-
Фӕсивӕд, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 май
-
-
5. 2 Тимофеймӕ 3:14, 15 гӕсгӕ Тимофейӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырныдтаид?
5 Бӕрӕг у, Тимофей, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ кӕй тырныдта. Уымӕ йӕ цы сразӕнгард кодта? Павел йӕ дыккаг фыстӕджы Тимофеймӕ фыста, уымӕн ын сӕйраджыдӕр цы баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Цы базыдтай ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны. Стӕй ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ» (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Фыццаг уал ӕркӕсӕм, иннӕ чырыстӕттӕ Тимофейӕн куыд баххуыс кодтой, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнынӕн.
-
-
Фӕсивӕд, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 май
-
-
«Сыгъдӕг Фыстытӕ» ахуыр кӕн
9. Хорз ӕмбӕлттӕ равзарынӕй дарддӕр ма дӕ цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай?
9 Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнынӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын фаг у? Нӕ. Тимофейау дӕу дӕр хъӕуы «сыгъдӕг Фыстытӕ» лӕмбынӕг иртасын. Чи зоны, ахуыр кӕнын нӕ уарзыс, фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, Тимофей дӕр йӕхиуыл кӕй хъуамӕ куыстаид, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид – уый йӕ нысан уыдаид. Спортсментӕ бирӕ мӕйты дӕргъы сӕ тых, сӕ бонӕй сӕхиуыл фӕкусынц, цӕмӕй, цӕмӕ тырнынц, уый сӕ къухы бафта. Афтӕ, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ чи тырны, уый дӕр хъуамӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕна ӕмӕ йӕ тых, йӕ бонӕй архайа (1 Тимофеймӕ 4:7, 8, 10). Фӕлӕ, чи зоны, бафӕрсай: «Библи ахуыр кӕнын мын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕмӕ тырнын, уый мӕ къухы бафта?» Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.
10, 11. Фыстад дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнай? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
10 Фыццаг, Фыстад дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕм фӕзына раст фӕндтӕ. Библийӕ базондзынӕ нӕ уӕларвон Фыды диссаджы миниуджыты ӕмӕ, йе стыр уарзондзинадыл дзурӕг чи у, уыцы хъуыддаджы тыххӕй, стӕй ма, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоны тыххӕй (Амос 3:7; Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 15:4). Цас фылдӕр зонай Йегъовӕйы тыххӕй, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын дӕ цард снывонд кӕнай.
11 Чырыстон фӕсивӕдӕй бирӕтӕ загътой, Библи иудадзыг кӕй ахуыр кодтой, Хуыцауы сӕйраджыдӕр уый фӕрцы кӕй бауарзтой. Цӕвиттон, Адель хъомыл кодта чырыстон бинонты ’хсӕн, фӕлӕ, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ никуы тырныдта. «Мӕ ныййарджытӕ мӕ семӕ Паддзахады залмӕ кодтой, фӕлӕ-иу мӕхӕдӕг Библи никуы ахуыр кодтон ӕмӕ-иу фембӕлдты цы дзырдтой, уымӕ дӕр-иу лӕмбынӕг нӕ хъуыстон»,– зӕгъы Адель. Фӕлӕ йӕ хо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕцӕгдзинадмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. «Мӕхицӕн загътон, Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕй бакӕсдзынӕн. Иу гыццыл-иу дзы акастӕн, ӕмӕ-иу цы бакастӕн, уый фӕдыл-иу мӕ хъуыдытӕ афыстон. Уыцы фыстытӕ ныр дӕр ма мӕхимӕ сты. Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр бакастӕн иу азмӕ». Фӕстагмӕ Аделы бафӕндыд йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Кӕд тынг рынчын у, уӕддӕр ныр лӕггад кӕны пионерӕй, ома ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕгӕй.
12, 13. а) Ӕрыгон адӕймаг Библи куы ахуыр кӕна, уӕд ын уый цавӕр хъуыддӕгты баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ куыд? ӕ) Хуыцауы Ныхасы куырыхон зонд кӕй ис, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
12 Дыккаг, Библи дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ удыхъӕды дӕ аивын цы хъӕуы, уый аивынӕн. Павел Тимофейӕн дзырдта, «сыгъдӕг Фыстытӕ» кӕй сты «пайда... адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтай, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнай ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕй дӕ царды куы пайда кӕнай, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг удӕн бар дӕтдзынӕ, цӕмӕй дын дӕ удыхъӕд хуыздӕр кӕна. Уый фӕрцы дӕм уыдзӕн ахӕм ахсджиаг миниуджытӕ, куыд сӕрныллӕгдзинад, фидардзинад, ӕнувыддзинад ӕмӕ ӕцӕг уарзондзинад де ’мчырыстӕттӕм (1 Тимофеймӕ 4:15). Тимофеймӕ уыдысты ацы миниуджытӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы стыр ӕххуыс уыд Павелӕн дӕр ӕмӕ, цы ӕмбырдты лӕггад кодта, уым дӕр (Филиппӕгтӕм 2:20–22).
13 Ӕртыккаг, Хуыцауы Ныхас у куырыхон зонды къӕбиц (Псалом 1:1–3; 18:8; 2 Тимофеймӕ 2:7; 3:15). Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ уай ӕмӕ дӕ, зын уавӕры бахаугӕйӕ, цы бакӕнын хъӕудзӕн, уый зонай (Райдиан 34:1, 2; Псалом 118:37; 1 Коринфӕгтӕм 7:36). Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уый цӕмӕй дӕ къухы бафта, уый тыххӕй дӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын хъӕуы абон.
-