Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библийы фыст диссӕгтыл ӕууӕндӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 август
    • Библийы фыст диссӕгтыл ӕууӕндӕн ис?

      ЗӔГЪӔМ, чидӕр дын цавӕрдӕр диссаджы хабар радзырдта. Цымӕ йын йӕ ныхӕстыл баууӕнддзынӕ? Ӕвӕццӕгӕн, уый кӕнгӕ уыдзӕн, чи дын ӕй радзырдта, уымӕн адӕмы ’хсӕн цавӕр ном ис, уымӕй. Сӕйрагдӕр уый нӕ уыдзӕн, уыцы хабар дын куыд радзырдта, фӕлӕ йын йӕхиуыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, уый. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд дӕ адӕймаг уымӕй размӕ никуы асайдта, уӕд ыл ацы хатт дӕр баууӕнддзынӕ.

      Уый зӕгъӕн ис, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдонӕй дӕр. Уыцы диссӕгтӕ куы ӕрцыдысты, уыцы рӕстӕг махӕй иу дӕр нӕ цард, фӕлӕ сыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын нӕ бон у. Куыд? Цӕй, ӕмӕ сыл лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм.

      Диссӕгтӕй бирӕтӕ адӕм сӕхи цӕстӕй федтой. Хатт-иу диссӕгтӕ федтой мингай, суанг милуангай адӕм дӕр (Рацыд 14:21–31; 19:16–19). Сусӕгӕй, адӕм-иу сӕ куыд нӕ федтаиккой, афтӕ арӕзт-иу не ’рцыдысты.

      Цы диссӕгтӕ ’рцыд, уыдон фокустӕ нӕ уыдысты. Фокустӕй уӕлдай, Библи цы диссӕгты кой кӕны, уыдон равдысты хуызӕн нӕ уыдысты. Чи сӕ арӕзта, уый-иу цавӕрдӕр сӕрмагонд дзауматӕй ӕмӕ-иу адӕймаджы асайӕн кӕмӕй уыдаид, ӕндӕр ахӕм цымӕйдӕрты нӕ пайда кодта. Уыдон-иу ӕрцыдысты ӕнӕнхъӕлӕджы кӕнӕ-иу исчи диссаг саразыны тыххӕй куы балӕгъстӕ кодта, уӕд (Марчы 5:25–29; Лукайы 7:11–16). Ахӕм уавӕртӕм та рагацау бацӕттӕ кӕнӕн нӕ уыд.

      Диссӕгтӕ-иу чи арӕзта, уыдон кадмӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ нӕ бӕллыдысты. Диссӕгтӕ-иу арӕзтой, цӕмӕй-иу Хуыцауы скадджын кодтаиккой (Иоанны 11:1–4, 15, 40). Диссӕгты фӕрцы-иу искӕй ӕхца бакусын куы фӕндыд, уӕд-иу уый фыдхъуыддагыл нымад уыд (2 Паддзӕхты 5:15, 16, 20, 25–27; Хъуыддӕгтӕ 8:18–23).

      Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдон адӕймаг йӕхи хъаруйӕ нӕ сарӕзтаид. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ бар цыд денджыз, дымгӕ ӕмӕ къӕвдайыл. Уымӕй уӕлдай донӕй сӕн рауад, рынчынтӕ-иу сдзӕбӕх сты, куырмытӕ-иу цӕстӕй ракастысты. Ацы диссӕгтӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй бӕрӕг у, адӕймагӕй тыхджындӕр чи у ӕмӕ йӕ бар алцӕуылдӕр кӕмӕн цӕуы, ӕрмӕстдӕр сӕ уымӕн кӕй уыд йӕ бон саразын (1 Паддзӕхты 17:1–7; 18:41–45; Матфейы 8:24–27; Лукайы 17:11–19; Иоанны 2:1–11; 9:1–7).

      Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы диссӕгтӕ арӕзтой, уыдоны ныхмӕ се знӕгтӕн дӕр сӕ бон ницы уыд зӕгъын. Йесо Чырысти йе ’мбалы, Лазӕры, куы райгас кодта, уӕд, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕй афтӕ ничи загъта, Лазӕр мард нӕ уыд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куыд загътаиккой, Лазӕр цыппар боны зӕппадзы куы фӕци, уӕд! (Иоанны 11:45–48; 12:9–11). Чырыстийы мӕлӕтыл сӕдӕ азтӕ рацыд, фӕлӕ дзуттаг Талмуд чи ныффыста, уыдон уӕд дӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Чырыстийӕн йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй уыд, ууыл. Фӕлӕ дызӕрдыг кодтой, кӕй хъаруйӕ сӕ арӕзта, ууыл. Фыццаг ӕнусы дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты тӕрхондонмӕ куы акодтой, уӕд сӕ афтӕ нӕ бафарстой, диссӕгтӕ арӕзтат ӕви нӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ бафарстой: «Уыцы хъуыддаг кӕй хъаруйӕ ӕмӕ кӕй номӕй бакодтат?» (Хъуыддӕгтӕ 4:1–13).

      Уӕдӕ, цымӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдоныл ӕууӕндӕн ис? Ис. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, уӕлдӕр цӕуыл аныхас кодтам, уымӕй. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Библийы исты хабары кой куы вӕййы, уӕд ма дзы арӕх фыст вӕййы, кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыд, уый дӕр, стӕй кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нӕмттӕ дӕр. Библи Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй ӕрцыд, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, суанг ма уыдон дӕр дис кӕнынц, Библийы хабӕрттӕ историйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ куыд раст фыст сты, ууыл. Библийы пехуымпарӕдтӕй сӕдӕгӕйттӕ суанг лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы ис бирӕ уынаффӕтӕ, адӕм кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй куыд цӕрой, уый фӕдыл. Уыцы уынаффӕтӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой – ацӕргӕтӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн, хъӕздгуытӕн ӕмӕ мӕгуыртӕн. Библийы уынаффӕтӕ ницӕимӕ ис абарӕн!

      Библийы цы фыст ис, ууыл ма кӕд дызӕрдыг кӕныс, уӕд хорз нӕ уаид, иу гыццыл рӕстӕг куы ссарис, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай? Цас ӕй хуыздӕр базонай, уыйас ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ (Иоанны 17:17). Уӕд бамбардзынӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдон ӕрымысгӕ хабӕрттӕ кӕй не сты. Ӕмӕ дӕ уӕд бауырндзӕн, фидӕны тыххӕй дзы цы фыст ис, уый дӕр тагъд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

      [Ныв 7 фарсыл]

      Чырыстийӕн йе знӕгтӕ дӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Лазӕр мард кӕй уыд, ууыл

  • Цавӕр диссӕгтӕ ӕрцӕудзӕн тагъд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 август
    • Цавӕр диссӕгтӕ ӕрцӕудзӕн тагъд?

      ЗӔГЪӔМ, уӕззау операци кӕнын дын бахъуыд, фӕлӕ базыдтай, чи дын ӕй кӕндзӕн, уыцы дохтыр уымӕй размӕ ахӕм операци кӕй никуы скодта. Цымӕ уӕд куыд кӕнис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕт кӕнис. Фӕлӕ, зӕгъӕм, базыдтай, дӕ дохтыр йӕ куыст тынг хорз кӕй зоны ӕмӕ ахӕм операциты фӕрцы бирӕ рынчынты сӕ къахыл кӕй слӕууын кодта. Цымӕ дӕ уӕд ныфс нӕ бацӕудзӕн, дӕуӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, уымӕй?

      Абон цы дунейы цӕрӕм, уый дӕр у «рынчын» ӕмӕ йӕ хъӕуы хорз «дохтыр». Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы, Библийы, уылты ныфс ӕвӕры, тагъд зӕххӕй фӕстӕмӕ дзӕнӕт кӕй сараздзӕн (2 Петры 3:13). Фӕлӕ уал уый размӕ хъӕуы фыдгӕнджыты фесафын (Псалом 37:9–11; Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Цалынмӕ зӕхх дзӕнӕт не суа, уӕдмӕ йӕ хъӕуы ссыгъдӕг кӕнын, цыдӕриддӕр ыл ӕвзӕрдзинад ис, уымӕй. Уый ӕцӕг диссаг куыннӕ уыдзӕн! (Раргомад 21:4, 5)

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, уыцы диссаг тыгъд кӕй ӕрцӕудзӕн. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ раджы заманты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон ууыл дзурӕг сты, йӕ бон кӕй у йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнын. Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдонӕй-ма, дӕ хорзӕхӕй, ӕрмӕст ӕхсӕз абар, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыимӕ.

      Библи фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый дӕ бон у хуыздӕр базонын. Дӕ уырнындзинад куыд фидардӕр кӕна, афтӕ фидардӕр кӕндзӕн, Йегъовӕ дын цы ныфс дӕтты, уый, ома, фидӕны цы диссӕгтӕ сараздзӕн, уыдон дӕхи цӕстӕй фендзынӕ.

      [Рамкӕ/Нывтӕ 9, 10 фӕрстыл]

      ДИССАГ:

      ЧЫРЫСТИ МИНГАЙ АДӔМЫ ЦАЛДӔР ДЗУЛ ӔМӔ КӔСАГАЙ БАФСӔСТА. (МАТФЕЙЫ 14:13–21; МАРЧЫ 8:1–9; ИОАННЫ 6:1–14)

      ЗӔРДӔВӔРД:

      «Зӕхх ратдзӕн тыллӕг, Хуыцау, нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн» (ПСАЛОМ 67:6).

      УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

      НАЛ УЫДЗӔН ӔХХОРМАГДЗИНАД.

      ДИССАГ:

      ЧЫРЫСТИ-ИУ КУЫРМЫТЫ ЦӔСТӔЙ РАКӔСЫН КОДТА. (МАТФЕЙЫ 9:27–31; МАРЧЫ 8:22–26)

      ЗӔРДӔВӔРД:

      «Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты» (ИСАЙ 35:5).

      УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

      КУЫРМЫТӔ ИУУЫЛДӔР УЫНЫН РАЙДАЙДЗЫСТЫ.

      ДИССАГ:

      ЧЫРЫСТИ РЫНЧЫНТЫ ДЗӔБӔХ КОДТА. (МАТФЕЙЫ 11:5, 6; ИОАННЫ 5:3–9)

      ЗӔРДӔВӔРД:

      «Къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн» (ИСАЙ 35:6).

      УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

      ИУУЫЛДӔР СӔ НИЗТӔЙ ФЕРВӔЗДЗЫСТЫ.

      ДИССАГ:

      ЧЫРЫСТИ ДЗӔБӔХ КОДТА АЛЫ НИЗТӔЙ. (МАРЧЫ 1:32–34; ЛУКАЙЫ 4:40)

      ЗӔРДӔВӔРД:

      «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (ИСАЙ 33:24).

      УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

      НИЗТӔ НАЛ УЫДЗӔН. ИУУЫЛДӔР ӔНӔНИЗ УЫДЗЫСТЫ.

      ДИССАГ:

      ЧЫРЫСТИЙӔН ЙӔ БАР ЦЫД ӔЛЦӔУЫЛДӔР. (МАТФЕЙЫ 8:23–27; ЛУКАЙЫ 8:22–25)

      ЗӔРДӔВӔРД:

      «Хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн» (ИСАЙ 65:21, 23).

      «Ды ӕрфидар уыдзынӕ рӕстдзинады. Ӕфхӕрджытӕй уыдзынӕ дард, уымӕн ӕмӕ никӕмӕй тӕрсдзынӕ. Уыдзынӕ дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй, уымӕн ӕмӕ дӕм хӕстӕг дӕр не ’рбацӕудзысты» (ИСАЙ 54:14).

      УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

      ӔРДЗОН БӔЛЛӔХТӔ НАЛ УЫДЗӔН.

      ДИССАГ:

      ЧЫРЫСТИ МӔРДТЫ ӔГАС КОДТА. (МАТФЕЙЫ 9:18–26; ЛУКАЙЫ 7:11–17)

      ЗӔРДӔВӔРД:

      «Ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... рацӕудзысты» (ИОАННЫ 5:28, 29).

      «Денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты» (РАРГОМАД 20:13).

      УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

      ЧИ НЫН АМАРД, УЫДОН РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын