Ногты фӕлварӕнтӕм цӕттӕ кӕнӕм
1 Библи ахуыр кӕнын чи райдайы ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кӕны, уӕлдайдӕр ахӕм адӕймаджы ныхмӕ саразы Хӕйрӕг йӕ хъарутӕ (2 Тим. 3:12). Гӕнӕн ис, йӕ ныхмӕ уой йе ’мкусджытӕ, йе ’мкъласӕгтӕ кӕнӕ йӕ сыхӕгтӕ. Ӕппӕты зындӕр та йын уӕд вӕййы, йӕ хӕстӕджытӕ йӕ ныхмӕ куы рацӕуынц, кӕй йыл тыхсынц, уый тыххӕй (Матф. 10:21; Марчы 3:21).
2 Нӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый тыххӕй раджы уыд загъд. Рӕстдзинады фӕндагыл ӕрӕджы чи слӕууыд, уыдон хъуамӕ ӕмбарой, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты ӕмӕ уымӕй бӕрӕг кӕй у, Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты (Иоан. 15:20). Иуӕй-иу хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ фӕцӕуынц, уымӕн ӕмӕ адӕм бӕлвырд нӕ фӕзонынц сӕ дины тыххӕй. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый тыххӕй нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд уый стыр цины хос кӕй у (Ап. хъ. 5:27–29, 40, 41). Ногтӕн ныфс ӕвӕрӕм, Йегъовӕ сӕ йе ’ххуыс хъуаг кӕй нӕ ныууадздзӕн (Пс. 27:10; Марчы 10:29, 30). Фидар куы фӕлӕууой, уӕд дзырддаг фарстайы Йегъовӕйы фарс уыдзысты (Ӕмб. 27:11).
3 Бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ахсджиаг сты. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн бамбарын кӕнӕм, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй дарддӕр дӕр бӕлвырд зонындзинӕдтӕм тырной, зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлой, уӕддӕр. Ныхмӕдзӕуджыты уылты Сайтан архайдзӕн, цӕмӕй сӕ зӕрдӕты ма ’рфидар уа, цы базыдтой, уый (Ӕмб. 4:23; Лук. 8:13). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ахуыр кӕной, Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй цы дзуры, уый, цӕмӕй уырнындзинады ӕрфидар уой (Пс. 1:2, 3; Кол. 2:6, 7).
4 Фидардзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цыфӕнды уӕззау уавӕрты дӕр ахсджиаг у фидар фӕлӕууын ӕмӕ уый, гӕнӕн ис, пайда ӕрхӕсса (Лук. 21:16–19). Ногтӕ фидар куы фӕлӕууынц, уӕд уый сӕхиуыл дӕр ӕмӕ иннӕтыл дӕр хорзырдӕм фӕзыны. Ӕмӕ уӕд сӕхиуыл бавзарынц, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдоны цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, уый (Иак. 1:12).
5 Апостол Павел цин кодта, Фессалоникӕйы ӕфсымӕрты уырнындзинад кӕй фидар кодта, ууыл. Бирӕтӕн дзы рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кодта ӕмӕ Хуыцауӕн бузныг дзырдта, ахӕм ӕфсымӕртӕ йын кӕй ис (2 Фес. 1:3–5). Мах дӕр афтӕ зӕрдӕрухс ӕмӕ райгонд уыдзыстӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны фӕлварӕнтӕм куы цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сын фидар фӕлӕууынӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд.