Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-2 10–11 фф.
  • Библийы чиныг 56 – Титмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 56 – Титмӕ
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
bsi08-2 10–11 фф.

Библийы чиныг 56 – Титмӕ

Ныффыста йӕ: Павел

Кӕм ӕрцыд фыст: Македонийы (?)

Фыст фӕцис: н. э. 61–64 азтӕм ӕв.

«ПАВЕЛ, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостол... Фыссын, нӕ иумӕйаг уырнындзинады мын ӕцӕг хъӕбулау чи сси, уыцы Титмӕ» (Тит. 1:1, 4). Ацы ныхӕстӕй райдыдта Павел йӕ фыстӕг Титмӕ – йе ’мкусӕгмӕ ӕмӕ бирӕ рӕстӕг кӕимӕ лӕггад кодта, уымӕ. Павел Титы ныууагъта Криты, цӕмӕй ӕмбырды хъуыддӕгтӕ хуыздӕр спълан кодтаид. Уыцы куыст се ’нцонтӕй нӕ уыд. Крит хуыдтой «хуыцӕутты ӕмӕ адӕмы фыды» хӕдзар. Йӕ цӕрджыты тыххӕй та йын дзырдтой, «критагӕн критаджы хуызӕн фӕу», зӕгъгӕ, ома «фӕливӕджы афӕлив»a. Критӕгты мӕнгарддзинад ӕмбисондӕн хастой. Павел ма сын суанг сӕ пехуымпарты ныхӕстӕ дӕр ӕрхаста, зӕгъгӕ, «критӕгтӕ ӕдзух сайгӕ кӕнынц, сты тугдзых сырдтӕ, магусайӕ гуыбындзӕл» (1:12). Павелы заман ма критӕгты тыххӕй афтӕ дӕр дзырдтой: «Ацы адӕмыл ӕууӕнк нӕй, сты дыдзӕсгӕмттӕ, хылкъахджытӕ, чъынды, хӕтаг, гӕдыныхасгӕнджытӕ, расыггӕнджытӕ; се ’хсӕн дзуттӕгтӕй чи цард, уыдон-иу критӕгтӕй ӕнӕгъдаудӕр систы»b. Растдӕр ахӕм адӕмы ’хсӕн Криты фӕзынд ӕмбырдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Павел куыд загъта, афтӕмӕй чырыстӕтты уӕлдай тынгдӕр сӕ хъус дарын хъуыд, «цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лыгъдаиккой... уыдаиккой ӕмбаргӕ, цардаиккой рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (2:12).

2 Титы чиныгӕй бӕрӕг нӕу, Павел ӕмӕ Тит иумӕ арӕх лӕггад кодтой ӕви нӕ. Фӕлӕ Павелы иннӕ фыстӕджыты Титы тыххӕй фылдӕр фыст ис. Тит уыд грекъаг, ӕмӕ-иу Павелимӕ арӕх цыд балцыты, ӕппынкъаддӕр, иу хатт йемӕ ацыд Иерусалиммӕ дӕр (Гал. 2:1–5). Павел Титы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «уый у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг». Павел Коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг Ефесӕй куы ныффыста, уӕд сӕм Титы арвыста. Тит Коринфы куы уыд, уӕд ын бахӕс кодтой, цӕмӕй, Иерусалимы ’фсымӕртӕн цы лӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд кодтой, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодтаид. Уый фӕстӕ Павелмӕ Македонимӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йын йӕ дыккаг фыстӕг Коринфӕгтӕм ахастаид (2 Кор. 8:16–24; 2:13; 7:5–7).

3 Павел Ромы фыццаг хатт ахӕстонӕй куы суӕгъд, уӕд та ногӕй лӕггад кӕнын райдыдта Тит ӕмӕ Тимофеимӕ; йемӕ уыдысты фӕстаг азты Криты, Грецийы ӕмӕ Македонийы. Фӕстагмӕ Павел ацыд Никополмӕ (Грецийы цӕгат-ныгуылӕн), ӕвӕццӕгӕн ӕй уым дыккаг хатт ӕрцахстой, Роммӕ йӕ акодтой ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой. Уыцы хабар ӕрцыд, Критмӕ куы ацыд, уыцы рӕстӕг, уӕд Титы уым ныууагъта, цӕмӕй «раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕна ӕмӕ... алы сахары дӕр сӕвӕра хистӕр нӕлгоймӕгты», куыд ын бафӕдзӕхста, афтӕ. Павел Титмӕ йӕ фыстӕг ныффыста, ӕвӕццӕгӕн, Македонийы, Криты йӕ куы ныууагъта, уый хӕдфӕстӕ (Тит. 1:5; 3:12; 1 Тим. 1:3; 2 Тим. 4:13, 20). Павел Тимофеймӕ йӕ фыццаг фыстӕг цӕмӕн ныффыста, растдӕр уый тыххӕй ныффыста, ӕвӕццӕгӕн, ацы фыстӕг дӕр – цӕмӕй йе ’мкусӕджы ныфс бауагътаид ӕмӕ йын йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн баххуыс кодтаид.

