-
«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 1
-
-
«УЫДОНЫ ТЫХХӔЙ ДЗЫРДТА ЕНОХ»
Енох, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, уыцы ӕнӕуырнӕг адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ, чи зоны, иунӕг касти. Фӕлӕ йӕ цымӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ уыдта? Уыдта. Иубон Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕгӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ ныхас адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаид. Афтӕмӕй Енох сси пехуымпар – Библийы кӕй ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы пехуымпартӕй фыццаг. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Енох адӕмӕн кӕй хъусын кодта, уыцы хабар бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ныффыста Йесойы ӕфсымӕр Иудӕa.
Цавӕр хабар хъусын кодта Енох? «Мӕнӕ, Йегъовӕ ӕрцыд йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон скӕна ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕнӕфсармӕй цы ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ дзы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ цы алы фыдтӕ дзырдтой, уыдоны сӕ фӕаххосджын кӕна!» (Иудӕйы 14, 15). Чи зоны, дӕ хъус ӕрдардтай, Енохы ныхӕстӕй афтӕ кӕй уайы, цыма ивгъуыд хабары кой кӕны. Уый фӕстӕ бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр афтӕ фыст ӕрцыдысты. Цӕмӕн? Пехуымпар-иу цӕй кой кодта, уый-иу ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй афтӕ загъта, цыма уӕдмӕ дӕр сӕххӕст ис (Исай 46:10).
Енох ӕнӕхуыцау дунейӕн Хуыцауы хабар хъӕбатырӕй хъусын кодта
Цымӕ Енохӕн уыцы тӕрхон адӕмӕн хъусын кӕнын ӕнцон уыди? Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы карз ныхӕстӕ сын дзырдта, уымӕ – кодта «ӕнӕхуыцау» адӕмы ӕмӕ, цы «ӕнӕхуыцау» хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уый кой. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг Едемы цӕхӕрадонӕй тард куы ӕрцыдысты, уӕд адӕм сӕхӕдӕг цы дуне скодтой, уый тынг фехӕлд. Уӕдӕ уыцы пехуымпарадмӕ хъусгӕйӕ иууылдӕр хъуамӕ бамбӕрстаиккой, цы дунейы цардысты, уый цы уавӕры уыд, уый. Ӕмӕ уыцы дунейӕн Йегъовӕ хъавыд кӕрон скӕнынмӕ – хъуамӕ йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ ӕрцыдаид, цӕмӕй йӕ фесӕфтаид. Енох Хуыцауы тӕрхон хъӕбатырӕй хъусын кодта, ӕмӕ уымӕй дӕр зыбыты иунӕгӕй! Ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгон Ламехы йӕ фыдыфыды хъӕбатырдзинад дисы ӕфтыдта. Кӕд афтӕ уыд, уӕд ӕй мах хорз ӕмбарӕм.
Енохы уырнындзинады тыххӕй кӕсгӕйӕ, махӕн дӕр нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цы дунейы цӕрӕм, уымӕ цымӕ ӕз дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын?» Енох хъӕбатырӕй цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уый хауы абоны дунемӕ дӕр. Енох куыд дзырдта, афтӕ Йегъовӕ ӕнӕхуыцау дунейыл Нойы бонты Доны хъаймӕт рауагъта. Уыцы хабар амоны, дунемӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ (Матфейы 24:38, 39; 2 Петры 2:4–6). Енохы заман куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцау «йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕнӕхуыцау дунейӕн цы раст тӕрхон рахаста, уый кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Енох цы хабар хъусын кодта, уый нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр дзура. Нӕ бинонтӕ ӕмӕ нӕ не ’мбӕлттӕ, чи зоны, не ’мбарынц, ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма иунӕг стӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ Енохы никуы ныууагъта ӕмӕ абон дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нӕ ныууадздзӕн!
-
-
«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 1
-
-
a Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Иудӕ уыцы ныхӕстӕ кӕй райста, Енохы чиныг кӕй хонынц, уыцы апокрифон чиныгӕй. Фӕлӕ уыцы чиныджы фыст хабӕрттӕ сты ӕрымысгӕ, чи йӕ ныффыста, уый бӕрӕг нӕу, ӕмӕ йӕ Енохы чиныг хонгӕ цы кӕнынц, ӕндӕр ӕм ӕппындӕр ницы бар дары. Енох цы хабар хъусын кодта, уый дзы раст фыст у. Фӕлӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, райстой, нӕ рӕстӕгмӕ чи не ’рхӕццӕ, ахӕм рагон документ кӕнӕ таурӕгъӕй. Чи зоны, уыцы хабар Иудӕ дӕр кӕсгӕ бакодта кӕнӕ хъусгӕ фӕкодта, кӕнӕ та Енохы тыххӕй Йесойӕ базыдта. Йесо та Енохы царды хабӕрттӕ хорз зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕлӕрвтӕй уыдта.
-