Иегъовӕйы бон хӕстӕг у
1 Чырыстӕттӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Иегъовӕйы боны ’рцыдмӕ. Растдӕр уӕд фесафдзӕн Хуыцау ацы цардӕвӕрд ӕмӕ ӕрӕвӕрдзӕн ног рӕстаг дуне (2 Пет. 3:12, 13). Уыцы бон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый бӕлвырд кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цырддзаст уӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнӕм (Иез. 33:7–9; Матф. 24:42–44). Хуыцауы пехуымпарадон Ныхасыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр уырндзӕн «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг» кӕй у (Соф. 1:14).
2 Дунеон паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийы ивынц. Раргомады 17:9–11 куыд фыст у, афтӕмӕй апостол Иоанн дзуры «авд паддзахы» тыххӕй ӕмӕ ӕвдыст цӕуынц, кӕрӕдзи чи ивы, ахӕм авд дунеон паддзахадӕй. Иоанн ма дзуры «ӕстӕм паддзахы» тыххӕй дӕр. Уый абон у Иугонд Нациты Организаци. Мах ма ӕндӕр дунеон паддзахӕдты фӕзындмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы? Нӕ. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ӕстӕм паддзах «сӕфтмӕ ацӕудзӕн». Уый фӕстӕ ма ӕндӕр зӕххон паддзӕхтӕ уыдзӕн, уый кой дзы нал ис. Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмбарыс?
3 Данелы 2:31–45 ӕмбарын кӕнынц Иегъовӕйы боны ӕрцыд. Ацы пехуымпарады, Навуходоносор йӕ фыны цы дынджыр гуымиры федта, уый ӕвдисы дунеон паддзахӕдтӕ кӕрӕдзи куыд ивынц. Уыцы паддзахӕдтӕй алкӕцыдӕр уыди. Абон мах кӕцы паддзахады хицаудзинады рӕстӕджы цӕрӕм? Мах цӕрӕм, гуымирыйы къӕхты хуызы ӕвдыст чи у, уыцы рӕстӕджы. Пехуымпарад ирдӕй ӕвдисы дарддӕр цы ’рцӕудзӕн. Адӕмы хицаудзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй, «ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад» хицауиуӕг кӕнын райдайдзӕн. Ӕмбарыс ӕй, ацы хабарӕй куыд зыны, Иегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй у?
4 Ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Иегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй у, уымӕн ма ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр уынӕм. «Фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй апостол Павелы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм (2 Тим. 3:1–5). Мах архайӕм, кӕроны размӕ адӕм цы хорз хабар хъуамӕ фехъусой, уыцы ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддаджы (Матф. 24:14). Цӕй уӕдӕ нӕ уацамындӕй бӕрӕг уӕд, зӕд цы дзуры, ууыл фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй: «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад, уымӕн ӕмӕ райдыдта Йӕ тӕрхоны сахат» (Рарг. 14:6, 7).