Дӕ сывӕллонӕн йӕ бон бауыдзӕн ӕмбаргӕ уынаффӕ рахӕссын?
1. Цы хъуыды кӕнынц ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ туг бауадзыны тыххӕй? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
1 Цавӕр хъуыддаджы фӕдыл хъуамӕ рахӕсса ӕмбаргӕ уынаффӕ? Туг бауадзыны хъуыддаджы фӕдыл. 1991 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (уыр.) 13 фарсыл ис статья, «Иегъовӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ архай», зӕгъгӕ. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕн дӕр хъуамӕ сӕ бон уа бӕлвырд бамбарын кӕнын, Хуыцауы закъон туджы тыххӕй цы дзуры, уымӕ сӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕнды хъусын ӕмӕ уыцы хъуыддаг сӕ ныййарджытӕн куыд ахсджиаг у, сӕхицӕн дӕр афтӕ ахсджиаг кӕй у.
2. Цы дзуры закъон сывӕллӕттӕн хос кӕныны тыххӕй ӕмӕ цы аразӕн ис уымӕ гӕсгӕ чырыстон ныййарджытӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн?
2 Закъон цы дзуры? Уӕрӕсейы закъонмӕ гӕсгӕ, 15 азы кӕуыл сӕххӕст, уымӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, йӕхицӕн куыд хос кӕндзӕн, уый. Уӕдмӕ та хъуыддаг ис йӕ ныййарджыты бӕрны. Ӕрыгон адӕймаг хъуамӕ хорз ӕмбара, йе ’нӕниздзинад цы уавӕры ис, уый, ӕмӕ, хос кӕныны хъуыддаджы цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уымӕн цавӕр фӕстиуджытӕ уыдзӕн. Хъуамӕ йӕ бон уа бӕлвырдӕй ӕмӕ фидарӕй бамбарын кӕнын, цы хъуыды кӕны, Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый фӕдыл.
3. Ныййарджыты цавӕр фарстатыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?
3 Дӕ сывӕллоны бон цы у зӕгъын? Дӕ сывӕллӕттӕн ацы фарстайы фӕдыл сӕ хъуыды бамбарын кӕнын сӕ бон у? Ӕппӕт зӕрдӕйӕ сӕ уырны, «тугӕй хи хизын» ӕцӕгдӕр Хуыцауы фӕдзӕхст кӕй у? (Ап. к. 15:29, НТ; 21:25). Цы сӕ уырны, уый Библийы равдисын сӕ бон у? Дохтыртӕ сын афтӕ куы дзурой, дӕ цардӕн тӕссаг у, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ дӕр сӕ цуры куы нӕ уой, уӕд дӕр туг бауадзыныл не сразы уыдзысты? «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны», ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: куыд бацӕттӕ кӕнӕм нӕ сывӕллӕтты, сӕ иузӕрдиондзинад ӕнӕнхъӕлӕджы фӕлвӕрд куы цӕуа, уымӕ? (Еккл. 9:11; Еф. 6:4).
4, 5. а) Ныййарджытӕн сӕ хӕс цы у? ӕ) Цавӕр ӕрмӕг уыдзӕн ӕххуыс ныййарджытӕн?
4 Ныййарджытӕ, уӕ бон цы у саразын? Сымахӕн уӕ хӕс у, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнат, Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый (2 Тим. 3:14, 15). Уый тыххӕй уӕ бон у равзарын 1996 азы февралы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» (уыр.) 6 фарсыл 29–36 абзацтӕ. Уӕ сывӕллӕттимӕ афӕлварут, искӕмӕн куыд бамбарын кӕниккой, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цӕмӕн. Афтӕмӕй сахуыр уыдзысты ӕмбаргӕ дзуапп дӕттын (1 Пет. 3:15). Хорз ӕххуыс уын уыдзӕн брошюрӕ «Туг куыд ирвӕзын кӕны?» ӕмӕ 2004 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 8–18 фӕрстӕ. Ис ма кинонывтӕ дӕр: «Медицинӕ ӕнӕ тугӕй. Куыд ис рынчынӕн баххуыс кӕнӕн, йӕ бартӕ хынцгӕйӕ» ӕмӕ «Иу туджы ӕртах дӕр нӕ. Медицинӕ разы кӕны». Ныртӕккӕ сты DVD-йыл, хуыйны «Туг уадзыны бӕсты ног мадзӕлттӕ – документалон кинонывтӕ». Ацы кинонывтӕ бӕлвырд ӕмбарын кӕнынц, ӕнӕ тугӕй хос кӕнын ӕмӕ операци кӕнын хуыздӕр кӕй у. А фӕстаг рӕстӕджы сӕм уӕ бинонтимӕ бакастыстут?
5 Ныййарджытӕ, ӕххуыс кӕнут уӕ сывӕллӕттӕн, цӕмӕй сӕхицӕн бӕлвырд кӕной, Хуыцауӕн туджы тыххӕй йӕ «хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст фӕндон цы у, уый». Уӕд сӕ бон бауыдзӕн ӕмбаргӕ уынаффӕ рахӕссын,– Иегъовӕ кӕмӕн раарфӕ кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ (Ром. 12:2, НД).