-
Ма уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй!Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 январь
-
-
Ма уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй!
«Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ» (ДЗУТТЫТӔМ 10:39).
1. Апостол Петры тас цавӕр уавӕрты бацыд?
АПОСТОЛТӔН сӕ уарзон Ахуыргӕнӕг Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, уе ’ппӕт дӕр ныххӕлиутӕ уыдзыстут ӕмӕ мӕ ныууадздзыстут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дисы бахаудысты. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ йӕ сӕ сӕр иууыл тынгдӕр куы ба хъуыдаид, уӕд ӕй ныууагътаиккой? Петр нӕ разы кодта: «Иуылдӕр куы фӕрӕдиой, уӕддӕр ӕз нӕ». Петр ӕцӕгдӕр уыд ӕхсарджын ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Фӕлӕ Йесойыл гадзрахатӕй куы рацыдысты ӕмӕ йӕ куы ӕрцахстой, уӕд апостолтӕ — Петр дӕр семӕ, афтӕмӕй — алырдӕм ныппырхытӕ сты. Фӕстӕдӕр хистӕр сауджын Каиафӕйы хӕдзары Йесойы куы фарстой, уӕд Петр дӕр ӕнкъардӕй лӕууыд кӕрты ӕмӕ, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Уазал ӕхсӕвы фӕудмӕ бирӕ нал хъуыд, афтӕ Петр, ӕвӕццӕгӕн, тӕрсын райдыдта, Йесо ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр куы амарой, уымӕй. Йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕй сӕ иу Петры базыдта ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ ды дӕр Йесойы ӕввахс ӕмбал дӕ, уӕд фыртӕсӕй цы фӕуыдаид, уый нал зыдта. Уый ӕртӕ хатты бавдисӕн кодта Йесойыл. Суанг ын зонгӕ кӕй уыд, ууыл дӕр нӕ басаст! (Маркы 14:27—31, 66—72).
2. а) Йесойы куы ’рцахстой, уыцы ӕхсӕв Петр йӕхи тӕппудӕй кӕд равдыста, уӕддӕр ӕй цӕуылнӕ ис ахӕссӕн «дызӕрдыггӕнджыты» нымӕцмӕ? ӕ) Ӕппӕт тыхтӕй цӕуыл хъуамӕ архайӕм?
2 Петры царды уый уыд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ мӕлӕты онг кӕуыл фӕсмон кодта, ахӕм хабар. Фӕлӕ Петрыл уыцы ӕхсӕв цы ’рцыд, уый йӕ тӕппуддзинадыл дзурӕг уыд? Цымӕ Петры ахӕссӕн ис, фӕстӕдӕр апостол Павел афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ», уыдонмӕ? (Дзуттытӕм 10:39). Уӕвгӕ нӕ фылдӕр сразы уыдзысты, Павелы ныхӕстӕ Петрмӕ кӕй нӕ хауынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Петры зӕрдӕйы тас бацыд цыбыр рӕстӕгмӕ, диссаджы хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыцы адӕймаг ӕруагъта рӕдыд. Махӕй дӕр бирӕты царды уыдис, ныртӕккӕ сӕ куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд кӕмӕй фӕсырх вӕййӕм, ахӕм уысмтӕ; ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕры-иу нӕ тас куы бацыд ӕмӕ-иу нӕ бон куы нӕ уал уыд, ӕцӕгад, куыд нӕ фӕндыд, афтӕ хъӕбатырӕй бахъахъхъӕнын. (Абар Ромӕгтӕм 7:21—23.) Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, нӕ царды ахӕм уысмтӕ кӕй уыд, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй стӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй макуы суӕм ахӕмтӕ. Цӕмӕн? Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ ма суӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?
Цы нысан кӕны сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй уын
3. Пехуымпартӕ Илиа ӕмӕ Ионӕйы тас куыд бацыд?
3 Павел «дызӕрдыггӕнджыты» тыххӕй куы фыста, уӕд уый, цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ хъӕбатырдзинад чи фесӕфта, уыдоны кой нӕ кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел зыдта, Петрыл цы ’рцыд, уый ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Хъӕбатыр ӕмӕ ӕргомдзырд пехуымпар Илиа дӕр иухатт фӕтарст йӕхицӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕныны сӕраппонд алыгъд, уымӕн ӕмӕ йӕм фыдзӕрдӕ ус-паддзах Иезавель ӕртхъирӕн кодта, амардзынӕн дӕ, зӕгъгӕ (3 Паддзахӕдты 19:1—4). Пехуымпар Ионӕ та ноджы стырдӕр тасы бахауд. Иегъовӕ йын бахӕс кодта, тынг мӕнгард ӕмӕ фыдадӕм кӕм цард, уыцы сахар Ниневимӕ ацӕуын. Ионӕ та уайтагъддӕр сбадт, Фарсисмӕ цы нау цыд, ууыл; йӕ зӕрды уыд Ниневийӕ 3 500 километры дарддӕр ацӕуын (Ионӕ 1:1—3). Фӕлӕ уӕддӕр куыд Петрӕй, афтӕ уыцы иузӕрдион пехуымпартӕй иуӕй дӕр нӕй зӕгъӕн, зӕгъгӕ, дызӕрдыггӕнджытӕ уыдысты. Цӕуылнӕ?
4, 5. а) Павел Дзуттытӕм 10:39-ӕм стихы цы «сӕфты» кой кӕны, уый нысаниуӕг сбӕлвырд кӕнынӕн нын стихы контекст куыд ӕххуыс кӕны? ӕ) Павел куы ныффыста, зӕгъгӕ, «мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ», уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?
4 Ӕркӕсӕм, Павел цы хъуыды загъта, уымӕ ӕнӕхъӕнӕй: «Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ». Цавӕр «сӕфты» кой кодта Павел? Цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый хаттӕй-хатт нысан кӕны ӕнусон куынӕгдзинад. Уӕдӕ йын раст ахӕм нысаниуӕг ис ацы стихы контекстмӕ гӕсгӕ дӕр. Уый размӕ Павел фӕдзӕхста: «Кӕд мах ӕцӕгдзинад базонгӕйӕ, барӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд нал баззад нывонд тӕригъӕдты тыххӕй, фӕлӕ цавӕрдӕр ӕбуалгъы тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ хӕргӕ [«пиллон», НФ] артмӕ, кӕцы цӕттӕ у ныхмӕлӕуджыты аныхъуырынмӕ» (Дзуттытӕм 10:26, 27).
5 Уымӕ гӕсгӕ Павел йе ’муырнджытӕм куы фыста, зӕгъгӕ, «мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ», уӕд ӕй зӕгъын фӕндыд, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йын йӕ ӕрвыст чи каст, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ дӕр фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодтой, Иегъовӕйы кӕй никуы аиуварс кӕндзысты ӕмӕ йӕ кӕй никуы ныууадздзысты. Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ каст ӕнусон куынӕгдзинад. Ахӕм сӕфтмӕ, кӕнӕ куынӕгдзинадмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ уыдысты Искариотаг Иудӕ ӕмӕ ӕцӕгады иннӕ знӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон зонгӕ-зонын Иегъовӕйы сыгъдӕг уды ныхмӕ уыдысты (Иоанны 17:12; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3). Ахӕм адӕм хауынц, символикон арты ӕнустӕм куынӕггонд чи цӕуы, уыцы «тӕрсӕгтӕм» (Раргомад 21:8). Уӕдӕ мах ахӕмтӕ макуы уӕм!
6. Сайтан Хӕйрӕджы махӕй цы хъӕуы?
6 Сайтан Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй. Уый дӕсны у «хин митӕм» ӕмӕ зоны, мӕлӕтмӕ кӕнӕг фӕндаг гыццыл хъуыддӕгтӕй кӕй райдайы (Ефесӕгтӕм 6:11). Комкоммӕ ӕфхӕрдӕй йын куы ницы рауайы, уӕд ӕцӕг чырыстӕтты уырнындзинад сӕттын райдайы бирӕ мӕнгарддӕр амӕлттӕй. Уый архайы, цӕмӕй Иегъовӕйы хъӕбатыр, иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ мауал дзурой. Ӕркӕсӕм, Павел кӕмӕ фыста, уыцы дзуттаг чырыстӕтты ныхмӕ куыд архайдта, уымӕ.
Чырыстӕттыл цавӕр ӕндӕвдад уыд, цӕмӕй дызӕрдыггӕнджытӕ суыдаиккой
7. а) Иерусалимы ӕмбырды истори цавӕр у? ӕ) Павелы ӕрвыст чи каст, уыдонӕй иуӕй-иутӕ духовон ӕгъдауӕй цавӕр уавӕрты уыдысты?
7 Бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй Павел Дзуттытӕм ӕрвыст ныффыста н. э. 61 азы. Иерусалимы ӕмбырд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йесойы мӕлӕты фӕстӕ сӕ тынг ӕфхӕрдтой, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн уыцы сахары чырыстӕттӕй бирӕтӕ алырдӕм ныппырхытӕ сты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ралӕууыд сабыр рӕстӕг, ӕмӕ уӕд чырыстӕтты нымӕц зынгӕ фӕфылдӕр (Куыстытӕ 8:4; 9:31). Цыдысты азтӕ, чырыстӕттӕ-иу куы ӕййӕфтой карз ӕфхӕрд ӕмӕ сурындзинӕдтӕ, куы та нӕ, куы-иу сын уыдис бирӕ ӕмӕ стыр зындзинӕдтӕ, куы та къаддӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй Павел Дзуттытӕм ӕрвыст куы фыста, уӕд дӕр та ӕмбырды уавӕр уыд хуыздӕр, сабырдӕр. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ бынтондӕр нӕ хъыгдӕрдтой. Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, Иерусалим куынӕггонд ӕрцӕудзӕн, уӕдӕй рацыд дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Ӕвӕццӕгӕн дзы уыдис ахӕмтӕ дӕр, афтӕ чи хъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕрон ӕгӕр фӕстиат кӕны ӕмӕ сӕ ӕгасӕй ӕрӕййафдзӕн ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Иннӕтӕ та, уӕлдайдӕр уырнындзинады хӕрзӕвзонг чи уыд, уыдон карз ӕфхӕрд нӕма баййӕфтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнты фидар лӕууын цы нысан кӕны, уый дзӕбӕх не ’мбӕрстой (Дзуттытӕм 12:4). Сайтан, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, архайдта уыцы уавӕртӕй спайда кӕныныл. Цымӕ цавӕр «хин митӕй» спайда кодта?
8. Иудейтӕй бирӕтӕ цы цӕстӕй кастысты, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдмӕ?
8 Иерусалимы ӕмӕ Иудейы цӕрӕг дзуттӕгтӕ ног чырыстон ӕмбырдыл ӕлгъ кодтой. Павелы ӕрвыст нын ӕххуыс кӕны, Иудейы дины сӕрбӕрзонд разамонджытӕ ӕмӕ сӕ фӕдонтӕ чырыстӕттыл куыд худтысты, уый бамбарынӕн. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой: «Махӕн Иерусалимы ис, ӕнусты дӕргъы чи лӕууы, ахӕм стыр кувӕндон! Махӕн ис, кувӕндоны чи лӕггад кӕны, ахӕм цытджын хистӕр сауджын ӕмӕ йӕ дӕлбар ӕндӕр сауджынтӕ. Уым алы бон дӕр хаст цӕуы нывӕндтӕ. Ис нын, Моисейӕн зӕдты уылты чи ӕрцыд лӕвӕрд ӕмӕ Синайы хохыл диссаджы нысӕнттӕй фидаргонд чи ӕрцыд, ахӕм Закъон. Иудаизм чи ныууагъта, сӕ хъуымыз сӕ былтыл кӕмӕн нӕма басур, уыцы сектӕмӕ, уыцы чырыстӕттӕм та ницы ис ахӕмӕй!» Цымӕ ахӕм фидистӕн ӕмӕ схъӕл ныхӕстӕн исты ӕндӕвдад уыдис? Куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иуты сагъӕсы бафтыдтой. Уӕдӕ Павелы ӕрвыст уыд йӕ тӕккӕ афоныл.
Цӕуылнӕ хъуамӕ суыдаиккой сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ?
9. а) Дзуттытӕм ӕрвысты райдианӕй кӕронмӕ бӕрӕгӕй цавӕр темӕ зыны? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Иерусалимы кувӕндонӕй чырыстӕттӕ бирӕ хуыздӕр кувӕндоны лӕггад кодтой?
9 Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Иудейы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цӕуылнӕ хъуамӕ суыдаиккой сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ, уымӕн Павел цы дыууӕ аххосаджы ӕрхаста, уыдонмӕ. Фыццаг: чырыстон кувынад уыд бирӕ хуыздӕр; уый ирдӕй зыны Дзуттытӕм ӕрвысты райдианӕй кӕронмӕ. Павел йе ’рвысты ӕдзухдӕр кӕны уый кой. Иерусалимы кувӕндон уыдис, уымӕй бирӕ стырдӕр, «къухӕй конд чи нӕу», ахӕм арӕзтад, Иегъовӕйы духовон кувӕндонӕн, ӕрмӕстдӕр, йӕ аууон (Дзуттытӕм 9:11, НФ). Уыцы чырыстӕттӕн уыдис стырдӕр кад, уымӕн ӕмӕ сӕ бон уыд, ӕцӕг кувынадӕн цы духовон арӕзтад уыд, уым лӕггад кӕнын. Уыдон лӕггад кодтой, Моисейӕ стырдӕр Ӕхсӕнылӕг Йесо Чырысти кӕй сарӕзта ӕмӕ бирӕ раздӕр рагзагъд чи уыд, уыцы ног, хуыздӕр цӕдисы (Иереми 31:31—34).
10, 11. а) Йесойы равзӕрд ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ йын духовон кувӕндоны Хистӕр Сауджынӕй лӕггад кӕныны бар нӕй? ӕ) Иерусалимы кувӕндоны цы хистӕр сауджын лӕггад кодта, уымӕй Йесо цӕмӕ гӕсгӕ уыд хуыздӕр?
10 Афтӕ ма уыцы чырыстӕттӕн уыдис бирӕ хуыздӕр Хистӕр сауджын — Йесо Чырысти. Нӕ, уый Аароны мыггагӕй нӕ рацыд. Уый уыдис Хистӕр Сауджын «Мелхиседекы цинмӕ гӕсгӕ» (Псалом 109:4). Йӕ мыггаг ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕ бӕрӕг кӕмӕн нӕ уыдысты, уыцы Мелхиседек рагон Салимы уыд паддзах дӕр ӕмӕ хистӕр сауджын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уый иттӕг хорз ӕвдисы Йесойы — Йесо сауджын сси, цавӕрдӕр ӕнӕххӕст адӕймагӕй кӕй равзӕрд, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг сомы кӕй ракодта, уый фӕрцы. Мелхиседекау Йесо дӕр канд Хистӕр Сауджын нӕу, фӕлӕ ма ӕнӕмӕлгӕ Паддзах дӕр (Дзуттытӕм 7:11—21).
11 Стӕй ма, Иерусалимы кувӕндоны чи лӕггад кодта, уыцы хистӕр сауджынӕй уӕлдай Йесойы нӕ хъуыд азӕй-азмӕ ног нывӕндтӕ хӕссын. Уый иухатт нывондӕн ӕрхаста йе ’ххӕст цард, ӕмӕ уыцы нывонд йӕ тыхы уыдзӕн цӕргӕ-цӕрӕнбонтӕм (Дзуттытӕм 7:27). Кувӕндоны цы нывӕндтӕ цыдысты хаст, уыдон Йесойы нывондӕн уыдысты ӕрмӕстдӕр йӕ аууон, йӕ ныв. Йӕ ӕххӕст нывондыл чи ӕууӕндыд, уыдонӕн ӕцӕгдӕр хатыргонд цыдысты сӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕхсызгон ма сты Павелы ныхӕстӕ, цыран ӕвдыст цӕуы, Хистӕр Сауджын, Иерусалимы чырыстӕттӕ кӕй зыдтой, уыцы ӕнӕивгӕ Йесо кӕй у, уый. Уый уыд сӕрныллӕг, зӕрдӕхӕлар, ӕмӕ йӕ бон «не ’дыхдзинӕдтӕ ӕмбарын» кӕмӕн у, ахӕм (Дзуттытӕм 4:15, НД; 13:8). Уыцы сӕрст чырыстӕттӕн уыдис Чырыстийы дӕлбар сауджынтӕй лӕггад кӕныны ныфс! Куыд ма уыд сӕ бон хӕлд иудаизмы «ӕдых ӕмӕ мӕгуыр» хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ аздӕхыныл ӕрмӕст ахъуыды кӕнын дӕр? (Галатӕгтӕм 4:9).
12, 13. а) Дзуттӕгтӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй хъуамӕ ма суыдаиккой, уымӕн Павел цавӕр дыккаг аххосаг ӕрхаста? ӕ) Дзуттаг чырыстӕттӕ раздӕр цы фидардзинад равдыстой, уый сын куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ ма суыдаиккой?
12 Уӕвгӕ дзуттӕгтӕн уӕлдӕр хаст бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр фаг уыдысты, фӕлӕ ма сын Павел ӕрхаста, сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ ма суыдаиккой, уымӕн дыккаг аххосаг дӕр. Уый уыд, раздӕр цы фидардзинад ӕвдыстой, уый. Павел фыста: «Ӕрхъуыды кӕнут уӕ раздӕры бонтӕ, кӕцыты сымах рухсгонд уӕвгӕйӕ, тухӕнты стыр скуыхтдзинад равдыстат». Павел сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фыдкойты ӕмӕ зындзинӕдты «иннӕтӕн ӕркӕсинаг [кӕй] фесты» (НФ), уый. Иутӕ сӕ удхар кодтой ахӕстӕтты; иннӕтӕ та семӕ хъыг кодтой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой. Ӕцӕгдӕр, уыдон ӕвдыстой фӕзминаг уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад (Дзуттытӕм 10:32—34). О, фӕлӕ сӕм Павел цӕмӕн дзырдта, уыцы хъизӕмайраг бонтӕ «хъуыды кӕнут», зӕгъгӕ? Сӕ ныфс цӕмӕй асастаид, уый йӕ фӕндыд, мыййаг?
13 Нӕ, дзуттӕгтӕ сӕ раздӕры бонтӕ куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сӕ нӕ рох кодтаид, Иегъовӕ сын фӕлварӕнты куыд ӕххуыс кодта, уый. Иегъовӕйы ӕххуысӕй уыдон фӕуӕлахиз сты Сайтаны фыдхъуыддӕгтӕй бирӕтыл. Павел фыста: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ хъуыды кодта, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдон иууылдӕр, уымӕн ӕмӕ дзы ницы рох кӕны. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Йесойы сидт, зӕгъгӕ, уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕларвыл. Уыцы хӕзнатӕ къӕрныхы бон нӕу адавын, стӕй сын рӕмпӕг кӕнӕ згӕйӕ дӕр нӕу тӕссаг (Матфейы 6:19—21). Уыцы хӕзнатӕ фесӕфдзысты, ӕрмӕстдӕр чырыстон сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнаг куы суа, уӕд. Афтӕмӕй адӕймаг уӕлӕрвты цасфӕнды хӕзнатӕ ма ӕрӕмбырд кӕна, уӕддӕр ын иууылдӕр дзӕгъӕлы фӕуыдзысты. Цӕй диссаджы ахадгӕ аххосаг ӕрхаста Павел дзуттаг чырыстӕттӕн, цӕмӕй ахӕм фӕндагыл макуы ныллӕууыдаиккой! Уӕд иузӕрдионӕй цы азтӕ фӕлӕггад кодтой, уый дон йӕ бынмӕ аластаид. Ӕмӕ сӕ уый цӕмӕн хъуыд? Бирӕ хуыздӕр ӕмӕ растдӕр уыдаид фидар лӕууын.
Цӕуылнӕ хъуамӕ суӕм дызӕрдыггӕнджытӕ сӕфтмӕ?
14. I ӕнусы чырыстӕттау абон мах дӕр цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм?
14 Абоны ӕцӕг чырыстӕттӕн дӕр къаддӕр аххосӕгтӕ нӕй, дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй ма хъуамӕ суой, уымӕн. Фыццаджыдӕр, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн стыр арфӕдзинад кӕй у. I ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цӕрӕм, бирӕ зындгонд динты минӕвӕрттӕ сӕ стыр, рӕсугъд бӕстыхӕйттӕм ӕмӕ сӕ рагон ӕгъдӕуттӕм амонгӕйӕ мах сӕ сӕрмӕ куы нӕ хӕссынц ӕмӕ ныл куы худынц, ахӕм рӕстӕджы. Фӕлӕ нын Иегъовӕ фидарӕй дзуры, нӕ кувынад кӕй цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ, уый тыххӕй. Уый ӕддейӕ, раст куы зӕгъӕм, уӕд абон махӕн ис, I ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ. Чи зоны дӕм диссаг фӕкӕса ӕмӕ зӕгъай: уый гӕнӕн куыд ис? Уыдон цардысты, духовон кувӕндон йӕ тыхы куы бацыд, уыцы рӕстӕджы. Н. э. 29 азы Чырысти донаргъуыд куы райста, уӕд уыцы кувӕндоны сси Хистӕр Сауджын. Бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой Хуыцауы Фырты диссӕгтӕ аразгӕ. Суанг ма йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр сӕ бон уыд диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ развӕлгъау загъд куыд уыд, афтӕ уыцы хӕрзиуджытӕ фӕстагмӕ фесӕфтысты (1 Коринфӕгтӕм 13:8).
15. Абоны ӕцӕг чырыстӕтты рӕстӕджы цавӕр пехуымпарад ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ сӕххӕст махӕн цы нысан кӕны?
15 Мах та цӕрӕм, Иезекилы чиныджы 40—48-ӕм сӕрты кувӕндоны тыххӕй цы стыр пехуымпарад ис, уый диссаджы хуызы куы ӕххӕст кӕны, уыцы рӕстӕджыa. Уӕдӕ мах нӕхи цӕстӕй федтам ӕмӕ дарддӕр дӕр уынӕм, Хуыцауы сконд сыгъдӕг кувынад куыд фидар кӕны, уый. Уыцы духовон кувӕндоны динон ӕнӕсыгъдӕгдзинад ӕмӕ гуымирытӕн бынат нал ис (Иезекиль 43:9; Малахи 3:1—5). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, духовон кувӕндон сыгъдӕггонд кӕй ӕрцыд, уый нын цы стыр пайда ӕрхаста, ууыл.
16. Цавӕр ныфссӕттӕг хъуыддагыл сӕмбӕлдысты I ӕнусы чырыстӕттӕ?
16 Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды фидӕн уыд тынг тӕссаг. Йесо развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, ног тыд мӕнӕуы нӕмгуыты ’хсӕн тыд ӕрцӕудзысты мӕгъӕлдатӕ, ӕмӕ мӕнӕу зынтӕй хицӕн кӕндзӕн мӕгъӕлдатӕй (Матфейы 13:24—30). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ӕрцыд. I ӕнусы кӕрон ма хӕлддзинад ӕрмӕстдӕр зӕронд апостол Иоанн урӕдта, ӕндӕр аздӕхынад ӕйттӕй парахат кӕнын райдыдта (1 Иоанны 2:18; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:6). Апостолты мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фӕзынд дины разамонджыты хицӕн къорд, уый ссӕндын райдыдта фысты, даргӕ та кодта сӕрмагонд дарӕс. Буары хъӕдгом сау кӕнын ӕмӕ ӕмбийын куыд байдайы, аздӕхынад дӕр афтӕ тагъд парахат кодта. Куыд зын уыд иузӕрдион чырыстӕттӕн уымӕ кӕсын! Хӕрзӕрӕджы цы сыгъдӕг кувынад сырӕзт, уый сӕ цӕсты раз ивд ӕрцыд цавӕрдӕр хӕлд, чъизи ӕгъдӕуттӕй. Афтӕмӕй Чырысти ӕмбырдӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уымӕй ӕнус дӕр нӕма рацыд.
17. Нырыккон чырыстон ӕмбырд I ӕнусы ӕмбырдӕй фылдӕр рӕстӕг куыд ис?
17 Ныр та ӕркӕсӕм хицӕндзинадмӕ. Абон, ӕцӕг кувынад ис, апостолты мӕлӕты онг цы рӕстӕг рацыд, уымӕй бирӕ фылдӕр рӕстӕг! 1879 азы ацы журналы фыццаг номыр мыхуыры куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ныл Иегъовӕ ӕнӕвгъауӕй арфӕ кӕны, йӕ кувынад тынгӕй-тынгдӕр кӕй сыгъдӕг кӕны, уымӕй. 1918 азы Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти бацыдысты духовон кувӕндонмӕ, цӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕной (Малахи 3:1—5). 1919 азӕй Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынад сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕны. Хуыздӕр райдыдтам ӕмбарын Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ принциптӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Цымӕ кӕй фӕрцы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст адӕмы фӕрцы нӕ. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт, ӕмбырды Сӕр, хъахъхъӕдтой Сӕ адӕмы хӕлддзинадӕй ацы ӕвзӕр рӕстӕг. Цӕй уӕдӕ кӕддӕриддӕр бузныг уӕм Иегъовӕйӕ, абон нын сыгъдӕг кувынады хайад исыны бар кӕй дӕтты, уый тыххӕй! Ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй макуы суӕм дызӕрдыггӕнджытӕ сӕфтмӕ!
18. Сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй ма хъуамӕ суӕм, уымӕн нын цавӕр аххосаг ис?
18 Тӕппуддзинад ӕмӕ дызӕрдыгдзинӕдты фӕндагыл кӕй ма хъуамӕ ацӕуӕм, уымӕн дзуттаг чырыстӕттау махӕн дӕр ис дыккаг аххосаг — цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы цы фидардзинад ӕвдисӕм, уый. Иегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын ӕви йын дӕсгай азты дӕргъы зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ алчидӕр фӕстӕмӕ куы акӕса, уӕд фендзӕн, цы чырыстон хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон. Махӕй бирӕтӕ сӕмбӕлдысты алыхуызон ныхмӕлӕудтыл: бадтысты ахӕстӕтты, архайдтой, нӕ хъуыддагӕн закъонон ӕгъдауӕй бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕджы, бавзӕрстой ӕгъатыр ахаст кӕнӕ ӕнӕхӕдзар, ӕнӕдуар фесты. Ноджы фылдӕр чырыстӕттӕн та сӕ ныхмӕ цыдысты сӕ бинонтӕ, сӕ хиуӕттӕ, худтысты сыл, хынджылӕг сӕ кодтой ӕмӕ сӕм уазал цӕстӕй кастысты. Фӕлӕ кӕд не ’ппӕтдӕр царды алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр Иегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтам ӕмӕ фидар лӕууыдыстӕм, нӕ фӕцудыдтам. Афтӕ аразгӕйӕ, махӕй алчидӕр ӕрӕмбырд кодта, Иегъовӕ кӕй никуы ферох кӕндзӕн, ахӕм фидардзинады хъуыддӕгтӕ. Иудзырдӕй, мах ӕрӕмбырд кодтам хӕзнатӕ уӕлӕрвтыл. Уӕдӕ ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнӕм, кӕддӕр фӕстейӕ кӕй ныууагътам, уыцы зӕронд ӕмбыд дунемӕ фӕстӕмӕ аздӕхӕм! Нӕ фыдӕбӕттӕ доны цӕмӕн калӕм? Уӕлдайдӕр та абон, кӕронмӕ ма «чысыл, тынг чысыл» куы баззад, уӕд (Дзуттытӕм 10:37).
19. Цӕуыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?
19 Цӕй уӕдӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонтӕм аскъуыддзаг кӕнӕм, «мах... [кӕй] не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ»! Уый бӕсты кӕддӕриддӕр «лӕууӕм уырнындзинады» (Дзуттытӕм 10:39). Цӕмӕй ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаджы не ’мчырыстӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
-
-
Цӕй уӕдӕ фидар лӕууӕм уырнындзинадыХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 январь
-
-
Цӕй уӕдӕ фидар лӕууӕм уырнындзинады
«Мах... лӕууӕм уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» (ДЗУТТЫТӔМ 10:39).
1. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕйы уырнындзинад дӕр тынг зынаргъ у, зӕгъгӕ?
ИННӔ хатт Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕм ӕмбырд кӕнынц, уыцы Паддзахады Залмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ акӕс, дӕ алыварс чи ис, уыдонмӕ. Ахъуыды-иу кӕн, сӕ уырнындзинад цы бирӕ хъуыддӕгты ӕвдисынц, ууыл. Залы фенӕн ис, Хуыцауӕн дӕсгай азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, ахӕм ацӕргӕ адӕймӕгты, алы бон дӕр се ’мцахъхъӕнты ӕндӕвдады ныхмӕ чи лӕууы, ахӕм ӕрыгӕтты, уым ис, сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ хъомыл кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй чи архайы, ахӕм ныййарджытӕ. Ноджыдӕр дзы фендзынӕ, ӕмбырды бирӕ хӕстӕ кӕуыл ис, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты. Иудзырдӕй, Паддзахады Залы фенӕн ис, Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, алыхуызон зындзинӕдтӕ чи иуварс кӕны, ахӕм духовон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕты. Куыд зынаргъ у, ӕвӕдза, уыдонӕй алкӕйы уырнындзинад дӕр! (1 Петры 1:7).
2. Павел Дзуттытӕм ӕрвысты 10-ӕм ӕмӕ 11-ӕм сӕрты цы амындтӕ ратта, уыдон абон махӕн пайда цӕмӕн сты?
2 Ӕнӕххӕст адӕмӕй стӕмтӕй дарддӕр, чи зоны уый дӕр нӕ, уырнындзинады ахадындзинад апостол Павелау арф ничи ӕмбӕрста. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕцӕг уырнындзинад кӕны «уды ирвӕзындзинадмӕ» (Дзуттытӕм 10:39). Фӕлӕ уӕддӕр Павел зыдта, ацы ӕнӕхуыцау, мӕнгард дунейы уырнындзинад алыхуызон цӕлхдуртыл кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ йын фесафынӕй тӕссаг кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ уый тынг тыхстис, йӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныныл чи тох кодта, уыцы иерусалимаг ӕмӕ иудейаг чырыстӕттыл. Дзуттытӕм ӕрвысты 10-ӕм ӕмӕ 11-ӕм сӕртӕй хицӕн скъуыддзӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ, нӕ хъус ӕрдарӕм, Павел уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уырнындзинад куыд фидар кодта, уымӕ. Уыцы иу рӕстӕджы ма фендзыстӕм, нӕхи ӕмӕ нӕ алыварс чи ис, уыдоны уырнындзинад дӕр нӕ бон куыд у фидар кӕнын, уый.
Макуы дызӕрдыг кӕнут кӕрӕдзийыл
3. Павел йе ’муырнджытыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый Дзуттытӕм 10:39-ӕм стихы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц?
3 Фыццаджыдӕр мах уынӕм, Павел кӕмӕ дзырдта, уыдонмӕ йын хорз ахаст кӕй уыд, уый. Павел фыссы: «Мах та не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ, фӕлӕ лӕууӕм уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» (Дзуттытӕм 10:39). Павел йӕ иузӕрдион ӕмчырыстӕттӕй ӕвзӕр нӕ, фӕлӕ хорз хъуыды кодта. Уымӕй уӕлдай ма уый спайда кодта номивӕг «мах»-ӕй. Кӕд Павел рӕстаг адӕймаг уыд, уӕддӕр йе ’мчырыстӕттимӕ сӕрбӕрзондӕй нӕ ныхас кодта, йӕхи афтӕ нӕ дардта, цыма рӕстдзинады асинтыл уыдонӕй уӕлдӕр лӕууыд. (Абар Екклесиаст 7:16.) Нӕ, уый кодта йӕхи кой дӕр. Уый равдыста, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ кӕмӕ фыста, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ дӕр, цы стыр цӕлхудуртӕ ӕмӕ сӕм цы стыр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон ӕмдыхӕй кӕй аиуварс кӕндзысты ӕмӕ сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй не суыдзысты, фӕлӕ дарддӕр дӕр уырнындзинады кӕй лӕудзысты.
4. Цавӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта Павел йе ’муырнджытыл?
4 Цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта Павел йе ’муырнджытыл? Дзуттаг чырыстӕтты хъӕндзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй каст, ӕви? Нӕ, Павел сын ратта, сӕ духовон хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм бӕлвырд уынаффӕтӕ (Дзуттытӕм 3:12; 5:12—14; 6:4—6; 10:26, 27; 12:5). Фӕлӕ уӕддӕр, Павел йе ’фсымӕртыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уымӕн уыд, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ аххосаджы: 1) Павел Иегъовӕйы кӕй фӕзмыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕммӕ каст, Иегъовӕ сӕм йӕхӕдӕг цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй, ома сын уый ӕрмӕст сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ фиппайдта, фӕлӕ сӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ ма сӕ дарддӕр дӕр хорз аразын кӕй фӕндыд, уый дӕр (Псалом 129:3; Ефесӕгтӕм 5:1). 2) Павел тынг ӕууӕндыд, сыгъдӕг удӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у саразын, ууыл. Уый зыдта, адӕймаг цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕла, куыдфӕнды ӕнӕбон ма уа, уӕддӕр Иегъовӕйы кӕй ницы бауромдзӕн, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕныны, уымӕн «ӕгӕрон тых» раттынӕй (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НФ; Филиппӕгтӕм 4:13, НФ). Уӕдӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Павел йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый ӕнӕмбӕлон, ӕнӕбындур хъуыддаг уыд, зӕгъгӕ. Йӕ уырнындзинад уыд фидар, уымӕн ӕмӕ бындуриуӕг кодта Сыгъдӕг Фыстадыл.
5. Куыд у нӕ бон Павелы фӕзмын ӕмӕ афтӕ куы аразӕм, уӕд цы уыдзӕн?
5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел йе ’мчырыстӕттыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый иннӕты дӕр разӕнгард кодта уымӕ. Иерусалимы ӕмӕ Иудейы ӕмбырдтӕм цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ ныффыста, уыдон сыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг бандӕвтой. Кӕд дзуттаг чырыстӕттӕн сӕ ныхмӕлӕууӕг иудейтӕ тынг фидис кодтой ӕмӕ сӕ ницӕуыл нымадтой, уӕддӕр сын уыцы ныхӕстӕ баххуыс кодтой дарддӕр дӕр уырнындзинады фидар лӕууынӕн. Цымӕ махӕн дӕр нӕ бон у кӕрӕдзийӕн афтӕ ӕххуыс кӕнын? Иннӕты ӕрмӕст хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ уынын тынг ӕнцон у (Матфейы 7:1—5). Фӕлӕ не ’мчырыстӕттӕй алчидӕр цы диссаджы уырнындзинад ӕвдисы, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм ӕмӕ йын куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ кӕрӕдзийӕн тынгдӕр баххуыс кӕндзыстӕм. Афтӕ куы аразӕм, уӕд не ’ппӕты уырнындзинад дӕр ӕнӕмӕнг кӕндзӕн фидардӕр (Ромӕгтӕм 1:11, 12).
Арӕхстджынӕй пайда кӕн Хуыцауы Ныхасӕй
6. Павел, Дзуттытӕм 10:38-ӕм стихы ныхӕстӕ фысгӕйӕ, цитатӕ кӕцӕй ӕрхаста?
6 Йе ’муырнджыты уырнындзинад ма Павел фидар кодта, Фыстадӕй арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уымӕй дӕр. Цӕвиттон уый фыста: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн; фӕлӕ кӕд исчи фӕдызӕрдыг уа, Мӕ уд уымӕн хӕрзаудӕн нӕ кӕндзӕн» (Дзуттытӕм 10:38). Ам Павел ӕрхаста пехуымпар Аввакумы ныхӕстӕa. Павелы ӕрвыст чи каст, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕ хорз зонгӕ уыдысты пехуымпарты чингуытимӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ дӕр уайтагъд базыдтой. Павел йе ’рвыст (н. э. 61 азмӕ ‘ввахс) Иерусалимы ӕмӕ йӕ алфамбылай цӕрӕг чырыстӕтты уырнындзинад бафидар кӕнынӕн кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ Аввакумы цӕвиттон уыд тынг ахадгӕ. Цӕмӕн?
7. Аввакум йӕ пехуымпарад кӕд ныффыста ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Иудейы цы уавӕр уыд?
7 Аввакум, ӕвӕццӕгӕн, йӕ чиныг ныффыста н. э. агъоммӕ 607 азы, Иерусалим скуынӕг кӕнынмӕ ма ссӕдз азӕй гыццыл фылдӕр куы баззад, уӕд. Цӕстылуайӕны пехуымпар федта халдейты (кӕнӕ вавилойнӕгты), «ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг адӕмы», уыдон бырстой Иудеймӕ ӕмӕ пырх кодтой Иерусалим ӕмӕ сӕ фӕндагыл куынӕг кодтой алыхуызон адӕмыхӕттыты (Аввакум 1:5—11). Фӕлӕ уыцы фыдбӕллӕхы тыххӕй фыццаг хатт Аввакум нӕ дзырдта, уый тыххӕй дзурын райдыдтой суанг Исайы рӕстӕджы, ома сӕдӕ азӕй фылдӕры размӕ. Аввакумы рӕстӕджы рӕстаг паддзах Иосийы бынаты ӕрбадт Иоаким, ӕмӕ та Иудейы бӕстӕ фыддзинадӕй байдзаг. Иоаким ӕфхӕрдта, Иегъовӕйы номӕй чи дзырдта, уыдоны ӕмӕ ма сӕ суанг маргӕ дӕр кодта (2 Паралипоменон 36:5; Иереми 22:17; 26:20—24). Уӕдӕ диссаг нӕу, пехуымпар Аввакум йӕ фыртыхстӕй кӕй ныхъхъӕр кодта: «О, Иегъовӕ, бирӕ ма?» (Аввакум 1:2, АМТ).
8. Аввакумы цӕвиттон I ӕнусы чырыстӕттӕн пайда цӕмӕн уыд ӕмӕ абон махӕн та цы пайда у?
8 Аввакум нӕ зыдта, Иерусалим куыд тагъд ӕрцӕудзӕн куынӕггонд, уый. Афтӕ I ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр нӕ зыдтой, иудейаг цардыуагон системӕйы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый. Уӕдӕ абон мах дӕр нӕ зонӕм, ацы фыддунейыл Иегъовӕйы тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уыцы «бон ӕмӕ сахат» (Матфейы 24:36). Ныр та ӕркӕсӕм, Иегъовӕ Аввакумӕн цы дзуапп ратта, уымӕ. Уый арӕзт у дыууӕ хайӕ. Фыццаджыдӕр: Иегъовӕ йӕ пехуымпарӕн ныфс бавӕрдта, кӕрон тӕккӕдӕр йӕ афоныл кӕй ӕрцӕудзӕн. Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, цыма фӕстиат кӕны, уӕддӕр Хуыцау загъта, «нӕ байрӕджы кӕндзӕн», зӕгъгӕ (Аввакум 2:3, НД). Дыккаг та уый, ӕмӕ Иегъовӕ Аввакумӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнӕг уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн» (Аввакум 2:4). Диссаджы хуымӕтӕг ӕцӕгдзинӕдтӕ! Сӕйраг уый нӕу, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, сӕйраг уый у, дарддӕр дӕр уырнындзинадӕй цӕрӕм ӕви нӕ.
9. Иегъовӕйы коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ сӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы удӕгасӕй куыд баззадысты а) н. э. агъоммӕ 607 азы? ӕ) н. э. 66 азы фӕстӕ? б) Нӕ уырнындзинад фидар кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?
9 Н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим куынӕггонд куы ’рцыд, уӕд Иереми, йӕ писыр Варух, Авдемелех ӕмӕ иузӕрдион рехавиттӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Иегъовӕ Аввакумӕн цы зӕрдӕвӕрд ратта, уый кӕй сӕххӕст. Иерусалим ӕгъатырӕй куынӕггонд куы ’рцыд, уӕд уыдон та удӕгасӕй баззадысты. Цӕмӕн? Иегъовӕ сын раарфӕ кодта сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй (Иереми 35:1—19; 39:15—18; 43:4—7; 45:1—5). Куыд зыны, афтӕмӕй I ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕ дӕр байхъуыстой Павелы уынаффӕмӕ, уымӕн ӕмӕ н. э. 66 азы Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалимыл куы ӕрхъула кодтой ӕмӕ стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы фӕстӕмӕ куы алӕууыдысты, уӕд уыцы чырыстӕттӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сахарӕй ӕвӕстиатӕй алыгъдысты (Лукайы 21:20, 21). Уыдон сӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы удӕгасӕй баззадысты. Гъе уӕдӕ мах дӕр кӕронмӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд баззайдзыстӕм удӕгасӕй. Уымӕй стырдӕр аххосаг ма цы хъуамӕ уа абон нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн!
Уырнындзинады цӕвиттонтӕ ӕгас кӕнынц нӕ цӕстыты раз
10. Павел Моисейы уырнындзинады тыххӕй цы загъта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон куыд у Моисейы фӕзмын?
10 Павел ма йе ’мчырыстӕтты уырнындзинад фидар кодта, цӕвиттонтӕй арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уый фӕрцы дӕр. Дзуттытӕм ӕрвысты 11-ӕм сӕр кӕсгӕйӕ, дӕ хъус ӕрдар, Павел нын библион цӕвиттонтӕ нӕ цӕстыты раз куыд ӕгас кӕны, уымӕ. Зӕгъӕм, уый дзуры, зӕгъгӕ, Моисей «Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (Дзуттытӕм 11:27). Ӕндӕр ныхӕстӕй, Иегъовӕ Моисейӕн афтӕ ӕцӕг ӕмӕ удӕгас гоймаг уыд, раст цыма ӕнӕуынгӕ Хуыцауы уынгӕ кодта, афтӕ. Махӕй дӕр уый зӕгъӕн ис? Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытыл дзурын ӕнцон у, фӕлӕ цӕмӕй нӕ ахастытӕ ӕцӕгдӕр ӕнгомдӕр ӕмӕ фидардӕр кӕной, уый тыххӕй архайын хъӕуы. О, ууыл ӕвӕллайгӕйӕ хъӕуы кусын! Цымӕ Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр нымайӕм удӕгас гоймагыл, цымӕ нын йемӕ ахӕм ахастытӕ ис, ӕмӕ тынг ахсджиаг чи нӕ зыны, ахӕм уынаффӕ хӕсгӕйӕ дӕр ӕй нӕ зӕрдыл дарӕм? Ахӕм уырнындзинад нын баххуыс кӕндзӕн ӕппӕты карздӕр ныхмӕлӕуд сфӕразынӕн дӕр.
11, 12. а) Енохы уырнындзинад цавӕр уавӕрты цыд фӕлвӕрд? ӕ) Цавӕр диссаджы хорзӕх райста Енох?
11 Нӕ хъус ӕрдарӕм Енохы уырнындзинадмӕ дӕр. Уый ахӕм ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлд, ӕмӕ йӕ мах зынтӕй ӕмбарӕм. Енох хъусын кодта, Хуыцау уӕды дуджы цӕрӕг фыдадӕмӕн карз тӕрхон кӕй рахаста, уый тыххӕй (Иудӕйы 14, 15). Уыцы иузӕрдион адӕймаг ахӕм ӕфхӕрд ӕййӕфта, ӕмӕ йӕ цӕмӕй фыдызнӕгтӕ ма амардтаиккой, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ удӕгӕсты дунейӕ «систа» ӕмӕ йӕ мӕрдвынӕй бакодта. Уӕдӕ Енох, цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый нӕ федта. Фӕлӕ уый райста, зӕгъӕн ис, уымӕй стырдӕр хорзӕх (Дзуттытӕм 11:5; Уӕвынад 5:22—24).
12 Павел ӕмбарын кӕны: «Йӕ акӕныны размӕ уый [Енох] райста ӕвдисӕнад, Хуыцауы зӕрдӕ кӕй балхӕдта [«Хуыцауӕн ӕхцон кӕй уыдысты йӕ митӕ», НФ]» (Дзуттытӕм 11:5). Цы нысан кодта уый? Цалынмӕ мӕрдвынӕй нӕ бацис, уӕдмӕ Енох райста цавӕрдӕр цӕстылуайӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый федта зӕххон Дзӕнӕт, цыран уый тагъд рӕстӕджы райхъал уыдзӕн. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Иегъовӕ Енохӕн бамбарын кодта, йӕ иузӕрдиондзинадӕй тынг райгонд кӕй уыд, уый. О, Енох Иегъовӕйы зӕрдӕ райын кодта. (Абар Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11.) Енохы царды хабӕрттӕ тынг зӕрдӕмӕхъаргӕ сты, афтӕ нӕу? Нӕ дӕ фӕндид ахӕм уырнындзинадимӕ фӕцӕрын? Кӕд о, уӕд лӕмбынӕг хъуыды кӕн ахӕм цӕвиттонтыл; архай, цӕмӕй сӕ уынай, ӕцӕгдӕр чи цард, уыцы адӕмы. Аскъуыддзаг кӕн алы бон дӕр уырнындзинадӕй цӕрын. Ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, уырнындзинады чи лӕууы, уыдон Иегъовӕйӕн уый тыххӕй кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ цы бон кӕнӕ цы сахат сӕххӕст кӕндзӕн, уый кӕй зонынц. Нӕ мах Иегъовӕйӕн ӕнустӕм сфӕнд кодтам лӕггад кӕнын! Уымӕй хуыздӕр ацы цардыуагон системӕйы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр нӕ бон ницы у аразын.
Куыд хъӕуы уырнындзинад фидар кӕнын
13, 14. а) Цӕмӕй нӕ фембӕлдтӕй алкӕцыдӕр цины бӕрӕгбон уа, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы ӕмӕ нын уымӕн куыд ӕххуыс кӕнынц Павелы ныхӕстӕ Дзуттытӕм 10:24, 25-ӕм стихтӕй? ӕ) Чырыстон фембӕлдтӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй сты?
13 Павел дзуттаг чырыстӕттӕн равдыста цалдӕр мадзалы сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Ӕркӕсӕм дзы ӕрмӕстдӕр дыууӕмӕ. Чи зоны хорз зонӕм Дзуттытӕм 10:24, 25-ӕм стихты ныхӕстӕ. Уым нӕ Павел разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ чырыстон фембӕлдтӕ ма уадзӕм. Фӕлӕ уый дӕр ма рох кӕнӕм, Павел Хуыцауы удцырынӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон уый кӕй нӕ нысан кӕнынц, ӕмӕ ахӕм фембӕлдты уазджыты бадт кӕнӕм. Павел куыд зӕгъы, афтӕмӕй фембӕлдтӕ уый тыххӕй сты, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ зонгӕ кӕнӕм, кӕрӕдзийы Хуыцауӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм. Уырдӕм уый тыххӕй бацӕуӕм, цӕмӕй ӕрмӕст исгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр исты дӕттӕм. Афтӕ аразгӕйӕ, нӕ фембӕлдтӕй алкӕцыдӕр уыдзӕн цины бӕрӕгбон (Куыстытӕ 20:35).
14 Фӕлӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, чырыстон фембӕлдтӕм, сӕйраджыдӕр, Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынмӕ кӕй цӕуӕм. Ӕмӕ уый та аразӕм, иумӕ куы фӕкувӕм ӕмӕ куы фӕзарӕм, лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм ӕмӕ нӕ «дзыхы дыргъ» куы фӕхӕссӕм, ома дзуаппытӕй ӕмӕ фембӕлды программӕйы хайад исгӕйӕ, Иегъовӕйӕн куы фӕкад кӕнӕм, уӕд (Дзуттытӕм 13:15). Кӕд уыцы нысан алы фембӕлды дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ фидардӕр кӕндзӕн.
15. Павел дзуттаг чырыстӕтты лӕггаддзинадыл фидар хӕцынмӕ цӕмӕн разӕнгард кодта ӕмӕ уыцы уынаффӕ абон дӕр ахадгӕ цӕмӕн у?
15 Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ма ис ноджыдӕр иу мадзал — уацамынды цӕуын. Павел фыссы: «Хӕццыстӕм ӕргомгонд ӕнхъӕлцаудзинадыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ раст у Зӕрдӕвӕрӕг» (Дзуттытӕм 10:23). Искӕй куы бафӕдзӕхсӕм, истӕуыл фидар хӕц, зӕгъгӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йӕ куы суадза кӕнӕ йӕ куы ныууадза, уымӕй тӕссаг кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтан дзуттаг чырыстӕттӕн ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ, цӕмӕй сӕ лӕггаддзинад ныууагътаиккой. Уӕдӕ абоны чырыстӕтыл дӕр уый тыххӕй ӕндавы. Цӕмӕй йӕ ныхмӕ фидар лӕууӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Ӕркӕсӕм, Павел цы арӕзта, уымӕ.
16, 17. а) Кӕмӕй уыд ныфсджын Павел? ӕ) Нӕ чырыстон лӕггаддзинады кӕцыдӕр фадыджы тас куы хатӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?
16 Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм уый фыста: «Раздӕр фӕтухӕнтӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ Филиппы ӕфхӕрд уӕвгӕйӕ, сымах куыд зонут, мах бауӕндыдыстӕм нӕ Хуыцауы мидӕг [«Хуыцауӕй ныфсхаст фестӕм», НФ] сымахӕн Хуыцауы хорз уацхъуыд фехъусын кӕнын стыр скуыхтдзинадимӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:2). Цавӕр «ӕфхӕрд» баййӕфтой Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Филиппы? Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый нысан кӕны ӕфхӕрӕн, ӕгад кӕнӕ тынг ӕбуалгъ ахаст. Филиппы сахары сӕргълӕуджытӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнадтой, стӕй сӕ ахӕстоны ныппӕрстой, сӕ къӕхтыл та сын хъадамантӕ бакодтой (Куыстытӕ 16:16—24). Цымӕ цы ми бакодта ахӕм хъизӕмӕртты фӕстӕ Павел? Йӕ миссионерон балцы Фессалоникӕмӕ куы ’рцыд, уӕд цымӕ дызӕрдыг кӕнын кӕнӕ тӕрсын райдыдта? Уый тӕрсгӕ нӕ фӕкодта, фӕлӕ уыд «ныфсхаст». Ӕцӕгдӕр, Павел фӕуӕлахиз тасыл ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кодта.
17 Кӕмӕй уыд Павел ахӕм ныфсхаст? Мыййаг йӕхигъӕдӕй уыд ахӕм? Нӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уый уыд «Хуыцауӕй ныфсхаст». Библитӕлмацгӕнджытӕн цы бӕрӕгуӕттӕ рауагътой, уыдонӕй иуы дзырдӕуы, уыцы хъуыды кӕй ис ратӕлмацгӕнӕн, зӕгъгӕ, «Хуыцау фӕсырдта тас нӕ зӕрдӕтӕй». Уӕдӕ лӕггаддзинадыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕхимидӕг цавӕрдӕр тасдзинад куы хатай кӕнӕ дӕ дӕ лӕггаддзинады кӕцыдӕр фадыг тасы куы ’фтауа, уӕд хорз нӕ уаид, Иегъовӕмӕ уый тыххӕй куы кувис? Кур дзы, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕйӕ тас фӕсура ӕмӕ дын уацамынды уӕндондзинад ратта. Ӕмӕ ууыл дӕр ма ӕрлӕуу, фӕлӕ дӕхӕдӕг дӕр архай. Кӕд ӕхсӕнадон уагдӕтты ӕмӕ уынгты, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты кӕнӕ телефонӕй хъусын кӕнын нӕ уӕндыс, уӕд уацамынды ацӕуыныл баныхас кӕн, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын чи у, ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ. Гӕнӕн ис ӕмӕ кӕимӕ ацӕуай, уый фыццаг райдайа ныхас кӕнын. Кӕд афтӕ уа, уӕд ӕм кӕс ӕмӕ ахуыр кӕн. Фӕлӕ уый фӕстӕ дӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр бафӕлвар ныхас фыццаг райдайын.
18. Ныфсджынӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?
18 Ахъуыды ма кӕн, ныфсхаст куы уай, уӕд дӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайай ӕмӕ дӕхи куы нӕ ауадзай, уӕд дӕм уацамынды ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕндӕр хуызы ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссаджы цаутӕ. Ӕмӕ дын зын цы хъуыддаг у, уый дӕ къухы куы бафта, уӕд та цин кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕмбардзынӕ, цы сарӕзтай, уый Иегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй у, уый. Иегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мауал тӕрсай. Афтӕмӕй сфидар уыдзӕн дӕ уырнындзинад. Ӕцӕгдӕр, дӕхи уырнындзинад куы нӕ фидар кӕнай, уӕд куыд суыдзӕн дӕ бон иннӕты уырнындзинад фидар кӕнын? (Иудӕйы 20, 21).
19. Уырнындзинады чи лӕууы, уыдонмӕ цавӕр стыр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
19 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр фидар кӕн дӕ уырнындзинад дӕр ӕмӕ дӕ алыварс чи ис, уыдоны уырнындзинад дӕр. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг дӕ къухы ӕфта, уый тыххӕй арӕхстджынӕй пайда кӕн Хуыцауы Ныхасӕй, Библийы цы уырнындзинады цӕвиттонтӕ ис, уыдон лӕмбынӕг ӕвзар ӕмӕ архай, цардӕгасӕй куыд слӕууой дӕ цӕстыты раз, цӕттӕ кӕн чырыстон фембӕлдтӕм ӕмӕ сӕ хайад ис ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕн — афтӕмӕй дӕхи дӕр фидар кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕты дӕр. Афтӕ аразгӕйӕ, дӕ зӕрдыл дар, уырнындзинады чи лӕууы, уыдонӕй кӕй дӕ. Ма дӕ рох кӕнӕд, ахӕм адӕммӕ диссаджы хорзӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. О, уыдон «лӕууынц уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн»b. Уадз ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кӕнӕд дӕ уырнындзинад ӕмӕ дын Иегъовӕ Хуыцау дӕ цард ӕнустӕм хъахъхъӕнӕд!
[Фиппаинӕгтӕ]
a Павел Аввакумы 2:4-ӕм стихы ныхӕстӕ ӕрхаста Септуагинтӕйӕ, цыран ис ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, «кӕд исчи фӕдызӕрдыг уа, Мӕ уд уымӕн хӕрзаудӕн нӕ кӕндзӕн». Уыцы ныхӕстӕ, рагон дзуттаг къухфыстытӕй абоны онг чи ӕрхӕццӕ, уыдонӕй иуы дӕр не ’мбӕлынц. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Септуагинтӕ арӕзт у ӕппӕты рагондӕр дзуттаг къухфыстыты бындурыл, ӕмӕ уыцы къухфыстытӕ та абон нал сты. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Павел уыцы ныхӕстӕ Дзуттытӕм ӕрвысты ныффыста Хуыцауы удцырынӕй. Ӕмӕ уый та нысан кӕны, уыцы ныхӕстӕ уырдӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрцыдысты хаст.
b Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты азон стих 2000-ӕм азӕн уыдзӕн: «Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй... фӕлӕ лӕууӕм уырнындзинады» (Дзуттытӕм 10:39).
-