-
Чырысти разамынд дӕтты йе ’мбырдӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 апрель
-
-
5, 6. а) Апостол Иоанн цӕстылуайӕны цы «авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны» ӕмӕ цы «авд стъалыйы» федта, уыдон цы сты? ӕ) «Авд стъалыйы» Йесойы рахиз къухы кӕй сты, уый цӕуыл дзурӕг у?
5 Раргомады чиныгӕй бӕрӕг у, Йесо Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары куыстмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дары, уый. Апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны ӕвдыст ӕрцыд «Хицауы бон» (НД); уым федта «авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны ӕмӕ авд рухсгӕнӕны астӕу Адӕймаджы Фырты хуызӕн» ӕмӕ уый «Йӕ рахиз къухӕй хӕцыд авд стъалыйыл». Цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уый Иоаннӕн ӕмбарынгӕнгӕйӕ, Йесо загъта: «Авд стъалыйы сусӕгдзинад, кӕцыты федтай Мӕ рахиз къухы ӕмӕ авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны сты уыдон: авд стъалыйы сты авд аргъуаны [«ӕмбырды», НД] Зӕдтӕ; авд рухсгӕнӕны та, кӕцытӕ ды федтай, сты авд аргъуаны [«ӕмбырды», НД]» (Раргомад 1:1, 10—20).
6 «Авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны» сты, «Хицауы боны», ома 1914 азӕй, зӕххыл цыдӕриддӕр ӕцӕг чырыстон ӕмбырдтӕ ис, уыдон. Цы сты «авд стъалыйы» та? Иууыл райдианы уыдон уыдысты, фыццаг ӕнусы ӕмбырдтыл чи аудыдта, уыцы сӕрст цӕстдарджытӕa. Уыдон уыдысты Йесойы рахиз къухы, ома сын уый лӕвӕрдта разамынд, уый сӕм дардта йӕ хъус. О, цагъары къорд архайдта Йесо Чырыстийы разамындӕй. Фӕлӕ абон сӕрст цӕстдарджытӕ бирӕ не сты. Уӕдӕ уӕд Иегъовӕйӕн ӕгас зӕххыл 93 000 ӕмбырды цы адӕм ис, уыдонӕн Чырысти разамынд куыд дӕтты?
7. а) Ӕгас зӕххыл цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн Йесо Разамонӕг советы уылты разамынд куыд дӕтты? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстон цӕстдарджытӕ нысангонд цӕуынц сыгъдӕг удӕй?
7 I ӕнусы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр сӕрст цӕстдарджытӕй фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты гыццыл къорд ӕххӕст кӕны Разамонӕг советы хӕстӕ, уый архайы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары номӕй. Ацы советы уылты нӕ Разамонӕг Чырысти ӕмбырдты ӕвӕры хистӕр нӕлгоймӕгты, сӕрстытӕй дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕй» дӕр, уыцы хъуыддагӕн чи бӕззы, ахӕмты. Ӕвӕргӕ та сӕ кӕны, Иегъовӕ йын хицаудзинады бартӕ йӕ къухмӕ цы сыгъдӕг уды руаджы радта, уый уылты (Куыстытӕ 2:32, 33). Фыццаджыдӕр уыцы цӕстдарджытӕ хъуамӕ цӕрой, Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй цы Ныхас ӕрцыд фыст, уый сӕ куыд домы, афтӕ (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:5—9; 2 Петры 1:20, 21). Стӕй бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты искӕй хистӕр нӕлгоймагӕй сӕвӕрын куы фӕфӕнды, уӕд фӕкувынц Хуыцаумӕ ӕмӕ архайынц сыгъдӕг уды амындмӕ гӕсгӕ. Бӕрӕг ма вӕййы, уыцы адӕймаг сыгъдӕг уды дыргъ кӕй хӕссы, уый дӕр (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ Павелы фӕдзӕхст, «хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд сымах хистӕртӕн цы дзугӕн сӕвӕрдта,— уый дӕр», зӕгъгӕ, хауы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр, сӕрстытӕ уой ӕви нӕ (Куыстытӕ 20:28, НФ). Уыцы нысангонд нӕлгоймӕгтӕ Разамонӕг советы амындтӕм гӕсгӕ аудынц ӕмбырдыл. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Чырысти немӕ кӕй ис ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбырдӕн разамынд кӕй дӕтты, уый.
-
-
Чырысти разамынд дӕтты йе ’мбырдӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 апрель
-
-
a Ацы ран «стъалытӕ» ӕцӕгӕй зӕдтӕ не сты. Йесойы ӕнӕуынгӕ зӕдтӕн куы фӕндыдаид цыдӕр хабар фехъусын кӕнын, уӕд сын ӕй зӕххон адӕймаджы уылты нӕ фехъусын кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ «стъалытӕ» хъуамӕ уой зӕххон цӕстдарджытӕ, кӕнӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уыдон нымад сты Йесойы уацхӕсджытыл. Авд кӕй сты, уый та ӕвдисы ӕххӕстдзинад Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ.
-