Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ма фӕсайды ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 мартъи
    • 5. Ацы фӕстаг бонты Сайтан куыд архайы ӕмӕ йӕ тыхтӕ тынгдӕр кӕмӕ сарӕзта?

      5 Ацы фӕстаг бонты Сайтан цъилау зилы, алырдӕм лӕбуры. Уый зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Зоны йӕ, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад ӕмӕ «знӕтӕй судзы». Фӕнды йӕ адӕмы иууылдӕр аныхъуырын ӕмӕ уый тыххӕй «ӕппӕт дунейы фӕливы» (Раргомад 12:9, 12, НФ). Сайтан хуымӕтӕджы фӕлитой нӕу. Уый йӕ тыхтӕ уӕлдай тынгдӕр скодта адӕммӕ, цӕмӕй сӕ афӕливаa. Ӕнӕуырнджыты зӕндтӕ бакуырм кӕнынӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауӕй аздахынӕн алы амалӕй дӕр пайда кӕны ӕмӕ ма гӕды ныхӕстӕ ӕмӕ мӕнгард митыл дӕр нӕ ауӕрды (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Ацы хинӕйдзаг йӕ бицъынӕг скъуыны, Хуыцауӕн «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» чи кувы, уыдоны аныхъуырыныл (Иоанны 4:24; 1 Петры 5:8). Ма рох кӕнут Сайтаны ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, кӕй фӕнды дӕр Хуыцауӕй аздахдзынӕн (Иов 1:9—12). Ӕркӕсӕм ма Сайтаны «хин митӕм» ӕмӕ базонӕм, куыд сӕ ис хи бахизӕн (Ефесӕгтӕм 6:11).

  • Ма фӕсайды ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 мартъи
    • a Иу чиныгмӕ гӕсгӕ Раргомады 12:9 стихы «фӕливы» (НФ) цы мивдисӕджы формӕйӕ раивдӕуыд, уый у «бирӕ рӕстӕг исты аразын ӕмӕ йыл сахуыр уын».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын