Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чи байхъуыста, уыдон фервӕзтысты
    Ма бафынӕй ут!
    • Чи байхъуыста, уыдон фервӕзтысты

      ЙЕСО ЧЫРЫСТИ бафӕдзӕхста, иудейты цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, сӕ дины артдзӕст Иерусалимы кувӕндонӕй дур дурыл кӕй нал баззайдзӕн. Ӕцӕг, кӕд — уый бӕлвырдӕй нӕ загъта. Фӕлӕ уыйхыгъд радзырдта, зӕгъгӕ, уыцы боны хӕдразмӕ ахӕм ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ цӕудзӕн. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та ныффӕдзӕхста, цырддзаст ут ӕмӕ-иу тӕссаг ранӕй уӕхи афойнадыл айсут, зӕгъгӕ.

      Йесо загъта: «Куы фенат Иерусалимы алыварс ӕфсӕдтӕ, уӕд зонут, йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг». Загъта ма афтӕ дӕр: «Куы фенат гӕныстоны ӕнаккагдзинад лӕугӕ сыгъдӕг ран... уӕд Иудейы уӕвджытӕ, лидзӕнт хӕхтӕм». Уымӕй уӕлдай ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, сӕ исбонӕй исты аирвӕзын кӕныны охыл фӕстӕмӕ куыд нӕ аздӕхтаиккой. Фӕстӕмӕ нӕ фӕкӕсгӕйӕ алидзын — уый уыд фервӕзынӕн иунӕг амал (Лукайы 21:20, 21; Матфейы 24:15, 16).

      Нӕ эрӕйы 66 азы Цести Галл ромаг ӕфсӕдтимӕ араст Иерусалиммӕ, хицауады ныхмӕ чи сызмӕста ӕмӕ чи нӕ сабыр кодта, уыцы иудейты басӕттынмӕ. Сахармӕ мидӕмӕ бабырстой ӕмӕ кувӕндоныл ӕрхъула кодтой. Сахар ӕгасӕй дӕр сси ӕмтъеры. «Чи нӕ бафынӕй», ома цырддзаст чи уыд, уыдон бамбӕрстой, хъуыддагӕн йӕ кӕрон хорзмӕ кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ ма куыд алидздзысты? Хӕрзӕнӕнхъӕлӕджы, Цести Галл йе ’фсӕдты сахарӕй акодта. Змӕнтӕг иудейтӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой. Ныр иу уысм дӕр фӕстӕ гӕнӕн нал уыд — хъуыди Иерусалимӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы бӕстӕй дӕр лидзын!

      Иннӕ аз Ромы ӕфсӕдтӕ, Веспасиан ӕмӕ йӕ фырт Тит сӕ сӕргъы, афтӕмӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр фестад хӕсты быдыр. Н. э. 70 азы райдианы ромӕгтӕ Иерусалимы алыварс цъуппцыргъ хъӕдтӕй фидӕрттӕ скодтой. Аирвӕзынӕн ницыуал амал уыди (Лукайы 19:43, 44). Сахары мидӕг ныхмӕлӕууӕг къордтӕ кӕрӕдзимӕ фесты ӕмӕ адӕм цагъды кодтой. Удӕгасӕй ма дзы чи баззад, уыдонӕй чи йӕ мӕлӕт ссардта ромӕгты къухӕй, чи та сӕм уацары бахауд. Сахарӕй дӕр ӕмӕ йӕ кувӕндонӕй дӕр дур дурыл нал баззад. Фыццаг ӕнусы иудейаг историк Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй иудейтӕй уыцы бонты дудгӕбӕттӕ йӕхиуыл бавзӕрста ӕмӕ фӕмард милуанӕй фылдӕр. Иерусалимы кувӕндон ногӕй арӕзт никуыуал ӕрцыд.

      Чырыстӕттӕ Иерусалимы куы баззадаиккой, уӕд нӕ эрӕйы 70 азы уыдоныл дӕр иннӕты бон акодтаид — кӕнӕ сӕ маргӕ акодтаиккой, кӕнӕ та уацары бахаудаиккой. Фӕлӕ, уӕды заманы историкты ӕвдисӕйнӕгтӕм гӕсгӕ, чырыстӕттӕ байхъуыстой Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ канд Иерусалимӕй нӕ, фӕлӕ ӕгас Иудейы бӕстӕй дӕр сӕхи айстой — Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕнварсырдӕм хӕхтӕм алыгъдысты. Бирӕтӕ сӕ ӕрбынат кодтой Пеллӕйы (Перейы бӕстӕйы). Иудейӕ куыд ацыдысты, афтӕ йӕм фӕстӕмӕ нал ӕрыздӕхтысты. Уыдон байхъуыстой, Йесо цы загъта, уымӕ, ӕмӕ фервӕзтысты.

      Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыдон цы дзурынц, уымӕ дӕ хъус ӕрдарыс?

      Иу хатт, иннӕ хатт цыдӕр куы ныффӕдис кӕнынц, ӕмӕ куы ницы ӕрцӕуы, уӕд адӕм ӕппӕтыл дӕр сӕ къух ауигъынц. Фӕлӕ уӕддӕр фӕдисы хъӕрмӕ байхъусын фӕхъӕуы — гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ уый мӕлӕтӕй бахиза.

      1975 азы Китайы адӕмы рагацау фӕдзӕхстой, зӕххӕнкъуыст уыдзӕн, зӕгъгӕ. Хицауады кусджытӕ ӕнцад нӕ бадтысты. Адӕм дӕр дӕлӕ-уӕлӕ нӕ кодтой. Ӕмӕ уый фӕрцы минтӕ аирвӕзтысты.

      1991 азы апрелы Филиппинты, Пинатубойы хохрӕбын хъӕуты цы адӕм цард, уыдонӕн фӕхабар кодтой, хохӕй ӕртхутӕг ӕмхӕццӕ фӕздӕг цӕуы, зӕгъгӕ. Арткалӕг хӕхтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ иртасӕг институты (Филиппинты) кусджытӕ дыууӕ мӕйы дӕргъы сӕ хъус дардтой хохмӕ, ӕмӕ стӕй уӕд адӕмы бафӕдзӕхстой, абон-райсом ын ӕнӕстонгӕ нӕй, зӕгъгӕ. Ӕнӕ уӕлдай ракӕ-бакӕйӕ адӕмы, дӕсгай минты, аластой ӕдас рӕттӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, 15 июны райсомӕй хох срӕмыгъта. Аст ӕртывӕр километры бӕрц ӕртхутӕг арвмӕ ныццавта ӕмӕ стӕй хохрӕбын хъӕуты йӕ быны фӕкодта. Кӕй байхъуыстой, уый фӕрцы минтӕ аирвӕзтысты.

      Библи фӕдзӕхсы, абоны цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Ныртӕккӕ мах цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты. Кӕрон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ цӕрдӕг лӕууыс — нӕ бафынӕй дӕ? Тӕссаг кӕм у, уырдӕм хӕстӕг цӕмӕй ма уай, уый тыххӕй исты аразыс? Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый дӕ иу уысм дӕр рох нӕу, ӕмӕ иннӕты дӕр фӕдзӕхсыс, фезмӕлут, ӕнцад бадӕн нӕй, зӕгъгӕ?

      [Ныв 20 фарсыл]

      Пинатубойы хох куы срӕмыгъта, уӕд бирӕтӕ фервӕзтысты, кӕй байхъуыстой, уый фӕрцы.

      [Ныв 21 фарсыл]

      Нӕ эрӕйы 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд, Йесойы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы чырыстӕттӕ нӕ бабын сты.

  • «Ӕнхъӕл нӕ уыдысты»
    Ма бафынӕй ут!
    • «Ӕнхъӕл нӕ уыдысты»

      АДӔМ фӕдзӕхст кӕй ницӕмӕ дарынц, уый арӕх ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм.

      1974 азы горӕт Дарвин (Австрали) уыди йӕ бӕрӕгбоны чемыл, адӕм сӕ тӕккӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕзмӕлд кодтой, афтӕ ныццагътой фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ, тыхджын дымгӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ горӕт ныр 30 азӕй дӕр фылдӕр, тыхдымгӕ цы у, уый нӕ зыдта. Уӕд ныр цы хъуамӕ уа? Цӕрджытӕн сӕ фылдӕр бӕллӕх ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ ӕнагъӕддаджы тыхдымгӕ ӕцӕгдӕр нӕ сыстад ӕмӕ адӕм кӕм сӕмбырдтӕ сты, уыцы хӕдзӕртты сӕртӕ хӕссын ӕмӕ къултӕ пырх кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Иннӕ райсоммӕ горӕтӕй горӕты хуызӕн ницыуал уыд — зӕххӕмвӕз сси.

      1985 азы ноябры Колумбийы стыдта арткалӕг хох. Чи тад, уыцы мит ӕмӕ ихӕй цы цъыфсаха рауад, уый ӕрлӕсӕн кодта, ӕмӕ горӕт Армеро ӕдцӕрджытӕ — 20 000 адӕймагӕй фылдӕр — йӕ быны фӕци. Цымӕ уыцы адӕм ницы зыдтой? Хох цалдӕр мӕйы кодта ӕнкъуысгӕ. Фӕлӕ Армеройы цӕрджытӕ арткалӕг хохы рӕбын цӕрын сахуыр сты, ӕмӕ сӕ фылдӕрмӕ уый нымады дӕр нӕ уыд. Бӕллӕх къӕсӕрыл ис, уый хицауадӕн бӕргӕ фӕхабарчындӕуыд, фӕлӕ адӕмы бафӕдзӕхсынӕн ницы сарӕзтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма радиойӕ хъусинаг хъусинаджы фӕдыл адӕмы сабыр кодтой, ницӕмӕй тас у, зӕгъгӕ. Аргъуанӕй дӕр хъӕрӕйдзурӕнтӕй адӕммӕ сидтысты — ӕппындӕр тыхсгӕ ма кӕнут. Ӕрмӕст иу изӕр арткалӕг хох дыууӕ тыхджын рӕмыгъды скодта. Зӕгъгӕ ды уыцы ран фӕдӕ,— ӕппӕтдӕр нӕ ныууагътаис ӕмӕ дӕхи уырдыгӕй нӕ айстаис? Уым та ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы бакодтой афтӕ; иннӕтӕ змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтой, цалынмӕ ӕгӕр нӕ байрӕджы.

      Арӕх геологтӕ ӕнӕрӕдыдӕй фӕзӕгъынц, уым ӕмӕ уым уыдзӕн зӕххӕнкъуыст, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бӕлвырдӕй кӕд уыдзӕн, уый сын рагацау базонын стӕм хатт бантысы. 1999 азы ӕгас дунейы дӕр зӕххӕнкъуыстытӕ ахастой 20 000 адӕймаджы цард. Бирӕтӕ сӕ уый ӕнхъӕл никуы уыдысты, ӕмӕ уыдоныл ӕрцӕудзӕн ахӕм хабар.

      Цы цӕстӕй кӕсыс, Хуыцау нӕ йӕхӕдӕг цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ?

      Фӕстаг бонты цытӕ цӕудзӕн, уый Библийы бӕлвырд-биноныг фыст ӕрцыд бирӕ раздӕр. Ӕмӕ нын уыцы хабӕртты кой кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны «Нойы бонтӕ». «Хъаймӕты размӕ бонты» тыхдзинад кӕй сарӕх, уый адӕмы мӕты куыннӕ ӕфтыдтаид. Фӕлӕ уыдон цыдысты царды над фӕндӕгтыл, ӕмӕ сӕ ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кӕнынмӕ ’вдӕлд. Хуыцау сӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Нойы дзыхӕй цӕмӕй фӕдзӕхста, уый ӕрцӕуын «ӕнхъӕл нӕ уыдысты, хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты, уӕдмӕ» (Матфейы 24:37—39). Уыдон ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ома Хуыцау цы дзырдта, уый ницӕмӕ дардтой. Ды та? Уыцы рӕстӕг куы цардаис, уӕд Хуыцауы ныхасмӕ байхъуыстаис? Ӕмӕ абон та? Абон ӕм хъусыс?

      Ӕмӕ, зӕгъгӕ, Мард денджызмӕ хӕстӕг Содомы, Авраамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты рӕстӕджы цардтӕ, уӕд та? Уымы бӕстӕ уыди алӕмӕты бӕстӕ, раст дзӕнӕты цӕхӕрадон. Сахар — хъӕздыг, цӕрынӕн хуыздӕр зӕгъӕн нӕ уыд. Лоты бонты адӕм ӕвӕлмонӕй ӕрвыстой сӕ царды бонтӕ. Уыдон «хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой». Иннӕмӕй та ӕхсӕнад ӕгасӕй дӕр уыд ӕгъдаухӕлд, ӕфсарм цы у, уый ничиуал зыдта. Лот адӕмӕн се ’взӕр миты тыххӕй ӕргом куы дзырдта, уӕд ын йӕ фӕдзӕхсӕн ныхас дӕ зӕрдӕмӕ айстаис? Хуыцау Содом фесафинаг у, зӕгъгӕ, куы дзырдта, уӕд ӕм байхъуыстаис? Ӕви йын йӕ фидӕны сиӕхстау йӕ ныхас хъазынмӕ айстаис? Йе та ралыгъдаис, фӕлӕ Лоты усау ӕрдӕгфӕндагыл фӕстӕмӕ фӕкастаис? Кӕд адӕм фӕдисхъӕр ницӕмӕ ӕрдардтой, уӕддӕр Лот Содомӕй цы бон рацыд, уыцы бон «ӕркалд арвӕй цӕхӕр ӕмӕ сондоны арт ӕмӕ сеппӕты дӕр ныццагъта» (Лукайы 17:28, 29).

      Адӕмӕн сӕ фылдӕр абон дӕр афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ ницы уыдзӕн. Фӕлӕ ацы хабӕрттӕ Хуыцауы Ныхасы абоны онг ӕрхӕццӕ сты мах бафӕдзӕхсынӕн, ӕмӕ фӕдисхъӕр кӕнынц: МА БАФЫНӔЙ УТ!

      [Рамкӕ/Ныв 22 фарсыл]

      Доны хъаймӕт ӕцӕгдӕр уыди?

      Библииртасӕг ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ зӕгъынц: «Нӕ уыди». Фӕлӕ Библи зӕгъы: «Уыди».

      Йесо Чырысти йӕхӕдӕг дзырдта Доны хъаймӕты тыххӕй, ӕмӕ уый та уыцы хабар йӕхи цӕстӕй федта, уымӕн ӕмӕ уӕд цард уӕлӕрвты.

      [Рамкӕ/Ныв 23 фарсыл]

      Содом ӕмӕ Гоморры сахарты сӕфт ӕцӕг хабар у?

      Уымӕн ис археологон ӕвдисӕйнӕгтӕ.

      Йӕ кой баззад дунейы историйы.

      Уыцы сахарты сӕфты тыххӕй дзырдта Йесо Чырысти дӕр, ӕмӕ уыцы хабары кой Библийы ӕмбӕлы 14 чиныджы.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын