-
Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынцЙегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
-
-
9 Ахӕм ӕфсымӕртӕн сӕ цардӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы зондӕй кӕй архайынц. Кӕд цӕстдарӕгӕн бинонтӕ ис, уӕд хъуамӕ цӕра, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ома йын хъуамӕ иу ус йеддӕмӕ ма уа ӕмӕ йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг. Цӕстдарӕгӕн йӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ уой уырнӕг, уой коммӕгӕс ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст ӕмӕ сӕ ма зоной, ӕвзӕр митӕ чи кӕны ӕмӕ хивӕнд чи у, ахӕмтӕй. Уӕд ӕмбырды иннӕтӕн ӕнцон уыдзӕн хистӕр нӕлгоймагмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы бинонты царды фӕдыл, стӕй чырыстон царды цыфӕнды хъуыддаджы фӕдыл дӕр уынаффӕ ракурын. Уымӕй уӕлдай, цӕстдарӕгмӕ фау ӕрхӕссӕн хъуамӕ мацӕмӕй уа ӕмӕ йын хорз ном уа суанг ӕддагӕтты ’хсӕн дӕр. Цӕмӕй ӕмбырды ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕна, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ макӕй бон уа фӕаххосджын кӕнын, йӕхи раст нӕ дары, зӕгъгӕ. Стӕй цӕстдарӕг хъуамӕ ма уа, ӕрӕджы цавӕрдӕр тӕригъӕды тыххӕй кӕмӕн бауайдзӕф кодтой, ахӕм. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн зын нӕ уыдзӕн ахӕм цӕстдарджы фӕзмын ӕмӕ йӕ фидарӕй зондзысты, цыфӕнды уавӕры дӕр сын сӕ уырнындзинадыл кӕй батыхсдзӕн (1 Кор. 11:1; 16:15, 16).
10 Ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ чырыстон ӕмбырдӕн лӕггад кӕнынц, кӕддӕр Хуыцауы адӕмӕн израилаг хистӕр лӕгтӕ куыд лӕггад кодтой, афтӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты «зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрд» нӕлгоймӕгтӕ (Дык. з. 1:13). Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕрӕдигӕ не сты, уӕддӕр сӕ ӕмбырды дӕр ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр зонынц, ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ ис ӕмӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ дзӕвгар рӕстӕг чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕй. Фау ӕрхӕссӕн сӕм кӕй нӕй, уый фӕрцы сӕ бон у ӕмбырды раз сӕрибарӕй дзурын (Ром. 3:23).
-
-
Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынцЙегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
-
-
11 Цӕстдарӕгӕй снысан кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы ӕфсымӕртӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зонынц, ӕмӕ уымӕ хауы, иннӕтӕй цас домынц, уый дӕр. Уыдон фанатиктӕ не сты. Фӕлӕ сӕ цардӕй бӕрӕг у, иуырдӕм дӕр сын кӕй нӕ фегӕр вӕййы, ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр, стӕй хиуылхӕцгӕ кӕй сты. Алы хъуыддаджы дӕр бӕрц кӕй зонынц, уый бӕрӕг вӕййы хӕрд ӕмӕ нозтӕй, стӕй, сӕ сӕрибар рӕстӕгӕй куыд фӕпайда кӕнынц ӕмӕ сӕхи куыд фӕирхӕфсынц, уымӕй дӕр. Уыдон бӕрц зонынц карз нозтӕй, цӕмӕй сӕм ахӕм азым мачи ӕрхӕсса, барасыг кӕнӕ расыггӕнаг у, зӕгъгӕ. Адӕймагӕн нозтӕй йӕ зонд куы фӕкъуырма вӕййы, уӕд ын йӕхиуыл хӕцын зындӕр вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинадыл тыхсын.
12 Цӕмӕй адӕймаг ӕмбырды цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕна, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдау. Уый бӕрӕг вӕййы йе ’ддаг бакастӕй, йӕ хӕдзар цы уавӕры ис, уымӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Ахӕм адӕймаг абон-райсом нӕ фӕкӕны. Цы аразын ӕй хъӕуы, уый бӕлвырд фӕзоны ӕмӕ йӕ хабӕрттӕ уымӕ гӕсгӕ спълан кӕны. Уый Библийы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцы.
-
-
Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынцЙегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
-
-
14 Стӕй ма цӕстдарӕг хъуамӕ уа уӕззау зонды хицау. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уал исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна. Хъуамӕ хорз ӕмбара Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ царды куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый. Уӕззаузонд адӕймагӕн уынаффӕмӕ ӕмӕ разамындмӕ байхъусын зын нӕ вӕййы. Цӕстмӕ митӕ йӕм нӕй.
-
-
Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынцЙегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
-
-
15 Павел ма Титӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, цӕстдарӕг хъуамӕ уарза хорздзинад. Уый хъуамӕ уа иузӕрдион ӕмӕ раст адӕймаг. Уыцы миниуджытӕ бӕрӕг вӕййынц, йӕхи иннӕтимӕ куыд дары, уымӕй, стӕй, раст ӕмӕ хорз цы у, ууыл фидар кӕй хӕцы, уымӕй дӕр. Алы хъуыддаджы дӕр у Йегъовӕйыл иузӕрдион ӕмӕ алкӕддӕр архайы Библийы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уый сусӕг ныхас никӕмӕн радзуры. Стӕй у уазӕгуарзон ӕмӕ иннӕтӕн йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕм цы ис, уый не ’вгъау кӕны (Хъуыд. 20:33–35).
16 Цӕмӕй цӕстдарӕг йӕ лӕггады ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса. Павел Титмӕ цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ цӕстдарӕг хъуамӕ «иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ фидар хӕца, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл, цӕмӕй йӕ бон уа раст ахуырады фӕрцы зонд амонын дӕр ӕмӕ, ныхмӕ чи дзуры, уыдонӕн уайдзӕф бакӕнын дӕр» (Тит. 1:9). Хъуамӕ йӕ бон уа ӕмбарын кӕнын ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын. Стӕй хъуамӕ зона, ныхмӕ чи дзуры, уыимӕ ныхас кӕнын куыд хъӕуы, уый. Хъуамӕ арӕхса Хуыцауы Ныхасы фӕрцы иннӕты, раст цы у, ууыл баууӕндын кӕнынмӕ ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕнынмӕ. Цӕстдарӕг хъуамӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса, ӕнцон куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр (2 Тим. 4:2). Хъуамӕ йӕм уа фӕразондзинад, цӕмӕй йӕ бон уа, рӕдыд къахдзӕф чи сарӕзта, ахӕм адӕймагӕн фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кӕнын йе та, дызӕрдыг чи кӕны, ахӕм адӕймагӕн йӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕсурынӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын ӕмӕ йын баххуыс кӕнын, йӕ уырнындзинад ӕй кӕмӕ разӕнгард кӕны, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ аразынӕн. Ӕфсымӕр сценӕйӕ кӕнӕ лӕгӕй-лӕгмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ куы арӕхса, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, цӕстдарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у.
-