Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чи у Хуыцау?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 5. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суай

      Камбоджӕйӕ иу сылгоймаг, Сотен, Хуыцауы ном куы базыдта, уӕд ахӕм циндзинад бавзӕрста, ӕмӕ йӕ ницӕимӕ ис абарӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Агурын ӕцӕг Хуыцауы» (8:19)

      Нывтӕ: къамтӕ видеороликӕй «Агурын ӕцӕг Хуыцауы». 1. Сотен бӕласы бын бады ӕмӕ арвмӕ кӕсгӕйӕ ӕцӕг Хуыцаумӕ кувы. 2. Херолд Сотенӕн дзуры, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у.
      • Сотеныл куыд бандӕвта, Хуыцауы ном кӕй базыдта, уый?

      Цӕмӕй искӕимӕ хорз хӕлӕрттӕ суат, уый тыххӕй уал ын хъуамӕ фыццаг йӕ ном базонай. Бакӕсут Иаковы 4:8a ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ дын цы дзуры?

      • Хуыцаумӕ йӕ номӕй куы дзурай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суай?

  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай

      Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хуыздӕр куы базонай, цавӕр Хуыцау у, адӕммӕ цы зӕрдӕ дары ӕмӕ йӕм дӕу тыххӕй цы фӕнд ис, уый, уӕд дӕ тынгдӕр бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суай. Уырны дӕ, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай? (Бакӕс Псалом 25:14.) Уый тыххӕй цы хъӕуы аразын? Ацы фарстатӕн дзуапп ис Библийы. Уымӕй уӕлдай ма Библийӕ базондзынӕ, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр хӕлар цӕмӕн у, уый.

      1. Йегъовӕ дын цы дзуры?

      «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суай. Иуӕй-иуты нӕ уырны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Хуыцау сӕ хӕлар уа, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ бон фенын нӕу. Фӕлӕ Библийы Йегъовӕ йӕхи тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ныффыссын кодта. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс вӕййӕм, кӕд ӕй нӕ уынӕм, уӕддӕр.

      2. Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Хӕлар цӕмӕн у?

      Йегъовӕйӕ тынгдӕр дӕ ничи уарзы. Уый фӕнды, цӕмӕй амондджын уай ӕмӕ йӕм кӕдфӕнды дӕр ӕххуысы тыххӕй кувай. Библи нын зӕгъы: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн алы хатт дӕр баххуыс кӕны, ныфс сӕ бауадзы ӕмӕ сӕм байхъусы. (Бакӕс Псалом 94:18, 19.)

      3. Цӕмӕй Йегъовӕ дӕ Хӕлар уа, уый тыххӕй цы аразын хъӕуы?

      Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзы, фӕлӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ сты, «рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ, йӕ цӕсты хорз цы у, уый аразой ӕмӕ, ӕвзӕрыл цы нымайы, уыдӕттӕй сӕхи хизой. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ бон Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ тынг фӕлмӕнзӕрдӕ у. Чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, уыдон йӕ зӕрдӕйӕн адджын сты (Псалом 147:11; Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Фылдӕр базон, цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суай. Стӕй ма базон, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Хӕлар цӕмӕн у, уый.

      4. Авраам уыд Йегъовӕйы хӕлар

      Библийы Авраамы тыххӕй (хуыдтой ма йӕ Аврам дӕр) цы фыст ис, уымӕй базондзыстӕм, Хуыцауы хӕлар уай, уый цы нысан кӕны. Бакӕсут, Райдианы 12:1–4 Авраамы тыххӕй цы фыст ис, уый. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ Авраамӕн цы загъта?

      • Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

      • Авраам куыд бакодта?

      5. Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы

      Алы адӕймаг дӕр йе ’мбӕлттӕм цӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсы.

      • Ды де ’мбӕлттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

      Бакӕсут 1 Иоанны 5:3 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

      Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, исты фӕивын бахъӕуа нӕ уагахасты кӕнӕ нӕ удыхъӕды. Бакӕсут Исайы 48:17, 18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн цӕмӕн дзуры, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусой?

      Аразӕг йе ’мкусӕгӕн каскӕ дӕтты.

      Хорз ӕмбал нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕхи фыдбылызӕй бахизӕм ӕмӕ нын хорз уынаффӕ ратты. Йегъовӕ дӕр йӕ хӕлӕрттыл афтӕ тыхсы

      6. Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн куыд ӕххуыс кӕны

      Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн ӕххуыс кӕны сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ мӕ бон банымайын дӕр нӕу!» (3:20)

      • Йегъовӕ ацы сылгоймагӕн куыд баххуыс кодта йе ’взӕр хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн?

      Бакӕсут Исайы 41:10, 13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хорз Хӕлар у? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

      Нывтӕ: хорз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц. 1. Иу нӕлгоймаг иннӕмӕн ӕххуыс кӕны стъол хӕссынӕн. 2. Иу сылгоймаг иннӕмӕн дзуры, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ. 3. Нӕлгоймаг лӕдзӕджы ӕнцӕйтты фӕцӕуы, ӕмӕ йын иннӕ нӕлгоймаг ӕххуыс кӕны.

      Бахъуаджы сахат хорз ӕмбӕлттӕ дӕ фарсмӕ балӕудзысты. Йегъовӕ дӕр хорз ӕмбалау уыдзӕн дӕ фарсмӕ

      7. Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ ныхас кӕнӕм

      Ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзиимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд ӕнгомдӕр свӕййынц. Бакӕсут Псалом 86:6, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Нӕ бон куыд у Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын?

      • Йегъовӕ немӕ куыд фӕныхас кӕны?

      Нывтӕ: 1. Сылгоймаг кувы. Йӕ сӕрмӕ цы стрелкӕ ис, уый амоны хӕрдмӕ. 2. Сылгоймаг Библи кӕсы. Йӕ сӕрмӕ цы стрелкӕ ис, уый амоны бынмӕ.

      Йегъовӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд; Йегъовӕ немӕ фӕныхас кӕны, Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы хӕлар уа».

      • Цавӕр стихы фӕрцы бамбарын кӕнис, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм баввахс уай.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн куыд ӕххуыс кӕны?

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн цӕмӕн дзуры, цӕмӕй фӕивой?

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕй ӕгӕр бирӕ домы? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Хуыцауы хӕлар куы суай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

      «Йегъовӕ – зонын кӕй хъӕуы, уыцы Хуыцау» (2003 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Базон, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суай.

      «Цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суон?» («Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ», 2 том, 35 сӕр, уырыссаг)

      Базон, иу сылгоймаг афтӕ цӕмӕн загъта, Йегъовӕ мӕ Хӕлар кӕй сси, уый фӕрцы абон удӕгас дӕн, зӕгъгӕ.

      «Мӕлын мӕ нӕ фӕндыд!» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 1, 2017)

      Байхъус, ӕрыгӕттӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы дзурынц, уымӕ.

      «Хуыцауы хӕлар уай, уый цы нысан кӕны?» (1:46)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын