-
Разамонӕг совет абон куыд архайы?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
20 СӔР
Разамонӕг совет абон куыд архайы?
Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет
Разамонӕг советы фыстӕг кӕсынц
Фыццаг ӕнусы-иу, ӕппӕт ӕмбырдтӕм дӕр чи хауд, ахӕм ахсджиаг фарстатӕ алыг кодта, Иерусалимы чи уыд, уыцы «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты» гыццыл къорд – разамонӕг совет (Хъуыддӕгтӕ 15:2). Исты хъуыддаджы тыххӕй-иу сӕ аныхас кӕнын куы хъуыди, уӕд-иу ӕркастысты, уыцы фарстайы фӕдыл Фыстад цы зӕгъы, уымӕ, стӕй-иу Хуыцаумӕ скуывтой, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты разамынд лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы ӕмвӕндӕй уынаффӕ рахастой (Хъуыддӕгтӕ 15:25). Абон дӕр Йегъовӕйы организацийы ахсджиаг уынаффӕтӕ афтӕ фӕхӕссынц.
Хуыцау йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны Разамонӕг советы уылты. Разамонӕг советы чи ис, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ цыфӕнды хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ дӕр фӕархайынц, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бамбарыныл. Уыцы ӕфсымӕртӕ сты фӕлтӕрд ӕмӕ, алыхуызон уавӕрты куыд бакӕнын хъӕуы, уый фӕзонынц. Уыдон алы къуыри дӕр фембӕлынц ӕмӕ иумӕ фӕныхас кӕнынц, ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хъӕуы, ууыл. Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет Библимӕ гӕсгӕ разамынд фӕдӕтты фыстӕджыты, стӕй цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕм хӕст сты иу зондыл ӕмӕ архайгӕ дӕр иу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕнынц (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5). Разамонӕг совет йӕ хъус дары, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, уыцы хӕринаг нын афоныл куыд уа, уымӕ. Стӕй алцыдӕр аразы, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Йӕ хъус ма дары, ӕфсымӕрты цӕуӕг цӕстдарджытӕй, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй куыд снысан кӕнынц, уымӕ дӕр.
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ хъусынц. Разамонӕг совет зонд агуры не Стыр Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырды Хистӕр Йесо Чырыстийӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 5:23). Уыцы ӕфсымӕртӕ сӕхи Хуыцауы адӕмы хицӕуттыл нӕ нымайынц, фӕлӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ, «Уӕрыкк [ома Йесо] кӕдӕм цӕуы... уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (Раргомад 14:4). Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ тынг аргъ кӕнынц, уыдоны тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уымӕн.
Фыццаг ӕнусы разамонӕг советы чи уыд?
Абон Разамонӕг совет зонд Хуыцауӕй куыд агуры?
-
-
Цы у Вефил?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
21 СӔР
Цы у Вефил?
Нывгӕнджыты хайад (АИШ)
Германи
Кени
Колумби
«Вефил» у дзуттаг дзырд ӕмӕ нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар» (Райдиан 28:17, 19, фиппаинаг). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хонынц, ӕгас дунейы дӕр сын алы рӕтты чи ис ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕцӕй дӕттынц, уыцы бӕстыхӕйттӕ. Разамонӕг совет ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Нью-Йорчы (АИШ), ӕмӕ йӕ хъус дары, алы ӕмӕ алы бӕстӕты филиалты цы куыст цӕуы, уымӕ. Уыцы филиалты чи лӕггад кӕны, уыдон сӕхи хонынц Вефилы бинонтӕ. Уыдон иу бинонтау хӕларӕй цӕрынц, кусгӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр кӕнынц иумӕ, стӕй Библи дӕр иумӕ фӕахуыр кӕнынц (Псалом 133:1).
Вефил у, иумӕ удуӕлдайӕ кӕм лӕггад кӕнынц, ахӕм диссаджы бынат. Вефилты лӕггад кӕнынц, Йегъовӕйы фӕндон йӕ царды фыццаг бынаты чи ӕвӕры ӕмӕ йӕ рӕстӕг иууылдӕр Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн чи дӕтты, ахӕм чырыстӕттӕ (Матфейы 6:33). Уыдон сӕ куысты тыххӕй мызд нӕ исынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр алкӕмӕн дӕр ис, кӕм цӕра ӕмӕ цы хӕра, уый, стӕй сын фӕндаггаг ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕн ӕхца фӕдӕттынц. Вефилы алкӕмӕн дӕр бахӕс кӕнынц цавӕрдӕр куыст. Чи дзы офисы кусы, чи – къухнийы кӕнӕ хӕрӕндоны, чи та литературӕ мыхуыр кӕны. Иннӕтӕ та агъуыстытӕ ӕфснайынц, гӕрзтӕ ӕхсынц, Вефилы бӕстыхӕйттӕм зилынц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм куыстытӕ кӕнынц.
