-
Кӕсджыты фарстатӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 ноябрь
-
-
Цымыдисаг у, Раргомады 11:1, 2 стихты уыцы хабӕрттӕ баст кӕй сты, ӕнӕуынгӕ кувӕндон барст куы ӕрцыд, уыцы рӕстӕгимӕ. Малахийы 3 сӕры дӕр дзырд цӕуы, ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзысты ӕмӕ йӕ стӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзысты, уый тыххӕй (Мал. 3:1–4). Уыцы хабӕрттӕ цас рӕстӕг ахастой? 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг. Раргомады 11 сӕры кӕй кой ис, уыцы 1 260 боны (42 мӕйы) дӕр ӕмӕ «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕг» дӕр хауынц уыцы рӕстӕгмӕ.
-