Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Конгресстӕм цӕмӕн фӕцӕуӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 11 СӔР

      Конгресстӕм цӕмӕн фӕцӕуӕм?

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ регионалон конгрессы Мексикӕйы

      Мексикӕ

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ регионалон конгрессы Германийы

      Германи

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ регионалон конгрессы Ботсванӕйы

      Ботсванӕ

      Лӕппу донаргъуыд райста Никарагуайы

      Никарагуа

      Драмӕ регионалон конгрессы Италийы

      Итали

      Цымӕ ацы адӕм афтӕ тынг цӕмӕн цин кӕнынц? Уыдон сты конгрессы. Рагзаманты Хуыцау йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу афӕдз ӕртӕ хатты иумӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой. Ӕмӕ-иу уыдон куыд зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты уыцы рӕстӕгмӕ, мах дӕр афтӕ зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ конгресстӕм (Дыккаг закъон 16:16). Конгресстӕ нын вӕййы афӕдз ӕртӕ хатты: дыууӕ хатты – районон конгресс (фӕцӕуы иу бон), иу хатт та – регионалон конгресс (фӕцӕуы ӕртӕ боны). Уыцы стыр ӕмбырдтӕ нын цы пайда хӕссынц?

      Нӕ хотимӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ тынгдӕр балымӕн вӕййӕм. Израилӕгтӕ-иу «стыр ӕмбырды» Йегъовӕйы иумӕ куы кадджын кодтой, уӕд-иу сын уый хаста стыр циндзинад. Ӕмӕ мах дӕр конгрессты Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг кӕны (Псалом 26:12; 111:1). Конгрессты вӕййы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ алы ӕмбырдтӕй ӕмӕ ма суанг ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр. Ӕмӕ нын хорз фадат вӕййы, цӕмӕй семӕ базонгӕ уӕм ӕмӕ аныхӕстӕ кӕнӕм. Сихорафон, конгресс кӕм фӕцӕуы, уым иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм, кӕрӕдзийыл фӕцин кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ ссарӕм (Хъуыддӕгтӕ 2:42). Конгрессты нӕхӕдӕг фенӕм, ӕгас дунейы нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдон кӕрӕдзи куыд уарзынц, уый (1 Петры 2:17).

      Нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Израилӕгтӕн уыцы стыр ӕмбырдты ӕмбарын кодтой Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ сын уый дӕр хаста стыр пайда (Нееми 8:8, 12). Махӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕвӕййынц, конгрессты Библийӕ цы хорз уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдон. Алы конгрессӕн дӕр йӕ темӕ ист вӕййы Библийӕ. Вӕййы дзы алыхуызон раныхӕстӕ, стӕй равдыстытӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны фӕрцы ахуыр кӕнӕм Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Стӕй дзы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ радзурынц, ацы уӕззау рӕстӕджыты цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ сӕрты куыд ахизынц, уый тыххӕй, ӕмӕ нын уый нӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Регионалон конгрессты ма вӕййы драмӕтӕ дӕр. Уыдоны фӕрцы нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон ӕмӕ дзы нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсӕм. Уымӕй уӕлдай ма конгрессы донаргъуыд райсынц, йӕ цард Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыдон.

      • Конгресстӕ нын стыр цины хос цӕмӕн вӕййынц?

      • Конгресмӕ куы ’рбацӕуай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Кӕд дӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуыздӕр базонын фӕнды, уӕд дӕ зӕрдиагӕй хонӕм конгресмӕ. Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый дын равдисдзӕн конгрессы программӕ ӕмӕ фендзынӕ, дзырд дзы цӕуыл цыди, уый. Дӕ къӕлиндары фӕнысан кӕн, иннӕ конгресс кӕд уыдзӕн, уый, ӕмӕ дын кӕд фадат уа, уӕд-иу ӕрбацу.

  • Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 12 СӔР

      Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынц

      Испани

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн парчы хъусын кӕны

      Беларусь

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн хъусын кӕны телефонӕй

      Гонконг

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц

      Перу

      Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Фӕлӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр цӕй фӕрцы хъуамӕ апарахат уыдаид? Чырысти куыд хъусын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр афтӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы (Лукайы 8:1).

      Хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта, цӕмӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтаиккой (Матфейы 10:11–13; Хъуыддӕгтӕ 5:42; 20:20). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн-иу бӕлвырд разамынд лӕвӕрд ӕрцыди, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый фӕдыл (Матфейы 10:5, 6; 2 Коринфӕгтӕм 10:13). Афтӕ у абон дӕр. Алы ӕмбырдӕн дӕр снысан кӕнынц, кӕм хъуамӕ хъусын кӕна, ахӕм территори. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у, Чырысти нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ «адӕмӕн хъусын кӕнын» ӕмӕ сын, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый «бӕстон ӕмбарын кӕнын» (Хъуыддӕгтӕ 10:42).

      Хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым. Чырысти ма хъусын кодта, адӕм-иу кӕм уыд, ахӕм рӕтты дӕр, зӕгъӕм, денджызы был кӕнӕ цъайы цур (Марчы 4:1; Иоанны 4:5–15). Ӕмӕ мах дӕр адӕмимӕ Библийы тыххӕй фӕныхас кӕнӕм алы рӕтты – уынгты, куыстуӕтты ӕмӕ паркты, стӕй телефонӕй дӕр. Фадат нын куы фӕвӕййы, уӕд ма фӕхъусын кӕнӕм нӕ сыхӕгтӕн, нӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ, кӕимӕ кусӕм кӕнӕ кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр. Алы фадатӕй дӕр кӕй пайда кӕнӕм, уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр милуантӕ фехъуыстой хорз хабар, Хуыцау «цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй» (Псалом 96:2).

      Ахъуыды кӕн, дӕуӕн та дӕ бон кӕмӕн уаид Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар радзурын ӕмӕ йын уыцы Паддзахад цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый бамбарын кӕнын. Уыцы диссаджы хабар иннӕтӕн ма бавгъау кӕн. Куыддӕр дын фадат фӕзына, афтӕ сын ӕй радзур!

      • Адӕм цавӕр «хорз хабар» хъуамӕ фехъусой?

      • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийы куыд фӕзмынц?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн зӕгъ, цӕмӕй дын равдиса, Библийӕ цы базыдтай, уый дӕ бон куыд у дӕ зонгӕтӕй искӕмӕн фӕлмӕнӕй бамбарын кӕнын.

  • Чи у пионер?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 13 СӔР

      Чи у пионер?

      Пионер хорз хабар хъусын кӕны

      Канадӕ

      Пионер хорз хабар хъусын кӕны

      Хъусын кӕны хӕдзарӕй-хӕдзармӕ

      Пионер Библи ахуыр кӕны

      Библи ахуыр кӕны иннӕтимӕ

      Пионер Библи иртасы

      Йӕхӕдӕг Библи иртасы

      Пионер арӕх фӕхонынц, адӕймаг йӕ къах кӕм нӕма ӕрӕвӕрдта, ахӕм рӕттӕм чи ацӕуы ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн фӕндаг чи байгом кӕны, уыдоны. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо дӕр уыди пионер. Хуыцау ӕй зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй адӕмӕн балӕггад кодтаид, йӕ цард уыдоны тыххӕй раттаид ӕмӕ сын ирвӕзындзинадмӕ фӕндаг байгом кодтаид (Матфейы 20:28). Абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн (Матфейы 28:19, 20). Бирӕтӕ сӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй.

      Пионертӕ сӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай дӕттынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар. Фӕлӕ дзы бирӕтӕ сӕ цард афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕной, ома алы мӕй дӕр 70 сахаты хъусын кӕной. Цӕмӕй уыйбӕрц лӕггад кӕнын сӕ бон уа, уый тыххӕй ссарынц, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм куыст. Чидӕртӕ та лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй. Уыдон цӕрынмӕ ацӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм ӕмӕ алы мӕй дӕр фӕхъусын кӕнынц 130 сахаты кӕнӕ фылдӕр. Пионертӕ кӕнынц хуымӕтӕг цард ӕмӕ сын цы ис, уый фагыл нымайынц. Уыдоны фидарӕй уырны, царды сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй сӕ Йегъовӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн (Матфейы 6:31–33; 1 Тимофеймӕ 6:6–8). Йӕ бон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын кӕмӕн нӕу, уыдон та фӕлӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй, ома мӕйы мидӕг хъусын кӕнынӕн рахицӕн кӕнынц 30 кӕнӕ 50 сахаты.

      Пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон уарзынц Хуыцауы ӕмӕ адӕмы. Чырыстийау мах дӕр уынӕм, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй куыд мӕгуырау уавӕры сты, уый (Марчы 6:34). Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, Библийӕ цы зонӕм, уый сын абон дӕр стыр ӕххуыс кӕй уыдзӕн ӕмӕ сын фидӕнӕй дӕр фидар ныфс кӕй фӕзындзӕн. Пионертӕ адӕмы уарзынц, ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кӕной (Матфейы 22:39; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:8). Афтӕмӕй сӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр кӕнынц ӕввахсдӕр, стӕй сын уыцы хъуыддаг хӕссы стыр циндзинад (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

      • Пионер чи у, уый куыд бамбарын кӕнис?

      • Бирӕтӕ пионертӕй цӕмӕн лӕггад кӕнынц?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын