-
Гай йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтаХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | май
-
-
ИОАНН ЗЫН УАВӔРЫ БАХХУЫС КОДТА
Иоанн Гаймӕ ӕрмӕст бузныг зӕгъыны тыххӕй нӕ ныффыста. Фӕндыди ма йӕ Гайӕн иу зын хъуыддаджы баххуыс кӕнын дӕр. Цӕмӕн, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ-иу се ’мбырдӕй иу ӕфсымӕры, Диотрефы, нӕ фӕндыд ӕфсымӕрты суазӕг кӕнын. Ӕмӕ-иу сӕ исчи суазӕг кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд ма-иу уыдоны дӕр нӕ уагъта (3 Иоан. 9, 10).
Иузӕрдион чырыстӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Диотрефмӕ не ’рлӕууыдаиккой, уый гӕнӕн сын куы уыдаид, уӕддӕр. Диотрефы фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырды фыццаг уыдаид, Иоанны ныхӕстӕ ницӕмӕ дардта, стӕй Иоанны ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты фыдкой кодта. Иоанн Диотрефы мӕнг ахуыргӕнӕг никуы хуыдта. Фӕлӕ Диотреф цыди йӕ ныхмӕ. Уый бӕллыд кадмӕ ӕмӕ йӕхи дардта, чырыстонӕн куыд не ’мбӕлы, афтӕ. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй иузӕрдион лӕггадгӕнӕг зынтӕй уыд схонӕн. Диотрефы хабарӕй бӕрӕг у, кадуарзаг ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕмӕн сӕ бон кӕй у ӕмбырд ныддихтӕ кӕнын. Гъемӕ Иоанн Гайӕн загъта, цӕмӕй ӕвзӕр адӕмы ма фӕзмыдтаид, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ хауынц абон махмӕ дӕр (3 Иоан. 11).
-
-
Гай йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтаХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | май
-
-
Дыккаг: хъуамӕ дис ма кӕнӕм, ӕмбырды стӕм хатт исчи хистӕр нӕлгоймӕгты ныхмӕ куы цӕуа, уӕд. Иоанны ныхмӕ дӕр цыдысты, стӕй апостол Павелы ныхмӕ дӕр (2 Кор. 10:7–12; 12:11–13). Ӕмӕ ӕмбырды ахӕм цӕуылдӕр куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд хъуамӕ кӕнӕм? Павел Тимофейӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Хицауы цагъар... хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса, исчи йын ӕвзӕрӕй исты куы араза, уӕд йӕхиуыл хӕцын фӕраза, ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона». Ӕдзух иннӕтӕм фаутӕ чи хӕссы, уыдонимӕ фӕлмӕн куы уӕм, уӕд, чи зоны, гыццылгай фӕивой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ, гӕнӕн ис, «ӕрфӕсмон кӕныны фадат ратта, цӕмӕй, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной» (2 Тим. 2:24, 25).
-