-
Сымах мын «уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Куыннӕ ма! Цыдӕриддӕр нӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хъӕуы, уыдон сты Хуыцауы Ныхасы – уым фыст ис, уыцы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдоны ныхӕстӕ. Ацы хабӕрттӕ куы кӕсӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ куы кувӕм, цӕмӕй, цы базыдтам, уымӕй нӕ царды пайда кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн. Дӕ зӕрдыл дар: ӕцӕг уырнындзинадӕн хъӕуы фидар бӕлвырдӕгӕнӕнтӕ, ӕнӕ уыдонӕй та уырнындзинад у ӕнӕбындур. Ӕмӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй та, ӕрмӕстдӕр ӕцӕг уырнындзинад кӕмӕн ис, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм (Иоан. 3:16).
7. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд ахуыр кодта ӕмӕ куыд хъусын кодта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?
7 Уымӕй уӕлдай ма Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта «Хуыцауы паддзахады хабӕрттӕ». Зӕгъӕм, бамбарын сын кодта, Мессийӕмӕ цы пехуымпарӕдтӕ амыдтой, уыдон: кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна ӕмӕ кӕй хъуамӕ амӕла (Лук. 24:13–32, 46, 47). Йесо Мессийӕ кӕй у, уый сын куы ӕмбарын кодта, уӕд сын се ’ргом аздӕхта Хуыцауы Паддзахадмӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уый равзӕрста фидӕны Паддзахӕй. Йесо ӕдзухдӕр дзырдта уыцы Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ абон дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уый тыххӕй хъусын кӕнынц (Матф. 24:14; Лук. 4:43).
«Суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:6–12)
8, 9. а) Апостолтӕ цавӕр дыууӕ хъуыддаджы не ’мбӕрстой раст? б) Чырысти сын уыцы хъуыддӕгтӕ раст бамбарынӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ уый абон чырыстӕтты цӕуыл ахуыр кӕны?
8 Чырысти йӕ апостолтимӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл куы фембӕлд, уӕд уый уыди зӕххыл сӕ фӕстаг фембӕлд. Тынг сӕ фӕндыд базонын иу хъуыддаг, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» (Хъуыд. 1:6). Уыцы фарстайӕ рабӕрӕг, дыууӕ хъуыддаджы раст кӕй не ’мбӕрстой. Фыццаг: афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад фӕстӕмӕ Израилы ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. Дыккаг: афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн «ныр», ома уыцы рӕстӕг. Чырысти сын уыцы хъуыддӕгтӕ раст бамбарынӕн куыд баххуыс кодта?
9 Чырысти, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, фыццаг хъуыддаг тагъд сӕхӕдӕг кӕй бамбардзысты. Дӕс боны фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау йӕхицӕн ног адӕм кӕй равзӕрста ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмыл нымад кӕй нал сты. Дыккаг хъуыддаджы тыххӕй та сын Йесо фӕлмӕнӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта иу хъуыддаг: «Мӕ уӕларвон Фыд цы рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ снысан кодта, уыдон зонын сымах нӕ хъӕуы» (Хъуыд. 1:7). Йегъовӕ алцӕмӕн дӕр бӕлвырд рӕстӕг йӕхӕдӕг снысан кӕны. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд загъта, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» Фырт дӕр кӕй нӕ зоны, фӕлӕ «ӕрмӕстдӕр йӕ Фыд» (Матф. 24:36). Абон дӕр чырыстӕттӕ, ацы цардӕвӕрды кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕной, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ мӕт кӕнынц, сӕ бар цӕуыл нӕ цӕуы, уыдӕттыл.
10. Апостолты цавӕр хъуыддаджы хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ цӕмӕн?
10 Кӕд апостолтӕм ахӕм хъуыдытӕ уыд, уӕддӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, фидар уырнындзинады хицау кӕй уыдысты, ууыл. Уыдон сӕрныллӕг разындысты ӕмӕ сӕ хъуыды фӕивтой. Уымӕй уӕлдай ма, кӕд раст нӕ хъуыды кодтой, уӕддӕр сӕ фарстайӕ рабӕрӕг, ахсджиагдӕр цы у, уый сӕ рох кӕй нӕ уыд. Йесо сын иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матф. 24:42; 25:13; 26:41). Ӕмӕ уыдон дӕр къӕрцхъус уыдысты ӕмӕ сӕ хъус лӕмбынӕг дардтой, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн, уый цы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдаид, уыдонмӕ. Абон мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Ацы «фӕстаг бонты» уый уӕлдай ахсджиаг у (2 Тим. 3:1–5).
11, 12. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бахӕс кодта? б) Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хъусын кӕныны тыххӕй куы дзырдта, уӕд уал сын фыццаг сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй зӕрдӕ цӕмӕн бавӕрдта?
11 Йесо йӕ апостолтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ сӕйраг мӕт цы хъуамӕ уыдаид, уый. Загъта сын: «Хуыцауы сыгъдӕг тых уыл куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Йесо кӕй райгас, уыцы хабар уал хъуамӕ фыццаг хъуыстгонд ӕрцыдаид Иерусалимы, кӕм ӕй амардтой, уыцы горӕты. Уырдыгӕй та хъуамӕ апарахат уыдаид ӕгас Иудейӕйы, стӕй Самарийы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр рӕтты дӕр.
12 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй ӕмӕ сын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ской кодта хъусын кӕныны тыххӕй. Ӕмӕ уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Хъуыддӕгты чиныджы грекъаг тексты дзырдбаст «сыгъдӕг тых» ӕмбӕлы 40 хаттӕй фылдӕр. Ацы диссаджы чиныг нын ногӕй ӕмӕ ногӕй нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы не ’ххуыс кӕна, уӕд йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын нӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курӕм! (Лук. 11:13). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс нӕ абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуы.
13. Хъусын кӕныны хъуыддаг абон куыд апарахат ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?
13 «Зӕххы кӕрӕттӕм» абон ноджы фылдӕр бӕстӕтӕ хауы. Фӕлӕ айразмӕйы сӕры куыд загътам, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусой (1 Тим. 2:3, 4). Ды дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайыс, адӕмы цард кӕмӕй кӕнгӕ у, уыцы хъуыддаджы? Ацы хъуыддаг цы стыр циндзинад хӕссы, ахӕм циндзинад ӕндӕр никӕм ис ссарӕн! Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг дӕтдзӕн фаг тыхтӕ, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы дӕ бон архайын уа. Хъуыддӕгты чиныгӕй бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕ, цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй куыд хъуамӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕ хӕслӕвӕрдмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм.
14, 15. а) Зӕдтӕ Чырыстийы ӕрыздӕхты тыххӕй цы загътой ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? (Кӕс ма фиппаинаг.) б) Чырысти уӕлӕрвтӕм куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр «афтӕ» кӕй ӕрыздӕхт, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
14 Ацы сӕры райдианы бакастыстӕм, Йесо зӕххӕй уӕлӕрвтӕм куы ссыд ӕмӕ йӕ йӕ 11 апостолы куы нал уыдтой, уӕддӕр ма кӕй лӕууыдысты ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй кастысты. Уӕдмӕ сӕ разы февзӕрд дыууӕ зӕды ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодтой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Уе ’хсӕнӕй уӕларвмӕ чи ацыд, уыцы Йесойы уӕлӕрвтӕм ссӕугӕ куыд федтат, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрцӕудзӕн» (Хъуыд. 1:11). Цымӕ зӕдты уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Чырысти уыцы буары хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, иуӕй-иу динтӕ куыд дзурынц, афтӕ? Нӕ. Кӕцӕй йӕ зонӕм?
15 Зӕдтӕ загътой, Чырысти уӕлӕрвтӕм куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр «афтӕ» кӕй ӕрцӕудзӕнb. Ӕмӕ куыд ссыд уӕлӕрвтӕм? Зӕдтӕ апостолтимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Чырысти нал зынд. Йесо зӕххӕй куыд фӕхицӕн ӕмӕ йӕ Фыдмӕ уӕлӕрвтӕм куыд сцӕйцыд, уый федтой ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы – апостолтӕ. Чырысти фӕстӕмӕ дӕр хъуамӕ афтӕ ӕрцыдаид, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта. Абон, Чырысти кӕй ӕрцыд, ома Паддзах кӕй у, уый ӕмбарынц, Фыстад хорз чи зоны ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый чи уыны, ӕрмӕстдӕр уыдон (Лук. 17:20). Мах хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, Чырысти кӕй ӕрцыд, уый цы хабӕрттӕй бӕрӕг у, уыдонмӕ ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмбарой, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый.
«Бацамон... кӕй равзӕрстай» (Хъуыд. 1:13–26)
16–18. а) Хъуыддӕгты 1:13, 14 чырыстон ӕмбырдты тыххӕй цы базыдтам? б) Йесойы мад Марийӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у? в) Чырыстон ӕмбырдтӕ абон ахсджиаг цӕмӕн сты?
16 Диссаг нӕу, апостолтӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ «цингӕнгӕ» кӕй аздӕхтысты, уый (Лук. 24:52). Фӕлӕ сын Чырысти цы бафӕдзӕхста, уый куыд сӕххӕст кодтой? Хъуыддӕгты 1 сӕры 13 ӕмӕ 14 стихты кӕсӕм, зӕгъгӕ, «уатмӕ схызтысты» ӕмӕ уым иумӕ ӕрӕмбырд сты. Ацы стихтӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн ахӕм фембӕлдты тыххӕй. Уӕды рӕстӕджы Палестинӕйы хӕдзӕрттӕ афтӕ арӕзтой, ӕмӕ-иу дзы арӕх уыд уӕллаг уат, схизӕн-иу ӕм уыд ӕддӕрдыгӕй асинтыл. Чи зоны, уый уыд Марчы мады хӕдзар, Хъуыддӕгты 12:12 цы хӕдзары кой цӕуы, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы уат, ӕвӕццӕгӕн, уыди хуымӕтӕг ӕмӕ дзы фаг бынат уыд, цӕмӕй дзы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой. Фӕлӕ уыцы ӕмбырды чи уыд ӕмӕ дзы цы куыстой?
17 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ дзы апостолтӕй фӕстӕмӕ уыд ӕндӕр ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. Стӕй дзы ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ нӕ уыд, фӕлӕ ма «цалдӕр сылгоймаджы» дӕр. Се ’хсӕн уыди Йесойы мад Марийӕ дӕр. Библийы Марийӕйы тыххӕй ацы ран дзырд цӕуы фӕстаг хатт. Нӕ бон зӕгъын у, Марийӕ йӕхицӕн кад кӕй нӕ агуырдта, фӕлӕ сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ иумӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта. Куыд цин кодтаид, йӕ иннӕ цыппар фырты йемӕ кӕй уыдысты – Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд уырнджытӕ нӕма уыдысты (Матф. 13:55; Иоан. 7:5). Фӕлӕ, се ’фсымӕр Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ тынг фӕивтой (1 Кор. 15:7).
18 Дӕ хъус-ма ӕрдар, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд сты, уымӕ дӕр: «Се ’ппӕт дӕр... иумӕ Хуыцаумӕ куывтой» (Хъуыд. 1:14). Чырыстӕтты алкӕддӕр хъуыди иумӕ ӕмбырд кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн кувын. Мах дӕр иумӕ уый тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы разамындмӕ ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕм хъусӕм, сӕйраджыдӕр та – цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм. Иумӕ йӕм кӕй фӕкувӕм ӕмӕ йын кады зарджытӕ кӕй фӕзарӕм, уый йын тынг ӕхсызгон вӕййы, ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр тынг ахсджиаг у. Уӕдӕ макуы цух кӕнӕм, Хуыцауы цӕсты табуйаг чи у ӕмӕ нӕ ныфсыл ныфс кӕм бафты, уыцы ӕмбырдтӕ! (Дзут. 10:24, 25).
19–21. а) Петр ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый нын нӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы? б) Иудӕйы бӕсты ӕндӕр кӕйдӕр цӕмӕн хъуыди равзарын ӕмӕ, уыцы хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодтой, уый цӕуыл дзурӕг уыд?
19 Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты хъуыди иу ахсджиаг хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын, ӕмӕ Петр уыцы хъуыддаджы разамынд йӕхимӕ райста (Хъуыд. 1:15–26). Ахъуыды-ма кӕнӕм, Петр йӕ Хицауӕй ӕртӕ хатты куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нӕ рацыд, ӕмӕ куыд тынг фӕивта! Уый нын нӕ ныфсыл ныфс не ’фтауы? (Мар. 14:72). Не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм, ӕмӕ нӕ нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, Йегъовӕ кӕй у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у (Пс. 86:5).
