-
Иттайау иузӕрдион уХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 15 май
-
-
Ӕндӕрбӕстаг ӕмӕ йӕ зӕххӕй хауӕггаг
Ӕвӕццӕгӕн, Иттай уыди зындгонд филистимаг горӕт Гефӕй. Уыцы горӕтӕй ма уыдысты уӕйыг Голиаф ӕмӕ ма Израилы иннӕ цыфыддӕр знӕгтӕ дӕр. Библи фыццаг хатт фӕлтӕрд ӕфсӕддон Иттайы кой кӕны, Авессалом паддзах Давиды ныхмӕ куы рацыд, уӕд. Иттай ӕмӕ ма 600 филистимаджы сӕ зӕххӕй хауӕггаг фесты. Уыдон цардысты Иерусалиммӕ хӕстӕг.
Иттай ӕмӕ йӕ адӕмы хабар, ӕвӕццӕгӕн, Давиды зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕддӕр йӕхӕдӕг дӕр 600 израилаг ӕфсӕддонимӕ йӕ зӕххӕй хауӕггаг кӕй фӕци – алыгъд Филистиммӕ ӕмӕ Гефы паддзах Анхусы зӕххыты ӕрцард (1 Сам. 27:2, 3). Давиды ныхмӕ йӕ фырт Авессалом кӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ Иттай ӕмӕ йӕ адӕм куыд бакӕндзысты? Авессаломы фарс рахӕцдзысты? Сӕхи бааууон кӕндзысты? Ӕви сӕ сӕр Давидыл ӕмӕ йӕ адӕмыл бафтаудзысты?
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Давид Иерусалимӕй ралыгъд ӕмӕ Беф-Мерхаты ӕрлӕууыд. Уыцы бынаты ном нысан кӕны «дард хӕдзар». Уыцы хӕдзар, ӕвӕццӕгӕн, уыди горӕты кӕрон, Иерусалимӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм цӕугӕйӕ, Кедроны дӕлвӕзмӕ бацӕуӕны (2 Сам. 15:17, фип.). Ам Давид лӕмбынӕг кӕсы, йӕ фарс чи рахӕцыд, уыцы ’фсӕддонтӕм. Уый бафиппайдта, йемӕ ӕрмӕст иузӕрдион израилӕгтӕ кӕй нӕ рацыдысты, фӕлӕ ма ӕппӕт хелефейтӕ ӕмӕ фелефейтӕ дӕр, стӕй ма ӕппӕт гефӕгтӕ дӕр – Иттай ӕмӕ йӕ 600 ӕфсӕддоны (2 Сам. 15:18).
Давид Иттайӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ды та цӕмӕн цӕуыс немӕ? Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ паддзахимӕ цӕр [ӕвӕццӕгӕн, Авессаломы кой кодта]. Ды ӕндӕрбӕстаг дӕ ӕмӕ ӕнӕуи дӕр дӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕдӕ. Нырма знон куы ’рцыдтӕ, уӕд дӕ абон немӕ куыд рахау-бахау кӕнын кӕнон, кӕд ӕмӕ йӕ мӕхӕдӕг дӕр нӕ зонын, кӕцырдӕм ацӕуон, уый? Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты дӕр демӕ акӕн. Йегъовӕ дӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдауӕд ӕмӕ дӕм йӕ иузӕрдиондзинад равдисӕд!» (2 Сам. 15:19, 20).
Иттайы ныхӕстӕй зыны, Давидыл иузӕрдион кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕнды йӕ хъуыды аивын. Уый дзуры: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ мӕ буц хицауы раз сомы кӕнын: мӕ буц хицау кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ цагъар дӕр. Ӕз демӕ амӕлынмӕ дӕр цӕттӕ дӕн!» (2 Сам. 15:21). Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Давид, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, кӕддӕр йе стыр фыдымад Руф цы загъта, уый (Руф 1:16, 17). Иттайы ныхӕстӕй Давиды зӕрдӕ барухс ӕмӕ йын дзуапп радта: «Уӕдӕ уӕд [Кедроны дӕлвӕзыл] ахиз». Ӕмӕ уӕд «гефаг Иттай йӕ адӕмимӕ ӕмӕ, йемӕ цы сывӕллӕттӕ уыд, уыдонимӕ дӕлвӕзыл ахызт» (2 Сам. 15:22).
«Махӕн зонд бацамонынӕн»
Ромӕгтӕм 15:4 фыст ис: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн». Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Иттайы цӕвиттонӕй?» Ӕркӕсӕм, цы йӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй Давидыл иузӕрдион уыдаид. Кӕд Иттай ӕндӕрбӕстаг уыди ӕмӕ филистимӕгты зӕххӕй хауӕггаг фӕци, уӕддӕр Йегъовӕйы нымадта удӕгас Хуыцауыл, Давиды та – Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгыл. Уыцы рӕстӕджы израилӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгтӕ уыдысты знӕгтӕ, фӕлӕ Иттай израилӕгтӕм знаджы цӕстӕй нӕ каст. Уый Давиды нӕ нымадта, филистимаг уӕйыг Голиафы, стӕй ма йын йе ’мбӕстӕгтӕй бирӕты чи амардта, ӕрмӕст ахӕм адӕймагыл (1 Сам. 18:6, 7). Иттайы цӕсты Давид уыди, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи уарзта, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ Иттай, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр аргъ кодта Давиды диссаджы миниуджытӕн. Давид дӕр Иттайӕн тынг кад кодта. Давид ма йе ’фсады ӕртыккаг хай «гефаг Иттайы бар дӕр бакодта», Авессаломы адӕмимӕ фӕстаг хатт куы схӕцыдысты, уӕд (2 Сам. 18:2).
Мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕн сӕ хорз миниуджытӕ фиппайӕм ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы къуылымпыйы хос мацы уа, мадӕр адӕймаг цы ӕгъдауыл хӕст у, мадӕр цы адӕмыхаттӕй у, мадӕр йӕ буары хуыз цавӕр у, уый. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм ӕмӕ сӕм фыдзӕрдӕ нӕ дардзыстӕм. Давид ӕмӕ Иттай кӕй балымӕн сты, уымӕй бӕрӕг у, мах дӕр Йегъовӕйы хорз куы зонӕм ӕмӕ йӕ куы уарзӕм, уӕд уый фӕрцы уыцы цӕлхдурты сӕрты кӕй хиздзыстӕм.
Иттайы тыххӕй кӕсгӕйӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр Стырдӕр Давид, Йесо Чырыстийыл афтӕ иузӕрдион дӕн? Хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайын, уымӕй мӕ иузӕрдиондзинад ӕвдисын? (Матф. 24:14; 28:19, 20). Чырыстийыл иузӕрдион кӕй дӕн, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй мӕхи цӕмӕй фӕцух кӕндзынӕн?»
Хорз уаид, Иттайы цӕвиттоныл бинонты хистӕртӕ дӕр куы ахъуыды кӕниккой. Иттай Давидыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивта ӕмӕ Хуыцауы сӕрст паддзахимӕ кӕй ацыд, уый йын йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдта. Афтӕ бинонты хистӕртӕ дӕр Хуыцауӕн кувыны хъуыддаджы цы уынаффӕтӕ фӕхӕссынц, уыдон сӕ бинонтыл бандавынц, ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, рӕстӕгмӕ исты зындзинӕдтӕ дӕр ӕрхӕссой. Фӕлӕ нын Библи ныфс дӕтты: «Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр [Йегъовӕ] уыдзынӕ иузӕрдион» (Пс. 18:25).
Давид Авессаломимӕ куы схӕцыд, уӕд уый фӕстӕ Иттай цы баци, уый тыххӕй Фыстад ницыуал дзуры. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы Ныхасы ацы адӕймаджы тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр федтам, йӕхи куыд равдыста, Давид уӕззау уавӕрты куы бахауд, уӕд. Библи Иттайы кой кӕй кӕны, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ ахӕм иузӕрдион адӕмы кӕй уыны ӕмӕ сӕ кӕй хорзӕхджын кӕны (Дзут. 6:10).
-
-
Цӕмӕн хъӕуы Чырыстийы фӕдыл цӕуын?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 15 май
-
-
Цӕмӕн хъӕуы Чырыстийы фӕдыл цӕуын?
«Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд... ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (ЛУК. 9:23).
1, 2. Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, уымӕ ’ркӕсын нӕ цӕмӕн хъӕуы?
ЙЕГЪОВӔЙӔН, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕхсызгон у, зӕххыл ын чи кувы, уыдоны ’хсӕн кӕй уыны сымах дӕр – ногты дӕр ӕмӕ ӕрыгӕтты дӕр! Кӕд Библи ахуыр кӕныс, ӕмбырды фембӕлдтӕм иудадзыг цӕуыс ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы цардирвӕзынгӕнӕн хабар ис, уый тыххӕй дӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕныс, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕн Йесойы ныхӕстыл: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Лук. 9:23). Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ дӕхи тыххӕй мауал цӕрай ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг суай. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, ууыл (Матф. 16:13–16).
2 Цы зӕгъӕн ис махӕй та, ныридӕгӕн дӕр Йесо Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй? Мах уыцы хъуыддаг хъуамӕ «кӕнӕм ноджы зӕрдиагдӕрӕй» (1 Фес. 4:1, 2). Рӕстдзинад ӕрӕджы базыдтам ӕви бирӕ азты размӕ, Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн цӕуӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Павелы уынаффӕмӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ бонӕй-бонмӕ Йесойы фӕдыл ноджы зӕрдиагдӕрӕй цӕудзыстӕм. Цӕй ӕмӕ ’ркӕсӕм, Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, фондз ахӕм аххосагмӕ.
Цӕмӕй Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс уӕм
3. Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы у нӕ бон Йегъовӕйы базонын?
3 Апостол Павел Ареопаджы астӕу куы лӕууыд ӕмӕ афинӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын загъта: «[Хуыцау] снысан... кодта рӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕвӕрдта арӕнтӕ, [адӕм] кӕм цӕрой, уымӕн, цӕмӕй агурой Хуыцауы,–
-