Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-2 21–22 фф.
  • Библийы чиныг 61 – 2 Петры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 61 – 2 Петры
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
bsi08-2 21–22 фф.

Библийы чиныг 61 – 2 Петры

Ныффыста йӕ: Петр

Кӕм ӕрцыд фыст: Вавилоны (?)

Фыст фӕцис: н. э. 64 азмӕ ӕв.

ПЕТР йӕ дыккаг фыстӕг куы фыста, уӕд ӕмбӕрста, йӕ мӕлӕт кӕй ӕрбаввахс кӕны. Петры тынг фӕндыд йе ’мчырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, куыд ахсджиаг у, бӕлвырдӕй цы базыдтой, уый, цӕмӕй дарддӕр ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кодтаиккой. Цымӕ дызӕрдыг кӕнӕн ис, ацы фыстӕг апостол Петр кӕй ныффыста, ууыл? Фыстӕгӕн йӕхицӕй бӕрӕг у, Петр ӕй кӕй ныффыста: «Симон Петр, Йесо Чырыстийы кусӕг ӕмӕ Апостол» (2 Пет. 1:1). Ныффыста ма, «дыккаг фыстӕг уӕм фыссын», зӕгъгӕ (3:1). Йӕхи тыххӕй загъта, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ кӕй федта Йесо Чырыстийы кад ӕмӕ ныффыста, ӕвдисӕн цӕмӕн уыд, уый тыххӕй (1:16–21). Стӕй ма ныффыста, Йесо йын йӕхи мӕлӕты тыххӕй кӕй загъта, уый (2 Пет. 1:14; Иоан. 21:18, 19).

2 Петры дыууӕ фыстӕджы куыд фыст сты, уымӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дыккаг фыстӕг Петр нӕ ныффыста. Фӕлӕ уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕ фыстӕджытӕ цӕй тыххӕй ныффыста, уый хицӕн кодта. Уымӕй уӕлдай, Петр йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста, «иузӕрдионыл кӕй нымадта, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй». Ӕмӕ кӕд Силуанӕн бар уыд, хъуыдыйӕдтӕ, йӕхи куыд фӕндыд афтӕ аразын, уӕд бамбарӕн ис, дыууӕ фыстӕджы кӕрӕдзийӕ цӕмӕн хицӕн кӕнынц, уый. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, дыккаг фыстӕг Силуан нӕ ныффыста (1 Пет. 5:12). Ацы фыстӕг Фыстады хай кӕй у, уый тыххӕй дӕр дызӕрдыг кодтой, зӕгъгӕ дзы рагон аргъуаны сауджынтӕ арӕх нӕ пайда кодтой. Фӕлӕ Петры дыккаг фыстӕг Карфагены ӕртыккаг уынаффӕмбырды размӕ дӕр рагон ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ бахастой Библийы чингуыты хыгъдмӕ.

3 Кӕд ныффыста Петр йӕ дыккаг фыстӕг? Ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд н. э. 64 азы Вавилоны кӕнӕ уырдӕм ӕввахс, фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уый хӕдфӕстӕ, фӕлӕ кӕм, уый бӕлвырд нӕу. Петр йӕ фыстӕг куы фыста, уӕд Павелы фыстӕджытӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕмбырдты ӕмӕ сӕ Петр дӕр каст ӕмӕ сӕ нымадта Хуыцауы чингуытыл ӕмӕ «Фыстады иннӕ хӕйттыл». Петр йӕ дыккаг фыстӕг ныффыста, «уырнындзинадӕй махау чи схайджын, уыдонмӕ», стӕй фыццаг фыстӕг кӕмӕ ныффыста ӕмӕ кӕмӕн хъусын кодта, уыдонмӕ дӕр. Фыццаг фыстӕг бирӕ рӕтты куыд парахат уыд, афтӕ дыккаг дӕр (2 Пет. 3:15, 16; 1:1; 3:1; 1 Пет. 1:1).

ЦЫ ПАЙДА У

8 Куыд ахсджиаг сты бӕлвырд зонындзинӕдтӕ! Петр йӕ ныхӕстӕ бӕлвырд кодта, Дзуттаг Фыстытӕй цы базыдта, уымӕй. Петр загъта, Дзуттаг Фыстытӕ сыгъдӕг удӕй фыст кӕй ӕрцыдысты: «Уымӕн ӕмӕ пехуымпарад адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, сыгъдӕг уд сын куыд амыдта, афтӕ». Стӕй ма йӕ хъус ӕрдардта, Павел дӕр «Хуыцауӕй лӕвӕрд» зондӕй кӕй фыста (1:21; 3:15). Мах арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм, Фыстадыл арф куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, бӕлвырдӕй цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд. Стӕй афтӕ чи загъта, «алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ», зӕгъгӕ, уыдоны хуызӕн не суыдзыстӕм (3:4). Ӕмӕ нӕ бахаудзыстӕм, Петр йӕ фыстӕджы дыккаг сӕры цы мӕнг ахуыргӕнджыты къӕппӕджы кой кӕны, уым. Фӕлӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Петр ӕмӕ Библийы иннӕ фысджыты уынаффӕтӕ. Уыцы уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй «цы ӕцӕгдзинад базыдтам, ууыл фидар хӕцӕм» ӕмӕ фӕразонӕй ӕмӕ фидарӕй «Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй фылдӕрӕй-фылдӕр хайджын уӕм ӕмӕ йӕ ноджы хуыздӕр базонӕм» (1:12; 3:18).

9 Цӕмӕй «нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй» нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной, уый тыххӕй нӕ Петр разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ тых нӕ бонӕй архайӕм, 1 сӕры 5–7 стихты цы чырыстон миниуджыты кой кӕны, уыдоныл. Петр ма 8 стихы загъта: «Кӕд уӕм ахӕм миниуджытӕ ис, ӕмӕ уӕм сты уӕлдайджынтӕй, уӕд, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй цы базыдтат, уымӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ уӕ къухы бирӕ бафтдзӕн». Цӕй диссаджы уынаффӕтӕ сты ацы уӕззау бонты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн! (1:2).

10 Куыд ахсджиаг у ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй хайджын уӕм, Йегъовӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ «аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр хорздзинӕдтӕй»! Уымӕ гӕсгӕ Петр сӕрст чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ ныфс дарой Хуыцауы паддзахадыл: «Ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй уӕ Хуыцау цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, ууыл фидар хӕцат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут. Ӕмӕ уын уӕд уыдзӕн диссаджы фадат нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ бацӕуынӕн». Уый фӕстӕ Петр йӕ хъус ӕрдардта, Йесойы Паддзахадӕн цы кад ис, уымӕ, уыцы кад йӕхи цӕстӕй федта: «Уымӕ гӕсгӕ ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндӕм пехуымпар-ныхасыл». Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы Паддзахадӕн цы стыр кад уыдзӕн, уый тыххӕй пехуымпарӕдтӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Петр Исайы пехуымпарадӕй цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдон: «Зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Пет. 1:4, 10, 11, 19; 3:13; Ис. 65:17, 18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын