Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйы бон цы раргом уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 июль
    • 2 Апостол Петр ныффыста: «Йегъовӕйы бон та ӕрцӕудзӕн, давӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ. Уӕд арв гыбар-гыбургӕнгӕ ӕвиппайды фӕцыдӕр уыдзӕн, арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты» (2 Пет. 3:10). Ацы ран «арв» ӕмӕ «зӕхх» цӕмӕ амонынц? Цы сты, «арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон»? Цӕй кой кодта Петр, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон... раргом уыдзысты»? Ацы фарстатӕн дзуапп куы зонӕм, уӕд нӕхи бацӕттӕ кӕндзыстӕм, тагъд рӕстӕджы цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонмӕ.

      Арв ӕмӕ зӕхх фӕцыдӕр уыдзысты

      3. 2 Петры 3:10 стихы «арв» цӕмӕ амоны ӕмӕ куыд «фӕцыдӕр уыдзӕн»?

      3 Библийы дзырд «уӕларв» арӕх фӕамоны, адӕм кӕй дӕлбар вӕййынц, уыцы хицӕуттӕм (Ис. 14:13, 14; Рарг. 21:1, 2). Чи «фӕцыдӕр уыдзӕн», уыцы «арв» амоны, абон ӕнӕхуыцау адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыцы зӕххон хицӕуттӕм. «Гыбар-гыбургӕнгӕ ӕвиппайды [кӕй] фӕцыдӕр уыдзӕн», уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уайтагъд ӕрбайсӕфдзӕн.

      4. Цӕмӕ амоны «зӕхх» ӕмӕ куыд фесӕфдзӕн?

      4 Дзырд «зӕхх» амоны, Хуыцауӕй чи адард, уыцы адӕммӕ. Ахӕм адӕм цард Нойы рӕстӕджы дӕр, ӕмӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Доны хъаймӕты фесӕфтысты. «Уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы фесафыны бонмӕ» (2 Пет. 3:7). Кӕд Доны хъаймӕты ӕнӕхуыцау адӕм иууылдӕр уыцы иу рӕстӕг фесӕфтысты, уӕд «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг та афтӕ нӕ уыдзӕн (Рарг. 7:14). Уыцы бӕллӕх райдайдзӕн, Хуыцау зӕххон хицӕуттӕн «Стыр Вавилон», ома мӕнг динтӕ, кӕй фесафын кӕндзӕн, уымӕй. Афтӕмӕй равдисдзӕн, уыцы «хӕтаг сылгоймагӕй» йе сӕфт кӕй уыны, уый (Рарг. 17:5, 16; 18:8). Хӕйрӕджы дунейӕ ма чи баззайа, уыдоны Йегъовӕ стыр бӕллӕхы кӕрон, Армагеддоны хӕсты, йӕхӕдӕг фесафдзӕн (Рарг. 16:14, 16; 19:19–21).

      «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон... ныппырх уыдзысты»

      5. «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдонмӕ» цы хауы?

      5 «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон» цы сты? Ӕнӕхуыцау адӕмӕн сӕ миниуджытӕ, сӕ зондахаст, сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ. «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдонмӕ» ма хауы «ацы дунейы зонд» дӕр – ӕгоммӕгӕс адӕм цы зондӕй архайынц, уый (1 Кор. 2:12; бакӕс Ефесӕгтӕм 2:1–3). Уыцы зонд Хӕйрӕджы дунейы ахъардта уӕлдӕфау. Адӕм куыд хъуыды кӕнынц, цӕмӕ бӕллынц, куыд дзурынц ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдонӕй бӕрӕг у, ацы дунейы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд хицауы, ома Хӕйрӕджы, зондыл кӕй цӕуынц, уый.

      6. Ацы дунейы зонд адӕмыл куыд фӕзыны?

      6 Ацы дунейы зондӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдон, зонгӕ-зонын ӕви нӕ, Хӕйрӕгӕн уый бар дӕттынц, цӕмӕй сын сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ӕндава, ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц. Хуыцауы фӕндон сӕм нымады дӕр нӕу ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц. Уыдон сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны коммӕ нӕ кӕсынц, стӕй сӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ» ӕмӕ сӕ «цӕстыты монцты» фӕдыл цӕуынц. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15–17.)a

      7. Нӕ зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

      7 Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ, стӕй чингуытӕ кӕсгӕйӕ кӕнӕ Интернеты исты веб-сайттӕ агургӕйӕ (Ӕмб. 4:23). Апостол Павел ныффыста: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ, Чырыстийы ахуырадыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса» (Кол. 2:8). Йегъовӕйы бон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас ахсджиагдӕр у ацы фӕдзӕхстмӕ хъусын. Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд, «арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон» сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты. Уымӕн ӕмӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы масты ныхмӕ фӕлӕууын. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Малахийы 4:1 стих: «Ӕрхӕстӕг кӕны, пецау пиллон арт чи уадзы, уыцы бон, ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕм ӕмӕ фыдгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъӕмпӕй уӕлдай нӕ уыдзысты. Цы бон ӕрхӕстӕг кӕны, уый сӕ аныхъуырдзӕн».

      «Зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон... раргом уыдзысты»

      8. Зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон куыд «раргом уыдзысты»?

      8 Цы нысан кӕнынц Петры ныхӕстӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон раргом уыдзысты, зӕгъгӕ? Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕ Хӕйрӕджы дунейы хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй раргом уыдзӕн, ацы дуне Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады ныхмӕ кӕй лӕууы, ӕмӕ уый тыххӕй фесафыны аккаг кӕй у, уый. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Исайы 26:21 фыст ис ахӕм пехуымпарад: «Йегъовӕ йӕ бынатӕй рацӕуы, цӕмӕй зӕххы цӕрджытӕй дзуапп ӕрдома, йӕ разы цы тӕригъӕд ракодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ зӕхх раргом кӕндзӕн, цы туг ыл ныккалд, уый, йӕ мӕрдты нал ӕмбӕхсдзӕн».

      9. а) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ рӕзын кӕнӕм нӕ удыхъӕды ӕмӕ цӕмӕн?

      9 Йегъовӕйы боны рабӕрӕг уыдзӕн, ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон ӕцӕгдӕр цавӕр адӕм сты, уый, суанг ма кӕрӕдзийы дӕр мардзысты. Абон бирӕтӕ сӕхицӕн ӕвзарынц, тыхми кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ. Уый сӕ зондахастыл афтӕ тынг фӕзындзӕн, ӕмӕ сӕ «алчидӕр... йӕ разы чи уа, уымӕ фӕлӕбурдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн» (Зах. 14:13). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у нӕхи хизын, ӕвзӕр зондыл нӕ чи сараздзӕн, ахӕм кинотӕй, чингуытӕй, видеохъӕзтытӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ахӕм ирхӕфсӕнтӕ куы ’взарӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм миниуджытӕ нӕм кӕй фӕзындзӕн, зӕгъӕм, сӕрбӕрзонд суыдзыстӕм ӕмӕ фыддзинад уарзын райдайдзыстӕм (2 Сам. 22:28; Пс. 11:5). Хуыздӕр уыдзӕн архайын, цӕмӕй нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ, уымӕн ӕмӕ нын уыдон баххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы мастисӕн бон фервӕзынӕн (Гал. 5:22, 23).

  • Йегъовӕйы бон цы раргом уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 июль
    • Йегъовӕйы стыр бонмӕ цӕттӕ уӕм

      12. Йегъовӕйы бон куы ’рцӕуа, уӕд дунейы адӕм арвы цӕфау цӕмӕн фӕуыдзысты?

      12 Павел дӕр ӕмӕ Петр дӕр дзырдтой, Йегъовӕйы бон «давӕджы» хуызӕн кӕй ӕрцӕудзӕн, ома сусӕгӕй ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1, 2.) Суанг ӕцӕг чырыстӕттӕн дӕр уыцы боны ’рцыд ӕнӕнхъӕлӕджы уыдзӕн, кӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕддӕр (Матф. 24:44). Фӕлӕ уый дунейы адӕммӕ ӕнӕуи диссаг нӕ фӕкӕсдзӕн. Павел ныффыста: «[Хуыцауӕй чи адард, уыцы адӕм] афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд, сылгоймагӕн арынафон йӕ тухитӕ куыд райдайынц, афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт, ӕмӕ ницы хуызы аирвӕздзысты» (1 Фес. 5:3).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын