Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 август 5 ф.
  • Ӕрыгӕттӕ, хорз хъуыддӕгтыл уӕ уд хъарут!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕрыгӕттӕ, хорз хъуыддӕгтыл уӕ уд хъарут!
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы кадджын кӕн пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Пионерӕй лӕггад кӕнын — арфӕйаг хъуыддаг
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Чи у пионер?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 август 5 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕрыгӕттӕ, хорз хъуыддӕгтыл уӕ уд хъарут!

Апостол Павел йӕ фыстӕджы Титмӕ ныффыста, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ, уыимӕ Тит йӕхӕдӕг дӕр, ӕппӕт тыхтӕй архайдтаиккой ӕмӕ алкӕддӕр сӕ хорз хъуыддӕгтӕй фӕзминаг уыдаиккой (Тит 2:6, 7). Уыцы сӕры ӕндӕр стихы Павел загъта, Йесо Йегъовӕйы адӕмы кӕй ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтыл сӕ уд хъардтаиккой (Тит 2:14). Уыцы хорз хъуыддӕгтӕй иу у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд дӕ бон нӕ уаид пионерӕй кӕнӕ ’ххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? (Ӕм 20:29).

Кӕд дӕ пионерӕй лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта (Лк 14:28–30). Ахъуыды кӕн: ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕхи цӕмӕй дардзынӕ? Дӕ бон уыдзӕн, цас хъӕуы, уыйбӕрц сахӕттӕ хъусын кӕнын? Йегъовӕйӕ ’ххуыс кур (Пс 37:5). Дӕ фӕнды тыххӕй дӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ фӕлтӕрдджын пионертимӕ аныхас кӕн. Уый фӕстӕ архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн!

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРЫГӔТТӔ КАДДЖЫН КӔНЫНЦ ЙЕГЪОВӔЙЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ сӕрты ахызтаиккой?

  • Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдайой?

  • Хъусын кӕнынӕн график саразын ахсджиаг цӕмӕн у?

  • Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон куыд у пионерты фидар кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын?

  • Пионертӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?

Ӕрыгон хо йӕ фыдимӕ ныхас кӕны пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй; пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр йӕхицӕн график аразы; пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕрыгон хо ӕндӕр хоимӕ уацамынды; пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕрыгон хо Библийы ахуыр уадзы

Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайон?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын