Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Синедрионы раз, уый фӕстӕ Пилатмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 121 сӕр

      Синедрионы раз, уый фӕстӕ Пилатмӕ

      БОН цъӕх кӕны. Петр ӕртыккаг хатт бавдисӕн кодта Йесойыл, синедрионы уӕнгтӕ фесты сӕ цӕстфӕливӕн тӕрхон ӕмӕ фӕйнӕрдӕм апырх сты. Фӕлӕ та майрӕмбоны сӕумӕрайсом ногӕй ӕрӕмбырд сты, ацы хатт синедрионы залы. Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ зӕрды ис, ӕхсӕвы цы сарӕзтой, уымӕн закъонон хуыз раттын. Йесойы сӕм куы бакодтой, уӕд та йӕ ногӕй фӕрсынц, ӕхсӕвы йӕ цӕмӕй фарстой, уымӕй: «Ды Дӕ Чырысти? зӕгъ махӕн».

      «Куы уын зӕгъон, уӕд сымах нӕ бауырндзӕн,— дзуапп сын дӕтты Йесо. — Фӕрсгӕ та уӕ куы бакӕнон, дзуапп нӕ ратдзыстут Мӕнӕн». Фӕлӕ уӕддӕр уӕндонӕй дзуры йӕхи тыххӕй: «Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕни Хуыцауы тыхы рахиз фарс» (НФ).

      «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт Дӕ?» — се ’ппӕты дӕр фӕнды базонын.

      «Сымах зӕгъут, Ӕз кӕй дӕн»,— дзуапп сын ратта Йесо.

      Марынмӕ йӕ чи хъавы, уыдонӕн ацы дзуапп дӕр фаг у. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уый Хуыцауы фауы. «Цавӕр ӕвдисӕнад ма нӕ хъӕуы? — фӕрсынц сӕ кӕрӕдзи. — Уымӕн ӕмӕ мах нӕхӕдӕг фехъуыстам Йӕ дзыхӕй!» Уыйадыл Йесойы сбастой, акодтой йӕ ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилаты къухтӕм раттой.

      Йесойы уӕйгӕнӕг Иудӕ йӕ хъус дары, тӕрхон куыд цӕуы, уымӕ. Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый куы федта, уӕд фӕсмон кӕнын райдыдта. Уый бацыд хистӕр сауджынтӕм ӕмӕ хистӕртӕм, цӕмӕй сын сӕ 30 ӕвзисты фӕстӕмӕ ратта ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны: «Тӕригъӕд ракодтон ӕз, ауӕйгӕнгӕйӕ ӕнаххос Туг».

      «Мах уыимӕ цы хъуыддаг ис? дӕхӕдӕг кӕс»,— дурзӕрдӕйӕ йын дзуапп раттой уыдон. Уӕд Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ кувӕндоны баппӕрста, ацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Фӕлӕ бӕндӕн цы къалиуыл бабаста, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрсаст ӕмӕ йын йе стджытӕ халон дӕр кӕм не ссардзӕн, ахӕм арф комы айнӕгдуртыл сӕмбӕлд ӕмӕ ныппырх.

      Сауджынтӕ уыцы ӕвзист ӕхцатӕ цы фӕкӕной, уый нӕ зонынц. «Не ’мбӕлы ӕвӕрын, уыдон аргъуаны хӕзнадоны,— аскъуыддзаг кодтой уыдон,— уымӕн ӕмӕ уый у туджы аргъ». Уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцатӕй балхӕдтой дурынгӕнӕджы зӕхх фӕндаггонты ныгӕнынӕн. Ӕмӕ йӕ схуыдтой «туджы зӕхх».

      Йесойы хицауы галуанмӕ бакодтой райсомӕй раджы. Йӕ фӕдыл цы иудейтӕ цыдысты, уыдон мидӕмӕ нӕ бахызтысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, муртаттимӕ ахӕм лымӕн ахастытӕй кӕй счъизи уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ Пилат йӕхӕдӕг рацыд сӕ размӕ ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Цӕмӕй зылын кӕнут Ацы Адӕймаджы?»

      «Уый ӕвзӕргӕнӕг куы нӕ уыдаид, уӕд Ӕй мах дӕумӕ нӕ раттаиккам»,— дзуапп ын раттой уыдон.

      Пилаты нӕ фӕнды уыцы хъуыддаджы хайад исын ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ уӕхи закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнут Уымӕн».

      Сӕ фыдвӕнд ӕргомгӕнгӕйӕ, иудейтӕ зӕгъынц: «Махӕн искӕйы мӕлӕтмӕ раттыны бар нӕй». Ӕцӕгдӕр, Йесойы Куадзӕны рӕстӕджы куы амардтаиккой, уӕд ӕвӕццӕгӕн адӕм сызмӕстаиккой, уымӕн ӕмӕ бирӕты цӕсты Йесо тынг кадджын у. Ӕмӕ йӕ ромӕгтӕн политикон аххосӕгтӕм гӕсгӕ куы амарын кӕной, уӕд сӕ адӕмы раз дзуапп дӕттын нӕ хъӕудзӕн.

      Уымӕ гӕсгӕ дины разамонджытӕ, ӕхсӕвы Йесойы кӕй ӕрфарстой ӕмӕ йыл куыд Хуыцауы фауӕг, афтӕ кӕй стӕрхон кодтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ ныр хӕссынц ӕндӕр аххосӕгтӕ. Аххосджын ӕй кӕнынц ӕртӕ хъуыддаджы: «Мах ссардтам, Уый [1] кӕй халы нӕ адӕмы ӕмӕ [2] бар нӕ дӕтты кесӕрӕн хъалон фидынӕн, [3] Йӕхи Паддзах Чырысти хонгӕйӕ».

      Йесо йӕхи Паддзах кӕй хоны, уыцы аххосаг мӕты ӕфтауы Пилаты. Уымӕ гӕсгӕ фӕстӕмӕ галуанмӕ бацыд, Йесомӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Ды Иудейты Паддзах Дӕ?» Ӕндӕр ныхасӕй, Дӕхи паддзах хонгӕйӕ, кесӕры ныхмӕ цӕуыс, ӕмӕ афтӕмӕй закъоны сӕрты хизыс?

      Йесойы цымыдис кӕны, Пилат уый тыххӕй цы зоны, ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Дӕхицӕй зӕгъыс ды уый, ӕви дын иннӕтӕ загътой Мӕн тыххӕй?»

      Пилат йӕхи афтӕ дары, цыма ницы зоны Йесойы тыххӕй ӕмӕ йӕ ныр фӕнды бӕлвырд факттӕ базонын. Уый дзуры: «Ӕз Иудейаг дӕн мыййаг? Дӕ адӕм ӕмӕ хистӕр сауджынтӕ раттой Дӕу мӕнмӕ; цы ракодтай Ды?»

      Йесо йӕхи нӕ иуварс кӕны дайуаг фарстӕй, сӕрмагондӕй та паддзахады фарстӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы дзуапп дисы бафтаудзӕн Пилаты. Лукайы 22:66—23:3; Матфейы 27:1—11; Маркы 15:1; Иоанны 18:28—35; Куыстытӕ 1:16—20.

      ▪ Сӕумӕрайсом синедрион ногӕй цӕмӕн ӕрӕмбырд?

      ▪ Куыд амард Иудӕ ӕмӕ цы фесты 30 ӕвзист ӕхцайы?

      ▪ Иудейты цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй Йесойы уыдон нӕ, фӕлӕ ромӕгтӕ амарой?

      ▪ Иудейтӕ Йесойы цавӕр хъуыддӕгты аххосджын кӕнынц?

  • Пилатӕй Иродмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 122 сӕр

      Пилатӕй Иродмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ

      КӔД Йесо нӕ сусӕг кӕны, Паддзах кӕй у, уый, уӕддӕр ӕмбарын кӕны, йӕ Паддзахад Ромӕн тӕссаг кӕй нӕу. «Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ,— дзуры Йесо. — Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ кусджытӕ бахъахъхъӕдтаиккой Мӕн, цӕмӕй Ӕз ма ӕрцыдаин лӕвӕрд Иудейтӕм; фӕлӕ ныр Мӕ Паддзахад ардыгӕй нӕу». Афтӕмӕй, Йесо ӕртӕ хатты ӕргом загъта, Паддзахад ын кӕй ис, фӕлӕ уыцы Паддзахад зӕххон кӕй нӕу.

      Пилат та йӕ ногӕй фӕрсы: «Уӕдӕ Ды Паддзах Дӕ?» Уый базонын фӕнды, кӕд Йесойы Паддзахад дунейӕ нӕу, уӕддӕр Паддзах у ӕви нӕ.

      Йесо Пилатӕн ӕмбарын кӕны, раст хатдзӕгмӕ кӕй ӕрцыд: «Ды зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй Дӕн; Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон; алкӕцы ӕцӕгадӕй чи у, уый хъусы Мӕн хъӕлӕсмӕ».

      О, Йесо зӕххыл уый тыххӕй ис, цӕмӕй ӕвдисӕн лӕууа «ӕцӕгады тыххӕй», сӕйраджыдӕр та йӕ Паддзахады тыххӕй. Уый тыххӕй Йесо цӕттӕ у йӕ цард раттынмӕ дӕр. Кӕд Пилат фарст ратта, «цы у ӕцӕгад?», зӕгъгӕ, уӕддӕр дарддӕр дзуапмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсы. Цы фехъуыста, уый дӕр ын фаг у уынаффӕ рахӕссынӕн.

      Пилат рацыд, кӕрты цы адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, лӕууыд йӕ фарсмӕ, хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ иннӕ адӕмӕн куы загъта: «Ӕз ницы аххос арын Ацы Адӕймагмӕ».

      Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд фырмӕстӕй хъӕр кӕнын райдыдтой: «Уый... змӕнты адӕмы, ахуыр кӕнгӕйӕ ӕппӕт Иудейы, Галилейӕ райдайгӕйӕ ацы бынаты онг».

      Иудейты ӕнахуыр фанатизм дисы ӕфтауы Пилаты. Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ хистӕртӕн сӕ хъӕр куы цӕуы, уӕд Пилат Йесомӕ азылд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Нӕ хъусыс, цас ӕвдисӕнад кӕнынц Дӕу ныхмӕ?» Фӕлӕ уый дзуапп нӕ дӕтты. Ахӕм цъыфкалӕн ныхӕстӕм Йесо сабырӕй кӕй лӕууы, уый тынг диссаг кӕсы Пилатмӕ.

      Йесо галилейаг кӕй у, уый базонгӕйӕ, Пилат уыны бӕрндзинадӕй хи бахизыны фадат. Ирод Антипӕ (Номдзыд Ироды фырт) ис Иерусалимы Куадзӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Пилат Йесойы уымӕ ӕрвиты. Цалдӕр азы размӕ Ирод Антипӕ Аргъауӕг Иоанны сӕр кӕй ахауын кодта, уымӕ гӕсгӕ, Йесойы диссӕгты тыххӕй фехъусгӕйӕ, афтӕ ӕнхъӕлы, уый райгасуӕвӕг Иоанн у, ӕмӕ дзы стыр тас бацыд.

      Ныр Ироды тынг зӕрдиагӕй фӕнды Йесойы фенын. Ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ Йесойыл мӕт кӕны, кӕнӕ Йесойы цы хъуыддӕгты зылын кӕнынц, уыдоны ӕцӕгдӕр аххосджын у ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнын ӕй кӕй фӕнды. Нӕ, Ироды уый мӕт бынтондӕр нӕй, уый фӕнды Йесойы диссӕгтӕ фенын ӕмӕ йӕ ныфс дӕр ис, Йесо исты диссаг кӕй сараздзӕн.

      Фӕлӕ йӕ Йесо фыдӕнхъӕл фӕкодта. Ироды фарстытӕн йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Ирод йӕ бон куы базыдта, уӕд йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонтимӕ Йесойыл худын райдыдта. Ӕрттиваг дарӕстӕ йыл скодтой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой. Стӕй йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыстой. Афтӕмӕй, кӕддӕры фыдызнӕгтӕ, Ирод ӕмӕ Пилат, систы хорз лымӕнтӕ.

      Йесо куы ’рбаздӕхт, уӕд Пилат хистӕр сауджынтӕм, иудейаг хицӕуттӕм ӕмӕ адӕммӕ фӕсидт ӕмӕ сын дзуры: «Сымах ӕрбакодтат мӕнмӕ Ацы Адӕймаджы, куыд адӕмы ӕгъдаухалӕг; ӕмӕ мӕнӕ, ӕз сымах раз раиртӕстон ӕмӕ Йӕ сымах цӕмӕй зылын кӕнут, ахӕм аххосӕй ницы ссардтон Ацы Адӕймагмӕ; ӕмӕ Ирод дӕр афтӕ: уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕз уымӕ арвыстон, ӕмӕ Йӕм мӕлӕты аккаг ницы разынд; уӕдӕ Йӕ, бафхӕргӕйӕ, ауадздзынӕн».

      Афтӕмӕй Пилат Йесойы дыууӕ хатты банымадта ӕнаххос адӕймагыл. Уый архайы, цӕмӕй йӕ ссӕрибар кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕмбары, сауджынтӕ йӕ ӕрмӕстдӕр сӕ фырхӕлӕгӕй кӕй раттой йӕ къухтӕм. Пилаты Йесойы ауадзынмӕ уӕлдай тынгдӕр разӕнгард кӕны иу хъуыддаг. Тӕрхоны рӕстӕджы йӕм йӕ ус хабар кӕны ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй хаты: «Мацы ракӕн Уыцы Рӕстгӕнӕгӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ныр фыны [ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕй] Уый тыххӕй бирӕ фӕхъизӕмар кодтон».

      Пилат ӕмбары, ацы ӕнаххос адӕймаджы кӕй хъуамӕ ауадза, фӕлӕ куыд? Иоанны 18:36—38; Лукайы 23:4—16; Матфейы 27:12—14, 18, 19; 14:1, 2; Маркы 15:2—5.

      ▪ Йесойы куы бафарстой, Паддзах у ӕви нӕ, уӕд цавӕр дзуапп ратта?

      ▪ Цы у, Йесо йӕ зӕххон царды дӕргъы ӕвдисӕн кӕй тыххӕй лӕууыд, уыцы «ӕцӕгад»?

      ▪ Цы уынаффӕ рахаста Пилат, куыд бандӕвта уый адӕмыл ӕмӕ кӕдӕм арвыста Йесойы?

      ▪ Чи уыд Ирод Антипӕ Йесойы фенын ӕй афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн фӕндыд ӕмӕ йын цы сарӕзта?

      ▪ Цӕмӕн архайы Пилат Йесойы ауадзыныл?

  • «Мӕнӕ Адӕймаг!»
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 123 сӕр

      «Мӕнӕ Адӕймаг!»

      ЙЕСОЙЫ уагахастыл дисгӕнгӕйӕ ӕмӕ аххосджын кӕй нӕу, уый ӕмбаргӕйӕ, Пилат ногӕй архайы, цӕмӕй йӕ ссӕрибар кӕна. «Ӕгъдау куы ис сымахмӕ,— дзуры адӕмӕн,— цӕмӕй уын ӕз иу адӕймаг рауӕгъд кӕнон Куадзӕнмӕ».

      Уыцы рӕстӕг ма ахӕстоны бады зындгонд лӕгмар Вараввӕ, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Пилат фӕрсы: «Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй ӕз ауадзон сымахӕн: Вараввӕйы, ӕви Йесойы, Чырысти Чи хуыйны?»

      Хистӕр сауджынты ардыд адӕм карзӕй домынц, цӕмӕй Вараввӕйы ауадза, Йесойы та амара. Фӕлӕ Пилат уӕддӕр нӕ сӕтты, фӕрсы та сӕ ногӕй: «Кӕй уӕ фӕнды сӕ дыууӕйӕ, цӕмӕй уын ӕз ауадзон?»

      «Вараввӕйы»,— хъӕр кӕнынц адӕм.

      «Цы бакӕнон ӕз Йесойӕн та, Чырысти Чи хуыйны?» — тыхстхуызӕй сӕ фӕрсы Пилат.

      Адӕм сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнынц: «Ӕрцӕуӕд тыгъд!» «Байтындз, байтындз Ӕй!»

      Ӕнаххос адӕймаджы мӕлӕт кӕй домынц, уый ӕмбаргӕйӕ, Пилат рахӕцыд Йесойы сӕрыл: «Цы ӕвзӕрдзинад ракодта Уый? ӕз ницы ссардтон мӕлӕты аккаг Уымӕ; уӕдӕ Йӕ бафхӕргӕйӕ, ауадздзынӕн».

      Кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайы, уӕддӕр дины разамонджыты ардыд знӕт адӕм ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнынц: «Тыгъд ӕрцӕуӕд!» Сауджынтӕ адӕмы афтӕ сызнӕт кодтой, ӕмӕ сты тугмондаг. Ахъуыды ма кӕн, фондз боны размӕ, Йесо Иерусалиммӕ кадджын Паддзахы цыдӕй куы бацыд, уӕд ыл, чи зоны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ стыр кадимӕ ӕмбӕлдысты! Кӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй нырттӕккӕ ам исчи ис, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, лӕууынц хибар ран, куыд ничи сӕ фӕхата, афтӕ.

      Пилат куы бамбӕрста, йӕ ныхас адӕммӕ кӕй нӕ хъары, фӕлӕ ноджы тынгдӕр кӕй змӕнтынц, уӕд дон райста, йӕ къухтӕ ныхсадта ӕмӕ дзуры: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн Ацы Рӕстгӕнӕджы туджы; уӕхӕдӕг кӕсут». Ӕмӕ йын адӕм дзуапп дӕттынц: «Йӕ туг махыл ӕмӕ нӕ сывӕллӕттыл».

      Уыйадыл Пилат йӕхӕдӕг растыл цы нымайы, уый нӕ сарӕзта, фӕлӕ цӕмӕй адӕмы йӕ ныхмӕ ма скӕна, уый тыххӕй ауагъта Вараввӕйы. Йесойы та ракӕнын кодта ӕмӕ бардзырд ратта, цӕмӕй йӕ сбӕгънӕг кӕной ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмой. Уый хуымӕтӕджы над нӕ уыд. Ромӕгтӕ ехсӕй куыд надтой, уый тыххӕй иу журналы дзырдӕуы: «Арӕхдӕр пайда кодтой цыбыр ехсӕй (флагрум кӕнӕ флагеллум). Арӕзт уыд афтӕ: цалдӕр хицӕн кӕнӕ та кӕрӕдзийыл быд гӕрзыл (иутӕ цыбырдӕр, иннӕтӕ даргъдӕр) кӕрӕдзимӕ бӕрӕг дӕрддзӕджы баст уыд гыццыл тымбыл ӕфсӕйнӕгтӕ кӕнӕ та фысы стджыты цыргъ фӕрчытӕ... Ромаг ӕфсӕддонтӕ-иу сӕ амӕттаджы фӕсонтӕ сӕ тых сӕ бонӕй цалдӕр хатты кӕй фӕнадтой, уымӕ гӕсгӕ-иу тымбыл ӕфсӕйнӕгтӕй буар арф хъӕдгӕмттӕ фӕцис, гӕрз ӕмӕ фысы стджытӕ та-иу цармы ӕмӕ фыдты нынныхстысты. Ехсӕй над-иу дзӕвгар рӕстӕг куы ахаста, уӕд-иу фыдтӕ скъуыдтӕ кодтой суанг стӕгдары хӕцъӕфты онг ӕмӕ-иу ризгӕ буары тугкалгӕ фыдтӕ гӕппӕлгай хаудысты» («The Journal of the American Medical Association»).

      Ахӕм фыднады фӕстӕ Йесойы хицауиуӕггӕнӕджы кӕртмӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йыл ӕнӕхъӕн полкъ ӕрӕмбырд кодтой. Ӕфсӕддонтӕ дзы дарддӕр хынджылӕг кӕнынц: сындзытӕй худ сбыдтой ӕмӕ йын ӕй йӕ сӕрыл ӕркодтой. Стӕй йын йӕ рахиз къухмӕ лӕдзӕг раттой, ӕмӕ йыл, паддзӕхтӕ кӕй дарынц, ахӕм сырх дарӕс скодтой. Ныр ын мӕстӕймарӕн ныхӕстӕ кӕнынц: «Цин кӕн, Иудейы Паддзах!» Фӕлӕ сын уый дӕр фаг нӕу, тутӕ йыл кӕнынц ӕмӕ йын йӕ рустӕ цӕвынц. Йӕ къухӕй йын йӕ лӕдзӕг райстой ӕмӕ йын дзы йӕ сӕр нӕмынц, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ӕгадгӕнӕг «худы» цыргъ сындзытӕ ноджы арфдӕр ныхсынц йӕ сӕры цармы.

      Ахӕм ӕбуалгъ ахаст ӕвзаргӕйӕ, Йесо цы диссаджы лӕджыхъӕд ӕмӕ удфидардзинад равдыста, уый Пилатыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ та ногӕй архайы йӕ ауадзыныл. Уый дзуры ӕрӕмбырдуӕвӕг адӕмӕн: «Мӕнӕ ӕз Уый ракӕндзынӕн сымахмӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз Уымӕ кӕй ницы аххос арын». Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныфс ис, Йесойы хъизӕмӕрттӕ фенгӕйӕ, сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ӕрфӕлмӕн уыдзысты. Йесо йӕ тугӕйдзаг цӕсгомыл стыр рысты фӕдимӕ, сындзын худ ӕмӕ сырх дарӕсы лӕууы дурзӕрдӕ адӕмы раз ӕмӕ афтӕмӕй Пилат фидиуӕн кӕны: «Мӕнӕ Адӕймаг!»

      Кӕд Йесо фыднад ӕмӕ фырӕфхӕрд у, уӕддӕр лӕууы, куыд ӕгас историйы ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг! О, Йесо ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг кӕй у, уый ӕвдисы йӕ диссаджы лӕджыхъӕд ӕмӕ удфидардзинадӕй, ӕмӕ уый ӕмбары Пилат дӕр, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йесо йӕ цӕсты тынг кадджын кӕй у ӕмӕ йын тӕригъӕд дӕр кӕй кӕны. Иоанны 18:39—19:5; Матфейы 27:15—17, 20—30; Маркы 15:6—19; Лукайы 23:18—25.

      ▪ Куыд архайы Пилат Йесойы суӕгъд кӕныныл?

      ▪ Цы уыд Пилаты зӕрды саразын, цӕмӕй Йесойы мӕлӕты аххосджын ма уыдаид?

      ▪ Цы нысан кӕны ехсӕй над баййафын?

      ▪ Йесойы ехсӕй куы фӕнадтой, уӕд дзы уый фӕстӕ куыд фӕхынджылӕг кодтой?

      ▪ Пилат ногӕй куыд архайдта Йесойы ссӕрибар кӕныныл?

  • Лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ йӕ акодтой
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 124 сӕр

      Лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ йӕ акодтой

      ПИЛАТ ӕфхӕрд Йесойы диссаджы лӕджыхъӕд куы федта, уӕд та ногӕй архайы йе ссӕрибар кӕныныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хистӕр сауджынтӕ тынгдӕр мӕсты кӕнынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ сӕ фыдвӕнд сӕ къухы бафта. Ногӕй та хъӕр кӕнынц: «Байтындз, байтындз Уый!»

      «Акӕнут Ӕй сымах ӕмӕ Йӕ байтындзут»,— дзуапп сын ратта Пилат. (Кӕд гыццыл раздӕр иудейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ сын фыдгӕнӕджы мӕлӕтмӕ раттыны бар нӕй, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, дины ныхмӕ стыр фыдракӕнд чи саразы, уый сӕ бон у мӕлӕтмӕ раттын). Уый фӕстӕ ӕппынкъаддӕр фондз хатты Пилат Йесойы банымадта ӕнаххос адӕймагыл, афтӕ зӕгъгӕйӕ: «Ӕз ницы аххос арын Уымӕ».

      Иудейтӕн Йесойы политикон хъуыддӕгты фӕзылын кӕнын сӕ къухы куы нӕ бафтыд, уӕд ӕй аххосджын кӕнын райдыдтой дины хъуыддаджы, ӕмӕ йӕ цалдӕр сахаты размӕ синедрионы раз Хуыцауы фауындзинады куыд аххосджын кодтой, афтӕ та ныр дӕр дзурынц: «Махӕн ис закъон ӕмӕ мах закъонмӕ гӕсгӕ Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхи скодта Хуыцауы Фырт».

      Уыцы ныхӕстӕ Пилат фыццаг хатт хъусы, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр ӕфтауынц тасы. Йӕ усы фын ӕмӕ Йесо цы диссаджы лӕджыхъӕд ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ ӕмбары, Йесо хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕу. Фӕлӕ «Хуыцауы Фырт»? Нӕ, Пилат зоны, Йесо Галилейӕ кӕй у. Кӕд мыййаг уый размӕ цард? Фӕстӕмӕ йӕ галуанмӕ бакодта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Кӕцӕй Дӕ Ды?»

      Йесо ницы дзуры. Уымӕй размӕ загъта Пилатӕн, Паддзах кӕй у, фӕлӕ йӕ Паддзахад ацы дунейӕ кӕй нӕу. Йӕ иннӕ ныхӕстӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы пайда ӕрхастаиккой. Фӕлӕ дзуапп кӕй нӕ дӕтты, уый тынг хъыг фӕкаст Пилатмӕ, ӕмӕ тызмӕгӕй фӕрсы Йесойы: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? нӕ зоныс, мӕнмӕ кӕй ис Дӕу байтындзыны бар ӕмӕ Дӕу ауадзыны бар дӕр?»

      «Ды ницы бар дарис Мӕныл, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд»,— уӕзданӕй йын дзуапп ратта Йесо. Йӕ хъуыдыйы ис, зӕххон хъуыддӕгтыл къухдариуӕг кӕныны хъуыддаджы Хуыцау адӕймӕгтӕн цы бар ратта, уый. Йесо ма бафтыдта: «Уымӕ гӕсгӕ фылдӕр тӕригъӕд ис Мӕн дӕумӕ чи ратта, ууыл». О, хистӕр сауджын Кайафӕ, йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ ма Иудӕ Искариотаг дӕр Пилатӕй тынгдӕр зылынджын сты, Йесойӕн ӕнӕаххосӕй ахӕм фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.

      Йесойыл ноджы тынгдӕр дисгӕнгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй у, уымӕй тӕрсгӕйӕ, Пилат ногӕй архайы йӕ ауадзыныл, фӕлӕ иудейтӕ нӕ разы кӕнынц. Ногӕй та фӕлхат кӕнынц сӕ политикон аххосаг ӕмӕ хинӕй цӕуынц Пилатыл, ӕртхъирӕн ӕм кӕнынц: «Куы Йӕ ауадзай, уӕд ды кесӕры хӕлар нӕ дӕ; алкӕцы йӕхицӕй паддзах чи кӕны, уый кесӕрӕн знаг у».

      Фӕлӕ сын Пилат ницӕмӕ ӕрдардта сӕ ныхӕстӕ, ногӕй та сӕм ракодта Йесойы ӕмӕ сын дзуры: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!»

      «Акӕн, акӕн, байтындз Ӕй!»

      «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» — фӕрсы сӕ Пилат ныфссастӕй.

      Иудейтӕ хъизӕмар кӕнынц ромӕгты ӕфсондзы бын. Ӕнӕуынон сын у Ромы хицауиуӕгад! Фӕлӕ уӕддӕр хистӕр сауджынтӕ цӕстмӕ дзурынц: «Кесӕры йеддӕмӕ махӕн нӕй паддзах».

      Пилат, йӕ политикон бынат ӕмӕ йӕ кадӕн тӕрсгӕйӕ, ӕппынфӕстаг сразы иудейты ӕгъатыр домӕнтыл. Йесойы сын ратта сӕ къухмӕ. Ӕфсӕддонтӕ Йесойы сырх дарӕс раластой ӕмӕ йыл фӕстӕмӕ йӕхи дарӕс скодтой. Ныр ӕй фӕкӕнынц байтындзынмӕ ӕмӕ, цы цӕджындзыл хъизӕмар кӕндзӕн, уый йын йӕхицӕн хӕссын кӕнынц.

      Ныр у майрӕмбон 14 нисан, сихорафон, хур ис йӕ тӕмӕны. Цыппӕрӕмы райсомӕй нырмӕ Йесо йӕ цӕстытӕ не ’рцъынд кодта, кӕрӕдзи фӕдыл ыл ихуарӕгау кодтой хъизӕмайраг фыдӕвзарӕнтӕ. Иу гыццыл ма, ӕмӕ цӕджындзы уӕзӕй ӕрхаудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ цӕджындз Африкӕйы Киринейӕ рацӕуӕг фӕндаггон лӕг Симонмӕ раттой ӕмӕ йын ӕй хӕссын кӕнынц. Йесойы фӕдыл цӕуы тынг бирӕ адӕм, йӕ фӕдыл кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ цӕуынц сылгоймӕгтӕ дӕр.

      Йесо йе ’ргом сылгоймӕгтӕм раздӕхта ӕмӕ сын дзуры: «Иерусалимы чызджытӕ! ма кӕут Мӕныл, фӕлӕ кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ цоты тыххӕй; уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуынц бонтӕ, кӕцыты зӕгъдзысты: „тӕхудиаг ӕнӕзӕнӕгтӕ ӕмӕ чи нӕ ныййардта, уыцы хуылфытӕ, ӕмӕ чи нӕ бадардта, уыцы риутӕ!“... Уымӕн ӕмӕ цъӕх бӕласимӕ афтӕ, кӕд кӕнынц, уӕд хусимӕ та цы уыдзӕн?»

      Йесо цы бӕласы кой кӕны, уый символикон хуызы ӕвдисы иудейаг адӕмы, ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй ӕнувыдӕй чи баззад, уыдон се ’хсӕн кӕй сты, уый фӕрцы ма сӕм гыццыл ис, цардӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы уымӕлад. Фӕлӕ уыдон адӕмы ’хсӕн куы нал уой, уӕд ма дзы баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр духовон ӕгъдауӕй мард бӕлас, ома чи бахус, ахӕм национ организаци. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр кӕуинаг фӕуыдзысты, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Ромы ӕфсӕдтӕ иудейаг адӕмы куы ныццӕгъдой ӕмӕ сӕ бынысӕфт куы фӕкӕной, уӕд! Иоанны 19:6—17; 18:31; Лукайы 23:24—31; Матфейы 27:31, 32; Маркы 15:20, 21.

      ▪ Дины разамонджытӕн политикон аххосӕгтӕй сӕ къухы куы ницы бафтыд, уӕд цавӕр хъуыддаджы фӕзылын кодтой Йесойы?

      ▪ Пилаты ноджы тынгдӕр цӕмӕн бацыд тас?

      ▪ Йесойы ӕфхӕрды ӕппӕты стырдӕр тӕригъӕд кӕуыл ис?

      ▪ Ӕппынфӕстаг сауджынты къухы куыд бафтыд Пилаты Йесойы мӕлӕтмӕ раттыныл сразы кӕнын?

      ▪ Цы загъта Йесо, чи йыл куыдта, уыцы сылгоймӕгтӕн ӕмӕ, райдианы «цъӕх» чи уыд, фӕлӕ уый фӕстӕ чи «бахус», уыцы бӕласы тыххӕй дзургӕйӕ, цы уыд йӕ хъуыдыйы?

  • Йесойы хъизӕмӕрттӕ цӕджындзыл
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 125 сӕр

      Йесойы хъизӕмӕрттӕ цӕджындзыл

      ЙЕСОИМӔ байтындзынмӕ акодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр. Сахармӕ хӕстӕг, Голгофӕ кӕнӕ Ныхы бынат кӕй хонынц, уым адӕм ӕрлӕууыдысты.

      Ахстытӕн сӕ уӕлӕдарӕс раластой. Уый фӕстӕ сын дӕттынц сӕн смирнӕимӕ. Уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцӕттӕ кодтой Иерусалимы сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыцы рыстуромӕн хос ромӕгтӕ не ’вгъау кӕнынц, тагъд кӕй байтындздзысты, уыдонӕн. Фӕлӕ йын Йесо йӕ ад куы федта, уӕд ӕй аиуварс кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уырнындзинады тӕккӕ уӕззаудӕр фӕлварӕны йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъарутӕ гыццылдӕр фӕцудой ӕмӕ фӕрӕдийа.

      Ныр Йесойы, йӕ къухтӕ йӕ сӕрмӕ, афтӕмӕй байтыгътой цӕджындзыл. Ӕмӕ йын ӕфсӕддонтӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ стыр зӕгӕлтӕй уыцы цӕджындзмӕ ныххуыдтой. Зӕгӕлтӕ фыд ӕмӕ нуӕртты куы ахызтысты, уӕд Йесо ныхъхъӕрзыдта. Цӕджындзыл куы схӕцыдысты, уӕд буары уӕзӕй зӕгӕлтӕй конд хъӕдгӕмттӕ скъуыйынц, ӕмӕ фыррыстӕй йӕ бон нал у. Ӕмӕ уӕддӕр Йесо ромаг ӕфсӕддонтӕм ӕртхъирӕн нӕ кӕны, фӕлӕ кувы: «Мӕ Фыд! бахатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц, цы кӕнынц».

      Пилат фӕйнӕгыл ныффыста Йесойы мӕлӕты аххосаг ӕмӕ йӕ цӕджындзыл бакодта. Уыцы уӕлфысты ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йесо Назорей, Иудейаг Паддзах». Пилат ацы хъуыддаг, ӕвӕццӕгӕн, Йесойӕн кӕй аргъ кӕны, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ сарӕзта, фӕлӕ йын Йесойы мӕлӕтмӕ чи раттын кодта, уыцы иудейаг сауджынтӕй йе сӕфт кӕй федта, уый тыххӕй дӕр. Цӕмӕй уыцы ныхӕстӕ алкӕй бон дӕр уа кӕсын, уый тыххӕй сӕ Пилат ныффыста ӕртӕ ӕвзагыл: дзуттаг, паддзахадон латинаг ӕмӕ иумӕйаг грекъагыл.

      Хистӕр сауджынтӕ, уыимӕ Кайафӕ ӕмӕ Аннӕ дӕр, мӕты бахаудысты. Йесойы сӕрмӕ ахӕм кадджын ныхӕстӕ кӕй ис фыст, уый сын халы сӕ циндзинад. Уымӕ гӕсгӕ домынц: «Ма фысс: „Иудейаг Паддзах“, фӕлӕ Уый куыд дзырдта: „Ӕз Иудейаг Паддзах“». Пилат сауджынты къухы хъазӕн хъулау кӕй уыд, уый фӕдыл сӕм мӕстӕй тъӕппытӕ хауы ӕмӕ сын ныр ӕлгъгӕнгӕйӕ дзуапп дӕтты: «Ӕз цы ныффыстон, уый ныффыстон».

      Сауджынтӕ адӕмимӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уым ӕрӕмбырд сты ӕмӕ архайынц, фӕйнӕгыл цы фыст ис, уый раст кӕй нӕу, уый сбӕлвырд кӕныныл. Сфӕлхат та кодтой, синедрионы раз ӕрфарсты рӕстӕджы цы мӕнгӕвдисӕнадӕй спайда кодтой, уый. Уӕдӕ диссаг нӕу, фӕндаггонтӕ сӕ сӕртӕ кӕй тилынц ӕмӕ йын хынджылӕггӕнгӕйӕ кӕй дзурынц: «Аргъуан Халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ Аразӕг! фервӕзын кӕн Дӕхӕдӕг Дӕхи; кӕд Ды Хуыцауы Фырт Дӕ, рахиз дзуарӕй».

      «Иннӕты ирвӕзын кодта, фӕлӕ Йӕхӕдӕг Йӕхи аирвӕзын кӕнын нӕ фӕразы! — ӕрбаиу сӕм сты хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ дины хъуыддаджы се ’ввахс хӕлӕрттӕ. — Кӕд Уый Израилы Паддзах у, уадз рахизӕд дзуарӕй ӕмӕ баууӕнддзыстӕм Ууыл; Хуыцауӕй ныфсджын уыд: уадз ныр Ӕй аирвӕзын кӕнӕд, кӕд Уый Уымӕн фӕндон у, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Уый загъта: Ӕз Хуыцауы Фырт Дӕн».

      Уыдонмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр хынджылӕг кӕнын райдыдтой Йесойӕ. Йӕ хус былтӕм ын дзымари бахастой ӕмӕ йыл худынц: «Кӕд Иудейы Паддзах Дӕ, уӕд Дӕхӕдӕг Дӕхи аирвӕзын кӕн». Суанг ма йын йӕ фӕрсты кӕй байтыгътой, уыцы дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр дзы хынджылӕг кӕнынц. Ахъуыды ма кӕн! Зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг, Иегъовӕ Хуыцауимӕ дун-дуне чи сфӕлдыста, уый ӕнӕфӕцудгӕйӕ фӕразы ӕппӕт уыцы ӕфхӕрд!

      Ӕфсӕддонтӕ Йесойы уӕлӕдарӕс райстой ӕмӕ йӕ цыппар хайыл адих кодтой. Ӕмӕ сыл ныр хӕлттӕ сӕппӕрстой. Йӕ бинаг хитон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уӕфт уыдис зынаргъ хъуымацӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дих ӕй нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ йыл хӕлттӕ сцӕгъдӕм, кӕй фӕуа». Ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц Фыстады бынат, цыран дзырдӕуы: «Байуӕрстой Мӕ фӕлыст ӕмӕ Мӕ дарӕсыл хӕлттӕ ӕппӕрстой».

      Уӕдмӕ фыдгӕнджытӕй сӕ иу бамбӕрста, Йесо ӕцӕгдӕр Паддзах кӕй хъуамӕ уа. Уымӕ гӕсгӕ йе ’мбалӕн уайдзӕф кӕны: «Ӕви ды нӕ тӕрсыс Хуыцауӕй, дӕхӕдӕг дӕр афтӕ тӕрхонгонд куы дӕ? Ӕмӕ мах раст тӕрхонгонд стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ райстам, фӕлӕ Уый ӕвзӕрӕй ницы ракодта». Уый фӕстӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кӕны: «Ӕрымыс мӕ иу, Хицау, Дӕ Паддзахадмӕ куы ӕрцӕуай, уӕд!»

      «Ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн абон,— дзуапп ын дӕтты Йесо,— уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (НД). Уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст уыдзӕн, Йесо уӕларвыл Паддзахы бартӕ куы райса ӕмӕ ӕрфӕсмонгӕнӕг фыдгӕнӕджы дзӕнӕтон зӕххыл цардмӕ куы райгас кӕна, уӕд. Уыцы Дзӕнӕтмӕ зилыны кадджын бар лӕвӕрд уыдзӕн, Армагеддоны ӕгасӕй чи баззайа ӕмӕ ма ноджыдӕр уым чи уа, уыдонӕн. Матфейы 27:33—44; Маркы 15:22—32; Лукайы 23:27, 32—43; Иоанны 19:17—24.

      ▪ Йесо цӕуылнӕ банызта сӕн смирнӕимӕ?

      ▪ Пилат Йесойы сӕрмӕ фыст цӕмӕн бакодта ӕмӕ уый фӕдыл хистӕр сауджынтимӕ куыд сбыцӕу?

      ▪ Йесойӕ цӕджындзыл куыд хынджылӕг кодтой ӕмӕ сӕ цы сразӕнгард кодта ахӕм ахастмӕ?

      ▪ Йесойы дарӕсӕн цы бакодтой, уымӕй пехуымпарад куыд сӕххӕст?

      ▪ Куыд фӕивта фыдгӕнджытӕй сӕ иуы зондахаст ӕмӕ йын Йесо йӕ курдиат куыд сӕххӕст кӕндзӕн?

  • «Ӕцӕг Уый уыд Хуыцауы Фырт»
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 126 сӕр

      «Ӕцӕг Уый уыд Хуыцауы Фырт»

      ЙЕСОЙЫ куы байтыгътой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр сихорафон ӕвиппайды арв ӕрбатар, ӕмӕ ӕртӕ сахаты дӕргъы бӕстӕ уыд талынг. Йӕ аххосаг хурдалынг нӕу, уымӕн ӕмӕ хурдалынгтӕ вӕййынц, мӕй ног куы вӕййы, уӕд, Куадзӕны рӕстӕджы та мӕй цалхыдзаг у. Уымӕй уӕлдай хурдалынг цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ ахӕссы. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцау кӕй баталынг кодта бӕстӕ! Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы ӕнахуыр фӕзындӕй, Йесойӕ чи хынджылӕг кодта, уыдон сагъдау фесты ӕмӕ дзы дарддӕр хынджылӕг кӕной, уымӕ сӕ ныфс нал хӕссынц.

      Кӕд уыцы фыдохы нысан, фыдгӕнджытӕй сӕ иу йе ’мбалӕн куы бауайдзӕф кодта, уый размӕ ’рцыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕн ахъаз уыд. Ӕвӕццӕгӕн уыцы мӕйдары цыппар сылгоймаджы — Йесойы мад ӕмӕ йӕ хо Саломиа, Мариа Магдалинаг ӕмӕ Мариа, Йесойы апостол кӕстӕр Иаковы мад — бацыдысты, Йесо цы цӕджындзыл хъизӕмар кодта, уый цурмӕ. Йесойы уарзон апостол Иоанн дӕр ис семӕ.

      Йӕ уарзон фырт, кӕй схаста ӕмӕ кӕй схъомыл кодта, уый цӕджындзыл куыд хъизӕмар кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ, Йесойы мады зӕрдӕйы «цыргъаг» куыннӕ ахызт! Фӕлӕ Йесойӕн йӕхиуыл нӕу йӕ мӕт, уый хъуыды кӕны йӕ мады сомбоныл. Тыххӕй-фыдӕй йӕ сӕрӕй Иоаннмӕ бацамыдта ӕмӕ йӕ мадӕн дзуры: «Усай! мӕнӕ Дӕ фырт». Уый фӕстӕ та Мариамӕ амонгӕйӕ, дзуры Иоаннӕн: «Мӕнӕ дӕ Мад!»

      Уыйадыл Йесо йӕ мады (ӕвӕццӕгӕн идӕдзӕй баззад) бафӕдзӕхста, уӕлдай уарзт кӕй кӕны, уыцы апостолӕн. Афтӕ уымӕн сарӕзта, ӕмӕ йыл Мариайы иннӕ фырттӕ нӕма ӕууӕндынц. Уӕдӕ Йесо йӕ мадӕн канд йӕ физикон домӕнтыл нӕ, фӕлӕ ма йӕ духовон домӕнтыл дӕр кӕй тыхсы, уымӕй нын дӕтты диссаджы цӕвиттон.

      Фӕссихор, ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс Йесо дзуры: «Дойны Мын у». Йесо хаты, йӕ Фыд ын тых кӕй нал дӕтты, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуа йӕ иузӕрдиондзинад. Ӕмӕ тынг хъӕр кӕны: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау! цӕй тыххӕй Ды Мӕн ныууагътай?» Уый фехъусгӕйӕ йӕм хӕстӕг чи лӕууыд, уыдонӕй иутӕ дзурынц: «Мӕнӕ, Илиамӕ дзуры». Сӕ иу уайтагъд азгъордта, лӕдзӕгыл конд губкӕ туаг сӕнӕй схуылыдз кодта ӕмӕ йӕ Йесойы дзыхмӕ схаста. Фӕлӕ иннӕтӕ дзурынц: «Фӕлӕу; бакӕсӕм, ӕрцӕудзӕн цымӕ Илиа Уымӕ фервӕзын кӕнынмӕ».

      Йесо туаг сӕнӕй куы ацаходыдта, уӕд ныхъхъӕр кодта: «Сӕххӕст ис!» О, Йесо кӕронмӕ сӕххӕст кодта, йӕ Фыд ӕй зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрӕрвыста, уый. Ныр райхъуыстысты йӕ фӕстаг ныхӕстӕ: «Мӕ Фыд! Дӕ къухтӕм дӕттын Мӕ уд». Афтӕмӕй Йесо йӕ царды тых Хуыцауы бар бакодта, йӕ цард ын фӕстӕмӕ кӕй раздахдзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Уый фӕстӕ йӕ сӕр ӕруагъта ӕмӕ амард.

      Йесойы фӕстаг сулӕфтимӕ зӕхх афтӕ тынг нынкъуыст, ӕмӕ хӕхты фӕхстӕ пырх кодтой, суанг ма Иерусалимы ӕдде зӕппӕдзтӕ дӕр фегом сты ӕмӕ сӕ мидӕг цы мӕрдтӕ уыд, уыдон ӕддӕмӕ рахаудысты. Фӕндаггонтӕй мӕрдты буӕрттӕ чи фены, уыдон цӕуынц сахармӕ ӕмӕ уый тыххӕй дзурынц.

      Уымӕй уӕлдай, Йесо куы амард, уӕд Хуыцауы кувӕндоны Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Сыгъдӕджыты Сыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн хицӕн кодта, уый уӕлейӕ дӕлӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Уыцы рӕсугъд нывӕфтыд ӕмбӕрзӕн у тынг уӕззау ӕмӕ тынг егъау, йӕ дӕргъ у 18 метры бӕрц. Уыцы диссаг ӕвдисы канд Хуыцауы фыдӕх йӕ Фырты марджытӕм нӕ, фӕлӕ ма Йесойы мӕлӕты руаджы Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгмӕ, ома уӕларвмӕ, фӕндаг кӕй байгом, уый дӕр.

      Адӕм зӕххӕнкъуыст ӕмӕ иннӕ диссӕгтӕ куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд. Йесойы мӕлӕты рӕстӕджы радгӕс чи уыд, уыцы сӕдӕйы хицау кадджын кӕны Хуыцауы. «Ӕцӕг Уый уыд Хуыцауы Фырт»,— дзуры уый. Ӕвӕццӕгӕн, Пилат Йесойы куы фарста, Хуыцауы Фырт дӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр уым уыд. Ныр та йӕ фидарӕй уырны, Йесо кӕй у Хуыцауы Фырт ӕмӕ ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг зӕххыл.

      Иннӕ адӕмы дӕр ӕрцӕугӕ хабӕрттӕ дисы бафтыдтой ӕмӕ фырмастӕй ӕмӕ худинагӕй сӕ риутӕ хойгӕйӕ, здӕхынц фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм. Уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕм дардӕй кӕсынц, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ чи систы, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ. Никуы сӕ ферох уыдзысты ацы ахсджиаг цаутӕ. Уым ис апостол Иоанн дӕр. Матфейы 27:45—56; Маркы 15:33—41; Лукайы 23:44—49; 2:34, 35; Иоанны 19:25—30.

      ▪ Ӕртӕ сахаты дӕргъы бӕстӕ талынг кӕй уыд, уый хурдалынджы аххосӕй кӕй нӕу, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      ▪ Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цавӕр диссаджы цӕвиттон ратта, ацӕргӕ ныййарджытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн?

      ▪ Цавӕр цыппар ныхасы загъта Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ?

      ▪ Цӕмӕ ӕркодта зӕххӕнкъуыст ӕмӕ кувӕндоны ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы кӕй фӕцис, уый цы нысан кӕны?

      ▪ Уыцы диссӕгтӕ радгӕс сӕдӕйы хицауыл куыд бандӕвтой?

  • Майрӕмбоны йӕ баныгӕдтой — хуыцаубоны зӕппадз у афтид
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 127 сӕр

      Майрӕмбоны йӕ баныгӕдтой — хуыцаубоны зӕппадз у афтид

      МАЙРӔМБОН. Изӕр кӕны. Тагъд хур аныгуылдзӕн ӕмӕ райдайдзӕн сабат, 15 нисан. Йесойы ӕдзард буар цӕджындзыл ӕрзӕбул, фӕлӕ дыууӕ фыдгӕнӕджы нырма удӕгас сты. Сихорӕй фӕстӕмӕ майрӕмбон Цӕттӕгӕнӕн хонынц, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕм хӕринаг фӕцӕттӕ кӕнынц ӕмӕ, сабаты фӕудмӕ аргъӕвӕн цы куыстытӕн нӕй, уыдон фӕкӕнынц.

      Сабатмӕ бирӕ нал баззад, ӕмӕ уыцы бон канд сабат, ома къуырийы ӕвдӕм бон нӕу, уый у дывӕр кӕнӕ «стыр» сабат дӕр. Афтӕ та уый тыххӕй хуыйны, ӕмӕ 15 нисан, авдбонон Ӕнӕнхъизӕнты бӕрӕгбоны фыццаг бон (къуырийы кӕцыфӕнды бонмӕ ма ӕрхауа, уӕддӕр ӕрвылхатт дӕр вӕййы сабат) ӕрхауд ацы сабатмӕ.

      Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ мард ӕхсӕв цӕджындзыл хъуамӕ ма баззайа. Уымӕ гӕсгӕ иудейтӕ курынц Пилатӕй, цӕмӕй цӕджындзыл чи ис, уыдонӕн сӕ уӕрджытӕ асӕттой ӕмӕ тагъддӕр амӕлой. Уыйадыл ӕфсӕддонтӕ дыууӕ фыдгӕнӕджы уӕрджытӕ асастой, Йесомӕ та нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ афтӕ зыны, цыма мард у. Уымӕй ӕххӕст кӕны Фыстады бынат: «Йӕ стӕг нӕ асӕтдзӕн».

      Фӕлӕ ӕцӕгдӕр мард кӕй у, уый кӕронмӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ӕфсӕддонтӕй сӕ иу Йесойы фарс арцӕй барӕхуыста. Арц бахызт зӕрдӕмӕ ’ввахс ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалд. Уыцы цаутӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы апостол Иоанн хъусын кӕны, уымӕй кӕй сӕххӕст ӕндӕр пехуымпарад дӕр: «Скӕсдзысты Уымӕ, Кӕцыйы барӕхуыстой».

      Уым ис синедрионы зындгонд уӕнг Иосиф Аримафейӕ. Сӕйраг тӕрхондон Йесойы ныхмӕ ӕнӕраст аххосӕгтӕ куы раразмӕ кодта, уӕд уый семӕ не сразы. Раст зӕгъгӕйӕ, кӕд Иосиф йӕхи раргом кӕнынӕй тарст, уӕддӕр у Йесойы ахуыргӕнинаг. Фӕлӕ ныр йӕхимӕ уыйбӕрц тых ссардта, ӕмӕ бацыд Пилатмӕ, цӕмӕй дзы Йесойы буар ракура. Пилат фӕдзырдта радгӕс сӕдӕйы хицаумӕ ӕмӕ Йесо кӕй амард, уый куы сбӕлвырд кодта, уӕд ын мард раттын кодта.

      Иосиф Йесойы буар райста, сыгъдӕг кӕттаджы йӕ батыхта ӕмӕ йӕ ныгӕнынмӕ ӕрцӕттӕ кодта. Иосиф иунӕг нӕу. Ӕххуыс ын кӕны синедрионы ӕндӕр уӕнг Никодим. Уый дӕр, Йесойыл кӕй ӕууӕнды, уый ӕргом нӕ равдыста, уымӕн ӕмӕ йӕ бынатӕн тарст. Фӕлӕ ныр ӕрбахаста сӕдӕ ромаг фунты бӕрц [33 литры] смирнӕ ӕмӕ алойӕ конд хорз тӕфгӕнаг буаргъӕд. Ӕмӕ иудейты мард ныгӕныны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Йесойы буар хорз тӕфгӕнӕгтӕй байсӕрстой ӕмӕ йӕ ӕмбӕрзӕны батыхтой.

      Уый фӕстӕ йӕ уым хӕстӕг дыргъдоны мидӕг къӕдзӕхы къахт Иосифы ног зӕппадзы бавӕрдтой ӕмӕ зӕппадзы бахизӕны стыр дур бафӕлдӕхтой. Цӕмӕй сабаты райдианмӕ буар ӕнӕныгӕдӕй ма баззадаид, уый тыххӕй йӕ тагъд-тагъд ацӕттӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Мариа Магдалинаг ӕмӕ Мариа, кӕстӕр Иаковы мад (уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕххуыс кодтой Йесойы буар цӕттӕ кӕнынӕн) тагъд кӕнынц хӕдзармӕ, цӕмӕй ноджы фылдӕр хорз тӕфгӕнӕгтӕ ӕрцӕттӕ кӕной. Сӕ зӕрды ис сабаты Йесойы буармӕ ногӕй хорз базилын, цӕмӕй фылдӕр фӕлӕууа.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын