Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 июль 1–14 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 1–7 ИЮЛЫ
  • 8–14 ИЮЛЫ
  • 15–21 ИЮЛЫ
  • 22–28 ИЮЛЫ
  • 29 ИЮЛЫ – 4 АВГУСТЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 июль 1–14 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

1–7 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | КОЛОССӔГТӔМ 1–4

«Зӕронд удыхъӕд ныууадзут ӕмӕ йӕ ногмӕ раивут»

(Колоссӕгтӕм 3:5–9) Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. 6 Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау адӕмыл йӕ маст ныккалдзӕн. 7 Ахӕм хъуыддӕгтӕ раздӕр сымах дӕр кодтат. 8 Фӕлӕ ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас дӕр макуы схауӕд. 9 Кӕрӕдзийы ма сайут. Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут.

w11 15/3 10 ф., 12, 13 абз.

Хайджын уӕм ацы дунейы зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

12 Фылдӕр мыл ацы дунейы зонд ӕндавы ӕви Хуыцауы сыгъдӕг тых? (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:8–10, 13.) Ацы дунейы зонд адӕмы разӕнгард кӕны тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕм (Гал. 5:19–21). Адӕймаг кӕй зондыл цӕуы, уый рабӕрӕг вӕййы, алцыдӕр хорз куы вӕййы, уӕд нӕ, фӕлӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд. Зӕгъӕм, нӕ хо кӕнӕ нӕ не ’фсымӕр куы ницӕмӕ фӕдары, куы нӕ фӕхъыг кӕны кӕнӕ нын нӕ зӕрдӕ куы скъахы, уӕд. Стӕй ма, кӕй зондыл цӕуӕм, уый рабӕрӕг вӕййы, хӕдзары иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд дӕр. Хорз уаид, нӕ зӕрдӕмӕ-иу куы ныккӕсиккам ӕмӕ нӕхи куы бафӕрсиккам: «Фӕстаг ӕхсӕз мӕйы мӕ удыхъӕд фылдӕр Чырыстийы удыхъӕды хуызӕн сси? Ӕви мӕ дзыхыныхас ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ раздӕры хуызӕн систы?»

13 Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ «зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзӕм» ӕмӕ нӕ «удыхъӕд ногмӕ раивӕм». Уый фӕрцы нӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕндзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм хӕларзӕрдӕдӕр. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн иннӕтӕн хатыр кӕнын, кӕд нын мӕсты кӕнынӕн ӕфсон уа, уӕддӕр. Исты ӕнӕраст хъуыддаг куы фенӕм, уӕд «фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас» нал кӕндзыстӕм. Фӕлӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй «кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм» (Еф. 4:31, 32).

(Колоссӕгтӕм 3:10–14) ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ. 11 Ӕмӕ йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Чырысти ӕмӕ уый ис ӕппӕты мидӕг дӕр. 12 Уӕдӕ Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. 13 Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат. 14 Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл.

w13 15/9 21 ф., 18, 19 абз.

Дӕ удыхъӕд ивыс?

18 Цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ива, уый тыххӕй йӕ ӕрмӕст кӕсын ӕмӕ зонын фаг нӕу. Библи бирӕтӕ кӕсынц, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ зонынц. Чи зоны, хъусын кӕнгӕйӕ дӕр фембӕлыс ахӕм адӕмыл. Кӕмӕндӕрты сӕ бон у, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ дӕр радзурой. Фӕлӕ уый сӕ зондахастыл ӕмӕ сӕ цардыуагыл арӕх ӕппындӕр нӕ фӕзыны. Цымӕ цӕуылнӕ? Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас адӕймагыл фӕзына ӕмӕ йӕ аива, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айса. Уӕдӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу, Библийӕ цы базонӕм, ууыл ахъуыды кӕнӕм, зӕгъӕм, ахӕм фарстаты фӕрцы: «Ацы хабар ӕрмӕст цавӕрдӕр ахуырад кӕй нӕу, уый мӕ фидарӕй уырны? Рӕстдзинад кӕй у, уый мӕхи царды нӕ уынын? Цы базонын, уый ӕрмӕст иннӕтӕн фӕамонын ӕви дзы мӕхӕдӕг дӕр спайда кӕнын? Йегъовӕ комкоммӕ мӕнмӕ кӕй дзуры, уый ӕмбарын?» Ахӕм фарстатыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстӕм. Цы базонӕм, уый-иу нӕ зӕрдӕмӕ арф куы айсӕм, уӕд-иу нӕ бафӕнддзӕн, цы хъӕуа, уый фӕивын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмб. 4:23; Лук. 6:45).

19 Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр аразӕм, Павел цы загъта, уый: «Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы» (Кол. 3:9, 10). Ныронг дӕр нын ацы хъуыддаджы цыдӕртӕ бантыст. Ӕмӕ нын ноджы фылдӕр дӕр бантысдзӕн, Хуыцауы Ныхас нын цы дзуры, уый куы ӕмбарӕм ӕмӕ йӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ куы раивӕм, уӕд уый фӕрцы нӕхи хъахъхъӕндзыстӕм Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Колоссӕгтӕм 1:13, 14) Уый нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы, ӕмӕ нӕ бакодта йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ. 14 Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты.

it-U «Царство Бога», дӕлсӕргонд «Царство Сына... [Божьей] любви»

Хуыцауы Паддзахад

«[Хуыцауы] уарзон Фырты паддзахад». Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уымӕй 10 боны фӕстӕ, нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг тых ӕруагъта ӕмӕ уӕд бамбӕрстой, Чырысти «Хуыцауы рахиз фарс кӕй ӕрбадт» (Хъд 1:8, 9; 2:1–4, 29–33). Уӕд йӕ тыхы бацыд, семӕ цы «ног бадзырд» скодта, уый ӕмӕ систы «сыгъдӕг адӕм» – Хуыцауы Израил (Дзт 12:22–24; 1Пт 2:9, 10; Га 6:16).

Уӕдӕй нырмӕ Чырысти бады йӕ Фыды рахиз фарс ӕмӕ у ӕмбырды сӕр (Еф 5:23; Дзт 1:3; Фп 2:9–11). Библийӕ бӕрӕг у, нӕ эрӕйы Фӕндзайӕм бонӕй абоны онг Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд кӕй дӕтты. Апостол Павел фыццаг ӕнусы Колоссты чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд Чырыстийы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ йын паддзахы бартӕ ис: «[Хуыцау] нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы, ӕмӕ нӕ бакодта йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ» (Кл 1:13; абар Хъд 17:6, 7).

Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Чырыстийы паддзахад разамынд дӕтты уӕларвон Израилӕн, ома, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи райгуырд ӕмӕ йӕ фырттӕ чи систы, уыцы чырыстӕттӕн (Ин 3:3, 5, 6). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи райгуыры, уыдон уӕлӕрвты сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд Чырыстийы паддзахады дӕлбар зӕххыл нал цӕрдзысты, фӕлӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты (Рар 5:9, 10).

(Колоссӕгтӕм 2:8) Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл.

w08 15/8 28 ф., 9 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Галатӕгтӕм, Ефесӕгтӕм, Филиппӕгтӕм ӕмӕ Колоссӕгтӕм фыстӕджытӕй

2:8 – Цы сты «ацы дунейы уагӕвӕрдтӕ»? Уыдон сты, Сайтаны дуне цы уагӕвӕрдтыл ӕнцайы, уыцы хъуыддӕгтӕ, ома ацы дунейы сӕйрагыл нымад цы у, цӕй фӕдыл цӕуы, цы йӕ разӕнгард кӕны, уыдӕттӕ (1 Иоан. 2:16). Уыцы хъуыддӕгтӕм хауынц ацы дунейы философи, мулкмӕ бӕллын ӕмӕ мӕнг динтӕ.

Библийӕ бакӕсинаг

(Колоссӕгтӕм 1:1–20) Павел, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол, не ’фсымӕр Тимофеимӕ 2 фыссы, Колоссты Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм. Нӕ Фыд Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут. 3 Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн, 4 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йесо Чырыстийыл куыд тынг ӕууӕндут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты дӕр куыд тынг уарзут, уый тыххӕй. 5 Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ уӕ ныфс ис, Хуыцау уын уӕлӕрвты цы ӕрцӕттӕ кодта, уый кӕй райсдзыстут. Уыцы ныфсы тыххӕй сымах базыдтат, рӕстдзинад, ома хорз хабар, куы фехъуыстат, уӕд. 6 Уыцы хорз хабар ӕрхӕццӕ сымахмӕ. Ӕмӕ ӕгас дунейы куыд хӕссы дыргъ ӕмӕ куыд парахат кӕны, афтӕ дыргъ хӕссы ӕмӕ парахат кӕны сымахмӕ дӕр, Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй цы бон фехъуыстат ӕмӕ, уыцы хорзӕх ӕцӕгӕй цы у, уый бӕлвырдӕй цы бон базыдтат, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ. 7 Гъе уыцы стыр хорзӕхы тыххӕй базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Епафрасӕй. Уый у Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ уын лӕггад кӕны мах бӕсты. 8 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕм цы уарзондзинад ис, уый тыххӕй дӕр нын уый радзырдта. 9 Уӕ уарзондзинад ӕмӕ уын уӕ уырнындзинады тыххӕй цы бон фехъуыстам, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ дӕр уымӕн кувӕм, ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон бӕлвырдӕй зонат ӕмӕ уӕм уа ӕппӕт зонд ӕмӕ, сыгъдӕг тых цы ӕмбарындзинад дӕтты, уый. 10 Уӕд цӕрдзыстут, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстут. Стӕй уын бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зондзыстут. 11 Стыр тыхы хицау чи у, уыцы Хуыцау уын уыйбӕрц хъару раттӕд, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууат, 12 стӕй арфӕ кӕнат нӕ уӕларвон Фыдӕн, рухсы чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕн цы бынтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдонӕй уӕ хай райсыны аккаг чи скодта, уымӕн. 13 Уый нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы, ӕмӕ нӕ бакодта йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ. 14 Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты. 15 Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг, 16 уымӕн ӕмӕ, уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр – паддзахбадӕнтӕ уой, сӕргълӕуджытӕ, хицауӕдтӕ ӕви хицаудзинӕдтӕ. О, ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй ӕмӕ уымӕн. 17 Уый уыди ӕппӕтӕй дӕр раздӕр, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр уый ӕххуысӕй сфӕлдыста, 18 ӕмӕ уый у буары сӕр, ома ӕмбырды сӕр дӕр. Уый у райдиан, мӕрдтӕй фыццаг уый райгас, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр уый у фыццаг, 19 уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Фырты мидӕг уой йӕ миниуджытӕ иууылдӕр 20 ӕмӕ цӕмӕй йӕ Фырты фӕрцы йӕхиимӕ бафидауын кӕна алкӕй дӕр – зӕххыл чи ис, уыдон уой ӕви, уӕлӕрвты чи ис, уыдон. Фидауын та сӕ кӕны, йӕ Фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл цы туг ныккалдта, уый фӕрцы.

8–14 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 1–5

«Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут»

(1 Фессалоникӕгтӕм 5:11–13) Уӕдӕ ныр куыд кӕнут, афтӕ дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут. 12 Курӕг уӕ стӕм, не ’фсымӕртӕ: чи уӕм фыдӕбон кӕны, Хицауы хъуыддаджы уын разамынд чи дӕтты ӕмӕ уын зонд чи амоны, уыдоны нымайут. 13 Сӕ фыдӕбоны тыххӕй сын стыр аргъ кӕнут ӕмӕ сӕ уарзут. Уӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут.

w11 15/6 26 ф., 12 абз.

Чи уӕм фыдӕбон кӕны, уыдоны нымайут

12 Разамынд дӕттын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕмбырд ахуыр кӕнай. 1 Тимофеймӕ 3:4 цы дзырд ӕмбӕлы, «уынаффӕгӕнӕг», зӕгъгӕ, уымӕн дӕр йӕ нысаниуӕг ахӕм у. Павел загъта, зӕгъгӕ, цӕстдарӕг хъуамӕ «йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг, йӕ сывӕллӕттӕ уой коммӕгӕс ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст». Дзырд «уынаффӕгӕнӕг»-ӕн ам йӕ хъуыды ӕрмӕст сывӕллӕтты ахуыр кӕнын нӕу, фӕлӕ ма бинонтӕн разамынд дӕттын дӕр, цӕмӕй «сывӕллӕттӕ уой коммӕгӕс». О, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн разамынд дӕттынц ӕмӕ алкӕмӕндӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсой (1 Тим. 3:5).

w11 15/6 28 ф., 19 абз.

Чи уӕм фыдӕбон кӕны, уыдоны нымайут

19 Исчи дын исты куы балӕвар кӕна, уӕд дын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн? Нӕ дзы пайда кӕндзынӕ? Махӕн Йегъовӕ Йесо Чырыстийы уылты радта «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгтӕ». Ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон у равдисын, сӕ раныхӕстӕм сын лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ цы фӕдзурынц, уымӕй царды куы пайда кӕнӕм, уӕд. Кӕй сын аргъ кӕныс, уый ма дӕ бон равдисын у, ӕмбырды фембӕлдты арфхъуыдыджын дзуаппытӕ куы дӕттай, уымӕй. Ӕххуыс кӕн, разамынд цы хъуыддагӕн дӕттынц, уымӕн – хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Кӕд дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕй уынаффӕ пайда ӕрхаста, уӕд хорз нӕ уаид, куы йӕм бацӕуис ӕмӕ йын куы раарфӕ кӕнис? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмбырды хъуыддӕгтыл цы рӕстӕг ацӕуы, уый сӕ бинонтӕй раскъуынынц, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бинонтӕй бузныг хъуамӕ ма уӕм?

(1 Фессалоникӕгтӕм 5:14) Стӕй ма уӕ, не ’фсымӕртӕ, курӕг стӕм: уаг ӕмӕ ӕгъдау чи халы, уыдоны фӕдзӕхсут, ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон.

w17.10 10 ф., 13 абз.

«Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ»

13 Ӕххуыс кӕн лӕмӕгътӕн. Библийы ис ахӕм фӕдзӕхст, «лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:14). Ӕмӕ ацы фӕдзӕхст куыд ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уарзондзинад ӕцӕг у ӕви нӕ. Лӕмӕгъ чи вӕййы, уыдонӕй бирӕтӕн цасдӕры фӕстӕ сӕ уырнындзинад сфидар вӕййы. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты та фӕхъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ уымӕн фӕхъӕуы фӕразондзинад. Нӕ бон сӕ у, Библийы цы хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕрцы фидар кӕнын, немӕ сӕ уацамынды кӕнын кӕнӕ та сӕм ӕнӕуи байхъусын. Стӕй раст нӕ уаид хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй афтӕ хъуыды кӕнын, ай фидар у, ай та лӕмӕгъ у, зӕгъгӕ. Хъуамӕ йӕ ӕмбарӕм, алчидӕр нӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты фидар кӕй у, стӕй алкӕмӕ дӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ дӕр кӕй ис. Суанг апостол Павел дӕр дзырдта, лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд (2 Кор. 12:9, 10). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр фӕхъӕуы иннӕты ӕххуыс.

w15 15/2 9 ф., 16 абз.

Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут

16 Нӕ ныхӕстӕ. Иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй, «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауӕм» (1 Фес. 5:14). Нӕ бон куыд у адӕймаджы ныхасӕй бафидар кӕнын? Нӕ бон ын у зӕгъын, куыд тынг ыл тыхсӕм, уый тыххӕй. Ис дзы раппӕлӕн, цы хорз миниуджытӕ ӕмӕ йӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон ма йын у йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ йын рӕстдзинад ссарынӕн кӕй баххуыс кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ цӕсты тынг зынаргъ у (Иоан. 6:44). Стӕй ма йын нӕ бон у зӕгъын, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды, «зӕрдӕсаст» ӕмӕ сӕ «ныфссаст» чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын (Пс. 34:18). Ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ адӕймагӕн стыр удӕнцой ӕрхӕсдзысты (Ӕмб. 16:24).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–6) Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй уат сыгъдӕг ӕмӕ хӕтындзинадӕй уӕхи хизат. 4 Алчидӕр уӕ зонӕд йӕ буары рохтыл хӕцын, сыгъдӕг ӕмӕ йын кадджын куыд уа, 5 цӕмӕй, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы адӕмтау ӕнӕфсисӕй чъизи монцты фӕдыл ма цӕуа. 6 Уыцы хъуыддаджы уӕ йе ’фсымӕрӕн ӕвзӕрдзинад мачи ракӕнӕд ӕмӕ йӕ йӕ бартӕй ӕнӕхай мачи фӕкӕнӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй тӕрхонгӕнӕг у Йегъовӕ – уый ма уын раздӕр дӕр дзырдтам ӕмӕ уын ӕй бӕстон бамбарын кодтам.

it-U «Блуд», дӕлсӕргонд «Недопустим для христиан», 3 абз.

Хӕтындзинад

Хӕтындзинад у, адӕймаджы ӕмбырдӕй цӕй тыххӕй ацух кӕнынц, ахӕм тӕригъӕд (1Кр 5:9–13; Дзт 12:15, 16). Апостол Павел ӕмбарын кӕны, хӕтгӕ чи кӕны, уыцы чырыстон йӕхи буары тӕригъӕды кӕй цӕуы, уымӕн ӕмӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕй пайда кӕны йӕ чъизи монцтӕ бафсадынӕн. Ахӕм адӕймаг Хуыцауӕй адард вӕййы, Хуыцауы ӕмбырд фӕхудинаг кӕны ӕмӕ йын тӕссаг вӕййы, хӕцгӕ низӕй куы фӕрынчын уа, уымӕй (1Кр 6:18, 19). Чырыстон йе ’фсымӕрты сӕ бартӕй ӕнӕхай фӕкӕны (1Фс 4:3–7), уымӕн ӕмӕ: 1) ӕмбырд чъизи кӕны ӕмӕ йӕ худинаг кӕны (Дзт 12:15, 16), 2) кӕимӕ фӕхӕты, уымӕн йӕ ном фӕчъизи кӕны, ӕмӕ йын кӕд цардӕмбал нӕма ис, уӕд ын уый фадат нал вӕййы, цӕмӕй сыгъдӕг цӕсгомӕй бинонты хъуыддаг бакӕна кӕнӕ смой кӕна, 3) йӕ бинонты фӕхудинаг кӕны, стӕй 4) кӕимӕ фӕхӕты, уымӕн йӕ ныййарджыты, йӕ сӕрыхицауы кӕнӕ йӕ мойаджы фӕхъыг кӕны. Хӕтындзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый адӕммӕ нӕ кӕсы куыдфӕндыйы цӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ закъӕттӕ, гӕнӕн ис, хӕтындзинады ныхмӕ уой йе та ма уой, фӕлӕ Хуыцаумӕ. Хуыцау, хӕтгӕ чи кӕны, уымӕн ӕнӕмӕнг стӕрхон кӕндзӕн (1Фс 4:8).

(1 Фессалоникӕгтӕм 4:15–17) Цы уын дзурӕм, уый та у Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ: махӕй нӕ Хицауы ’рцыд удӕгасӕй чи ӕрӕййафа, уыдон, мард чи у, уыдоны разӕй ницы хуызы фӕуыдзысты, 16 уымӕн ӕмӕ нӕ Хицау йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс, хистӕр зӕды хъӕлӕс, ӕмӕ Хуыцауы уадындзы уаст, ӕмӕ фыццаг райгас уыдзысты, Чырыстиимӕ иудзинады чи уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдон. 17 Уый фӕстӕ мах дӕр, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, мигътыл хаст ӕрцӕудзыстӕм, цӕмӕй семӕ уӕм ӕмӕ уӕлдӕфы нӕ Хицауимӕ фембӕлӕм, ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм нӕ Хицауимӕ.

w15 15/7 18, 19 фф., 14, 15 абз.

«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!

14 Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Адӕймаджы Фырт «йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ» (Мар. 13:27; Матф. 24:31). Дзырдбаст, «ӕрӕмбырд кӕндзысты», зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ фыццаг хатт ӕвзӕрст куы ’рцӕуынц, уымӕ нӕ амоны. Стӕй нӕ амоны, зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ уа, уыдоныл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уымӕ дӕр (Матф. 13:37, 38). Фӕстаг мыхуыр сыл ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн стыр бӕллӕхы райдианы хӕдразмӕ (Рарг. 7:1–4). Уӕдӕ цымӕ уӕд цӕмӕ амоны? Зӕххыл ма чи уа, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты ӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзысты, уымӕ (1 Фес. 4:15–17; Рарг. 14:1). Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ (Йез. 38:11). Ӕмӕ уӕд, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, «рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады» (Матф. 13:43).

15 Чырыстон динтыл хӕст чи у, уыдонӕй бирӕты уырны, уӕлӕрвтӕм сӕ зӕххон буӕртты кӕй атӕхдзысты. Стӕй ма афтӕ дӕр хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Чырысти куы ’рцӕуа, цӕмӕй ӕгас зӕххы паддзах уа, уӕд ӕй адӕм сӕхи цӕстӕй фендзысты. Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Йесо ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ӕрцӕудзӕн. Матфейы 24:30 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл» ӕмӕ ӕрцӕудзӕн «уӕларвон мигътыл». Библийы ма фыст ис: «Туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы паддзахад бынӕн райсын». Уӕдӕ уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон хъуамӕ «фӕивой ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:50–53.) Зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ уа, уыдон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты уыцы иу рӕстӕг.

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Фессалоникӕгтӕм 3:1–13) Ӕмӕ нӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы нал уыди, уӕд сфӕнд кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг Афинты баззайӕм, 2 не ’фсымӕр Тимофейы та, Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уый, арвыстам сымахмӕ, цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ уын удӕнцой ӕрхастаид, ӕмӕ уын афтӕмӕй уӕ уырнындзинад бафидар кодтаид, 3 уыцы зындзинӕдты уӕ куыд ничи фӕцудыдтаид. Уӕхӕдӕг ӕй зонут, ахӕм хабӕрттӕ ныл ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ цӕуа. 4 Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, зындзинӕдтӕ нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый дӕр зонут. 5 Гъемӕ мӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы нал уыди, уӕд арвыстон уӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй базонынмӕ, зӕгъын уӕ, мыййаг, Хӕйрӕг куы фӕрӕдийын кӕна ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа. 6 Фӕлӕ нӕм ныр Тимофей фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ уӕ уарзондзинады тыххӕй, стӕй нӕ ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй дарут ӕмӕ нӕ хорзы кой кӕй фӕкӕнут ӕмӕ, мах уӕ фенынмӕ куыд бӕллӕм, афтӕ сымах дӕр нӕ фенынмӕ кӕй бӕллут, уый тыххӕй дӕр. 7 Ӕмӕ кӕд хъуагдзинӕдтӕ ӕййафӕм ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нын стыр удӕнцой ӕрхаста, сымах иузӕрдион кӕй стут, уый. 8 Ӕмӕ иугӕр сымах нӕ Хицауимӕ иудзинады фидар лӕуут, уӕд та махмӕ дӕр цӕрын ӕрцыд. 9 Куыд раарфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн сымах тыххӕй, нӕ Хуыцауы раз нын цы стыр циндзинад ӕрхастат, уый тыххӕй? Цӕмӕй йын ӕй бафидӕм? 10 Ӕхсӕвӕй-бонӕй йын зӕрдиагӕй фӕлӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй уӕ фенӕм ӕмӕ, кӕм хъӕуы, уым уын уӕ уырнындзинад бафидар кӕнӕм. 11 Гъемӕ нӕ уӕдӕ нӕ Фыд Хуыцау ӕмӕ нӕ Хицау Йесо сымахыл сӕмбӕлын кӕнӕнт. 12 Ӕмӕ уын нӕ Хицау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, мах уӕ куыд зӕрдиагӕй уарзӕм, афтӕ сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы, стӕй алкӕй дӕр ноджы тынгдӕр, ноджы зӕрдиагдӕрӕй куыд уарзат, 13 цӕмӕй уын уӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕна ӕмӕ нӕ Хуыцау, нӕ Фыды раз алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уат, нӕ Хицау Йесо йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд.

15–21 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 1–3

«Фыдгӕнӕг раргом»

(2 Фессалоникӕгтӕм 2:6–8) Уӕдӕ йӕ ныр зонут, цы йӕ уромы. Уымӕ гӕсгӕ уый раргом уыдзӕн, йӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд. 7 Уӕвгӕ, уыцы фыдхъуыддӕгты сусӕгдзинад райдыдта йӕ куыст кӕнын. Фӕлӕ уый сусӕгдзинад уыдзӕн, ныртӕккӕ йӕ чи уромы, уый куы нал уа, ӕрмӕстдӕр уӕдмӕ. 8 Ӕмӕ уӕд уыцы фыдгӕнӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ Хицау Йесо йӕ комытӕфӕй амардзӕн ӕмӕ йӕ фесафдзӕн, кӕй ӕрцыд, уый куы раргом уа, уӕд.

it-U «Преданность Богу», дӕлсӕргонд «Что означает „тайна этого беззакония“, о которой говорил Павел?»

Хуыцауыл иузӕрдион

«Хуыцауы сусӕгдзинадӕй» уӕлдай ма ис «фыдхъуыддӕгты сусӕгдзинад». Ӕцӕг чырыстӕттӕн уыцы сусӕгдзинад уыд ӕмбӕхст, уымӕн ӕмӕ Павелы рӕстӕджы бӕрӕг нӕма уыд, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймагмӕ», ома, уыцы къордмӕ, чи хауы, уый. Уыцы «адӕймаг» куы фӕзынд, уӕд дӕр бирӕтӕ не ’мбӕрстой, чи у, уымӕн ӕмӕ уыцы «адӕймаг» фыдхъуыддӕгтӕ арӕзта ӕмӕ йӕхи афтӕ ӕвдыста, цыма Хуыцауыл иузӕрдион у. Афтӕмӕй та йӕ фыдхъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй нӕ уыд. Павел загъта, зӕгъгӕ, йӕ заман «фыдхъуыддӕгты сусӕгдзинад райдыдта йӕ куыст кӕнын», уымӕн ӕмӕ чырыстон ӕмбырдыл ӕвзӕр зондахаст ӕндавын райдыдта ӕмӕ фӕстӕдӕр фӕзынд, раст дины ныхмӕ чи дзырдта, ахӕм къорд. Ӕппынфӕстаг ӕй Йесо Чырысти фесафдзӕн, тӕрхон кӕнынмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Уыцы «адӕймаг» Хӕйрӕджы дӕлбар ис, ӕмӕ йӕхи сӕвӕрдзӕн, «„хуыцау“ кӕйдӕриддӕр хонынц науӕд цӕмӕн кувынц [грек. се́басма], уыдонӕй уӕлдӕр». Уыцы «адӕймаг» Хуыцауы знаг кӕй у ӕмӕ дзы Хӕйрӕг кӕй пайда кӕны, уымӕ гӕсгӕ сайынмӕ тынг дӕсны у ӕмӕ йӕ фӕдыл чи ацӕуа, уыдоны мӕлӕтмӕ ӕркӕндзӕн. «Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг» ӕнтыстджын уый тыххӕй у, ӕмӕ чи у, уый сусӕг кӕны ӕмӕ йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма Хуыцауыл иузӕрдион у (2Фс 2:3–12; абар Мф 7:15, 21–23).

(2 Фессалоникӕгтӕм 2:9–12) Фӕлӕ уыцы фыдгӕнӕг куы фӕзына, уӕд уый уыдзӕн Сайтаны къухӕй хъомысджын хъуыддӕгтимӕ, мӕнг нысӕнттимӕ, диссӕгтимӕ 10 ӕмӕ алы хӕрам ӕмӕ сайӕн митимӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты, сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдонӕн. Сӕфты фӕндагыл та сты, кӕй фӕрцы фервӕзтаиккой, уыцы рӕстдзинад кӕй нӕ бауарзтой, уый тыххӕй. 11 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр бауагъта, цӕмӕй рӕдыд зондыл цӕуой ӕмӕ афтӕмӕй гӕдыныхӕстыл ӕууӕндой, 12 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕрхонгонд ӕрцӕуой, рӕстдзинадыл кӕй нӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

it-U «Ложь», 8 абз.

Мӕнг ныхӕстӕ

Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй, мӕнг ныхӕстӕ кӕй зӕрдӕмӕ цӕуынц, уыдон «рӕдыд зондыл цӕуой» ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабарыл нӕ, фӕлӕ «гӕдыныхӕстыл ӕууӕндой» (2Фс 2:9–12). Уый бӕрӕг у, бирӕ ӕнусты размӕ чи цард, уыцы израилаг паддзах Ахавы цӕвиттонӕй. Мӕнг пехуымпартӕ йын загътой, Рамоф-Галаадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы пехуымпар Михей та загъта, зӕгъгӕ, Ахавмӕ бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Михей цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕ зӕдтӕй сӕ иуӕн бар кӕй радта, цӕмӕй Ахавы пехуымпарты ’взагыл «мӕнг ныхас сӕвӕрдтаид». Ацы зӕд сыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ паддзахӕн, раст цы у, уый нӕ дзырдтой, фӕлӕ сӕхи цы фӕндыд зӕгъын ӕмӕ паддзахы цы фӕндыд фехъусын, уый. Кӕд Михей Ахавы бафӕдзӕхста, уӕддӕр уый мӕнг ныхасыл баууӕндыд ӕмӕ йӕ амардтой (1Пд 22:1–38; 2Аз 18).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8) Сымахӕн та, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн, Хуыцау немӕ иумӕ ратдзӕн удӕнцой, нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ 8 пиллон арты ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй йӕ маст райсдзӕн.

it-U «Огонь», дӕлсӕргонд «Уничтожение», 2 абз.

Арт

Петр фыста, зӕгъгӕ, «ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ». Ацы стихы контекстӕй, стӕй иннӕ стихтӕй дӕр бӕрӕг у, Петр ӕнӕуи арты кой кӕй нӕ кодта, фӕлӕ ӕнусон сӕфты кой. Нойы рӕстӕг Доны хъаймӕты арв ӕмӕ зӕхх нӕ фесӕфтысты, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджытӕ. Чырысти йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллон арты куы ӕрцӕуа, уӕд ӕнустӕм фесафдзӕн ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджыты ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн кӕрон скӕндзӕн (2Пт 3:5–7, 10–13; 2Фс 1:6–10; абар Ис 66:15, 16, 22, 24).

(2 Фессалоникӕгтӕм 2:2) ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа ӕмӕ сагъӕсты бахауат ахӕм хъуыдытӕй, Йегъовӕйы бон ӕрцыд, зӕгъгӕ, фӕнды пехуымпар-ныхас уӕд, фӕнды, загъд уын цы уыд, уый, фӕнды, мах номӕй фыст кӕй хонынц, ахӕм фыстӕг.

it-U «Вдохновение», дӕлсӕргонд «„Вдохновленные высказывания“ – истинные и ложные», 1–3 абз.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй

Ӕцӕг ӕмӕ мӕнг «пехуымпар-ныхас». Хатт-иу апостолтӕ грекъаг дзырдӕй пнеу́ма (нысан кӕны «улӕфт») спайда кодтой цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыды бамбарын кӕныны тыххӕй. Зӕгъӕм, 2 Фессалоникӕгтӕм 2:2 стихы Павел фессалоникаг ӕфсымӕрты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ зонд ӕвиппайды ма сдзӕгъӕлтӕ уа ӕмӕ сагъӕсты ма бахауой ахӕм хъуыдытӕй, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы бон ӕрцыд... фӕнды пехуымпар-ныхасӕй [комк. «улӕфтӕй»]... фӕнды, загъд цы уыд, [уымӕй], фӕнды... фыстӕгӕй». Ам Павел дзырдӕй пне́ума спайда кодта ахӕм дзырдбӕстытимӕ «загъд... уыд» ӕмӕ «фыстӕг», цӕмӕй равдыстаид, цавӕрдӕр информаци куыд апарахат вӕййы, уый. Уымӕ гӕсгӕ иу чиныджы ацы стихы фӕдыл фыст ис: «Ацы ныхӕстӕй апостол кодта, мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ пехуымпар цы дзырдта, уый кой» («Lange J. P. Commentary on the Holy Scriptures», редактор Ф. Шафф, 1976 аз, 126 ф.). Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, дзырд кӕй цӕуы, «ӕмбырды чырыстӕттӕй афтӕ чи дзырдта, Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй раргом кодта, уыцы пехуымпар-ныхӕстыл» («Vincent M. R. Word Studies in the New Testament», 1957 аз, 4 том, 63 ф.). Уымӕ гӕсгӕ, кӕд иуӕй-иу тӕлмацты ацы стихы ӕмӕ ӕндӕр стихты дзырд пне́ума ратӕлмац кодтой дзырдӕй «улӕфт», уӕд ӕй ӕндӕр тӕлмацты та ратӕлмац кодтой «пехуымпарад» ӕмӕ «пехуымпар-ныхас».

Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, «пехуымпар-ныхас» ӕцӕг ӕмӕ мӕнг кӕй вӕййы. Павел 1 Тимофеймӕ 4:1 стихы дыууӕты кой дӕр кӕны: «Пехуымпар-ныхас [Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй] бӕлвырд дзуры, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ иуӕй-иутӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ хъусдзысты, адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕнг «пехуымпар-ныхас» хӕйрӕджытӕй цӕуы. Афтӕ зӕгъӕн кӕй ис, уый бӕлвырд кӕны, апостол Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый – «хӕфсыты хуызӕн ӕртӕ ӕлгъаг пехуымпар-ныхасы» кӕй рацыд. Иоанн загъта, залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнг пехуымпары дзыхӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ рацыд, уыцы ныхӕстӕ хӕйрӕджытӕй кӕй цӕуынц, цӕмӕй дунейы паддзӕхты ӕрӕмбырд кӕной, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ (Рар 16:13–16).

Уымӕ гӕсгӕ Иоанн чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Базонут, пехуымпар-ныхӕстӕ Хуыцауӕй сты ӕви нӕ» (1Ин 4:1–3; абар Рар 22:6). Стӕй загъта, Хуыцауӕй чи сты, уыцы ӕцӕг пехуымпар-ныхӕстӕ дунейы адӕмӕй фехъусӕн кӕй нӕ уыд, фӕлӕ чырыстон ӕмбырды. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иоанны ацы ныхӕстӕ зӕгъынмӕ Йегъовӕ Хуыцау сразӕнгард кодта. Стӕй фыстӕгӕн йӕхи мидӕг дӕр фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, цӕмӕй йӕ бон афтӕ зӕгъын уыдаид: «Хуыцауы чи базоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Афтӕмӕй нӕ бон у базонын, пехуымпар-ныхӕстӕй ӕцӕг кӕцы у ӕмӕ мӕнг кӕцы у, уый» (1Ин 4:6). Иоанн равдыста, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы миниуджытӕ дӕтты, уыдон кӕй ӕвдисынц, фыццаджыдӕр та уарзондзинад. Ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕй кодтой ӕмӕ мӕнг ныхас кӕй нӕ кодтой, уымӕй равдыстой, рухсы кӕй цӕуынц ӕмӕ Хуыцауимӕ иудзинады кӕй сты (1Ин 1:5–7; 2:3–6, 9–11, 15–17, 29; 3:1, 2, 6, 9–18, 23, 24; абар Тит 1:16).

Библийӕ бакӕсинаг

(2 Фессалоникӕгтӕм 1:1–12) Павел Силуан ӕмӕ Тимофеимӕ фыссы Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ, нӕ Фыд Хуыцауимӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдонмӕ. 2 Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут. 3 Сымах тыххӕй, не ’фсымӕртӕ, мах ӕдзухдӕр хъуамӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм. Ӕмӕ уый раст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны ӕмӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы цы уарзтӕй уарзут, уый кӕны тыхджынӕй-тыхджындӕр. 4 Ӕмӕ мах Хуыцауы ӕмбырдты сымахӕй сӕрыстыр стӕм, уымӕн ӕмӕ, цы ’фхӕрд ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕййафут, уыдоны стут фидар ӕмӕ уӕм ис уырнындзинад. 5 Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцау раст тӕрхон кӕй кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы нымад ӕрцӕудзыстут Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл, ӕмӕ сымах хъизӕмӕрттӕ дӕр уыцы паддзахады тыххӕй ӕвзарут. 6 Афтӕ уымӕн зӕгъӕм, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты раст у, сымахӕн зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафидын. 7 Сымахӕн та, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн, Хуыцау немӕ иумӕ ратдзӕн удӕнцой, нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ 8 пиллон арты ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй йӕ маст райсдзӕн. 9 Уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны тӕрхон, ӕмӕ нӕ Хицауы ӕмӕ йе стыр тыхы разӕй ӕрбайсӕфдзысты. 10 Уыцы хабар уыдзӕн, нӕ Хицау куы ’рцӕуа, уӕд. Цӕугӕ та ӕркӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕджытимӕ скадджын уа ӕмӕ, уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр дисы бафтауа. Ӕмӕ сымах, цы уын дзырдтам, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уымӕ гӕсгӕ уыдзыстут се ’хсӕн. 11 Ӕмӕ сымах тыххӕй ӕдзух кувгӕ дӕр уымӕн фӕкӕнӕм, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккагыл банымайа ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна, йӕ зӕрдӕмӕ хорзӕй цыдӕриддӕр цӕуы, уый, стӕй уӕ уӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны, уыдон, 12 ӕмӕ цӕмӕй нӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах уылты нӕ Хицау Йесойы ном скадджын уа, ӕмӕ йемӕ иудзинады уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат.

22–28 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ТИМОФЕЙМӔ 1–3

«Хорз хъуыддагмӕ тырн»

(1 Тимофеймӕ 3:1) Раст сты ацы ныхӕстӕ. Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы.

w16.08 21 ф., 3 абз.

Архайыс, цӕмӕй дын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса?

3 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:1. «Тырнын»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, адӕймаг йӕ къух кӕй ивазы, ӕнцонтӕй цӕмӕ не ’ххӕссы, уымӕ. Апостол Павелы уымӕй зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, цӕмӕй адӕймагӕн фылдӕр ӕнтыса, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Зӕгъӕм, ӕфсымӕры фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ ӕмбары, уый тыххӕй йӕ кӕй хъӕуы чырыстон миниуджытыл бакусын. Иу бон уыцы нысан йӕ къухы бафтыд, фӕлӕ ууыл не ’рлӕууыд. Ныр та йӕ фӕнды, цӕмӕй суа цӕстдарӕг, ӕмӕ дарддӕр кусы, цӕстдарӕджы чи хъӕуы, уыцы миниуджытыл.

(1 Тимофеймӕ 3:13) Хорз чи кӕстӕриуӕг кӕны, уый ӕмбырды раз йӕхицӕн скӕны хорз ном ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй йӕ бон вӕййы сӕрибарӕй дзурын.

km-E 9/78 4 ф., 7 абз.

Уыдон сӕхицӕн «скӕнынц хорз ном»

7 Уӕдӕ бӕрӕг у, Павел ахӕм нӕлгоймӕгты тыххӕй афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, сӕхицӕн «скӕнынц хорз ном». Уый, аргъуаны разамонджытӕн фылдӕр бартӕ куыд раттынц, уыимӕ абарӕн нӕй. Хорз чи кӕстӕриуӕг кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн Йегъовӕ ӕмӕ Йесо арфӕ кӕнынц ӕмӕ сын ӕнӕхъӕн ӕмбырд аргъ кӕны ӕмӕ ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ «Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй [сӕ] бон вӕййы сӕрибарӕй дзурын». Сӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй сын иннӕтӕ сӕ лӕггадӕн аргъ кӕнынц. Сӕ уырнындзинад у фидар ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕрыл хъӕбатырӕй дзурынц.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Тимофеймӕ 1:4) алы аргъӕуттӕм ма хъусой ӕмӕ мыггӕгты равзӕрд ма агурой. Уыдӕттӕ адӕймаджы ницӕмӕ ӕркӕнынц, ӕрмӕст расайынц, рацагур-бацагур кӕй хъӕуы, ахӕм фарстатӕ, Хуыцауӕй цы цӕуы ӕмӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, ахӕмӕй та ницы дӕттынц.

it-U «Родословная», дӕлсӕргонд «Совет Павла в отношении родословных», 2 абз.

Мыггӕгты равзӕрд

Уыцы фарстатӕ иртасын ӕмӕ сыл ныхас кӕнын ницы пайда уыд, уӕлдайдӕр та Павел Тимофеймӕ куы фыста, уыцы рӕстӕг. Хуыцау чырыстон ӕмбырды дзуттӕгтӕм дӕр ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕй каст, уымӕ гӕсгӕ, чи цавӕр мыггагӕй равзӕрд, уый ахсджиаг нал уыд (Га 3:28). Чырысти Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыд, уый уӕдмӕ бӕрӕг уыд. Павел галатӕгты куы бафӕдзӕхста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Иерусалим ныппырх кодтой. Уӕд сӕфт ӕрцыдысты дзуттаг архивтӕ дӕр, Хуыцау сӕ нӕ бахъахъхъӕдта. Уымӕ гӕсгӕ, Павелы фӕндыд, цӕмӕй Тимофей ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ мыггӕгты равзӕрд ма агуырдтаиккой ӕмӕ, чи цавӕр мыггагӕй равзӕрд, ууыл ма быцӕу кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ никӕй уырнындзинад фидар кодтой. Библийы цы мыггӕгты равзӕрды кой ис, уыдонӕй чырыстӕттӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр у, Чырысти Мессийӕ кӕй у, уый чи бӕлвырд кӕны, уыцы номхыгъд. Иннӕ номхыгъдтӕ та бӕлвырд кӕнынц, Библи ӕууӕнчы аккаг кӕй у ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд.

(1 Тимофеймӕ 1:17) Ӕнусты Паддзахӕн, ӕнӕмӕлгӕ чи у ӕмӕ цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцауӕн та уӕд кад ӕмӕ намыс ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен.

cl 12 ф., 15 абз.

«Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау»

15 Библи «ӕнусты Паддзах» дӕр Иегъовӕйӕ дарддӕр никӕй хоны (1 Тимофеймӕ 1:17, НФ). Цӕуыл дзурӕг у уый? Не ’нӕххӕст зондӕй уый кӕд зын бамбарӕн у, уӕддӕр Иегъовӕ у ӕнусон – цы ивгъуыдмӕ акӕсгӕйӕ, цы фидӕнмӕ. «Ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр Ды – Хуыцау»,– кӕсӕм Псаломы 89:3. Иегъовӕйӕн нӕй райдиан, уый алкӕддӕр уыди. Уымӕн хуыйны «Ӕвидигӕнусон» дӕр – дун-дунеты куы ничи ӕмӕ куы ницы ма уыд, уӕд дӕр уый уыд! (Данелы 7:9, 13, 22). Уӕдӕ кӕй бон у йӕ ныхмӕ ӕрлӕууын ӕмӕ йын зӕгъын, ды нӕ дӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау, зӕгъгӕ?

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Тимофеймӕ 2:1–15) Уӕдӕ уын фыццаджыдӕр фӕдзӕхсын: Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнут, кувут ӕм, курут дзы ӕмӕ йын бузныг дзурут алыхуызон адӕймӕгты тыххӕй, 2 стӕй паддзӕхты ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст. 3 Афтӕ кӕнат, уый хорз у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы цӕсты ӕмӕ йын у ӕхсызгон. 4 Уый фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой. 5 Ис иу Хуыцау, стӕй Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр ис иу ӕхсӕны лӕг – адӕймаг Йесо Чырысти. 6 Уый йӕхи радта, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна, ӕмӕ уый тыххӕй хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн йӕ рӕстӕджы. 7 Ӕз дӕр уый тыххӕй фехъусын кӕнынӕн ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн хъусынгӕнӕгӕй ӕмӕ апостолӕй – ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй базонынӕн,– раст цы у, уый зӕгъын, нӕ сайын. 8 Гъемӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй, иумӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййут, уым-иу нӕлгоймӕгтӕ сӕ къухтӕ сдаргӕйӕ Хуыцаумӕ кувой, уой иузӕрдион, мӕсты ма кӕной ӕмӕ быцӕу макӕимӕ кӕной, афтӕмӕй. 9 Фӕнды ма мӕ, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕной, сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ кӕй бийынц, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ кӕй дарынц, уымӕй нӕ, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. 10 Стӕй сӕхи хъуамӕ рӕсугъд кӕной, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ – хорз хъуыддӕгтӕй. 11 Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕнӕдзургӕйӕ, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕсӕй. 12 Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ искӕй ахуыр кӕна кӕнӕ йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд. 13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы. 14 Стӕй сайд дӕр Адамыл не ’рцыд, фӕлӕ сылгоймагыл ахӕм сайд ӕрцыд, ӕмӕ сси фыдгӕнӕг. 15 Фӕлӕ сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза, уӕд ӕй уый хъахъхъӕндзӕн, ӕрмӕст ӕм кӕд дарддӕр дӕр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад уа, кӕд Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ уа, уӕд.

29 ИЮЛЫ – 4 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ТИМОФЕЙМӔ 4–6

«Хуыцауыл иузӕрдион уыдзынӕ ӕви хъӕздыгдзинад равзардзынӕ?»

(1 Тимофеймӕ 6:6–8) Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд. 7 Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм. 8 Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм.

w03-U 1/6 9 ф., 1, 2 абз.

Сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый ӕмбарӕм – цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм

Павел амондджын сӕйраджыдӕр уымӕн уыд, ӕмӕ йӕм цы уыд, уый фагыл нымадта. Фӕлӕ адӕймагмӕ цы ис, уый фагыл кӕд фӕнымайы? Цӕрынӕн ӕнӕмӕнг цы у, уый йӕм куы вӕййы ӕмӕ уымӕй разы куы вӕййы. Уый тыххӕй фыста Павел Тимофеймӕ: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд. Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм. Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тимофеймӕ 6:6–8).

Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион куы вӕййы, уӕд, цы йӕм ис, уый фагыл кӕй фӕнымайы. Павел ӕмбӕрста, адӕймаг ӕцӕг амондджын кӕй вӕййы, хъӕздыг кӕй у, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кӕны ӕмӕ йын уымӕй сӕйрагдӕр куы ницы вӕййы, уӕд. Павелӕн «хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цардаид», уый кӕй уыд, уый фӕрцы йӕ бон уыд Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ Павел бамбӕрста иу сусӕгдзинад: хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм, цыфӕнды уавӕры ма уӕм, уӕддӕр.

(1 Тимофеймӕ 6:9) Схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон та бахауынц фӕлварӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны, адӕймаджы сӕфтмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи кӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ.

g-U 6/07 2

Хъӕздыгдзинадмӕ чи фӕбӕллы, уый, гӕнӕн ис, цытӕ бавзара?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъӕздыгдзинадмӕ чи фӕбӕллы, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ цард нӕ фесафынц. Фӕлӕ арӕх ахӕм адӕм, цӕмӕн цӕрынц, уый нӕ фӕзонынц. Стӕй цымӕ амондджын схонӕн ис, куысты цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй ӕмӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты тыххӕй тӕрсын чи райдайы, чи нал фӕфынӕй кӕны, ӕдзух йӕ сӕр ӕмӕ йӕ ахсӕн кӕмӕн фӕриссынц, ахӕм адӕймаджы? Уыдӕттӕ адӕймагӕн йӕ царды бонтыл нӕ бафтауынц. Ӕмӕ кӕд адӕймаг бамбары, царды ахсджиагдӕр цы у, уый, уӕддӕр ын ӕгӕр байрӕджы вӕййы, уымӕн ӕмӕ йыл, чи зоны, йӕ цардӕмбал мауал ӕууӕнда, йӕ сывӕллӕттӕ ныййарӕджы рӕвдыд ма зоной ӕмӕ йӕхицӕн дӕр йе ’нӕниздзинад фӕцуда. Чи зоны, цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ сраст кӕнӕн вӕййы, фӕлӕ уымӕн бирӕ тыхтӕ фӕхъӕуы. Ӕцӕгдӕр, ахӕм адӕм «сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкӕнынц» (1 Тимофеймӕ 6:10).

(1 Тимофеймӕ 6:10) Уымӕн ӕмӕ адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ уыцы уарзты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой.

g-U 11/08 6 ф., 4–6 абз.

Адӕймаг ӕнтыстджын кӕй фӕрцы уыдзӕн, ӕхсӕз ахӕм хъуыддаджы

Фыццаг статьяйӕ базыдтам, афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр хъӕздыгдзинады фӕрцы уыдзысты ӕнтыстджын, уыдон цыма дымгӕ сурынц, афтӕ фӕуайы ӕмӕ фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц. Ахӕм адӕм хатт ӕнӕ бинонтӕй ӕмӕ ӕнӕ ӕмбӕлттӕй баззайынц. Хъӕздыгдзинадмӕ кӕй фӕбӕллынц, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ фаг нӕ фӕфынӕй кӕнынц, кӕд куысты тыххӕй нӕ, уӕддӕр цӕуылдӕр кӕй фӕмӕт кӕнынц, уый тыххӕй. Екклесиасты 5:12 стихы фыст ис: «Кусӕг лӕг адджын фынӕй фӕкӕны – уӕлдай нӕу, бирӕ бахӕра ӕви гыццыл. Хъӕздыг та йӕ бирӕ фӕллӕйтты мӕтӕй ӕгъуыссӕг фӕвӕййы».

Ӕхца ӕрмӕст ӕгъатыр хицау нӕу, фӕлӕ ма мӕнгард дӕр у. Иухатт Йесо загъта, хъӕздыгдзинад адӕймаджы йӕ фӕдыл кӕй асайы (Марчы 4:19). Ӕндӕр ныхӕстӕй, адӕймаджы фӕуырны, хъӕздыгдзинады фӕрцы амондджын кӕй уыдзӕн, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ нӕ вӕййы. Адӕймагмӕ цас фылдӕр вӕййы, уыйас ӕй ноджы фылдӕр фӕхъӕуы. «Ӕвзист чи уарзы, уый никуы бафсӕддзӕн ӕвзистӕй» (Екклесиаст 5:10).

Уӕдӕ адӕймаг ӕхцауарзаг куы вӕййы, уӕд ӕй уый ӕркӕны бӕллӕхмӕ, фӕфыдӕнхъӕл вӕййы ӕмӕ ма хатт рӕдыд фӕндагыл дӕр ӕрлӕууы (Ӕмбисӕндтӕ 28:20). Фӕлӕ адӕймаг ӕнтыстджын уыдзӕн, рӕдау куы уа, хатыргӕнаг куы уа, хӕрзӕгъдау куы уа, иннӕты куы уарза ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Тимофеймӕ 4:2) ӕмӕ уый уыдзӕн, гӕдыныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны цӕстмӕ миты тыххӕй. Уыцы адӕймӕгтӕн сӕ цӕсгом у, буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд куыд ницыуал фембары, афтӕ.

lv 24, 25 фф., 17 абз.

Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

17 Апостол Петр ныффыста: «Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд» (1 Петры 3:16). Йегъовӕйы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый стыр арфӕдзинад у. Фӕлӕ ацы дунейы адӕмӕй бирӕтӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы раз сӕ цӕсгом сыгъдӕг у. Павел дзырдта, кӕмӕндӕрты «сӕ цӕсгом [кӕй] у, буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд куыд ницыуал фембары, афтӕ» (1 Тимофеймӕ 4:2). Буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй кӕм басудзы, уым баззайы нос, ӕмӕ буар уыцы ран ӕппындӕр ницыуал фембары. Афтӕ бирӕтӕн дӕр се ’фсарм ахӕм носау ницыуал фембары – ӕвзӕр цы у, уымӕй сӕ нал фӕфӕдзӕхсы, сӕ цӕсгом бахӕрынц ӕмӕ сӕм худинаг дӕр ницыуал фӕкӕсы. Бирӕтӕ ма цин дӕр фӕкӕнынц, ӕвзӕрӕй исты куы саразынц ӕмӕ сӕ уый тыххӕй сӕ цӕсгом куы нӕ фӕхӕры, уӕд.

(1 Тимофеймӕ 4:13) Цалынмӕ цӕуон, уӕдмӕ дӕр ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай.

it-U «Чтение», дӕлсӕргонд «В христианском собрании»

Хъӕрӕй кӕсын

Чырыстон ӕмбырды. Фыццаг ӕнусы Библийы къухфыстытӕн сӕ фылдӕр бирӕтӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ хъӕрӕй кӕсын ӕнӕмӕнг хъуыддаг уыд. Апостол Павел-иу бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын йӕ фыстӕджытӕ чырыстон ӕмбырдты фембӕлдты хъӕрӕй кастаиккой ӕмӕ-иу сӕ стӕй иннӕ ӕмбырдтӕм дӕр арвыстаиккой, цӕмӕй-иу сӕ уым дӕр бакастаиккой. Павел ӕрыгон Тимофейӕн загъта, цӕмӕй, «ӕппӕт хъарутӕй ууыл архайа, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕса, фӕдзӕхса сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕна» (1Тм 4:13).

Хъӕрӕй чи кӕсы, уый хъуамӕ хорз кӕсын зона (Ав 2:2). Ӕмбырды хъӕрӕй кӕй фӕкӕсынц, уый фӕрцы иннӕтӕ дӕр фӕахуыр кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ, хъӕрӕй чи фӕкӕсы, уый хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, цы кӕсы, ууыл ӕмӕ ӕмбара, фыссӕджы цы зӕгъын фӕндыд, уый. Стӕй хъуамӕ афтӕ кӕса, цӕмӕй хъусджытӕ алцыдӕр раст ӕмбарой. Раргомады 1:3 фыст ис, пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, стӕй сӕм чи хъусы ӕмӕ дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон амондджын кӕй уыдзысты.

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Тимофеймӕ 4:1–16) Фӕлӕ пехуымпар-ныхас бӕлвырд дзуры, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ иуӕй-иутӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ хъусдзысты, адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм, 2 ӕмӕ уый уыдзӕн, гӕдыныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны цӕстмӕ миты тыххӕй. Уыцы адӕймӕгтӕн сӕ цӕсгом у, буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд куыд ницыуал фембары, афтӕ. 3 Уыдон нӕ уадздзысты бинонтӕ кӕнын ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты, уый ма хӕр, уый дӕр ма хӕр, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та Хуыцау хӕринаг уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй дзы, уырнындзинад кӕмӕ ис ӕмӕ, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй чи зоны, уыдон хӕрой ӕмӕ йын бузныг дзурой. 4 Хуыцау цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр хорз сты. Ӕмӕ кӕд адӕймаг уыдӕттӕ бузныг зӕгъгӕйӕ фӕхӕры, уӕд дзы афтӕ ницӕмӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бӕззы, 5 уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ, адӕймаг кӕй скувы, уымӕй. 6 Адӕттӕ ӕфсымӕртӕн амон, ӕмӕ уыдзынӕ Йесо Чырыстийы фӕзминаг лӕггадгӕнӕг, дӕ зонд ӕфсаддзынӕ уырнындзинады ныхӕстӕй ӕмӕ, дӕ цард кӕмӕ гӕсгӕ аразыс, уыцы хорз ахуырады ныхӕстӕй. 7 Сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, дзӕгъӕл ныхӕстӕ йеддӕмӕ чи ницы сты, уыцы аргъӕуттӕм та ма хъус. Фӕлӕ дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай – уый уӕд дӕ нысан. 8 Буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй бирӕ пайда нӕй, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый та пайда у алцӕмӕн дӕр – уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. 9 Ацы ныхӕстӕ раст сты ӕмӕ сыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы. 10 Ӕмӕ мах фыдӕбон дӕр уый тыххӕй кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй дӕр уый тыххӕй архайӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ ныфс дарӕм удӕгас Хуыцауыл – уый у алыхуызон адӕмӕн сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, уӕлдайдӕр та, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕн. 11 Адӕттӕ иннӕтӕн фӕдзӕхс ӕмӕ сын сӕ амон. 12 Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд. Фӕлӕ дзыхыныхасӕй, уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй, уарзондзинадӕй, уырнындзинадӕй ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн. 13 Цалынмӕ цӕуон, уӕдмӕ дӕр ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. 14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар-ныхасмӕ гӕсгӕ цы курдиат ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс. 15 Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына. 16 Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ. Ацы хъуыддӕгты лӕуд у алкӕддӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын