Зӕрдиагӕй тыхс адӕмыл
1 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи уыд, иу ахӕм сылгоймаг дзуры, фыццаг хатт нӕ хотӕй иуыл куы сӕмбӕлд, уый тыххӕй: «Цӕуыл дзырдтам, уый бӕлвырдӕй нӕ хъуыды кӕнын. Фӕлӕ мын мӕ зӕрдӕ бацагайдта хӕларзӕрдӕ, рӕдау ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уый. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд». Ахӕм ныхӕстӕй бӕрӕг у, куыд ахсджиаг у уацамынды адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсын (Фил. 2:4).
2 Уарзондзинад у хӕларзӕрдӕ. Адӕмы кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй иу – семӕ хӕларзӕрдӕ уӕм (1 Кор. 13:4). Хӕларзӕрдӕ адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр тыхсы иннӕты хорзыл ӕмӕ сын ӕххуыс кӕныныл архайы. Дзырд дӕр ыл нӕй, адӕмӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы хъуыддаг йӕхӕдӕг дӕр хӕларзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у. Фӕлӕ иннӕтыл зӕрдиагӕй куы тыхсӕм, уӕд ноджы фылдӕр араздзыстӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, семӕ нӕхи куыд дарӕм, уымӕй: нӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕй, нӕ хорз уагахастӕй, куыд хъусӕм, цӕуыл ӕмӕ куыд ныхас кӕнӕм ӕмӕ суанг куыд кӕсӕм, уымӕй дӕр (Матф. 8:2, 3).
3 Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сын ӕххуыс кӕндзыстӕм хъуыддагӕй. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ иу пионер фембӕлд ацӕргӕ идӕдз сылгоймагыл. Сылгоймаг куы базыдта, чи у, уый, уӕд ӕй нӕ бафӕндыд йемӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, дуар куы бахостай, уӕд асиныл схызтӕн электрон цырагъ ивынмӕ. Ӕфсымӕр ын загъта: «Иунӕгӕй дын рахауынӕй дӕр тӕссаг у». Сылгоймаг ӕй мидӕмӕ бакодта, уый дӕр цырагъ раивта ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнынмӕ ацыд. Гыццыл фӕстӕдӕр идӕдз сылгоймагӕн йӕ фырт ӕрбацыд ӕмӕ йын мад уыцы хабар радзырдта. Уый йӕ фыртыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд ӕфсымӕры ӕрцагурын ӕмӕ йын бузныг зӕгъын. Куы йӕ ссардта, уӕд дзӕбӕх фӕныхас кодтой ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы.
4 Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд ӕвдисӕм Иегъовӕйы уарзондзинад адӕммӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хабар ноджы рӕсугъддӕр кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ «нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй... зӕрдӕхӕлар кӕй стӕм, уымӕй» (2 Кор. 6:4, 6, НТ).