82 (183) зарӕг
Фӕсивӕды бынат Хуыцауы ӕмбырды
1. Ис ныр алкӕмӕн бынат Хуыцауы ’мбырды.
’Взонг ’мӕ ацӕргӕ — йӕ номӕн кад кӕнынц.
Дисы ӕвзӕнгты зӕрдӕйы уаг ӕфтауы,—
Паддзахады хабар ’гас зӕххыл хӕссынц.
’Цӕг ӕмбисонды Ӕвдисӕнтӕ сты уыдон!
Сты уӕздан, хӕдӕфсарм, алцӕмӕй — цӕттӕ.
У зынаргъ Иегъовӕйы цӕсты сӕ лӕггад,
Райы кӕстӕртӕй сӕ хистӕрты зӕрдӕ.
2. ’Взонг фӕсивӕдӕн — Иегъовӕйы хӕлӕрттӕн,
Уый цӕй амондджын, стыр цины бон уыдзӕн!
’Рмӕст ма ауайӕд уӕ цӕстытыл сӕ фидӕн —
Алчи сӕ Дзӕнӕты ’нустӕм уӕд цӕрдзӕн!
Абон нӕ фыддуне алырдыгӕй ссӕнды,
Фӕлӕ тагъд ысуыдзӕн уый зӕххы ӕмвӕз.
Хъуамӕ ’вӕллайгӕйӕ тох кӕнӕм мах йемӕ;
Алкӕд Паддзахады фарс лӕууын — нӕ хӕс.
3. Ссарӕн ис Хуыцауы ’мбырды хорз хӕлӕрттӕ,
’Мӕ ма дунейыл цӕмӕн бӕттой сӕхи?
Хорз цы у, уымӕн сӕ зонд, сӕ зӕрдӕ раттӕнт,
Уый та Библийӕ фылдӕр ӕндӕр кӕм и!
Се ’ххуыс уӕнт зын сахат, чи сӕ уарзы, уыдон,
Дзурӕнт уыдонӕн сӕ сагъӕстӕ, сӕ мӕт.
Фӕлӕ се стырдӕр Хӕлар та у Иегъовӕ.
У фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмбары уый ӕппӕт.
4. Мах стӕм иууылдӕр чырыстӕтты ӕмбырды,
’Мӕ нын алцыдӕр дӕтты Чырысти уым.
Уӕдӕ ’нувыдӕй йӕ фарсмӕ ныр ӕрлӕууӕм
Ӕмӕ ’ххӕст кӕнӕм, цы нын фӕдзӕхсы, уый.
Макуы бафӕзмӕм мах ацы ӕвзӕр дуне,
Уадз Иегъовӕ нын нӕ зонд сыгъдӕг кӕнӕд.
Цӕй ’мӕ иузӕрдион уӕм, ӕвзонгӕй-асӕй,
Махӕн ’нусон цард Иегъовӕ ратдзӕн уӕд.