-
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | январь
-
-
9. Сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой?
9 Сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уой ӕмӕ ӕгоммӕгӕс ма суой? Сӕ ныййарджытӕ сӕ хорзыл кӕй тыхсынц, ууыл куы хъуыды кӕной, уӕд сӕ бузныг уыдзысты ӕмӕ сӕ фӕнддзӕн сӕ коммӕ кӕсын. Стӕй ма хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс уой. Ӕрыгӕттӕ се ’мгӕртты раз сӕ ныййарджыты хорзы кой куы кӕной, уӕд уыдон дӕр сӕ ныййарджытӕн кад кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджыты аххосӕй бинонты ’хсӕн уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд сывӕллӕттӕн зын уыдзӕн сӕ коммӕ кӕсын. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ куы уыной, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ ӕцӕгдӕр уарзынц, уӕд сӕ коммӕ кӕсдзысты, уый сын ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Остин, дзуры: «Арӕх-иу мӕ фӕндыд, мӕ ныййарджытӕ-иу мӕ цӕмӕй бафӕдзӕхстой, уый саразын. Фӕлӕ мӕ уыдон уӕддӕр раст зондыл арӕзтой, ӕмбарын мын кодтой, цыдӕр мын цӕмӕн аразын кӕнынц кӕнӕ мын цӕмӕндӕр бар цӕуылнӕ дӕттынц. Стӕй-иу арӕх мемӕ ӕргом ныхас кодтой. Уый фӕрцы мын сӕ коммӕ кӕсын ӕнцондӕр уыд. Уыдтон ӕй, мӕ хорзыл кӕй тыхсынц, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ сӕ зӕрдӕ рухс кодтаид».
10, 11. а) Адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарзынц, уый цавӕр миниуджытӕй у бӕрӕг? б) Ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕтӕм цы уарзондзинад ӕвдисынц, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
10 Павел ма ноджыдӕр цы ӕвзӕр миниуджытӕ ранымадта, уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, фӕстаг бонты адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарздзысты. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй нӕ кӕсдзысты, уый хӕдфӕстӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, адӕм хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты. Павел ма загъта, адӕм кӕй уыдзысты мӕнгард. Стӕй ма уыдзысты зындзырд, ома иннӕтимӕ нӕ фидаудзысты. Хуыцауы фаудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, ома Хуыцауӕн, стӕй кӕрӕдзийӕн дӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕндзысты. Уымӕй уӕлдай ма иннӕты фыдкой кӕндзысты, ома кӕрӕдзийӕ алыхуызон мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийы номыл цъыф бакалойa.
-
-
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | январь
-
-
a Мивдисӕгӕй «фыдкой кӕнын» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, диа́болос, зӕгъгӕ, уый нысан кӕны «фыдкойгӕнӕг». Уыцы дзырд Библийы фӕамоны Хӕйрӕгмӕ, Хуыцауы фыдкой чи кӕны, уымӕ.
-