Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынц
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • 11 Цӕстдарӕгӕй снысан кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы ӕфсымӕртӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зонынц, ӕмӕ уымӕ хауы, иннӕтӕй цас домынц, уый дӕр. Уыдон фанатиктӕ не сты. Фӕлӕ сӕ цардӕй бӕрӕг у, иуырдӕм дӕр сын кӕй нӕ фегӕр вӕййы, ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр, стӕй хиуылхӕцгӕ кӕй сты. Алы хъуыддаджы дӕр бӕрц кӕй зонынц, уый бӕрӕг вӕййы хӕрд ӕмӕ нозтӕй, стӕй, сӕ сӕрибар рӕстӕгӕй куыд фӕпайда кӕнынц ӕмӕ сӕхи куыд фӕирхӕфсынц, уымӕй дӕр. Уыдон бӕрц зонынц карз нозтӕй, цӕмӕй сӕм ахӕм азым мачи ӕрхӕсса, барасыг кӕнӕ расыггӕнаг у, зӕгъгӕ. Адӕймагӕн нозтӕй йӕ зонд куы фӕкъуырма вӕййы, уӕд ын йӕхиуыл хӕцын зындӕр вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинадыл тыхсын.

  • Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынц
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • 14 Стӕй ма цӕстдарӕг хъуамӕ уа уӕззау зонды хицау. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уал исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна. Хъуамӕ хорз ӕмбара Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ царды куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый. Уӕззаузонд адӕймагӕн уынаффӕмӕ ӕмӕ разамындмӕ байхъусын зын нӕ вӕййы. Цӕстмӕ митӕ йӕм нӕй.

  • Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынц
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • 15 Павел ма Титӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, цӕстдарӕг хъуамӕ уарза хорздзинад. Уый хъуамӕ уа иузӕрдион ӕмӕ раст адӕймаг. Уыцы миниуджытӕ бӕрӕг вӕййынц, йӕхи иннӕтимӕ куыд дары, уымӕй, стӕй, раст ӕмӕ хорз цы у, ууыл фидар кӕй хӕцы, уымӕй дӕр. Алы хъуыддаджы дӕр у Йегъовӕйыл иузӕрдион ӕмӕ алкӕддӕр архайы Библийы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уый сусӕг ныхас никӕмӕн радзуры. Стӕй у уазӕгуарзон ӕмӕ иннӕтӕн йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕм цы ис, уый не ’вгъау кӕны (Хъуыд. 20:33–35).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын