-
Моисейы уырнындзинад фӕзмутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 апрель
-
-
1, 2. а) Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд цавӕр уынаффӕ рахаста? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Моисей Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын цӕмӕн равзӕрста?
МОИСЕЙ зыдта, Египеты йӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ каст. Йӕ алыварс уыдта хъӕздгуыты стыр ӕмӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ. Йӕхӕдӕг та уыд фараоны бинонтӕй, нымад уыд фараоны чызджы фыртыл. «Моисейӕн бацамыдтой ӕгас Египеты зонд», ӕмӕ уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, хаудысты астрономи, математикӕ, архитектурӕ ӕмӕ ӕндӕр наукӕтӕ дӕр (Хъуыд. 7:22). Йӕ къухы ӕнцонтӕй бафтыдаиккой, иннӕ египетӕгтӕ сӕ фыны дӕр кӕй нӕ федтаиккой, ахӕм хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ бартӕ.
2 Фӕлӕ Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд ахӕм уынаффӕ рахаста, ӕмӕ фараон ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕвӕццӕгӕн, арвы цӕфау фесты. Египеты цӕргӕйӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдаид, уыдоныл йӕ къух систа. Мыййаг ӕй хуымӕтӕг египетӕгты цард кӕнын бафӕндыд? Нӕ, Моисей равзӕрста цагъартимӕ ӕфхӕрд ӕййафын! Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый уыд фидар уырнындзинады хицау. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–26.) Уырнындзинады фӕрцы Моисей, йӕ алыварс цы дуне уыд, ӕрмӕст уый нӕ уыдта. Уый фидарӕй ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауыл». Стӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл дӕр (Дзут. 11:27).
-
-
Моисейы уырнындзинад фӕзмутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 апрель
-
-
6. а) Моисейы цӕуылнӕ бафӕндыд «фараоны чызджы фырты ном хӕссын»? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Моисей раст уынаффӕ рахаста?
6 Моисеймӕ уырнындзинад кӕй уыд, уый ма йын баххуыс кодта, йӕ цард куыд сараздзӕн, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн дӕр. Библийы уый тыххӕй кӕсӕм: «Моисей куы сыстыр, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын» (Дзут. 11:24). Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, фараоны хӕдзары цӕргӕйӕ дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ мӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мӕ бартӕй спайда кӕндзынӕн, цӕмӕй ме ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнон. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта, ӕмӕ йӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ лӕггад кодтаид (Дык. з. 6:5). Цы уынаффӕ рахаста, уый фӕрцы йӕхи бирӕ мӕстытӕй бахызта. Кӕд Моисей Египеты хӕзнатыл йӕ къух систа, уӕддӕр фӕстӕдӕр уыцы хӕзнатӕй бирӕ цыдӕртӕ израилӕгты баисты (Рац. 12:35, 36). Фараон та фегад ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ мӕлӕт ссардта (Пс. 136:15). Моисейӕн та йӕ хабар куыд рауад? Хуыцау ӕй ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ разамонӕг сси ӕмӕ сын ӕдас кӕм уыдаид, ахӕм бынатмӕ сӕ акодта. Уӕдӕ Моисей ахӕм цард кӕй равзӕрста, уый тыххӕй фӕсмойнаг нӕ фӕци.
-