Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-2 22–24 фф.
  • Библийы чиныг 62 – 1 Иоанны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 62 – 1 Иоанны
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
bsi08-2 22–24 фф.

Библийы чиныг 62 – 1 Иоанны

Ныффыста йӕ: апостол Иоанн

Кӕм ӕрцыд фыст: Ефесы кӕнӕ уырдӕм ӕввахс

Фыст фӕцис: н. э. 98 азмӕ ӕв.

ЙЕСО Чырыстийы уарзон апостол Иоанн, тынг уарзта, раст цы у, уый. Уый фӕрцы хорз ӕмбӕрста Йесойы зондахаст. Уӕдӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, йӕ фыстӕджы сӕйраджыдӕр уарзондзинады тыххӕй кӕй ныффыста, уый. Иоанн ӕгӕр тӕнзӕрдӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Йесо «(схуыдта Воанергес), ома „арвнӕрды фырттӕй“» иу (Марчы 3:17). Иоанн фидар лӕууыд ӕцӕгдзинады ӕмӕ раст цы у, уый фарс. Йе ’ртӕ фыстӕджы дӕр уый тыххӕй ныффыста, уымӕн ӕмӕ Павел загъта, кӕй фӕзындзысты, раст дин чи ныууадздзӕн, ахӕмтӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой. Иоанны ӕртӕ фыстӕджы хорз афон фыст ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕн «Фыдбылызы» ныхмӕ тох кӕнынӕн ӕххуыс кодтой (2 Фес. 2:3, 4; 1 Иоан. 2:13, 14; 5:18, 19).

2 Иоанны фыстӕджытӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Матфейы ӕмӕ Марчы Евангелитӕй, стӕй Петр ӕмӕ Павелы фыстӕджытӕй бирӕ фӕстӕдӕр фыст кӕй ӕрцыдысты. Рӕстӕг фӕивта. Иоанн йӕ фыстӕджыты дзуттаг дины тыххӕй ницы ныффыста, кӕддӕр чырыстӕтты тынг цы къуылымпы кодта, уый тыххӕй. Стӕй дзы Дзуттаг Фыстытӕй дӕр иу скъуыддзаг дӕр не ’рхаста. Фӕлӕ Иоанн дзырдта, зӕгъгӕ, «рӕстӕг бирӕ нал баззад» ӕмӕ «Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ» фӕзынд (1 Иоан. 2:18). Йӕ фыстӕг кӕмӕ ныффыста, уыдоны схуыдта «мӕ хъӕбултӕ», йӕхи та – «хистӕр нӕлгоймаг» (1 Иоан. 2:1, 12, 13, 18, 28; 3:7, 18; 4:4; 5:21; 2 Иоан. 1; 3 Иоан. 1). Ӕппӕт адӕттӕ ууыл дзурӕг сты, Иоанны ӕртӕ фыстӕджы фӕстӕдӕр фыст кӕй ӕрцыдысты. Стӕй 1 Иоанны 1:3, 4 гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иоанны Евангели дӕр уыцы рӕстӕг ӕрцыд фыст. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, Иоанн йе ’ртӕ фыстӕджы кӕй ныффыста Ефесмӕ хӕстӕг н. э. 98 азмӕ ’ввахс, йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ.

3 Иоанны фыццаг фыстӕг Иоанн йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уый бӕрӕг у, йӕ Евангелийы хуызӕн кӕй у, уымӕй, ӕмӕ уый та Иоанн кӕй ныффыста, уый дызӕрдыггаг нӕу. Зӕгъӕм, Иоанн йӕ фыстӕджы фыццаг ныхӕсты йӕхицӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕхи цӕстӕй федтон «царды дзырды... Фыдӕй чи цӕуы ӕмӕ нын чи раргом, уыцы ӕнусон цард». Ацы ныхӕсты хуызӕн сты, Иоанны Евангели цы ныхӕстӕй райдайы, уыдон. Иоанны фыццаг фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бӕрӕг у Мураторийы скъуыддзагӕй, стӕй ууыл нӕ дызӕрдыг кодтой рагон ахуыргӕндтӕ – Ириней, Поликарп ӕмӕ Папий, се ’ппӕт дӕр цардысты н. э. 2 ӕнусыa. Евсевийы (н. э. 260–342 азтӕ) ныхӕстӕм гӕсгӕ дӕр, Иоанны фыццаг фыстӕгыл никуы дызӕрдыг кодтойb. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ иуӕй-иу зӕронд тӕлмацты 5 сӕры 7 стихы кӕронмӕ ӕмӕ 8 стихы райдианмӕ бафтыдтой ахӕм ныхӕстӕ: «Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ ацы ӕртӕ сты иу. Ӕмӕ ӕртӕ ӕвдисӕн лӕууынц зӕххыл» («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтырь», 1994 аз). Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ рагон Грекъаг манускрипттӕй иуы дӕр не сты ӕмӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафтыдтой Троицӕйы ахуырады тыххӕй. Абон тӕлмацтӕн сӕ фылдӕры, уыимӕ католикты ӕмӕ протестантты тӕлмацты дӕр, ацы ныхӕстӕ не сты (1 Иоан. 1:1, 2)c.

4 Иоанн ныффыста, цӕмӕй йӕ «уарзон ӕфсымӕрты», йӕ «хъӕбулты» бахъахъхъӕдтаид, «Чырыстийӕн [цы] бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ» фӕзынд, уыдоны тӕссаг ахуырӕдтӕй. Уыцы ныхмӕлӕуджытӕ фӕзындысты се ’хсӕн ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ раст фӕндагӕй акодтаиккой (2:7, 18). Уыцы ныхмӕлӕуджытыл, ӕвӕццӕгӕн, фӕзынд грекъаг философи ӕмӕ гностицизм. Уыцы зондыл хӕст чи уыд, уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ сын Хуыцау цыдӕр сусӕг зонындзинӕдтӕ дӕттыd. Иоанн, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхмӕ фидарӕй дзырдта ӕмӕ уӕлдай тынгдӕр йе ’ргом аздӕхта ӕртӕ хъуыддагмӕ: тӕригъӕд, уарзондзинад ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕуджытӕ. Иоанн ныффыста тӕригъӕды тыххӕй ӕмӕ Чырысти йӕхи тӕригъӕдджынты тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕуджытӕ сӕхи рӕстгӕнджытӕ хуыдтой, зӕгъгӕ, мах ӕнӕтӕригъӕд стӕм ӕмӕ нӕ Йесойы нывонд ницӕмӕн хъӕуы. Уыцы адӕм ссӕрбӕрзонд сты, цыдӕр зонындзинӕдтӕ сӕм кӕй уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын Иоанн бауайдзӕф кодта ӕмӕ загъта, ӕцӕг чырыстон уарзондзинад куыд ахсджиаг у, уый. Уымӕй уӕлдай ма Иоанн тох кодта мӕнг ахуырӕдтимӕ. Ӕмбарын кодта, Йесо кӕй у Чырысти, уӕлӕрвты кӕй цард ӕмӕ адӕймаджы хуызы кӕй ӕрцыд, цӕмӕй йыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕмы тыххӕй йӕ цард радтаид (1:7–10; 2:1, 2; 4:16–21; 2:22; 1:1, 2; 4:2, 3, 14, 15). Иоанн уыцы мӕнг ахуыргӕнджыты ӕргомӕй схуыдта «Чырыстийы ныхмӕлӕуджытӕ», ӕмӕ равдыста, Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ Хӕйрӕджы хъӕбулты цӕмӕй ис базонӕн, уый (2:18, 22; 4:3).

5 Ацы фыстӕг цавӕрдӕр ӕмбырдмӕ фыст кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фыст уыд чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Уый бӕрӕг у, Иоанн фыстӕджы райдианы ӕмӕ кӕронбӕттӕны салӕмттӕ кӕй нӕ арвыста, уымӕй. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ацы чиныг фыстӕг схонӕн дӕр нӕй. Иоанн йӕ фыстӕджы «сымах» кӕй фыста, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фыстӕг иу адӕймагмӕ фыст нӕ уыд, фӕлӕ бирӕтӕм.

ЦЫ ПАЙДА У

11 Н. э. 1 ӕнусы кӕрон куыд уыди, афтӕ абон дӕр «Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ» ис ӕмӕ сӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи хъахъхъӕной. Хъуамӕ ма фидар хӕцой, райдианы цы хабар фехъуыстой, ууыл ӕмӕ раст ахуырадыл, кӕрӕдзийы уарзой ӕмӕ Хуыцауимӕ иудзинады уой, стӕй рӕстӕй архайой ӕмӕ ныфсджынӕй дзурой (2:18; 3:11; 2:27–29). Хъуамӕ ма сӕхи хизой «тӕригъӕдджын буары монцтӕй, цӕстыты монцтӕй ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлынӕй», йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕн сӕ фылдӕр цы хъуыддӕгтыл хӕст сты, уыдонӕй. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дард лӕууынц ацы дунейӕ ӕмӕ йӕ монцтӕй, уымӕн ӕмӕ зонынц, «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый... цӕрдзӕн ӕнустӕм». Мах цӕрӕм, дунейы фӕндтӕ, сектӕтӕ ӕмӕ ӕгъатырдзинад парахат куы сты, ахӕм рӕстӕджы. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Фыстады фӕрцы лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм Хуыцауы фӕндон ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм! (2:15–17).

12 Нӕ пайдайӕн Иоанны фыццаг фыстӕджы хорз ӕвдыст у, цӕмӕй хицӕн кӕнынц, Хуыцауӕй цы рухс цӕуы ӕмӕ Фыдбылызӕй цы талынг цӕуы, ӕцӕгдзинад чи сафы, уый; Хуыцауы царддӕттӕг ахуырӕдтӕ ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мӕнг ныхӕстӕ; Фыд ӕмӕ Фыртимӕ иудзинады чи ис, уыцы ӕмбырды уарзондзинад ӕмӕ Каины хуызӕн чи сси, уыдоны ӕгъатырдзинад, уыдон махӕй «ацыдысты, цӕмӕй рабӕрӕг уа, се ’ппӕт махӕй кӕй не сты» (2:19; 1:5–7; 2:8–11, 22–25; 3:23, 24, 11, 12). Уыдӕттӕ куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй «дунейыл... фӕуӕлахиз» уӕм. Уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн? Фидар уырнындзинад нӕм кӕй ис ӕмӕ «Хуыцауы кӕй уарзӕм», уый фӕрцы, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд (5:3, 4).

13 Хуыцауы уарзын – ацы диссаджы миниуӕгӕн цӕй стыр тых ис! Ууыл цӕуы дзырд ӕнӕхъӕн фыстӕджы дӕр. Дыккаг сӕры ӕвдыст цӕуы, куыд тынг хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ дуне уарзын ӕмӕ Хуыцауы уарзын. Стӕй та не ’ргом здӕхт цӕуы, «Хуыцау... уарзондзинад» кӕй у, уымӕ (4:8, 16). Уыцы диссаджы уарзондзинад бӕрӕг у, «Фыд йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕй» (4:14). Уый тыххӕй дзы хъуамӕ бузныг уӕм ӕмӕ нӕм уа, Иоанн цы уарзондзинады кой кодта, ахӕм: «Мах та уымӕн уарзӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау раздӕр бауарзта» (4:19). Фыд ӕмӕ Фыртмӕ цы уарзондзинад ис, махмӕ дӕр ахӕм уарзондзинад хъуамӕ уа – уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ йӕ ӕвдисӕм хъуыддагӕй. Чырысти йӕ уд мах тыххӕй кӕй радта, уый тыххӕй «мах дӕр хъуамӕ нӕ удтӕ дӕттӕм не ’фсымӕрты тыххӕй», тӕригъӕд сын кӕнӕм ӕмӕ нӕ уарзондзинад ӕрмӕст дзыхыныхасӕй ма ’вдисӕм, фӕлӕ «хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (3:16–18). Иоанны фыстӕджы хорз ӕвдыст у, уыцы уарзондзинад кӕй ис, Хуыцауы хорз чи зоны, уыдонмӕ, ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕ Фыд ӕмӕ Фыртимӕ фидар тӕгтӕй бӕттынц, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдоны (2:5, 6). Хуыцауы Паддзахады бындартӕ арфӕгонд сты ахӕм уарзондзинадӕй, ӕмӕ сын Иоанн загъта: «Ӕмӕ мах йӕ Фырт Йесо Чырыстийы фӕрцы йемӕ стӕм иудзинады. Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ ӕнусон цард» (5:20).

[Фиппаинӕгтӕ]

a «The International Standard Bible Encyclopedia», Vol. 2, 1982, edited by G. W. Bromiley, p. 1095, 1096.

b «The Ecclesiastical History», III, XXIV, 17.

c «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 1019 ф.

d «New Bible Dictionary», second edition, 1986, edited by J. D. Douglas, p. 426, 604.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын