кӕна, куыд паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау. Чырыстӕттӕ сӕ ныфс Хуыцауы Паддзахадыл кӕй дарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ ацы фыстӕг фӕдзӕхсы: «Цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой, хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй, уой цӕстуарзон ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхицӕн ӕмбырд кӕной, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:14, 15, 18, 19). Цы стыр пайда хӕссынц, 1 Тимофеймӕ фыстӕджы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон!

[Фиппаинӕгтӕ]

a «The New Westminster Dictionary of the Bible», 1970, edited by H. S. Gehman, p. 721.

b «The Ante-Nicene Fathers», Vol. I, p. 6, «The First Epistle of Clement to the Corinthians», chap. V.

c «New Bible Dictionary», second edition, 1986, edited by J. D. Douglas, p. 1203.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын