-
Енох цыд Хуыцауимӕ ӕнӕхуыцау дунейыХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 октябрь
-
-
Пехуымпарад ӕнӕхуыцау адӕмы ныхмӕ
Дӕ алыварс ӕнӕхуыцау адӕм куы уа, уӕд, раст зӕгъгӕйӕ, ӕнцон нӕу хӕрзӕгъдау цард кӕнын. Фӕлӕ ма Енох уымӕй уӕлдай фидарӕй хъусын кодта фыдгӕнджытӕн хаст тӕрхон. Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй, Енох пехуымпариуӕг кодта: «Мӕнӕ, Хицау фӕцӕуы йӕ сыгъдӕг Зӕдты минминтимӕ, се ’ппӕтӕн тӕрхон скӕнынмӕ, ӕмӕ се ’хсӕны ӕнӕхуыцауты се ’ппӕты базылын кӕнынмӕ сӕ алы ӕнӕхуыцауады миты тыххӕй, ӕмӕ сӕ алы мӕсты дзырдты тыххӕй, Йӕ ныхмӕ Йын кӕй фӕдзырдтой ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ» (Иудӕйы 14, 15, НФ).
Уыцы хабар цымӕ хӕлд ӕнӕуырнӕг адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцыдаид? Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм карз ныхӕсты фӕстӕ адӕм Енохы ницӕмӕуал дардтой, чи зоны йыл худгӕ дӕр кодтой, хынджылӕг дзы кодтой ӕмӕ йӕм ӕртхъирӕнтӕ дӕр кодтой. Уыдаид дзы ахӕмтӕ дӕр, марынмӕ йӕ чи хъавыд. Фӕлӕ Енох уыдӕттӕй нӕ фӕтарст. Уый зыдта, рӕстгӕнӕг Авелыл цы ӕрцыд, уый тыххӕй, ӕмӕ уыйау Енох дӕр, зындзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, лӕггад кодта Хуыцауӕн.
-
-
Енох цыд Хуыцауимӕ ӕнӕхуыцау дунейыХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 октябрь
-
-
[Рамкӕ 31 фарсыл]
Библийы Енохы чиныджы тыххӕй искуы дзырдӕуы?
Енохы чиныг Фыстады хай нӕу, стӕй йӕ Библийы фысджытӕй дӕр ничи ныффыста. Дзурынц, зӕгъгӕ, дам, ӕй Енох ныффыста, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уыцы чиныг, гӕнӕн ис, ныффыстой н. э. агъоммӕ II кӕнӕ I ӕнусы, ӕмӕ дзы ис ӕрымысгӕ дзуттаг мифтӕ, ӕвӕццӕгӕн сӕ ныффыстой, Уӕвынады чиныджы Енохы тыххӕй цыбыртӕй цы дзырдӕуы, уый алыхуызӕтты кӕй ӕмбарын кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ Хуыцауы удцырын Ныхас чи уарзы, уыдонӕн ӕрмӕст уый дӕр фаг у, цӕмӕй Енохы чиныг ӕууӕнчы аккагыл ма нымайой.
Библийы ӕрмӕстдӕр Иудӕйы чиныджы ис Енохы пехуымпарадон ныхӕстӕ: «Мӕнӕ, Хицау фӕцӕуы йӕ сыгъдӕг Зӕдты минминтимӕ, се ’ппӕтӕн тӕрхон скӕнынмӕ, ӕмӕ се ‘хсӕны ӕнӕхуыцауты се ’ппӕты базылын кӕнынмӕ сӕ алы ӕнӕхуыцауады миты тыххӕй, ӕмӕ сӕ алы мӕсты дзырдты тыххӕй, Йӕ ныхмӕ Йын кӕй фӕдзырдтой ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ» (Иудӕйы 14, 15, НФ). Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Енохы пехуымпарад йӕ ӕнӕхуыцау ӕмдуггӕгты ныхмӕ ист у растдӕр Енохы чиныгӕй. Фӕлӕ цымӕ Иудӕ спайда кодтаид, Фыстады хай чи нӕ уыд, ахӕм чиныгӕй?
Фыстады нӕй фыст, Иудӕ Енохы пехуымпарады тыххӕй куыд базыдта, уый. Чи зоны, спайда кодта, рагзамантӕй чи ӕрхӕццӕ, ахӕм таурӕгъӕй. Павел дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ бакодта, фараоны дӕснытӕ Ианний ӕмӕ Иамврийы тыххӕй куы дзырдта, зӕгъгӕ, Моисейы ныхмӕ лӕууыдысты. Уый размӕ сӕ нӕмттӕ бӕрӕг нӕ уыдысты. Кӕд Енохы чиныджы фыссӕгӕн йӕ бон уыд рагон документтӕй спайда кӕнын, уӕд цымӕ Иудӕйӕн уый йӕ бон нӕ уыд?a (Рацыд 7:11, 22; 2 Тимофеймӕ 3:8, НФ).
Тынг ахсджиаг нӕу, Енох ӕнӕхуыцау адӕмӕн цы хабар хъусын кодта, уый тыххӕй Иудӕ куыд базыдта, уый. Ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый бӕрӕг у, Иудӕ йӕ чиныг Хуыцауы удцырынӕй кӕй фыста, уымӕй (2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕй хъахъхъӕдта, цӕмӕй дзы, раст цы нӕ уыд, ахӕмӕй мацы ныффыстаид.
[Фиппаинаг]
a Йесойы ахуыргӕнинаг Стефан дӕр дзырдта, Дзуттаг Фыстыты сӕ кой кӕмӕн нӕй, ахӕм хабӕртты тыххӕй. Уый дзырдта, Моисей Египеты ахуырад кӕй райста, Египтӕй 40-аздзыдӕй кӕй ралыгъд, Мадиамы зӕххы 40 азы дӕргъы кӕй фӕци ӕмӕ зӕдтӕ Моисейы Закъон дӕттынӕн кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй (Куыстытӕ 7:22, 23, 30, 38).
-