-
Библи нын ныфс ӕвӕры амондджын фидӕнӕйАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
2. Библимӕ гӕсгӕ, фидӕны цард цавӕр уыдзӕн?
Библийы фыст ис, кӕй «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». (Бакӕс Раргомад 21:4.) Адӕм кӕмӕй бафӕлладысты, уыцы зындзинӕдтӕ нал уыдзысты, зӕгъӕм, мӕгуырдзинад, хӕрам хъуыддӕгтӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Библи зӕрдӕ ӕвӕры, адӕм зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты.
-
-
Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
7. Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн
Бакӕсут Исайы 65:17 ӕмӕ Раргомад 21:3, 4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йегъовӕ адӕмы зындзинӕдтӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Уый дын удӕнцой цӕмӕн хӕссы?
Зыдтай йӕ?
Хӕйрӕг фыццаг мӕнг ныхас куы загъта, уӕд Йегъовӕйы номыл цъыф бакалдта. Ома адӕм йӕ мӕнг ныхӕсты тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау нӕу ӕмӕ адӕмы нӕ уарзы. Тагъд Йегъовӕ адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн. Ӕндӕр ныхасӕй, ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕндзӕн. Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ срухс уа, уый у Дун-дунейы ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй сӕ иу (Матфейы 6:9, 10).
-