Вефил стыр ӕххуыс у хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Вефилтӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕм фехъусой. Ӕмӕ ацы брошюрӕ дӕр уый тыххӕй уагъд ӕрцыд. Фыццаг уал ӕй Разамонӕг советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ ныффыстой. Стӕй йӕ Интернетӕй арвыстой, дунейы алы рӕтты цы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонмӕ. Уый фӕстӕ йӕ иуӕй-иу Вефилты типографиты, тагъд чи кусы, ахӕм станоктыл ныммыхуыр кодтой ӕмӕ цӕттӕ брошюрӕтӕ фӕхӕццӕ кодтой 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕрмӕ. Ацы куыст райдианӕй кӕронмӕ бакодтой, Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдон. Афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕн – хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн (Марчы 13:10).
Вефилы чи лӕггад кӕны ӕмӕ сӕ царды уавӕрты тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
Вефилты цы куыст цӕуы, уый цавӕр ахсджиаг хъуыддагимӕ у баст?
-
-
Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
22 СӔР
Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?
Соломоны сакъадӕхтӕ
Канадӕ
Хуссар Африкӕ
Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон кусынц алыхуызон хайӕдты ӕмӕ афтӕмӕй иу кӕнӕ цалдӕр бӕстӕйӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Зӕгъӕм, лӕггад кӕнынц тӕлмацгӕнджыты къордты, мыхуыр кӕнынц журналтӕ, чингуытӕн алыхуызон цъӕрттӕ аразынц, литературӕ кӕм вӕййы, уыцы скълӕдты кусынц, уадзынц аудио- ӕмӕ видеопродукци ӕмӕ ӕндӕр ахӕм куыстытӕ кӕнынц.
Филиалы комитет дзуапп дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Разамонӕг совет алы филиалы дӕр снысан кӕны филиалы комитет. Уыцы комитеты вӕййы ӕртӕ кӕнӕ фылдӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаджы. Филиалы комитет Разамонӕг советӕн фӕхабар кӕны, йӕ бӕрны чи ис, уыцы бӕстӕйы кӕнӕ бӕстӕты хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы ӕмӕ дзы цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны, уый тыххӕй. Афтӕмӕй Разамонӕг совет уынаффӕ рахӕссы, нӕ литературӕйы, стӕй ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты хъус ӕрдарын цӕмӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Разамонӕг совет йӕ минӕвӕртты арвиты, цӕмӕй-иу филиалтӕ бабӕрӕг кӕной ӕмӕ-иу филиалты комиттетӕн бацамоной, сӕ бон куыд у сӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Сӕйраг хайады минӕварӕн вӕййы сӕрмагонд программӕ. Зӕгъӕм, бацӕттӕ кӕны раныхас, филиалы территорийы цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цӕры, уыдонӕн ӕмӕ сын уый фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтауы.
Филиал ӕххуыс кӕны ӕмбырдтӕн. Цалынмӕ ног ӕмбырд фӕзыны, уӕдмӕ уал филиалы бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсынц ӕмӕ стӕй уынаффӕ рахӕссынц. Уыдон ма разамынд дӕттынц, филиалы территорийы чи лӕггад кӕны, уыцы пионертӕн, миссионертӕн ӕмӕ районон цӕстдарджытӕн дӕр. Уыцы ӕфсымӕртӕ спълан кӕнынц, конгресстӕ кӕд ӕмӕ кӕмыты ацӕудзысты, уый. Стӕй разамынд дӕттынц Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддагӕн. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъус дарынц, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕ афоныл райсой, литературӕйӕ сӕ цы хъӕуы, уый. Филиалтӕ цыдӕриддӕр аразынц, уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы ӕнӕкъуылымпыйӕ, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40).
Филиалты комитеттӕ Разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
Филиалты бӕрны цавӕр хъуыддӕгтӕ ис?
-