Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 10 урок. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмбырды рӕстӕг нӕлгоймагӕн Библийы стих ӕвдисы.

      10 УРОК

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?

      Искуы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды уыдтӕ? Кӕд нӕма, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ацӕуынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс. Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Цымӕ се ’мбырдты цы вӕййы? Ӕмбырдтӕм цӕуын ӕнӕмӕнг у?» Ацы урокӕй базондзынӕ, ӕмбырдтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уай, стӕй ма дын ноджыдӕр цы пайда ӕрхӕсдзысты, уый.

      1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иумӕ цӕмӕн фембырд кӕнынц?

      Иумӕ ӕмбырд кӕнын сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй Библийы фысджытӕй иу загъта: «Стыр ӕмбырды Йегъовӕйӕн арфӕ кӕндзынӕн» (Псалом 26:12). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уарзынц иумӕ ӕмбырд кӕнын. Ӕгас дунейы дӕр алы къуыри дӕр иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоной ӕмӕ йӕ скадджын кӕной. Стӕй ма ӕмбырдты фӕзарынц кады зарджытӕ ӕмӕ фӕкувынц. Афӕдзы дӕргъы ма сын цалдӕр хатты вӕййы стырдӕр фембӕлдтӕ дӕр.

      2. Ӕмбырдты цы базондзынӕ?

      Ӕмбырдты нын фӕамонынц Хуыцауы Ныхас. (Бакӕс Неемийы 8:8.) Ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд базондзынӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй. Хуыцау дӕ куыд тынг уарзы, уый тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд ӕм баввахсдӕр уыдзынӕ. Стӕй ма ӕмбырдты базондзынӕ, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цардӕй райгонд уай (Исай 48:17, 18).

      3. Ӕмбырды чи вӕййы, уыдон дын куыд баххуыс кӕндзысты?

      Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй «кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм... не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Ӕмбырды базонгӕ уыдзынӕ, кӕрӕдзийы зӕрдӕйӕ чи уарзы ӕмӕ дӕуау Хуыцауы хуыздӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмимӕ. Уым-иу Библийӕ цы хъуыдытӕ фехъусай, уыдон-иу дӕ бафидар кӕндзысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.) Стӕй-иу дӕ бон уыдзӕн аныхас кӕнын, зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, фӕлӕ уӕддӕр амондджын чи у, ахӕм адӕмимӕ. Уӕдӕ ӕмбырдтӕ стыр пайда сты. Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ ма цух кӕнӕм.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, ӕмбырдты цы вӕййы ӕмӕ кӕд ӕмбырдтӕм цӕуын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ цӕмӕн у.

      4. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ

      Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕдзух иумӕ ӕмбырд кодтой (Ромӕгтӕм 16:3–5). Бакӕсут Колоссӕгтӕм 3:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Фыццаг чырыстӕттӕ иумӕ цӕмӕн ӕмбырд кодтой?

      Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы къуыри дӕр иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц. Се ’мбырдты цы вӕййы, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй ӕркӕсут, ӕмбырд ӕвдыст кӕуыл ис, уыцы нывмӕ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Паддзахады залы цы вӕййы?» (2:12)

      • Паддзахады залы цы вӕййы ӕмӕ Колоссӕгтӕм 3:16 цы фыст ис, уым ӕмхуызонӕй цы ис?

      • Видеороликы кӕнӕ нывы дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд?

      Бакӕсут 2 Коринфӕгтӕм 9:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты ӕхца цӕуылнӕ фембырд кӕнынц?

      Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ иумӕ ӕркӕсут, иннӕ ӕмбырды цы уыдзӕн, уымӕ.

      • Ӕмбырды программӕйӕ дӕ тынгдӕр кӕцы хаймӕ фӕндид байхъусын?

      Зыдтай йӕ?

      Сайты jw.org дӕ бон у базонын, ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдтӕ кӕм ӕмӕ кӕд фӕцӕуынц, уый.

      Нывтӕ: Паддзахады залы чи вӕййы, уыдон ӕмбырды размӕ, ӕмбырды рӕстӕг ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ. Залы цы вӕййы, уый ӕвдыст у нывтыл 1–4. 1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сценӕйӕ Библийыл арӕзт раныхас дзуры. 2. Сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмбырды рӕстӕг фарстайӕн дзуапп дӕтты. 3. Нӕлгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмбырды фӕстӕ иу бинонтимӕ ныхас кӕны. 4. Нӕлгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмбырдмӕ чи ӕрбацыд, ахӕм ацӕргӕ нӕлгоймагӕн дуар байгом кодта.
      1. 1) Не ’мбырдты вӕййы раныхӕстӕ, равдыстытӕ, стӕй дзы фӕкӕсӕм видеороликтӕм. Ӕмбырдтӕ райдайынц ӕмӕ фӕвӕййынц зарӕгӕй ӕмӕ куывдӕй

      2. 2) Ӕмбырды чи вӕййы, уыдонӕн сӕ бон вӕййы программӕйы кӕцыдӕр хӕйтты фарстатӕн дзуаппытӕ дӕттын

      3. 3) Ӕмбырдмӕ йӕ бон у ӕрбацӕуын алкӕмӕн дӕр: нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн, ацӕргӕтӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн

      4. 4) Чи ’рбацӕуы, уыдоны ӕхца фидын нӕ фӕхъӕуы, стӕй дзы мысайнӕгтӕ дӕр нӕ фембырд кӕнынц

      5. Ӕмбырдтӕм цӕуын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы

      Йесойы бинонтӕ-иу алы аз дӕр Назаретӕй Иерусалиммӕ кувӕндонмӕ цыдысты. Цӕуын-иу сӕ хъуыди хӕххон дурджын фӕндӕгтыл ӕртӕ боны бӕрц. Бакӕсут Лукайы 2:39–42 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Куыд хъуыды кӕныс, Йесойы бинонтӕн Иерусалиммӕ цӕуын ӕнцон уыд?

      • Ӕмбырдтӕм цӕуын дын, чи зоны, зын цӕмӕн уа?

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, уый йӕ фыдӕбоны аргъ у? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

      Нывтӕ: Иосиф, Марийӕ, Йесо ӕмӕ йе ’фсымӕртӕй иу фӕндагмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц. 1. Иосиф голджытӕ хӕрӕгыл ӕвӕры, Марийӕ та хӕринӕгтӕ чыргъӕды ӕвӕры. 2. Картӕйыл ӕвдыст ис Назаретӕй Иерусалиммӕ фӕндаг.

      Библийы фыст ис, ӕмбырдтӕм цӕуын тынг ахсджиаг кӕй у. Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм?

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Цӕмӕй Хуыцауы базонай, уый тыххӕй ӕмбырдтӕм цӕуын ӕнӕмӕнг нӕу».

      • Библийӕ цавӕр стихӕй кӕнӕ цӕвиттонӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ ӕмбырдтӕм цӕуыны тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базондзынӕ, баввахсдӕр ӕм уыдзынӕ ӕмӕ йын дӕ бон уыдзӕн иннӕтимӕ лӕггад кӕнын.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Йегъовӕ нын цӕмӕн дзуры, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кӕнӕм?

      • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты цы базондзынӕ?

      • Ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд ма дын уый ноджыдӕр цы пайда уыдзӕн?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Мыййаг, ӕмбырдмӕ ацӕуынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс? Иу нӕлгоймаг хъуыды кодта, ӕмӕ йыл ӕмбырды былысчъилтӕ кӕндзысты. Базон, ӕмбырдтӕм цӕуын куыд бауарзта.

      «Никуы нӕ ферох уыдзӕн, куыд нӕ суазӕг кодтой, уый» (4:16)

      Фен, ӕрыгон лӕппу ӕмбырдтӕм цӕуын куыд бауарзта ӕмӕ цы сарӕзта, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кодтаид.

      «Ӕмбырдтӕм цӕуын тынг бауарзтон!» (4:33)

      Базон, иуӕй-иутӕ ӕмбырдтӕм цӕуыны тыххӕй цы дзурынц.

      «Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуын цӕмӕн хъӕуы?» (интернет-статья)

      Базон, бандӕйы чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаджы цард куыд фӕивта, фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ куы бацыд, уый фӕстӕ.

      «Ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй никуыдӕм цыдтӕн» (2014 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

  • Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 5. 1914 азӕй дуне фӕивта

      Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «1914 азӕй дуне фӕивта» (1:10)

      Йесо загъта, паддзах куы суа, уӕд дунейы цытӕ цӕудзӕн. Бакӕсут Лукайы 21:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы хабӕрттӕй кӕцытӕ уыныс кӕнӕ кӕцыты тыххӕй фехъуыстай?

      Апостол Павел ныффыста, фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый. Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы миниуджытӕй адӕммӕ кӕцытӕ уыныс?

      Нывтӕ: фӕстаг бонты дунейы цы уавӕртӕ ис ӕмӕ адӕм цыхуызӕн сты. 1. Ӕфсӕддон хицау йӕ къухтӕ тилы ӕмӕ трибунӕйӕ хъӕр кӕны. 2. Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ хӕдзӕрттӕ пырхӕй лӕууынц. 3. Хӕстон хӕдтӕхджытӕ. 4. Адӕм маскӕты уынджы фӕцӕуынц. 5. Нью-Йорчы теракты фӕстӕ дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары судзынц. 6. Нӕлгоймаг наркотик кӕны. 7. Лӕг йӕ усмӕ йӕ къух систа ӕмӕ хъӕр кӕны. 8. Наркотиктӕ ӕмӕ нуӕзт. 9. Дыууӕ сылгоймаджы зынаргъ дзаумӕтты ӕмӕ аивгӕнӕнты сӕ къам исынц. 10. Диджей концерты адӕмы кафын кӕны. 11. Нӕлгоймаг фехсынмӕ хъавы судзгӕ бутылкӕ артагимӕ (коктейль Молотова).

      6. Дӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ кӕй уырны?

      Бакӕсут Матфейы 24:3, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый цавӕр ахсджиаг хъуыддагӕй у бӕрӕг?

      • Дӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы архайын?

      Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕрфидар ӕмӕ тагъд ӕгас зӕххӕн разамынд дӕттын райдайдзӕн. Уыцы бон у тынг ӕввахс. Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Алчидӕр нӕ цы хъуамӕ араза, «уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны», уый уынгӕйӕ?

      Нывтӕ: 1. Библи чи ахуыр кӕны, иу ахӕм чызг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды. 2. Ӕмбырды чи уыд, уыцы чызг йӕ зонгӕйӕн хъусын кӕны.

      Иннӕтӕн куыд баххуыс кӕнӕн ис ӕмӕ сӕ куыд фервӕзын кӕнӕн ис, уый куы зонис, уӕд куыд бакӕнис?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын