Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 15/12 30 ф.
  • Бахъуыды кодтай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бахъуыды кодтай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уе ’мкъайад уӕд «ӕртӕ тагӕй конд»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Бинонты цард – уарзӕгой Хуыцауы лӕвар
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 15/12 30 ф.

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

• Нӕ бон куыд у ӕцӕгдзинады «сыгъдӕг ӕвзагыл» Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй сӕрибарӕй дзурын? (Соф. 3:9).

Адӕймаг ӕнӕуи ӕвзаг куыд сахуыр кӕны, афтӕ цӕмӕй мах дӕр «сыгъдӕг ӕвзагыл» сӕрибарӕй дзурын сахуыр уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм; уыцы ӕвзагыл сӕрибарӕй чи дзуры, уыдоны фӕзмӕм; Библийы чингуыты нӕмттӕ ӕмӕ-иу Библийӕ стихтӕ бахъуыды кӕнӕм; цы базонӕм, уый бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу ӕй ногӕй ӕмӕ ногӕй дзурӕм; хъӕрӕй кӕсӕм; ахуыр кӕнӕм ӕцӕгдзинады «грамматикӕ»; цы базонӕм, ууыл-иу ма ӕрлӕууӕм; ахуыр кӕнынӕн-иу бӕлвырд рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ архайӕм сыгъдӕг ӕвзагыл «дзурын» (15.8., 21–25 фӕрстӕ).

• Дзырдбаст «ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн»-ӕй ӕмкъайадмӕ куыд ис спайда кӕнӕн?

Дзырдбаст «ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн» у абарст (Еккл. 4:12). Ацы абарст бинонтӕм куы ахӕссӕм, уӕд дзы дыууӕ таджы сты лӕг ӕмӕ ус, тыхст кӕимӕ сты, уыцы сӕйраг таг та у Йегъовӕ Хуыцау. Лӕг ӕмӕ ус Хуыцауимӕ иудзинады куы уой, уӕд сӕм сӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн тыхтӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕйраджыдӕр уыцы иудзинады фӕрцы уыдзысты амондджын (15.9., 16 фарс).

• Дзуттӕгтӕм 6:2, «къухтӕ ӕвӕрын», зӕгъгӕ, фыст кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дзы цӕй кой цӕуы?

Ӕвӕццӕгӕн, ам хистӕр нӕлгоймӕгты нысан кӕныны кой нӕ цӕуы, фӕлӕ цӕмӕй адӕймаг, сыгъдӕг уды фӕрцы цы курдиӕттӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕй схайджын уа, уый кой (Ап. хъ. 8:14–17; 19:6) (15.9., 32 фарс).

• Ӕмбырды цӕстдарджытӕ иннӕтӕн куыд аргъ кӕнынц?

Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг иннӕтӕн никуы аразын кӕндзӕн, йӕхи аразын цы нӕ фӕнды, уый. Иннӕтӕн ма фӕаргъ кӕны, цавӕрдӕр хъуыддаг сын цӕмӕн аразын кӕны кӕнӕ сын цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн дӕтты, уый сын кӕй бамбарын кӕны, уымӕй (15.10., 22 фарс).

• Рагон Израилы-иу фыййӕуттӕ даргъ къӕдз лӕдзӕгӕй куыд пайда кодтой, уымӕй чырыстон хистӕр нӕлгоймаг цӕуыл ахуыр кӕны?

Фыййаумӕ-иу уыди даргъ, йӕ кӕрон къӕдз кӕмӕн уыд, ахӕм лӕдзӕг. «Кӕртмӕ» мидӕмӕ кӕнӕ та ӕддӕмӕ цӕугӕйӕ, фыстӕ хызтысты уыцы къӕдз лӕдзӕджы бынты, ӕмӕ-иу сӕ фыййау афтӕмӕй банымадта (Лев. 27:32). Чырыстон фыййау дӕр хъуамӕ зона ӕмӕ йӕ хъус дара Хуыцауы дзугӕй алкӕмӕ дӕр (15.11., 9 фарс).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын