-
Моисейы уырнындзинад фӕзмутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 апрель
-
-
1, 2. а) Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд цавӕр уынаффӕ рахаста? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Моисей Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын цӕмӕн равзӕрста?
МОИСЕЙ зыдта, Египеты йӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ каст. Йӕ алыварс уыдта хъӕздгуыты стыр ӕмӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ. Йӕхӕдӕг та уыд фараоны бинонтӕй, нымад уыд фараоны чызджы фыртыл. «Моисейӕн бацамыдтой ӕгас Египеты зонд», ӕмӕ уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, хаудысты астрономи, математикӕ, архитектурӕ ӕмӕ ӕндӕр наукӕтӕ дӕр (Хъуыд. 7:22). Йӕ къухы ӕнцонтӕй бафтыдаиккой, иннӕ египетӕгтӕ сӕ фыны дӕр кӕй нӕ федтаиккой, ахӕм хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ бартӕ.
2 Фӕлӕ Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд ахӕм уынаффӕ рахаста, ӕмӕ фараон ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕвӕццӕгӕн, арвы цӕфау фесты. Египеты цӕргӕйӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдаид, уыдоныл йӕ къух систа. Мыййаг ӕй хуымӕтӕг египетӕгты цард кӕнын бафӕндыд? Нӕ, Моисей равзӕрста цагъартимӕ ӕфхӕрд ӕййафын! Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый уыд фидар уырнындзинады хицау. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–26.) Уырнындзинады фӕрцы Моисей, йӕ алыварс цы дуне уыд, ӕрмӕст уый нӕ уыдта. Уый фидарӕй ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауыл». Стӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл дӕр (Дзут. 11:27).
-
-
Моисейы уырнындзинад фӕзмутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 апрель
-
-
4. «Тӕригъӕд... цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый тыххӕй Моисей цы зыдта?
4 Моисей алцӕмӕдӕр уырнындзинады цӕстӕй каст, ӕмӕ ӕмбӕрста, «тӕригъӕд... цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый» рӕстӕгмӕ кӕй у. Иннӕтӕ та, чи зоны, афтӕ хъуыды кодтой: «Кӕд египетӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынц ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнынц, уӕддӕр Египет сси хъомысджын дунеон паддзахад, Йегъовӕйы адӕм та сты цагъартӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц». Фӕлӕ Моисей зыдта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у уавӕр бынтондӕр фӕивын. Кӕд афтӕ зынди, ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдон ӕнтыстджын сты, уӕддӕр Моисейы уырныдта, фыдгӕнджытӕм хорзӕй кӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый йӕ йӕ фӕдыл нӕ асайдта.
5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый нӕ йӕ фӕдыл ма асайа?
5 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый дӕ йӕ фӕдыл ма асайа? Макуы рох кӕн, уыцы ӕхсызгондзинад тагъд кӕй ӕрбайсӕфы. Алцӕмӕдӕр уырнындзинады цӕстӕй кӕс, цӕмӕй ӕмбарай, «дуне дӕр [кӕй] фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр» (1 Иоан. 2:15–17). Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонмӕ фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕн. Уыдон лӕууынц «бырынцъаг ран» ӕмӕ «бӕллӕхы ӕвиппайды... фесӕфдзысты» (Пс. 73:18, 19). Исчи кӕнӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Мӕ зӕрдӕ мӕхицӕн цавӕр фидӕн зӕгъы?»
-