4 Павел Титмӕ йӕ фыстӕг ныффыста, Ромы ахӕстонӕй фыццаг хатт куы ссӕрибар ӕмӕ йӕ дыккаг хатт куы нӕма сбадын кодтой, уыцы рӕстӕг, ома н. э. 61–64 азтӕм ӕввахс. Ацы фыстӕгыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, ууыл дзырд цыди, Тимофеймӕ фыстӕджытыл куы ныхас кодтам, уӕд (фыст ӕрцыдысты иу рӕстӕг). Ацы ӕртӕ фыстӕджы арӕх фӕхонынц «Цӕстдарӕджы фыстӕджытӕ». Ацы фыстӕджытӕ сты иу ӕвзагӕй фыст. Титы чиныгӕй скъуыддзӕгтӕ хастой Ириней ӕмӕ Ориген, стӕй йӕ бирӕ ӕндӕр рагон ахуыргӕндтӕ дӕр нымадтой Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныгыл. Ис Синайы ӕмӕ Александрийы кодексты. Джон Райлендзы библиотекӕйы ис папирус P32 скъуыддзаг (н. э. 3 ӕнус), ӕмӕ дзы ис Титмӕ 1:11–15 ӕмӕ 2:3–8c. Уӕдӕ Титмӕ фыстӕг Библийы хай кӕй у, ууыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнӕн нӕй.

ЦЫ ПАЙДА У

8 Критаг чырыстӕттӕ цардысты фӕлитой, ӕнӕгъдау, стӕй зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕмы ’хсӕн. Цымӕ хъуамӕ иннӕты хуызӕн суыдаиккой? Ӕви хъуамӕ бацархайдтаиккой, цӕмӕй сын семӕ ӕппындӕр иумӕйагӕй мацы уыдаид ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кодтаиккой, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ? Павел Титы уылты критаг чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй «сӕ хъуыдытӕ, хорзӕй цы саразой, ууыл уой», стӕй загъта, «уый адӕймагӕн хорз ӕмӕ пайда» кӕй у. Уый абон дӕр «хорз ӕмӕ пайда у», цӕмӕй чырыстӕттӕ «ахуыр кӕной хорз хъуыддӕгтыл» ӕмӕ ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕной Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ ацы дуне йӕ тӕккӕ дзаг у ӕнӕууӕнк ӕмӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕй (3:8, 14). Криты ӕмбырдтӕн тӕссаг уыд ӕнӕфсармдзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй. Павел Криты ӕмбырдтӕ фӕдзӕхста ӕнӕфсармдзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй, ӕмӕ уый махӕн дӕр зонды хос у, уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау йе стыр хорзӕхӕй «амоны, цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы цардӕвӕрды уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй». Чырыстӕттӕ хъуамӕ цӕттӕ уой «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр», хицауады коммӕ кӕсой ӕмӕ архайой, цӕмӕй сӕ цӕсгом сыгъдӕг уа (2:11, 12; 3:1).

9 1 Тимофеймӕ 3:2–7 уалдай ма Титмӕ 1:5–9 дӕр фыст ис, чырыстон цӕстдарджытӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Цӕстдарджыты хӕс у «иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ фидар хӕцын раст дзырдыл» ӕмӕ ӕмбырд ахуыр кӕнын. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад рӕза. Титмӕ фыстӕджы цалдӕр хатты дзырд цӕуы, раст амонын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Павел фӕдзӕхста Титы, цӕмӕй «амыдтаид раст ахуырад». Ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ хъуамӕ «хорз цы у, ууыл иннӕты ахуыр кӕной» ӕмӕ цагъартӕ та «алы хъуыддаджы дӕр нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад... фидауын кӕной» (Тит. 1:9; 2:1, 3, 10). Цӕстдарӕг фидарӕй ӕмӕ ныфсджынӕй кӕй хъуамӕ амона, уый тыххӕй Павел Титмӕ ныффыста: «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр дзур ацы хъуыддӕгтыл, амон зонд ӕмӕ барджынӕй уайдзӕф кӕн». Чи йӕм нӕ хъуыстаид, уыдоны тыххӕй та загъта: «Карзӕй уайдзӕф кӕн, уырнындзинады фидар куыд уой». Уӕдӕ Павелы фыстӕг Титмӕ сӕйраджыдӕр «пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (Тит. 2:15; 1:13; 2 Тим. 3:16).

10 Титмӕ фыстӕг нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй аргъ кӕнӕм Хуыцауы стыр хорзӕхӕн. Стӕй ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ацы дунейы ӕнӕхуыцау митӕй нӕхи хизӕм, «цалынмӕ нӕ диссаджы ныфс нӕ сӕххӕст ӕмӕ кады мидӕг нӕ раргом Стыр Хуыцау, стӕй нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти». Афтӕмӕй, Йесо Чырыстийы фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад чи у, уый суыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады ӕнусон цард бынӕн райсыны ныфс кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг (Тит. 2:13; 3:7).

[Фиппаинӕгтӕ]

a «McClintock and Strong’s Cyclopedia», 1981 reprint, Vol. II, p. 564; «The New Schaff-Herzog Encyclopedia of Religious Knowledge», 1958, Vol. III, p. 306.

b «McClintock and Strong’s Cyclopedia», 1981 reprint, Vol. X, p. 442.

c «The Text of the New Testament, by Kurt and Barbara Aland», translated by E. F. Rhodes, 1987, p. 98.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын