-
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн аргъ кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
3. Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй дӕ, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд
Зӕгъӕм, доны ныгъуылыс, ӕмӕ дӕ чидӕр фервӕзын кодта. Уыцы хорздзинад искуы ферох кӕндзынӕ? Ӕви архайдзынӕ, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн равдисай, бузныг дзы кӕй дӕ, уый?
Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый фӕрцы нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Бакӕсут 1 Иоанны 4:8–10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый диссаджы лӕвар цӕмӕн у?
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? Бакӕсут 2 Коринфӕгтӕм 5:15 ӕмӕ 1 Иоанны 4:11; 5:3. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ацы стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый?
-
-
Дӕхи Хуыцауӕн цӕмӕн хъуамӕ снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн хъуамӕ райсай?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
1. Адӕймаджы цӕмӕн бафӕнды йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын?
Нӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй (1 Иоанны 4:10, 19). Библи нын дзуры: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Марчы 12:30). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый хъуамӕ ӕрмӕст нӕ ныхӕстӕй ма уа бӕрӕг, фӕлӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Зӕгъӕм, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзи куы фӕуарзынц, уӕд сӕ цард баиу кӕнынц. Афтӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уый дӕр ын йӕ цард снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд райсы.
-