Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйы организацийыл дӕхи бӕтт
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • 8 Фидардзинадыл кусын кӕй хъӕуы, уымӕ нын нӕ хъус ӕрдардта Иаков дӕр: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг зонут, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы кӕй равзӕры фидардзинад. Фӕлӕ уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа» (Иак. 1:2–4). Иаков зӕгъы, зӕгъгӕ, фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд-иу хъуамӕ цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм афтӕмӕй фӕзыны фидардзинад. Ды дӕр фӕлварӕнтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Иаков дарддӕр цы загъта, уымӕй та бӕрӕг у, фидардзинад йӕ куыст кӕй кӕны, цӕмӕй нӕ чырыстон удыхъӕд хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕна ӕмӕ алы хъуыддагӕй дӕр Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕцӕгдӕр, фӕлварӕнты сӕрты хизгӕйӕ бонӕй-бонмӕ кӕнӕм фидарӕй-фидардӕр. Ӕмӕ нӕм фидардзинады фӕрцы та фӕзыны, ӕхсызгонӕй нӕ чи хъӕуы, ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ.

  • Йегъовӕйы организацийыл дӕхи бӕтт
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • 10 Цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджыты фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, чырыстӕттӕ цы фыдӕвзарӕнты хай бавӕййынц, уыдонмӕ. Иаков загъта, зӕгъгӕ-иу цин кӕнут. Адӕймаг фӕлварӕны рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ кӕнӕ зӕрдӕйы рыст куы ’взара, уӕд ын уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын, чи зоны, ӕнцон нӕ уа. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, дзырд ӕнусон цардыл кӕй цӕуы. Апостолтыл цы хабар ӕрцыд, уый хорз ӕвдисы, фыдӕвзарӕнты дӕр цин кӕнӕн куыд ис, уый. Уыцы хабар фыст ис Хъуыддӕгты чиныджы: «Уӕд апостолтӕм фӕдзырдтой, фӕнӕмын сӕ кодтой ӕмӕ сын карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой. Уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл цин кодтой» (Хъуыд. 5:40, 41). Апостолтӕ йӕ ӕмбӕрстой: цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрстой, уыдон уыдысты бӕлвырдгӕнӕн, Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъуыстой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ райгонд кӕй уыд, уымӕн. Уымӕй бирӕ азты фӕстӕ Петр ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг, ӕмӕ, адӕймаг рӕстдзинады тыххӕй кӕй фӕхъизӕмар кӕны, уый схуыдта арфӕйаг хъуыддаг (1 Пет. 4:12–16).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын