-
Адӕмӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтау, сӕ хъаруйыл — хъаруХуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
-
-
Бӕрӕг уӕд, Хуыцау ныртӕккӕ цы аразы, уый дӕхицӕн зӕрдӕрухсы хос кӕй у. Де ’фсымӕрты ныфсыл дӕ ныфс бафтауын куы фӕнда, уӕд сын се ’ргом здах, Иегъовӕ ныртӕккӕ цы аразы, уымӕ дӕр. Кӕд дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уа, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ дӕхицӕн зӕрдӕрухсы хос сты, уӕд уыдоны зӕрдӕты дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ райхъал кӕндзынӕ.
Ахъуыды кӕнӕм, куыд нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕ ацы зын царды фидар лӕууынӕн. Иу уый, ӕмӕ нын амоны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг (Ис. 30:21). Уымӕй уӕлдай нын ӕмбарын кӕны, адӕм рӕстӕй ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц, фыдракӕнд, мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт цӕмӕн ис ӕмӕ сын кӕрон куыд скӕндзӕн. Радта нын, ӕцӕгӕй нӕ чи уарзы, бирӕ ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Цы диссаджы лӕвар у, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый та?! Науӕд йӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый нын куыд стыр кад у! Иегъовӕ нын нӕ цӕстыты фӕлм систа, ӕмӕ уынӕм, Чырысти уӕларвон паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадт ӕмӕ ацы зӕронд дунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ мӕнӕ-мӕнӕ кӕй кӕнынц (Рарг. 12:1—12).
Нӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ дӕр Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ сты. Уӕдӕ уыцы лӕвӕрттӕн дӕхӕдӕг стыр аргъ кӕй кӕныс, уый дӕ ныхасӕй бӕрӕг куы уа, уӕд-иу дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дӕр сӕхицӕн зӕгъдзысты, ме ’фсымӕртимӕ фембӕлыны фадат ницӕй тыххӕй ауадздзынӕн, зӕгъгӕ (Дзут. 10:23—25).
Иегъовӕ нын уацамынды ӕххуысгӕнӕг кӕй у, уый ӕвдисӕг цаутӕ дӕр стыр ныфсы хос сты. Фыццаг ӕнусы Павел ӕмӕ Варнавӕ Иерусалиммӕ куы цыдысты, уӕд-иу кӕмыты ӕрлӕууыдысты, уым ӕфсымӕртӕн дзырдтой, чырыстон дин ӕндӕр адӕмтӕ дӕр куыд исынц, уый тыххӕй, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр «тынг цин кодтой» (Ап. к. 15:3, НФ). Ды дӕр ӕфсымӕртӕн дзур ныфсдӕттӕг цаутӕ, ӕмӕ сын уымӕй сӕ зӕрдӕтыл цин ӕфтау.
Адӕймагӕн йӕ куыст дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый куы зона, уӕд ын уый дӕр йӕ зӕрдӕйыл ныфсы базыртӕ садздзӕн. Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хорзӕй цы аразынц, уымӕй-иу сӕ раппӕл. Азтӕ йыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ йыл низтӕ кӕй стых сты, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон бирӕ аразын кӕмӕн нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уырнындзинады фидар чи лӕууы, уыдоны-иу хорз ныхасӕй барӕвдау. Сӕ зӕрдыл-иу сын ӕрлӕууын кӕн, Иегъовӕ кӕй никуы ферох кӕндзӕн, йӕ ном ын кӕй уарзынц, уый (Дзут. 6:10). Фыдӕвзарӕнты, зындзинӕдты чи сфӕлтӕрдта, уыцы уырнындзинад, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕзна у (1 Пет. 1:6, 7). Не ’фсымӕртӕн уый фӕхъӕуы сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Цы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй зӕрдиагӕй дзур. Хуыцау йӕ Ныхасы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ныффыссын кодта, уыдоны хуызӕн стыр ныфс ницы дӕтты, чи йӕ уарзы, уыдонӕн. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ фылдӕр уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыстой. Фӕлӕ сыл зӕрдӕйӕ куы дзурай, уӕд уыцы ныхӕсты бауадздзынӕ уд, адӕм ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзысты, кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл, ӕмӕ сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзысты. Ӕмӕ дын уымӕн та стыр ӕххуыс уыдзӕн, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕуыл сахуыр дӕ, уый.
Иегъовӕ йӕхӕдӕг у йӕ адӕмӕн сӕ Ныфсы Мӕсыг, сӕ Лӕугӕ Хох. Фӕлӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕимӕ иумӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауай, сӕ хъаруйыл — хъару. Уымӕн замманай фадат — ӕмбырды дын раныхас куы вӕййы, уӕд.
-
-
Размӕ тындзХуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
-
-
Размӕ тындз
СКЪОЛАЙЫ программӕйы цы уроктӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр бакуыстай? Цы фӕлтӕрӕнтӕ дзы ис, уыдон дӕр скодтай? Алы урокӕй дӕр дзы цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайыс, Скъолайы кӕнӕ дын иннӕ фембӕлдты хӕслӕвӕрд йе раныхас куы вӕййы, йе та уацамынды куы ацӕуыс, уӕд?
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола дын дарддӕр дӕр стыр ӕххуыс уӕд. Цасфӕнды бирӕ хӕслӕвӕрдтӕ ма сӕххӕст кӕнай,— цӕуыл кусай, цы фӕхуыздӕр кӕнай, уый дын кӕддӕриддӕр уыдзӕн.
-