Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сты?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 3. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы уарзондзинад куыд фӕзмынц?

      Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ тынг уарзта, раст цыма йӕхи бинонтӕ уыдысты. (Бакӕс Марчы 3:35.) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сты иу бинонты хуызӕн, кӕд алы бӕстӕты цӕрынц, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уый тыххӕй хонӕм (Филимонмӕ 1, 2). Стӕй ма ӕххӕст кӕнӕм ацы фӕдзӕхст: «Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут» (1 Петры 2:17). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты у бӕрӕг. Зӕгъӕм, бахъуаджы сахат нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнӕм, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр.

  • Донаргъуыд куы райсай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 6. Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаиу вӕййы

      Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕрбаиу вӕййы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм – ӕгас зӕххыл дӕр иу бинонтау ӕнгом чи сты, уыдонмӕ. Кӕд алы рӕтты цӕрӕм ӕмӕ алыхуызон уавӕрты схъомыл стӕм, уӕддӕр не ’ппӕт дӕр уыцы иу ахуырӕдтыл ӕууӕндӕм ӕмӕ уыцы иу уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Бакӕсут Псалом 25:14 ӕмӕ 1 Петры 2:17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ын уый цы пайда ӕрхӕссы?

      Нывтӕ: донаргъуыд чи райста, уыцы хо хъуыды кӕны, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй кӕй цӕры, ууыл ӕмӕ цин кӕны. 1. Хойӕн дзуры, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ. 2. Ацӕргӕ хойӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын цӕуын ӕнцондӕр уа. 3. Йе ’мбӕлттимӕ фынджы уӕлхъус; сты алыхуызон кары. 4. Иу хоимӕ нӕлгоймагӕн хъусын кӕны. 5. Конгрессы йӕ къам исы, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, дыууӕ ахӕм хоимӕ.
  • Архай, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы вӕййӕм, уӕд мах дӕр фӕфӕнды зӕгъын, паддзах Давид куыд загъта, афтӕ: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Псалом 133:1). Ахӕм иудзинад йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны. Ӕмбырды иудзинад кӕнгӕ у алкӕмӕй дӕр.

      1. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы ис бафиппайӕн?

      Зӕгъӕм, ӕндӕр бӕстӕйы дӕ ӕмӕ ӕмбырдмӕ ацыдтӕ. Хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн се ’взаг куы не ’мбарай, уӕддӕр дӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма дӕхи ӕмбырды дӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зӕххы къорийыл алы ран дӕр Библи ахуыр кӕнӕм уыцы иу публикациты фӕрцы ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм. Кӕмфӕнды ма цӕрӕм – не ’ппӕт дӕр «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувӕм ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск [ома иудзинады] лӕггад кӕнӕм» (Софони 3:9).

      2. Дӕ бон куыд у ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕнын?

      Библийы фыст ис: «Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд» (1 Петры 1:22). Дӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? Иннӕтӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕ мацӕмӕ дар. Фӕлӕ-иу дӕ хъус дар, цы хорз миниуджытӕ сӕм ис, уымӕ. Цӕмӕйдӕрты ӕмхуызон кӕимӕ дӕ, ӕрмӕст уыдоныл ма бӕтт дӕхи, фӕлӕ лымӕн кӕн алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Стӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнӕм ӕмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсӕм. (Бакӕс 1 Петры 2:17.)a

      3. Дӕ бон цы у саразын, де ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат, уӕд?

      Кӕд не ’хсӕн иудзинад ис, уӕддӕр не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм. Уый тыххӕй хатт кӕрӕдзи фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕм кӕнӕ ма суанг кӕрӕдзийы зӕрдӕ дӕр фӕриссын кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат». (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13.) Не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ арӕх фӕриссын кӕнӕм, фӕлӕ нын уӕддӕр ныххатыр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хатыр кӕнӕм. Кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтай, уый куы бамбарай, уӕд-иу фыццаг къахдзӕф дӕхӕдӕг сараз, цӕмӕй бафидауат. (Бакӕс Матфейы 5:23, 24.)b

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад ӕмӕ фарн уа.

      Нывтӕ: ӕфсымӕр архайы фарн бахъахъхъӕныныл. 1. Иннӕ ӕфсымӕр йемӕ тызмӕгӕй ныхас кӕны. 2. Ӕфсымӕр хъуыды кӕны уыцы ӕфсымӕры ныхӕстыл. 3. Хъуыды кӕны, исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна, уыд куыд бакӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Библийы цы уынаффӕтӕ ис, ууыл. 4. Ӕфсымӕр уыцы ӕфсымӕримӕ кафейы фембӕлд ӕмӕ фарн бахъахъхъӕныныл архайы.

      Фарн бахъахъхъӕныны тыххӕй цы сараздзынӕ?

      4. Алкӕмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕс

      Мах фӕнды, цӕмӕй хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзӕм. Фӕлӕ нын, чи зоны, ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕйдӕр нӕ чи хицӕн кӕны, уыдонмӕ хорз цӕстӕй кӕсын. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн? Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр уарзы. Уымӕ гӕсгӕ, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай, цӕмӕйдӕр дӕ чи хицӕн кӕны, уыдонмӕ?

      • Кӕм цӕрыс, уым адӕм арӕхдӕр кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй цӕй тыххӕй фӕкӕсынц? Уыцы зондахастӕй дӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизай?

      Бакӕсут 2 Коринфӕгтӕм 6:11–13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзай?

      5. Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут ӕмӕ-иу бафидаут

      Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны, кӕд йӕхӕдӕг нӕ разы никуы фӕрӕдидзӕн ӕмӕ йын хатыр кӕнын никуы ницы бахъӕудзӕн, уӕддӕр. Бакӕсут Псалом 86:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Ацы стихӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын?

      • Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг дӕ? Цӕмӕн?

      • Цавӕр уавӕрты нын вӕййы зын иннӕтимӕ фидауын?

      Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ фӕрнӕй цӕрын? Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 19:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Искӕмӕ куы мӕсты кӕнай кӕнӕ дӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уавӕр фӕхуыздӕр уа?

      Хатт кӕйдӕр фӕхъыг кӕнӕм. Афтӕ куы рауайы, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын хӕссы арфӕдзинӕдтӕ» (6:01)

      • Хо цы сарӕзта, цӕмӕй иннӕ хоимӕ бафидыдтаид?

      6. Хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ хорз миниуджытӕм кӕс

      Хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты хуыздӕр куы базонӕм, уӕд фенӕм, хорзӕй дӕр ӕмӕ сӕм ӕвзӕрӕй дӕр цы ис, уый. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕйраджыдӕр сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Дӕ удыхъӕды рӕзын кӕн рӕсугъд миниуджытӕ!» (5:11)

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ хорз миниуджытӕ уынай?

      Йегъовӕ нын сӕйраджыдӕр кӕсы нӕ хорз миниуджытӕм. Бакӕсут 2 Азфыстыты 16:9а ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йегъовӕ нын сӕйраджыдӕр нӕ хорз миниуджытӕм кӕй кӕсы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

      Бриллиантимӕ къухдарӕн.

      Суанг рӕсугъд бриллиант дӕр ӕнаипп нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр зынаргъ хӕзна вӕййы. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр ӕххӕст не сты, фӕлӕ Йегъовӕйӕн зынаргъ сты

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Адӕймагӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кӕндзынӕн, фӕлӕ, цы сарӕзта, уый никуы ферох кӕндзынӕн».

      • Иннӕтӕн зӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ хатыр кӕнӕм?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр куы уарзай ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнай, уӕд ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕндзынӕ.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнай ӕмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсай?

      • Куыд бакӕндзынӕ, де ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат, уӕд?

      • Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнай, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, афтӕ?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, Йесойы фӕсномыг ныхас нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтӕм фаутӕ ма хӕссӕм.

      «Дӕхи цӕстӕй уал хъӕд раппар» (7:01)

      Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтам, уӕддӕр-иу хъуамӕ хатыр ракурӕм?

      «Хатыр курын – фидауыны хос» (2002 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Базон, иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты иннӕтӕм хорз цӕстӕй кӕсын.

      «Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕн» (5:06)

      Базон, искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм, цӕмӕй ӕмбырды фарн ма фехӕла.

      «Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?» (2016 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      a 6 уӕлӕмхасӕны дзырд цӕуы, хӕцгӕ низӕй рынчын чи у, уыдонӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕты ма фӕрынчын кӕной. Уымӕй ӕвдисдзысты, кӕй сӕ уарзынц, уый.

      b 7 уӕлӕмхасӕны дзырд цӕуы, юридикон ӕмӕ куыстимӕ баст фарстатӕ куыд ис скъуыддзаг кӕнӕн, ууыл.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын