-
Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
-
-
1 хай
Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
1, 2. Адӕммӕ Хуыцауы тыххӕй цавӕр фарста фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?
ЧИ ЗОНЫ, искуы ахъуыды кодтай: «Кӕд Хуыцау ис ӕмӕ ныл тыхсы, уӕд зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис?» Ӕвӕццӕгӕн, хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, ахӕм адӕймаг нӕй.
2 Адӕмӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр стыр маст ӕмӕ рыст ӕвзарын кӕнынц хӕстытӕ, ӕгъатыр митӕ, фыдракӕндтӕ, хӕрам хъуыддӕгтӕ, мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ хиуӕтты мӕлӕт. Ӕрмӕст 20 ӕнусы хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Иннӕ сӕдӕгай милуантӕ та фӕцӕфтӕ сты кӕнӕ ӕнӕ хӕдзар ӕмӕ ӕнӕ мулкӕй баззадысты. Нӕ рӕстӕджы бирӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы. Ӕмӕ уый аххосӕй йӕ зӕрдӕ цал адӕймагӕн фӕриссы, йӕ цӕссыгӕй йӕхи цал адӕймаджы фехсы ӕмӕ йӕ ныфс цал адӕймагӕн асӕтты, уыдоны банымайӕн дӕр нӕй.
3, 4. Хуыцау кӕй уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной, уый тыххӕй бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц?
3 Иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур вӕййынц, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, кӕд Хуыцау ис, уӕд ныл ӕппындӕр нӕ тыхсы, зӕгъгӕ. Кӕнӕ та афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау нӕй. Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг иу нӕлгоймагӕн йе ’мбӕлтты ӕмӕ йӕ бинонты амардтой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уый бафарста: «Кӕм уыди Хуыцау, йе ’ххуыс нӕ куы хъуыди, уӕд?» Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг нацисттӕ фыдмард акодтой милуангай адӕмы. Уыцы хӕсты дудгӕбӕттӕ йӕхи сӕр кӕмӕн баййӕфта, иу ахӕм нӕлгоймаг та загъта: «Мӕ зӕрдӕ мын исчи куы асдӕрид, уӕд фӕхъӕстӕ уаид».
4 Уӕдӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, кӕд Хуыцау хорз у, уӕд цӕмӕн уадзы, цӕмӕй ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуа. Уыдон дызӕрдыг кӕнынц, кӕй сыл тыхсы, ууыл, стӕй ма кӕй ис, суанг ууыл дӕр. Бирӕтӕ сӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕм цард-цӕрӕнбонты хъуамӕ хъизӕмар кӕной.
[Ныв 2, 3 фӕрстыл]
Цымӕ, хъизӕмӕрттӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дуне ӕввахс у?
-
-
Цард ӕнӕ хъизӕмӕрттӕйХуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
-
-
2 хай
Цард ӕнӕ хъизӕмӕрттӕй
1, 2. Милуангай адӕм та куыд хъуыды кӕнынц?
ФӔЛӔ ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕм бынтон ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнынц. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц диссаджы фидӕнмӕ. Фидарӕй зӕгъынц, тагъд рӕстӕджы ам зӕххыл кӕй скӕндзӕн ахӕм цард, ӕмӕ дзы фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ нал уыдзӕн. Уырны сӕ, тагъд ӕвзӕрдзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ кӕй ралӕудзӕн ног дуне. Афтӕ дӕр ма дзурынц, зӕгъгӕ, уыцы ног дунейӕн бындур абон цӕуы ӕвӕрд.
2 Уыцы адӕмы уырны, ног дунейы кӕй нал уыдзӕн хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, ӕгъатыр ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ, стӕй мӕгуырдзинад. Уый уыдзӕн, низтӕ, маст, цӕссыг ӕмӕ суанг мӕлӕт дӕр кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм дуне. Уыцы рӕстӕг адӕм суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты. Суанг мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ сын фадат уыдзӕн ӕнустӕм цӕрынӕн!
3, 4. Уыцы адӕм афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц?
3 Афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый цымӕ ӕрмӕст бӕллиц у? Цымӕ митӕй мӕсгуытӕ нӕ амайынц? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уыдоны фидарӕй уырны, зӕххыл Дзӕнӕт ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:1). Цӕмӕ гӕсгӕ сӕ уырны? Уымӕн ӕмӕ уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта, Дун-дуне чи сфӕлдыста, уыцы ӕппӕтхъомысджын Хуыцау.
4 Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй Библи дзуры: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг». «Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа... Уый зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? Йӕ дзыхӕй ныхас рацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кӕндзӕн?» «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ расомы кодта: „Куыддӕриддӕр сфӕнд кодтон, афтӕ уыдзӕн. Куыддӕриддӕр аскъуыддзаг кодтон, афтӕ рауайдзӕн“» (Йесо Навин 23:14; Нымӕцтӕ 23:19; Исай 14:24).
5. Цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп ссарын?
5 Фӕлӕ кӕд Хуыцауы зӕххыл Дзӕнӕт скӕнын фӕндыд, уӕд цымӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуа? Кӕд ныр ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон скӕнынмӕ хъавы, уӕд ӕхсӕз мин азы цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Адӕм ӕнусты дӕргъы хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Хуыцау ӕцӕг нӕ тыхсы кӕнӕ Хуыцау нӕй?
-