20 Петр бамбӕрста, Чырыстийы чи ауӕй кодта, уыцы апостолы, Иудӕйы бӕсты ӕндӕр адӕймаджы равзарын кӕй хъуыди. Фӕлӕ кӕй? Уыцы адӕймаг хъуамӕ уыдаид, Йесо зӕххыл куы уыд, уыцы рӕстӕг ӕдзух йӕ фӕдыл чи цыд ӕмӕ, кӕй райгас, уый чи федта, уыдонӕй исчи (Хъуыд. 1:21, 22). Чырысти дӕр йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Сымах... мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл ӕмӕ тӕрхон кӕндзыстут Израилы дыууадӕс мыггагӕн» (Матф. 19:28). Куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕнд уыди, цӕмӕй, зӕххыл Йесойы фӕдыл ӕдзух чи цыд, уыцы 12 апостолы суыдаиккой «дыууадӕс дуры» – фидӕны Ног Иерусалимӕн йӕ бындур (Рарг. 21:2, 14). Афтӕмӕй Хуыцау Петрӕн раргом кодта, кӕддӕр цы пехуымпарад ӕрцыд фыст, уый Иудӕмӕ кӕй амоны. Фыст дзы уыди: «Йӕ цӕстдарӕджы хӕстӕ лӕвӕрд ӕрцӕуӕнт ӕндӕр искӕмӕн» (Пс. 109:8).
21 Ӕндӕр апостолы куыд равзӕрстой? Уӕды заманты куыд кодтой, афтӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой (Ӕмб. 16:33). Библийы ам фӕстаг хатт ис фыст, ахӕм хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хӕлттӕ кӕй ӕппӕрстой, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын сты, уымӕ гӕсгӕ нал хъуыди хӕлттӕ ӕппарын. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, хӕлттӕ цӕмӕн сӕппӕрстой, уымӕ. Апостолтӕ Хуыцаумӕ куывтой: «О Йегъовӕ, ды зоныс, алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр цы ис, уый. Ӕмӕ нын бацамон, ацы дыууӕ лӕгӕй кӕй равзӕрстай» (Хъуыд. 1:23, 24). Апостолты фӕндыд, цӕмӕй уыцы адӕймаджы Йегъовӕ йӕхӕдӕг равзӕрстаид. Ӕмӕ ӕвзӕрст ӕрцыд Матфи, ӕвӕццӕгӕн, Йесо хъусын кӕнынмӕ цы 70 ахуыргӕнинаджы арвыста, уыдонӕй иу. Афтӕмӕй Матфи сси «дыууадӕс апостолӕй» сӕ иуc (Хъуыд. 6:2).
22, 23. Абон ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдоны коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?
22 Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн бӕлвырд фӕтк кӕй хъуамӕ уа. Абон дӕр, ӕууӕнчы аккаг чи у, ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕвзӕрст ӕрцӕуынц ӕмбырдты цӕстдарджытӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ лӕмбынӕг ӕркӕсынц, Библимӕ гӕсгӕ цӕстдарӕгмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уымӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ скувынц, цӕмӕй сын уыцы хъуыддаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй баххуыс кӕна. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды се ’ппӕт дӕр фембарынц, цӕстдарджыты Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй снысан кӕны, ӕмӕ сӕм кӕсгӕ дӕр ахӕм цӕстӕй фӕкӕнынц. Махӕй алчидӕр алы хъуыддаджы дӕр сӕ коммӕ кӕсы ӕмӕ нын цы разамынд дӕттынц, уымӕ хъусы, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕмбырды иууылдӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайой (Дзут. 13:17).
Мах алы хъуыддаджы дӕр хъусӕм, цӕстдарджытӕй кӕй снысан кӕнынц, уыдоны разамындмӕ
23 Ахуыргӕнинӕгтӕ, Чырысти кӕй райгас, уый куы федтой, ӕмӕ ӕмбырды ивындзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд сӕ ныфсыл ныфс бафтыд ӕмӕ ныр цӕттӕ уыдысты, разӕй сӕм цы ахсджиаг хабар ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ. Иннӕ сӕры ууыл аныхас кӕндзыстӕм.
-
-
«Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
3 СӔР
«Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»
Фӕндзайӕм боны ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд цы хабӕрттӕ ӕрцыд
Арӕзт у Хъуыддӕгты 2:1–47
1. Фӕндзайӕм боны-иу Иерусалимы цы фенӕн уыд?
ИЕРУСАЛИМЫ уынгты адӕм ӕмызмӕлд кӕнынцa. Кувӕндоны нывондхӕссӕнӕй фӕздӕг уӕлӕмӕ цӕуы. Уыцы рӕстӕг левиттӕ зарынц кады зарджытӕ, аллилуйӕ, зӕгъгӕ (Псаломтӕ 113–118). Ӕвӕццӕгӕн, зарынц дыууӕ къордӕй радгай (антифон). Уынгты ӕрцӕуӕг адӕмӕй азмӕлӕн нӕй. Ӕрцыдысты дард рӕттӕй, зӕгъӕм, Еламӕй, Месопотамийӕ, Каппадокийӕ, Понтӕй, Египетӕй ӕмӕ Ромӕйb. Уыйбӕрц адӕм цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд? У Фӕндзайӕм бон, хонынц ма йӕ «фыццаг тыллӕджы бон» дӕр (Ным. 28:26). Ацы бӕрӕгбон алы аз дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц, хъӕбӕрхор кӕрдыны афон куы фӕвӕййы ӕмӕ мӕнӕу кӕрдыны афон куы райдайы, уӕд. Уый у стыр цины бон.
2. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд?
2 Н. э. 33 азы уыцы уалдзыгон бон райсомӕй, фараст сахатмӕ ’ввахс, ӕрцыд диссаджы хабар. Уыцы хабар бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр нӕ ферох. Ӕвиппайды арвӕй «ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад» (Хъуыд. 2:2). Ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, 120 адӕймаджы бӕрц, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг: ауыдтой арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ ӕмӕ дзы алы ахуыргӕнинагыл дӕр иу ӕрцыдc. Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты» ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой! Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕддӕмӕ куы рацыдысты, уӕд, Иерусалимы уынгты цы ӕрцӕуӕг адӕмыл ӕмбӕлдысты, уыдон дисӕй мардысты, сӕ бон куыд у немӕ ныхас кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дис дӕр куыннӕ кодтаиккой – ахуыргӕнинӕгтӕ «дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл»! (Хъуыд. 2:1–6).
3. а) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цавӕр стыр хъуыддаг сарӕзта? б) Петры раныхас куыд баст у «паддзахады дӕгъӕлтимӕ»?
3 Уыцы бон Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй сарӕзта стыр хъуыддаг – йӕхицӕн скодта ног адӕм, «Хуыцауы Израил», кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд (Гал. 6:16). Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ фӕци. Уыцы бон Петр адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд спайда кодта «паддзахады дӕгъӕлтӕй» фыццагӕй. Уыцы дӕгъӕлтӕ уыдысты ӕртӕ, ӕмӕ дзы алы дӕгъӕл дӕр алыхуызон адӕмтӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой (Матф. 16:18, 19). Фыццаг дӕгъӕлы фӕрцы дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн фӕзынди фадат, цӕмӕй хорз хабар фехъуыстаиккой ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккойd. Афтӕмӕй уыдон суыдаиккой Хуыцауы Израил ӕмӕ фидӕны уыдаиккой, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы Паддзахады паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:9, 10). Фӕстӕдӕр уыцы диссаджы кад хъуамӕ ӕрхаудаид самариӕгтӕм ӕмӕ иннӕ адӕмтӕм дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй чырыстӕттӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?
«Иууылдӕр иу хӕдзары ӕрӕмбырд сты» (Хъуыд. 2:1–4)
4. Абоны чырыстон ӕмбырд куыд баст у, н. э. 33 азы цы ӕмбырд фӕзынд, уыимӕ?
4 Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр 120 бӕрц. Уыдон «иууылдӕр иу хӕдзары [уӕллаг уаты] ӕрӕмбырд сты» ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты (Хъуыд. 2:1). Уыцы бон нӕма фӕци, афтӕ, донаргъуыд чи райста,
-