5-ӕм урок – Дзуттаг Фыстыты текст
Дзуттаг Фыстыты текст Хуыцауы Ныхасы хай; къопитӕ дзы куыд кодтой; йӕ текст ӕнӕивдӕй куыд баззад; абоны онг куыд ӕрхӕццӕ.
ИЕГЪОВӔЙЫ ныхӕстӕй фыст чи ’рцыд, уыдон абарӕн ис, сыгъдӕг удӕй фыст чингуыты диссаджы «цъаймӕ» кӕй ӕрӕмбырд кодтой, ахӕм ӕцӕгады дӕттимӕ. Куыд бузныг стӕм, Иегъовӕ нӕм уӕларвӕй цы хабӕрттӕ фӕхӕццӕ кодта, уыцы «дӕттӕ» иумӕ кӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ цардхӕссӕг хабӕртты ӕвидигӕ суадон кӕй систы! Ивгъуыд заманты хӕзнатыл, зӕгъӕм, паддзахы кады худтыл, фыдӕлты дзаумӕттыл ӕмӕ адӕймаджы цыртытыл рӕстӕг йӕ фӕд ныууагъта – ныззӕронд сты, сӕ хуыз сивта йе та бынтондӕр ныккалдысты. Уыйхыгъд нӕ Хуыцауы сыгъзӕрин ныхӕстӕ уыдзысты ӕнустӕм (Ис. 40:8). Фӕлӕ, ӕвзӕры фарстытӕ: ацы ӕцӕгады дӕттӕ «цъайы» куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд уый фӕстӕ ницӕмӕй «фӕхъӕстӕ сты»? Сыгъдӕгӕй баззадысты? Цымӕ Библи цы ӕвзӕгтыл уыд фыст, уыдонӕй йӕ афтӕ раст раивтой ӕмӕ абон зӕххыл адӕмтӕм цы Библитӕ ис, уыдон ӕууӕнчы аккаг сты? Уыдӕттӕн дзуаппытӕ ссардзыстӕм, «цъайы» иу хай – Дзуттаг Фыстыты текст – лӕмбынӕг куы равзарӕм, уӕд. Мах базондзыстӕм, цӕмӕй раст, ӕнӕивгӕйӕ баззадаид, ууыл куыд батыхстысты, къопитӕ дзы куыд кодтой ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кодтой. Афтӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр сӕ бон у Дзуттаг Фыстытӕ сӕхи мадӕлон ӕвзагыл кӕсын.
2 Фыццаг къухфыстытӕ рагон дзуттаг ӕмӕ арамейаг ӕвзӕгтыл фыстой Хуыцауы писыртӕ. Ацы хъуыддаг н. э. агъоммӕ 1513 азы райдыдта Моисей ӕмӕ йӕ н. э. агъоммӕ 443 азӕй гыццыл фӕстӕдӕр фесты ӕндӕртӕ. Куыд зонӕм, афтӕмӕй абон уыцы фыццаг къухфыстытӕй иу дӕр нал ис. Фӕлӕ, иууыл райдианы дӕр тынг батыхстысты, цӕмӕй сыгъдӕг фыстытӕ, уыимӕ ма ӕнӕзӕрдӕхудт рафысджытӕ цы къопитӕ скодтой, уыдон дӕр бахъахъхъӕдтаиккой. Н. э. агъоммӕ 642 азы паддзах Иосийы рӕстӕджы «закъоны чиныг» – Моисей йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уыцы къухфыст – ссардӕуыд Иегъовӕйы хӕдзары къӕбицы. Уӕдмӕ йӕ 871 азы дӕргъы ӕмбӕхстӕй дардтой. Цы къухфыст ссардӕуыд, уый Библи фысджытӕй иуы, Иеремийы, афтӕ тынг бацымыдис кодта ӕмӕ уыцы хабар ныффыста 4 Паддзахӕдты 22:8–10. Н. э. агъоммӕ 460 азмӕ ’ввахс ма йӕ кой ракодта Ездрӕ дӕр (2 Пар. 34:14–18). Ездрӕйы уыдӕттӕ цымыдис кодтой, уымӕн ӕмӕ «Иегъовӕ, Израилы Хуыцау, кӕй ратта, уыцы Моисейы закъон рафыссыны хъуыддаджы дӕсны уыд» (Езд. 7:6). Дзырд дӕр ыл нӕй, Ездрӕ Дзуттаг Фыстыты иннӕ тыхтӕттӕй (уыцы рӕстӕгмӕ фыст чи ’рцыд, уыдонӕй) кӕй пайда кодта, гӕнӕн ис, ӕмӕ сыгъдӕг фыстытӕй иуӕй-иутӕн сӕ фыццаг къухфыстытӕй дӕр. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Ездрӕ йӕ рӕстӕджы архайдта, цӕмӕй Хуыцауы къухфыстытӕ ма фесӕфтаиккой (Неем. 8:1, 2).
РАФЫСДЖЫТЫ ДУГ
3 Ездрӕйы бонтӕй фӕстӕмӕ уавӕртӕ афтӕ домдтой, цӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕй фылдӕр къопитӕ кодтаиккой. Н. э. агъоммӕ 537 азы, Иерусалим ногӕй аразын куы райдыдтой, уӕд иудейтӕ иууылдӕр сӕ райгуырӕн бӕстӕм не ’рыздӕхтысты. Мингӕйттӕй баззадысты Вавилоны, иннӕтӕ та хуыздӕр цардагур кӕнӕ ма ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй алы рӕттӕм алыгъдысты. Уымӕ гӕсгӕ иудейтыл сӕмбӕлӕн уыд рагон дунейы иууыл стырдӕр сӕудӕджергӕнӕн сахартӕн сӕ фылдӕры. Иудейтӕй-иу бирӕтӕ Иерусалиммӕ кувӕндоны ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕм ӕрцыдысты ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон уыд сӕ дины кӕнонтӕ кӕнын, уагътой-иу сӕ рагон дзуттаг ӕвзагыл. Ездрӕйы рӕстӕджы-иу иудейтӕ ӕндӕр бӕстӕты ӕмбырд кодтой, синагогӕтӕ кӕй хуыдтой, ахӕм рӕтты. Уым-иу кастысты ӕмӕ ныхас кодтой Дзуттаг Фыстытылa. Сӕ кувӕн бынӕттӕ алы рӕтты кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ къухфыстытӕй хъуыди бирӕ къопитӕ кӕнын.
4 Уыцы синагогӕты-иу уыди къӕбицтӕ, хуыдтой сӕ генизӕтӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ-иу иудейтӕ генизӕты сӕвӕрдтой, чи базӕронд ӕмӕ чи ныббырӕгътӕ ис, уыцы къухфыстытӕ, сӕ бӕсты та сын-иу скодтой ногтӕ ӕмӕ сӕ синагогӕйы пайда кодтой. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу генизӕты цы къухфыстытӕ уыди, уыдон-иу баныгӕдтой, цӕмӕй, Иегъовӕйы уаз ном кӕм уыд, уый мачи счъизи кодтаид. Афтӕмӕй Дзуттаг Фыстыты рагон къухфыстытӕй мингӕйттӕ фесӕфтысты. Фӕлӕ рагон Каиры синагогӕйы хорз арӕзт генизӕйы ӕвӕрд фыстытыл ницы ’рцыд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ бацӕуӕн ӕмыр ӕхгӕд кӕй ӕрцыд ӕмӕ XIX ӕнусы ӕмбисмӕ рохуаты кӕй баззад, уый тыххӕй. 1890 азы синагогӕ куы сцалцӕг кодтой, уӕд генизӕйы ӕвӕрӕнтӕм ӕркастысты ӕмӕ йын йӕ хӕзнатӕй цадӕггай кӕй уӕй фӕкодтой, кӕй та лӕвар бакодтой. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхъӕн къухфыстытӕ ӕмӕ мингай скъуыддзӕгтӕ (иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ н. э. VI ӕнусы фыст) бафтыдысты Кембриджы университеты чиныгдонмӕ ӕмӕ Европӕ ӕмӕ Америкӕйы ӕндӕр чиныгдӕттӕм.
5 Абон дунейы чиныгдӕтты ис иу-6 мин къухфысты, ӕмӕ дзы Дзуттаг Фыстытӕ сты кӕнӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ сӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ. Ӕрӕджыйы онг дӕр ма цы къухфыстытӕ уыд (иу цалдӕрӕй дарддӕр), уыдонӕй ӕппӕты рагондӕртӕ уыдысты н. э. X ӕнусы фыст. Фӕлӕ 1947 азы Мард денджызы цур ссардтой Исайы чиныджы тыхтон. Уымӕй фӕстӕмӕ ма рухс федтой Дзуттаг Фыстыты ӕндӕр тыхтӕттӕ дӕр, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕмтӕ. Мард денджызы алфамбылай цы лӕгӕттӕ ис, уым ссардтой къухфыстыты стыр хӕзнадон – цӕуы сыл 1 900 азӕй фылдӕр. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй тыхтӕттӕй иуӕй-иутӕ фыст ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ фӕстаг ӕнусты. Дзуттаг Фыстыты иу-6 мин къухфысты лӕмбынӕг кӕй раиртӕстой, кӕй сӕ абарстой, уый фӕрцы Дзуттаг Фыстыты текст ӕнӕхъӕнӕй ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ базыдтой, ӕнусты дӕргъы-иу ӕй раст, ӕнӕрӕдыдтытӕй кӕй рафыстой.
РАГОН ДЗУТТАГ ӔВЗАГ
6 Абон дзуттаг ӕвзаг кӕй хонынц, уымӕн йӕ иууыл фыццаг формӕ у, Адам Едемы цӕхӕрадоны цы ӕвзагыл дзырдта, уый. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзуттаг ӕвзаг у, адӕм дзурын цы ӕвзагыл райдыдтой, уый. Ууыл дзырдтой Нойы бонты дӕр, фӕлӕ уӕдмӕ ӕвзаг бирӕ фӕхъӕздыгдӕр ӕмӕ ноджы рӕзыд. Адӕм Вавилоны мӕсыг куы арӕзтой ӕмӕ сын Иегъовӕ се ’взаг куы схӕццӕ кодта, уӕд дӕр нӕ фӕивта (Уӕв. 11:1, 7–9). Дзуттаг ӕвзаджы бындурыл фӕзынд семитаг ӕвзӕгты мыггаг. Авраамы рӕстӕджы ацы ӕвзаг хуынди ханаайнаг ӕвзаг, ӕмӕ дзы равзӕрд ханаайнӕгты хицӕн диалекттӕ. Исайы 19:18 хуыйны «Ханааны ӕвзаг». Моисей йӕ рӕстӕгмӕ гӕсгӕ уыди ахуыр лӕг, уый канд египетӕгты зонындзинӕдтыл ахуыргонд нӕ уыд, фӕлӕ ма сахуыр кодта йӕ фыдӕлты ӕвзаг дӕр – рагон дзуттаг ӕвзаг. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд кӕсын, йӕ къухы-иу цы рагон ӕрмӕджытӕ бафтыд, уыдон. Ӕмӕ абон Уӕвынады чиныг кӕй хонӕм, уый ныффыссынӕн ын хорз ӕххуыс фесты.
7 Фӕстӕдӕр, иудейаг паддзӕхты рӕстӕджыты дзуттаг ӕвзаг райдыдтой хонын «иудейаг ӕвзаг» (4 Пад. 18:26, 28). Йесойы бонты дзырдтой рагон дзуттаг ӕвзаджы ӕндӕр, ногдӕр формӕйыл ӕмӕ куыдфӕстагмӕ сси мишнаитаг, кӕнӕ раввинты дзуттаг ӕвзаг. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты уыцы ӕвзаг ныр дӕр хонынц арамейаг ӕвзаг нӕ, фӕлӕ «дзуттаг» (Иоан. 5:2; 19:13, 17; Ап. к. 22:2; Рарг. 9:11). Библи цы рагон дзуттаг ӕвзагыл фыстой, уый рагӕй фӕстӕмӕ уыд, адӕм кӕрӕдзиимӕ кӕуыл ныхас кодтой, ахӕм ӕвзаг. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ рагзаманты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ I ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр ӕмбӕрстой.
8 Дзуттаг Фыстытӕ сты цӕстысыгау сыгъдӕг ӕцӕгады дӕтты «цъай» ӕмӕ сӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодтой Хуыцауы фӕндӕй. Фӕлӕ уыцы «цъайӕ» йӕ бон нуазын уыд, ӕрмӕстдӕр рагон дзуттаг ӕвзагыл кӕсын чи зыдта, уымӕн. Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕн та сӕ бон куыд уыдаид ацы ӕцӕгады дӕттӕ нуазын, цӕмӕй Хуыцауы разамынд истаиккой ӕмӕ сын сӕ уӕнг рог кодтаид? (Рарг. 22:17). Хуыцауы ӕцӕгад ӕппӕт адӕмтыл апарахат кӕнынӕн уыдис ӕрмӕстдӕр иу мадзал – ӕндӕр ӕвзӕгтӕм ӕй тӕлмац кӕнын. Мах Иегъовӕ Хуыцауӕй зӕрдӕбынӕй бузныг стӕм, н. э. агъоммӕ IV йе та III ӕнусӕй суанг абоны онг Библи йе та йӕ хӕйттӕ 1 900 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ тӕлмац кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй. Ацы ӕвӕджиауы дӕттӕ ӕцӕгдӕр «зӕрдӕрухсы хос» куыннӕ сты рӕстзӕрдӕ адӕмӕн! (Пс. 1:2, НД; 36:3, 4).
9 Цымӕ Библи йӕхӕдӕг уый бар дӕтты, цӕмӕй йӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕной? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, Хуыцау Израилӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Адӕмтӕ, цин кӕнут йӕ адӕмимӕ». Афтӕ ма Йесойы фӕдзӕхст дӕр: «Ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй». Уымӕн та ӕнӕмӕнг хъуыди Фыстад ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын. Библи цы 24 ӕнусы дӕргъы тӕлмац кӕнынц, уымӕй зыны, Иегъовӕ ацы хъуыддагыл йӕ арм кӕй дары. Уымӕй уӕлдай ма Библийы рагон тӕлмацтӕй – къухфыстытӕй – бӕрӕг у, Дзуттаг Фыстытӕ раст тӕлмац кӕй цыдысты (Дык. з. 32:43; Матф. 24:14, НТ).
ИУУЫЛ ФЫЦЦАГ ТӔЛМАЦТӔ
10 Самариаг Фондз чиныджы. Ацы тӕлмац зындгонд у рагзамантӕй фӕстӕмӕ. Ӕмӕ йӕ номӕй куыд зыны, афтӕмӕй дзы Дзуттаг Фыстытӕй ис ӕрмӕстдӕр фыццаг фондз чиныджы. Уый у дзуттаг тексты транслитераци самариаг дамгъӕтӕй, ома рагон дзуттаг дамгъӕтӕ раивтой самариаг дамгъӕтӕй. Ацы фыссынад фӕзынд рагон дзуттаг ӕвзаджы фыссынады бындурыл. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕн ис уӕды рӕстӕджы дзуттаг текст. Ацы транслитераци скодтой самариӕгтӕ – н. э. агъоммӕ 740 азы Израилы дӕс мыггаджы уацары куы акодтой, уӕд Самарийы чи баззад ӕмӕ ассирийӕгтӕ уым кӕй ӕрцӕрын кодтой, уыдоны цот. Самариӕгтӕ израилӕгты дин схӕццӕ кодтой сӕ мӕнг динимӕ, ӕмӕ сӕхицӕн дины чиныгӕн райстой Фондз чиныг. Ис ахӕм хъуыды, ӕмӕ ацы чиныг фӕзынд н. э. агъоммӕ IV ӕнусмӕ ’ввахс, фӕлӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй уыцы хабар уыди н. э. агъоммӕ II ӕнусы. Текст-иу кастысты рагон дзуттаг ӕвзагыл. Кӕд Фондз чиныг дзуттаг текстӕй хицӕн кӕны иу 6 мин раны, уӕддӕр уыцы хицӕндзинӕдтӕн сӕ фылдӕр гыццыл цыдӕртӕ сты. Самариаг къухфыстыты къопитӕй иу цалдӕр фыст ӕрцыдысты н. э. XIII ӕнусӕй раздӕр. «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» (англ.) амоны Самариаг Фондз чиныгмӕb.
11 Арамейаг таргумтӕ. Арамейаг дзырд таргум нысан кӕны «ӕмбарын кӕнын» кӕнӕ «хи ныхӕстӕй дзурын». Неемийы бонты Персы зӕххытыл цы бирӕ иудейтӕ цард, уыдонӕн арамейаг ӕвзаг сси сӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕмӕ-иу Дзуттаг Фыстытӕ куы кастысты, уӕд-иу сӕ хъуыди ацы ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын. Таргумтӕ абон цы хуызы сты, уыцы хуызы ӕмбырдгонд ӕрцыдысты н. э. V ӕнусмӕ ’ввахс. Ацы фыстыты кӕд дзуттаг текст комкоммӕ нӕ ратӕлмац кодтой, фӕлӕ йӕ хи ныхӕстӕй раивтой, уӕддӕр сты хорз ӕрмӕг ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц иуӕй-иу зын бынӕттӕ бамбарынӕн. «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» (англ.) арӕх амоны иуӕй-иу таргумтӕмc.
12 Грекъаг Септуагинтӕ. Дзуттаг Фыстыты фыццаг къопитӕй ӕппӕты зындгонддӕр у грекъаг Септуагинтӕ (нысан кӕны «ӕвдай»). Ӕвӕццӕгӕн ӕй тӕлмац кӕнын райдыдтой н. э. агъоммӕ 280 азы 72 иудейаг ахуыргонд лӕджы Александрийӕйӕ (Египет). Фӕстӕдӕр цӕмӕдӕр райдыдтой нымӕц 70 кой кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы тӕлмац схуыдтой Септуагинтӕ. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй йӕ фесты н. э. агъоммӕ II ӕнусмӕ ’ввахс. Иудейтӕй грекъагау чи дзырдта, уыдон ӕй нымадтой Сыгъдӕг Фыстадыл ӕмӕ дзы пайда кодтой, суанг Йесо ӕмӕ йӕ апостолты рӕстӕджы дӕр. Чырыстон Грекъаг Фыстыты, Дзуттаг Фыстытӕй комкоммӕ цы 320 стихы ис ӕмӕ 890 хатты цы бынӕттӕ ӕмӕ хъуыдытӕ фӕлхат цӕуынц, уыдон ист сты Септуагинтӕйӕ.
13 Абон Септуагинтӕйы скъуыддзӕгтӕй папирусыл фыстӕй ис тынг бирӕ. Уыдонӕн стыр аргъ ис, уымӕн ӕмӕ фыст ӕрцыдысты фыццаг чырыстӕтты рӕстӕджы, ӕмӕ кӕд бирӕ хатт ӕрмӕст цалдӕр стихы йе та цалдӕр сӕры йеддӕмӕ нӕ вӕййынц, уӕддӕр ӕххуыс кӕнынц Септуагинтӕйы текст бамбарынӕн. Папирус Фуад 266, зӕгъгӕ, ссардтой Египеты ӕмӕ фыст ӕрцыд н. э. агъоммӕ I ӕнусы. Ис дзы Уӕвынады ӕмӕ Дыккаг закъоны чингуыты хӕйттӕ. Уӕвынады чиныджы скъуыддзӕгты Хуыцауы ном не ’мбӕлы. Фӕлӕ Дыккаг закъоны чиныджы та ӕмбӕлы цалдӕр ран, фыст у грекъаг тексты дзуттаг цыппаркъуымон дамгъӕтӕйd. Иннӕ папирустӕ фыст ӕрцыдысты н. э. IV ӕнусмӕ ’ввахс, къухфыстытӕн бирӕ фидардӕр ӕрмӕгӕй, пергаментӕй, пайда кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Хорз пергаменттӕ арӕзтой рӕуӕды, фысы йе та сӕгъы цармӕй.
14 Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Хуыцауы ном тетраграмматонӕй фыст ӕмбӕлы, Ориген Септуагинтӕйыл кӕм бакуыста, уыцы ӕхсӕзцӕджындзон куысты «Экзаплӕтӕ», зӕгъгӕ. Ацы куыст ныффыста н. э. 245 азмӕ ’ввахс. Уыцы Септуагинтӕйы Псалом 2:2 тыххӕй Ориген афтӕ ныффыста: «Иууыл растдӕр къухфыстыты НОМ ӕмбӕлы дзуттаг дамгъӕтӕй, нырыккон дзуттаг [дамгъӕтӕй] нӕ, фӕлӕ бирӕ рагондӕр»e. Бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ Септуагинтӕйы ивындзинӕдтӕ скодтой раздӕр, тетраграмматон баивтой Ки́риос (Хицау) ӕмӕ Тео́с-ӕй (Хуыцау). Фыццаг чырыстӕттӕ хъусын кӕнгӕйӕ, Хуыцауы ном кӕм уыд, ахӕм къухфыстытӕй кӕй пайда кодтой, уымӕ гӕсгӕ иудейаг ӕгъдауыл хӕст нӕ уыдысты, фӕлӕ уыцы «НОМ» дзырдтой. Уыдон Иегъовӕйы номы тыххӕй дзургӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, амыдтой комкоммӕ грекъаг Септуагинтӕмӕ.
15 Абон грекъаг Септуагинтӕйӕн ис сӕдӕгай пергамент къухфыстытӕ. Уыдонӕй бирӕтӕ арӕзт ӕрцыдысты н. э. IV-IX ӕнусты ’хсӕн, ӕмӕ сын стыр аргъ ис, уымӕн ӕмӕ дзы ис Дзуттаг Фыстыты фылдӕр хай. Ацы къухфыстытӕ хонынц унциалон, уымӕн ӕмӕ фыст сты ӕрмӕстдӕр стыр дамгъӕтӕй. Иннӕтӕ та – минускултӕ, уымӕн ӕмӕ фыст сты гыццыл, зулфыст дамгъӕтӕй. Минускултӕй пайда кодтой IX ӕнусӕй, цалынмӕ мыхуыр кӕныны хъуыддаг нӕ райрӕзт, уӕдмӕ. IV ӕмӕ V ӕнусты иууыл зындгонд унциалон къухфыстытӕ сты Ватиканы кодекс 1209, Синайы кодекс ӕмӕ Александрийы кодекс. Се ’ппӕты дӕр ӕмбӕлы грекъаг Септуагинтӕ тынг гыццыл хицӕндзинӕдтимӕ. «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» (англ.) арӕх амоны Септуагинтӕмӕf.
16 Латинаг Вульгатӕ. Ацы тӕлмацӕй сӕйраджыдӕр пайда кодтой бирӕ католикон тӕлмацгӕнджытӕ ныгуылӕн бӕстӕты чырыстон дунейы ӕвзӕгтӕм тӕлмацгӕнгӕйӕ. Куыд равзӕрд Вульгатӕ? Латинаг дзырд вулгатус амоны «адӕм арӕх кӕй дзурынц, зындгонд». Вульгатӕ фыццаг хатт куы рацыд, уӕд фыст уыди, уӕды рӕстӕджы адӕм кӕуыл дзырдтой, зындгонд чи уыд, ахӕм латинаг ӕвзагыл, ӕмӕ йӕ Ромы империйы ныгуылӕн хайы хуымӕтӕг адӕм дӕр ӕнцонтӕй ӕмбӕрстой. Ацы куыст ратӕлмац кодта ахуыргонд Иероним. Уый дыууӕ хатты лӕмбынӕг раиртӕста зӕронд латинаг ӕвзагыл фыст Псалтир ӕмӕ йӕ грекъаг Септуагинтӕйы Псалтиримӕ абарста. Фӕлӕ йӕ тӕлмац, Вульгатӕ, скодта сӕйраджыдӕр рагон дзуттаг ӕмӕ рагон грекъаг ӕвзӕгтӕй, уый нӕ уыд ӕндӕр тӕлмацӕй тӕлмац. Иероним рагон дзуттаг ӕвзагӕй латинаг ӕвзагмӕ тӕлмац кодта н. э. 390–405 азтӕм. Кӕд Вульгатӕмӕ апокрифон чингуытӕ дӕр бахаудта (уӕды рӕстӕджы уыдысты Септуагинтӕйы къопиты), уӕддӕр, канонмӕ чи хауы ӕмӕ чи нӕ хауы, уыцы чингуытӕ Иероним кӕрӕдзийӕ ахицӕн кодта. «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» (англ.) бирӕ рӕтты амоны Иеронимы Вульгатӕмӕg.
РАГОН ДЗУТТАГ ТЕКСТТӔ
17 Соферимтӕ. Дзуттаг Фыстытӕй Ездрӕйы бонтӕй суанг Йесойы рӕстӕджы онг къопитӕ чи кодта, уыдон хуындысты писыртӕ, йе та соферимтӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ текстмӕ райдыдтой ивындзинӕдтӕ хӕссын. Уӕдӕ ацы Закъон «хъахъхъӕнджыты» Йесо карзӕй уымӕн ӕфхӕрдта, ӕмӕ сӕм цы бартӕ нӕ хауд, уыдон сӕрбӕрзондӕй сӕхимӕ кӕй райстой (Матф. 23:2, 13).
18 Масорӕ бацамыдта ивындзинӕдтӕм. Чырыстийы мӕлӕтӕй ӕнустӕ куы рацыд, уӕд соферимты фӕстӕ къухфыстытӕ кӕнын чи райдыдта, уыдон хуыдтой масореттӕ. Уыдон-иу банысан кодтой, соферимтӕ цы ивындзинӕдтӕ бахастой, уыдон, ӕмӕ-иу сӕ Дзуттаг Фыстытӕн йӕ фӕрстӕм кӕнӕ йӕ кӕронмӕ рахастой. Текстӕн йӕ фӕрстыл цы фыстой, уый райдыдтой хонын масорӕ. Соферимтӕ масорӕмӕ бахастой 15 уӕлӕмхасӕн стъӕлфы, ома рагон дзуттаг тексты 15 дзырды йе та дзырдбасты нысангонд сты стъӕлфытӕ кӕнӕ та хӕххытӕйh. Ацы нысӕнттӕй иуӕй-иутӕ тӕлмац кӕнӕ ӕмбарынадыл нӕ фӕзындысты, фӕлӕ иннӕтӕ та сты ахсджиаг ӕмӕ хъуыдыйыл тынг ӕндавынц. Соферимтӕ тарстысты Иегъовӕйы ном дзурын ӕмӕ йӕ 134 ран баивтой Адона́й (Хицау) ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты та Элохи́м-ӕй (Хуыцау). Масорӕйы ацы ивындзинӕдтӕ амынд стыi. Масорӕйы фыст фиппаинӕгтӕм гӕсгӕ ма соферимтӕ, йе та рагон писыртӕ, бахастой ӕппын къаддӕр 18 ивындзинады, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы фылдӕр уыдыстыj. Ахӕм ивындзинӕдтӕ, чи зоны, хуыздӕрӕн скодтой, уымӕн ӕмӕ фыццаг тексты уыди, Хуыцауы, йе та йын йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты чи ӕгад кодта, ахӕм цыдӕртӕ.
19 Консонантон текст. Рагон дзуттаг алфавиты уыди 22 ӕмхъӕлӕсоны, хъӕлӕсонтӕ дзы ӕппындӕр нӕ уыд. Иууыл райдианы-иу адӕймаг текст кӕсгӕйӕ йӕхӕдӕг бафтыдта хъӕлӕсон мыртӕ, ӕвзаг куыд зыдта, уымӕ гӕсгӕ. Рагон дзуттаг фыссынады ӕгъдаумӕ гӕсгӕ дзырдтӕ фыстой цыбыртӕй. Суанг ма нырыккон ирон ӕвзаджы дӕр ис, адӕм кӕмӕй пайда кӕнынц, ӕрмӕст ӕмхъӕлӕсонтӕ кӕм ӕмбӕлы, ахӕм цыбыртӕй фыст дзырдтӕ. Цӕвиттон, дзырд «сабат» цыбыртӕй у сб. Раст афтӕ рагон дзуттаг ӕвзаджы дӕр уыди ӕрмӕстдӕр ӕмхъӕлӕсонтӕй конд дзырдтӕ. Уӕдӕ «консонантон текст» у рагон дзуттаг текст ӕнӕ хъӕлӕсонтӕй. Рагон дзуттаг ӕвзагыл къухфыстыты консонантон текст арӕзт ӕрцыд н. э. I ӕмӕ II ӕнусты ’хсӕн, кӕд ма цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы уыдис, алыхуызӕтты бакӕсӕн кӕмӕн уыд, ахӕм къухфыстытӕ, уӕддӕр. Соферимты заманӕй уӕлдай, уыцы рӕстӕджы ивындзинӕдтӕ нал хастой.
20 Масоретаг текст. Н. э. I миназы дыккаг ӕмбисы масореттӕ (дзуттагау баале́ хаммасора́, амоны «ӕгъдауы дӕснытӕ») хъӕлӕсон мыртӕм бацамонынӕн ӕрымысыдысты стъӕлфытӕ ӕмӕ цавды системӕ. Уый фӕрцы гӕнӕн уыдис, хъӕлӕсон мыртӕ кӕсын ӕмӕ дзурын, раздӕр сӕ дзыхӕйдзургӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕм нӕ фыстой, уыцы бынӕтты. Масореттӕ текстмӕ ивындзинӕдтӕ нӕ хастой, фӕлӕ кӕм хъуыди, уым-иу тексты фӕрстыл фиппаинӕгтӕ кодтой. Уыдон тынг зӕрдӕбынӕй архайдтой, цӕмӕй текст иууыл райдианы куыд уыди, афтӕмӕй баззадаид. Уымӕй уӕлдай ма, масорӕйы сӕ хъус лӕмбынӕг дардтой дзырддаг бынӕттӕм, ӕмӕ-иу сӕм раст кӕм касти, уым-иу йӕ раст бакӕсыны вариант ныффысстой.
21 Арӕзт ӕрцыд ӕртӕ масоретаг скъолайы: вавилойнаг, палестинаг ӕмӕ тивериадаг. Уыцы скъолаты консонантон текстӕн ӕрымысыдысты хъӕлӕсон мыртӕ ӕмӕ сӕ фыссыны нысӕнттӕ. Абон дзуттаг ӕвзагыл (ивритыл) цы Библитӕ ныммыхуыр кодтой, уыдоны Дзуттаг Фыстыты текст хуыйны масоретаг текст, ӕмӕ дзы спайда кодтой тивериадаг скъолайы системӕйӕ. Ацы системӕ ӕрхъуыды кодтой Тивериадӕйы цӕрӕг масореттӕ, уыцы сахар уыди Галилейы денджызы ныгуылӕн фарс. «Ног дунейы тӕлмац фиппинӕтимӕ» (англ.) бирӕ рӕтты амоны масоретаг текстмӕ (нысан «М») ӕмӕ йӕ фӕрстыл цы фиппаинӕгтӕ ис, уыдонмӕ, масорӕмӕ (нысан Mmargin)k.
22 Палестинаг скъолайы системӕмӕ гӕсгӕ хъӕлӕсон мыртӕ ӕвдисӕг нысӕнттӕ ӕвӕрд цыдысты ӕмхъӕлӕсонты сӕрмӕ. Ахӕм къухфыстытӕй нӕм ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ ӕрхӕццӕ, ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ацы хъӕлӕсон мыртӕ ӕвдисыны системӕ хорз нӕ уыд. Вавилойнаг системӕмӕ гӕсгӕ дӕр хъӕлӕсон мырты нысӕнттӕ уыдысты уӕлрӕнхъон. Вавилойнаг системӕ ӕмбӕлы Петербурджы Пехуымпарты кодексы, н. э. 916 азы уагъд, фенӕн ӕй ис Санкт-Петербурджы ӕхсӕнадон чиныгдоны (Уӕрӕсе). Ацы кодексы ис Исай, Иереми, Иезекил ӕмӕ «чысыл пехуымпартӕ», сӕ фӕрстыл ис фиппаинӕгтӕ (масорӕ). Ахуыргӕндтӕ ацы къухфыст лӕмбынӕг раиртӕстой ӕмӕ йӕ тивериадаг текстимӕ абарстой. Кӕд дзы хъӕлӕсон мыртӕ равдисынӕн уӕлрӕнхъон системӕйӕ спайда кодтой, уӕддӕр йӕ консонантон текст, масорӕ ӕмӕ хъӕлӕсон мырты нысӕнттӕ тивериадаг текстӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнынц. Бритайнаг музейы ис Фондзчиныджы вавилойнаг тексты къопи ӕмӕ зӕгъӕн ис тивериадаг текстӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны.
23 Мард денджызы тыхтӕттӕ. 1947 азы рагон дзуттаг къухфыстыты историйы райдыдта ног дуг. Вади-Кумраны (Нахал-Кумран) лӕгӕты, Мард денджызмӕ ’ввахс ссардтой Исайы чиныджы фыццаг тыхтон, йемӕ ма уыд Библийы тыхтӕттӕ ӕмӕ ӕнӕуи тыхтӕттӕ дӕр. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Исайы тыхтонӕн (1QIsa) ӕнӕхъӕнӕй дӕр скодтой фотокъопи, цӕмӕй йыл ахуыргӕндтӕ бакуыстаиккой. Тыхтӕттӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ II ӕнусы кӕрон. Ӕцӕгдӕр уый уыди, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм зынаргъ хӕзна – Исайы чиныджы масоретаг тексты иууыл рагондӕр къухфыстӕй мин азы раздӕр фыст чи ’рцыд, ахӕм рагон дзуттаг къухфыст!l Кумраны иннӕ лӕгӕтты ма ссардтой скъуыддзӕгтӕ 170 тыхтонӕй фылдӕрӕн – Есфиры чиныджы йеддӕмӕ дзы Дзуттаг Фыстыты чингуытӕй алкӕцыйы хӕйттӕ дӕр уыди. Ацы тыхтӕттӕ ахуыргӕндтӕ ныр дӕр ма иртасынц.
24 Иу ахуыргонд загъта, зӕгъгӕ, Мард денджызы Псаломты иу ахсджиаг тыхтонӕй (11QPsa ) ӕппӕты даргъдӕр 118 псалом раиртасгӕйӕ сбӕрӕг кодта, уый масоретаг тексты 118 псаломӕй ӕппындӕр кӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны. Псаломты тыхтоны тыххӕй профессор Дж. А. Сандерс банысан кодта: «[Текст алыхуызӕтты бакӕсӕн кӕй ис, уый] сӕйраджыдӕр хауы орфографимӕ ӕмӕ йын стыр нысаниуӕг дӕттынц, рагзаманты дзуттагау куыд дзырдтаиккой, йе та ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй цымыдис кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уыцы ахуыргӕндтӕ»a. Ацы ӕвӕджиауы рагон къухфыстытӕн сӕ иннӕты дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ницы хицӕндзинӕдтӕ ис. Исайы чиныджы тыхтонӕн кӕд йӕхи мидӕг ис орфографион ӕмӕ грамматикон хицӕндзинӕдтӕ, уӕддӕр ын уыдон йӕ хъуыды нӕ ивынц. «Ног дунейы тӕлмац»-ыл куы куыстой, уӕд Исайы чиныджы тыхтон алыхуызӕтты каст куыд цӕуы, уый раиртӕстой ӕмӕ «Библи фиппаинӕгтимӕ»-йы (англ.) амынд цӕуынцb.
25 Афтӕмӕй мах ӕркастыстӕм Дзуттаг Фыстыты тӕлмацтӕн сӕ сӕйрагдӕртӕм. Уыдон сты: Самариаг Фондзчиныджы, арамейаг таргумтӕ, грекъаг Септуагинтӕ, Дзуттаг Фыстыты тивериадаг, палестинаг, вавилойнаг текстытӕ ӕмӕ Мард денджызы тыхтӕттӕ. Ацы текстытӕ кӕй раиртӕстӕуыд ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ кӕй абарстӕуыд, уый фӕрцы фидарӕй ӕууӕндӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Дзуттаг Фыстытӕ сӕрысуангӕй куыд ныффыстой, ӕмткӕй райсгӕйӕ, махмӕ дӕр ахӕм хуызы кӕй ӕрхӕццӕ сты.
ДЗУТТАГ ФЫСТЫТЫ СРАСТГОНД ТЕКСТ
26 Н. э. XIX ӕнусы онг ивритыл цы Библи уыд, уымӕн бындурӕн райстой Яков бен Хаимы Дыккаг раввинты Библи, мыхуыры рацыд 1524–1525 азты. XVIII ӕнусмӕ ахуыргӕндтӕ Дзуттаг Фыстытыл критикон ӕрмӕджытӕ нӕ фыстой. 1776–1780 азты Оксфорды, Бенджамин Кенникотт 600 фылдӕр дзуттаг къухфыстӕн мыхуыры рауагъта сӕ кӕсыны варианттӕ. Уый фӕстӕ, 1784–1798 азты Пармӕйы, италиаг ахуыргонд Дж. Б. де Росси рауагъта ӕндӕр 731 къухфыстӕн сӕ кӕсыны варианттӕ. Немыцаг ахуыргонд С. Бер дӕр Германы рауагъта, Дзуттаг Фыстытӕ сӕрысуангӕй куыд уыдысты, афтӕмӕй. Фӕстӕдӕр С. Д. Гинсбург бирӕ азтӕ бахардз кодта, цӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕ срастгондӕй рауагътаид. Фыццаг хатт рацыд 1894 азы, фӕстаг фиппаинӕгтӕ ма йӕм хаст ӕрцыдысты 1926 азыc. Джозеф Ротергам 1894 азы уагъд чиныгӕй спайда кодта, 1902 азы йӕ тӕлмац («The Emphasised Bible») англисаг ӕвзагыл мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодта, уӕд. Профессор Макс Марголис дӕр йе ’мкусджытимӕ Гинсбурджы ӕмӕ Беры тексттӕй спайда кодта, 1917 азы Дзуттаг Фыстыты тӕлмац куы уагътой, уӕд.
27 Ахуыргонд Рудольф Киттел Дзуттаг Фыстыты текстыл бакуыста ӕмӕ йӕ сраст кодта, стӕй йӕ фыццаг хатт рауагъта 1906 азы Германы (фӕстӕдӕр та дыккаг хатт). Схуыдта йӕ «Biblia Hebraica» кӕнӕ «Дзуттаг Библи». Киттел йӕ чиныджы фиппаинӕгты ӕрхаста бирӕ ӕрмӕг текст иртасынӕн: уыцы рӕстӕджы зындгонд чи уыд, уыцы масоретаг тексты рагон дзуттаг къухфыстытӕ кӕрӕдзиимӕ абарста. Уый бындурӕн спайда кодта Яков бен Хаимы текстӕй. Бен Ашеры фыст ноджы рагондӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр масоретаг текстытӕ куы ссардтой (н. э. X ӕнусмӕ ’ввахс фыст), уӕд Киттел сфӕнд кодта ногӕй, ӕртыккаг хатт «Biblia Hebraica»-ыл бакусын, ӕмӕ бынтон ӕндӕр чиныг ныммыхуыр кӕнын. Уыцы куыст йӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кодтой йе ’мкусджытӕ.
28 Англисаг ӕвзгыл «Ног дунейы тӕлмац» куы арӕзтой, уӕд Дзуттаг Фыстытӕн сӕйраджыдӕр пайда кодтой Киттелы «Biblia Hebraica»-йы 7-ӕм, 8-ӕм ӕмӕ 9-ӕм рауӕгъдтытӕй (1951–1955). 1984 азы «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы (англ.) фиппаинӕгты цы ӕрмӕг ис, уый баххӕст кӕнынӕн пайда кодтой Дзуттаг Фыстыты ног рауагъдӕй – «Biblia Hebraica Stuttgartensia» (1977).
29 Киттелы масорӕ ӕмӕ фиппаинӕгтӕ (бӕрӕг дзы сты рагон фысджытӕ цы ивындзинӕдтӕ бахастой, уыдон) баххуыс кодтой, цӕмӕй «Ног дунейы тӕлмац»-ы хъуыдытӕ раст лӕвӕрд ӕрцыдаиккой ӕмӕ ма Хуыцауы ном, Иегъовӕ, раздӕр кӕм ӕмбӕлд, уым фӕстӕмӕ фыст ӕрцыдаид. Афтӕмӕй «Ног дунейы тӕлмац»-ы (англ.) фӕрцы ноджы хуыздӕр базонӕн ис Библи.
30 Ацы урокмӕ цы схемӕ ис, уым амынд сты, «Ног дунейы тӕлмац»-ы Дзуттаг Фыстытӕн ӕрмӕг кӕцӕй систой, уый. Схемӕйы хуымӕтӕгӕй ӕвдыст у, Дзуттаг Фыстыты тексты ивд цы цыди, цалынмӕ Киттелы куыст «Biblia Hebraica» нӕ фӕзынд, – бындурӕн ист чи ӕрцыд, уый. Урс хаххтӕппытӕй амынд у, хъус кӕмӕ дардтой уыцы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты: латинаг Вульгатӕ ӕмӕ грекъаг Септуагинтӕ, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын сӕ фыццаг къухфыстытӕй пайда кодтой. Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй ныффыссын кодта, уыцы рагон дзуттаг къухфыстытӕ сӕхӕдӕг куыд нал сты, афтӕ нал ис ссарӕн ацы тӕлмацты фыццаг къопитӕ дӕр. Бындурӕн истой, ацы тексты ӕууӕнчы аккаг рауӕгъдтытӕ, раст рагон тӕлмацтӕ ӕмӕ критикон фиппаинӕгтӕ. «Ног дунейы тӕлмац»-ы Комитет алыхуызон ӕрмӕджытӕм йӕ хъус кӕй дардта, цы фыст сӕ ис, уый лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон сси Хуыцауы фӕндӕй фыст Дзуттаг Фыстытӕн скӕнын ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ биноныг тӕлмац. Ӕппӕт ацы ӕрмӕджытӕм дӕр амоны «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» (англ.).
31 Уӕдӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы Дзуттаг Фыстытӕ фӕзындысты, Библи бирӕ азты дӕргъы кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ йӕ кӕй иртӕстой, уый фӕрцы. Ацы тӕлмац арӕзт ӕрцыд иууыл растдӕр текстӕй – иузӕрдион рафысджытӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй лӕвӕрдтой, уымӕй. Уый у дырыс ӕмӕ раст, йе ’взаг ӕмӕ йӕ ӕрмдзӕф зӕрдӕ сӕхимӕ скъӕфынц, ӕмӕ нӕ ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, йӕ Ныхас абон дӕр ӕгас ӕмӕ архайӕг кӕй у! (Дзут. 4:12). Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм дарддӕр дӕр сӕ уырнындзинад фидар кӕнӕд Хуыцауы диссаджы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ ацы ахсджиаг бонты Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ (2 Пет. 1:12, 13).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Бӕрӕг нӕу фыццаг синагогӕтӕ кӕд фӕзындысты. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕзындысты Вавилоны 70 азы дӕргъы уацары куы уыдысты ӕмӕ сын кувӕндон куы нӕ уыд, йе та уацарӕй куы ссӕрибар сты, уый фӕстӕ, Ездрӕйы бонты.
b Кӕс «Sam» фиппаинӕгты Уӕвынады 4:8; Рацыды 6:2; 7:9; 8:15; 12:40 стихтӕм. Фӕстаг стих нын ӕххуыс кӕны Галатӕгтӕм 3:17 бамбарынӕн.
c Кӕс «T» фиппаинӕгты Нымӕцты 24:17; Дыккаг закъоны 33:13 ӕмӕ Псаломы 100:3 [99:3] стихтӕм.
d «Библи фиппаинӕгтимӕ» уӕлӕмхасӕн 1C «The Divine Name in Ancient Greek Versions», англ.
e «Фыстады ӕмбарынад», 2 т., 9 ф., англ.
f «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» (англ.) LXXא амоны Синайы кодексмӕ, LXXA – Александрийы, ӕмӕ LXXB – Ватиканы. Кӕс фиппаинӕгтӕ ацы стихтӕм 3 Паддзахӕдты 14:2 ӕмӕ 1 Паралипоменоны 7:34; 12:19.
g Кӕс «Vg» фиппаинаг Рацыды 37:6.
h «Библи фиппаинӕгтимӕ» (англ.) уӕлӕмхасӕн 2A «Extraordinary Points».
i «Библи фиппаинӕгтимӕ» (англ.) уӕлӕмхасӕн 1B «Scribal Changes Involving the Divine Name».
j «Библи фиппаинӕгтимӕ» (англ.) уӕлӕмхасӕн 2B «Emendations (Corrections) of the Sopherim».
k Кӕс фиппаинӕгты Псалом 60:5 [59:7]; Пс 71:20 [70:20]; Пс 100:3 [99:3] ӕмӕ Пс 119:79 [118:79].
a «The Dead Sea Psalms Scrol», 1967 аз., Дж. А. Сандерс, 15 ф., англ.
b Кӕс «1QIsa» фиппаинӕгтӕ Исайы 7:1; 14:4.
c Кӕс «Библи фиппаинӕгтимӕ»-йы «Gins» фиппаинаг Левиты 11:42.
[Таблицӕ 20 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
ӔППӔТЫ АХСДЖИАГДӔР ПАПИРУСТӔЙ ИУӔЙ-ИУТӔ
Дзуттаг Фыстытӕ
Къухфысты ном Нэшы папирус
Нысан н. э. агъ. I кӕнӕ II ӕн.
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Кембридж (Англис)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд 24 рӕнхъы Дӕс фӕдзӕхстӕй ӕмӕ цалдӕр стихы
Дыккаг закъонӕй, 5 ӕмӕ 6 сӕртӕ
Къухфысты ном Райленды папирус 458
Нысан 957
Рӕстӕг н. э. агъ. II ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Манчестер (Англис)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд скъуыддзӕгтӕ Дыккаг закъонӕй 23–28 сӕртӕ
Къухфысты ном Фуады папирус
Рӕстӕг 266 н. э. агъ. I ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Каир (Египет)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Уӕвынады ӕмӕ Дыккаг закъоны хӕйттӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Дык. з. 18:5; Ап. к. 3:22; уӕлӕмхасӕн 1C
Къухфысты ном Левиты тыхтон (Мард денджызы тыхтӕттӕ)
Нысан 4Q LXX Levb
Рӕстӕг н. э. агъ. I ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Иерусалим (Израил)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд скъуыддзӕгтӕ Левитӕй
Къухфысты ном Честер Биттийы папирус VI
Нысан 863
Рӕстӕг н. э. агъ. II ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Дублин (Ирланди) ӕмӕ Анн-Арбор (АИШ,
штат Мичиган)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Нымӕцты ӕмӕ Дыккаг закъоны хӕйттӕ
Къухфысты ном Честер Биттийы папирус IX-X
Нысан 967/968
Рӕстӕг н. э. III ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Дублин (Ирланди) ӕмӕ Принстон (АИШ,
штат Нью-Джерси)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Иезекил, Данел, ӕмӕ Есфиры хӕйттӕ
Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ
Къухфысты ном Оксиринхскаг папирус II
Нысан P1
Рӕстӕг н. э. III ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Филадельфи (АИШ, штат Пенсильвани)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Матф. 1:1–9, 12, 14–20
Къухфысты ном Оксиринхскаг папирус 1228
Нысан P22
Рӕстӕг н. э. III ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Глазго (Шотланди)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд скъуыддзӕгтӕ Иоаннӕй 15, 16 сӕртӕ
Къухфысты ном Мичигайнаг папирус 1570
Нысан P37
Рӕстӕг н. э. III-IV ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Анн-Арбор (АИШ, штат Мичиган)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Матф. 26:19–52
Къухфысты ном Честер Биттийы папирус I
Нысан P45
Рӕстӕг н. э. III ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Дублин (Ирланди); Венӕ (Австри)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд скъуыддзӕгтӕ Матфейӕ, Маркӕй,
Лукайӕ, Иоаннӕй ӕмӕ Куыстытӕй
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Честер Биттийы папирус II
Нысан P46
Рӕстӕг н. э. 200 аз. ӕв.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Дублин (Ирланди); Анн-Арбор, (АИШ,
штат Мичиган)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Павелы фыстӕджытӕй фараст
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Честер Биттийы папирус III
Нысан P47
Рӕстӕг н. э. III ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Дублин (Ирланди)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Рарг. 9:10–17:2
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Райленды папирус 457
Нысан P52
Рӕстӕг н. э. 125 аз. ӕв.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Манчестер (Англи)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Иоан. 18:31–33, 37, 38
Къухфысты ном Бодмеры папирус II
Нысан P66
Рӕстӕг н. э. 200 аз. ӕв.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Женевӕ (Швейцари)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Иоанны фылдӕр хай
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Бодмеры папирус VII-VIII
Нысан P72
Рӕстӕг н. э. III-IV ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Женевӕ (Швейцари), ӕмӕ Ватиканы
чиныгдон Ромы (Итали)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Иудӕйы, 1 Петры, ӕмӕ 2 Петры
Къухфысты ном Бодмеры папирус XIV-XV
Нысан P75
Рӕстӕг н. э. III ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Женевӕ (Швейцари)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Лукайы ӕмӕ Иоанны фылдӕр хай
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
[Таблицӕ 21 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
ӔППӔТЫ АХСДЖИАГДӔР ПЕРГАМЕНТТӔЙ ИУӔЙ-ИУТӔ
Дзуттаг Фыстытӕ (рагон дзуттаг ӕвзагыл)
Къухфысты ном Алеппаг кодекс
Нысан Al
Рӕстӕг н. э. 930 аз
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Раздӕр Алеппойы (Сири). Ныр та Израилы.
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Дзуттаг Фыстыты фылдӕр хай
(Бен Ашеры текст)
Къухфысты ном Бритайнаг музейы кодекс Or4445
Рӕстӕг н. э. X ӕн.
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Лондон (Англи)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Фондзчиныджы фылдӕр хай
Къухфысты ном Каираг кодекс
Нысан Ca
Рӕстӕг н. э. 895 аз
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Каир (Египет)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд рагон ӕмӕ фӕстӕдӕры пехуымпартӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Ленинградаг кодекс
Нысан B 19A
Рӕстӕг н. э. 1008 аз
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Санкт-Петербург
(Уӕрӕсе)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Дзуттаг Фыстытӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Йес. Н. 21:37; 2 Пад. 8:3; уӕлӕмхасӕн 1A
Къухфысты ном Петербурджы Пехуымпарты кодекс
Нысан B 3
Рӕстӕг н. э. 916 аз
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Санкт-Петербург
(Уӕрӕсе)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд фӕстӕдӕры пехуымпартӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
уӕлӕмхасӕн 2B
Къухфысты ном Исайы стыр тыхтон
(Мард денджызы тыхтӕттӕ)
Нысан 1QIsa
Рӕстӕг н. э. агъ. II ӕн. кӕрон
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Иерусалим (Израил)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Исай
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Псаломты тыхтон
(Мард денджызы тыхтӕттӕ)
Нысан 11QPsa
Рӕстӕг н. э. I ӕн.
Ӕвзаг рагон дзуттаг
Кӕм ис Иерусалим (Израил)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Псаломты фӕстаг ӕртыккӕгӕм хайӕ
41 псаломы
Септуагинтӕ ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ
Къухфысты ном Синайы кодекс
Нысан 01( א)
Рӕстӕг н. э. IV ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Лондон (Англис)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Дзуттаг Фыстыты хай ӕмӕ Чырыстон
Грекъаг Фыстытӕ ӕнӕхъӕнӕй, ӕмӕ ма
иуӕй-иу апокрифон фыстытӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Александрийы кодекс
Нысан A (02)
Рӕстӕг н. э. V ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Лондон (Англи)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Дзуттаг ӕмӕ Грекъаг Фыстытӕ ӕнӕхъӕнӕй
(иуӕй-иу чысыл хӕйттӕ сты сӕфт кӕнӕ та
хъыгдард) афтӕ ма иуӕй-иу апокрифон
фыстытӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Ватиканы кодекс 1209
Нысан B (03)
Рӕстӕг н. э. IV ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Ватиканы чиныгдон Ромы (Итали)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Райдианы ӕнӕхъӕн Библи. Ныр сӕфт сты:
Уӕв. 1:1–46:28; Пс. 106–137 [105–136];
Дзут. 9:14 фӕстӕмӕ; 1 Тим.; 2 Тим.;
Титмӕ; Филим.; Рарг.;
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Маркы 6:14; Иоан. 1:18; 7:53–8:11
Къухфысты ном Ефремы кодекс
Нысан C (04)
Рӕстӕг н. э. V ӕн.
Ӕвзаг грекъаг
Кӕм ис Париж (Франц)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Дзуттаг Фыстыты (64 сыфы) ӕмӕ
Грекъаг Фыстыты (145 сыфы) хӕйттӕ
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Къухфысты ном Безӕйы кодекс (Кембриджы кодекс)
Нысан Dea (05)
Рӕстӕг н. э. V ӕн.
Ӕвзаг грекъаг ӕмӕ латинаг
Кӕм ис Кембридж (Англи)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Евангелитӕн ӕмӕ Куыстытӕн сӕ фылдӕр
хай, цалдӕр стихы 3 Иоаннӕй
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Матф. 24:36; Маркы 7:16; Лук. 15:21
(фиппаинӕгты амынд у ӕрмӕст «D»)
Къухфысты ном Клермонтаг кодекс
Нысан DP (06)
Рӕстӕг н. э. VI ӕн.
Ӕвзаг грекъаг ӕмӕ латинаг
Кӕм ис Париж (Франц)
Цӕуыл дзы цӕуы дзырд Павелы ӕрвыстытӕ (афтӕ ма Дзуттытӕм)
«Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы йӕ кой кӕм ис (кӕс
фиппаинӕгтӕ амынд стихтӕм)
Гал. 5:12 (фиппаинаджы амынд у ӕрмӕст «D»)
[Схемӕ 16 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
«Ног дунейы тӕлмац»-ӕн цы тексттӕй пайда кодтой. Дзуттаг Фыстытӕ
Рагон дзуттаг къухфыстытӕ ӕмӕ сӕ фыццаг къопитӕ
Арамейаг таргумтӕ
Мард денджызы тыхтӕттӕ
Самариаг Фондз чиныджы
Грекъаг Септуагинтӕ
Зӕронд латинаг тӕлмац
Коптаг, эфиопаг, сомихаг тӕлмацтӕ
Рагон дзуттаг консонантон текст
Латинаг Вульгатӕ
Грекъаг тӕлмацтӕ – Акилӕ, Феодотион, Симмах
Сириаг Пешиттӕ
Масоретаг текст
Каираг кодекс
Петербурджы Пехуымпарты кодекс
Алеппаг кодекс
Гинсбурджы рагон дзуттаг текст
Ленинградаг кодекс B 19A
«Biblia Hebraica» (BHK), «Biblia Hebraica
Stuttgartensia» (BHS)
«Ног дунейы тӕлмац»
Дзуттаг Фыстытӕ англисаг ӕвзагыл; англисаг тӕлмацӕй бирӕ ӕндӕр нырыккон ӕвзӕгтӕм
[Схемӕ 17 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
«Ног дунейы тӕлмац»-ӕн цы тексттӕй пайда кодтой. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ
Рагон грекъаг къухфыстытӕ ӕмӕ сӕ фыццаг къопитӕ
Сомихаг тӕлмацтӕ
Коптаг тӕлмацтӕ
Сириаг тӕлмацтӕ – Кьюртойнаг, Филоксенийаг, Гераклийаг,
Палестинаг, Синайаг, Пешиттӕ
Зӕронд латинаг тӕлмац
Латинаг Вульгатӕ
Сикстины ӕмӕ Климентины срастгонд латинаг тексттӕ
Грекъаг минускул къухфыстытӕ
Роттердамаг Эразмы текст
Стефаны текст
Текстус рецептус
Грисбахы грекъаг текст
«Эмфэтик Дайаглотт»
Папирустӕ – (зӕгъӕм, Честеры Биттийы папирустӕ P45, P46, P47;
Бодмеры папирустӕ P66, P74, P75)
Рагон грекъаг унциалон къухфыстытӕ – Ватиканы кодекс 1290 (B),
Синайы кодекс (א), Александрийы кодекс (A), Ефремы кодекс (C),
Безӕйы кодекс (D)
Весткотт ӕмӕ Хорты грекъаг текст
Боверы грекъаг текст
Меркы грекъаг текст
Нестле-Аланды грекъаг текст
Библийы иугонд ӕхсӕнӕдты грекъаг текст
23 дзуттаг тӕлмацы (XIV–XX ӕнустӕ), ратӕлмац сӕ кодтой
кӕнӕ грекъаг текстӕй, кӕнӕ та латинаг Вульгатӕйӕ, пайда
кодтой тетраграмматонӕй Хуыцауы ном бацамонынӕн
«Ног дунейы тӕлмац»
Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ англисаг ӕвзагыл; англисаг тӕлмацӕй бирӕ ӕндӕр нырыккон ӕвзӕгтӕм