Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Нӕлгоймаг Библимӕ кӕсы

      Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

      Библийы цы фыст ис, уый зоныс? Библи куыд парахат у, афтӕ иу чиныг дӕр парахат никуы уыд. Ацы чиныг кӕсгӕйӕ алыхуызон адӕм ссарынц удӕнцой, ныфс сӕ бацӕуы ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон сын царды ӕххуыс кӕнынц. Фӕлӕ абон бирӕтӕ нӕ зонынц, Библийы цы фыст ис, уый. Хуыцауыл ӕууӕндыс ӕви нӕ, уӕддӕр дӕ, ӕвӕццӕгӕн, базонын фӕнды, ацы чиныджы цӕй кой цӕуы, уый. Ацы брошюрӕйы фӕрцы фылдӕр базондзынӕ Библийы тыххӕй.

      ЦАЛЫНМӔ Библи кӕсын нӕ райдайай, уӕдмӕ уал хорз уаид ацы чиныджы тыххӕй цалдӕр хъуыддаджы куы базонис. Зӕгъӕм, Библи ма хонынц Сыгъдӕг Фыстад дӕр. Ис дзы 66 чиныджы, фыццаг хуыйны Райдиан, фӕстаг та – Раргомад, кӕнӕ Апокалипсис.

      Чи у Библийы автор? Уый хорз фарста у. Библи фыстой 40 адӕймаджы бӕрц 1 600 азӕй фылдӕр. Фӕлӕ уыцы адӕмӕй йӕхи Библийы авторыл ничи нымадта. Йӕ фысджытӕй иу загъта: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Иннӕ та ныффыста: «Йегъовӕйы тых дзырдта мӕн уылты, ӕмӕ йӕ ныхас уыди ме ’взагыл» (2 Самуилы 23:2). Уӕдӕ бӕрӕг у, Библи чи фыста, уыдон йӕ авторыл Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы кӕй нымадтой. Фыстад куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм хуыздӕр зоной.

      Цы ма хъӕуы Библийы тыххӕй зонын? Райдианӕй кӕронмӕ дзы ис иу ахсджиаг хъуыды: Хуыцау йӕ уӕларвон Паддзахады фӕрцы сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый. Ацы брошюрӕ кӕсгӕйӕ фендзынӕ, уыцы ахсджиаг хабар ӕнӕхъӕн Библийы дӕр куыд ирдӕй зыны, уый.

      Уӕдӕ ӕркӕсӕм, дунейы ӕппӕты зындгонддӕр чиныг Библийы цавӕр ахсджиаг хабар ис, уымӕ.

  • Сфӕлдисӕг адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Дзӕнӕнты
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны, сӕ алыварс та – цӕрӕгойтӕ

      1 СӔР

      Сфӕлдисӕг адӕймаджы ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты

      Хуыцау сфӕлдыста дун-дуне. Зӕххыл сфӕлдыста алцӕмӕй ӕххӕст нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, ӕрцӕрын сӕ кодта рӕсугъд цӕхӕрадоны ӕмӕ сын радта фӕдзӕхстытӕ

      Домбӕйттӕ, цъиутӕ ӕмӕ сагтӕ Едемы цӕхӕрадоны

      «РАЙДИАНЫ Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1). Адӕм цы чингуытӕ ныффыстой, уыдонӕй иуы дӕр ахӕм хуымӕтӕг, фӕлӕ диссаджы ныхӕстӕ не ’мбӕлынц. Ацы ныхӕстӕй нӕ Библи зонгӕ кӕны, Сыгъдӕг Фыстады сӕйраджыдӕр кӕй тыххӕй фыст ис, уыимӕ – Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕимӕ. Библийы фыццаг стих нын дзуры, Хуыцау кӕй сфӕлдыста дун-дуне ӕмӕ, мах цы зӕххыл цӕрӕм, уый дӕр. Стӕй нын ӕмбарын кӕны, цалдӕр «боны», ома бирӕ рӕстӕг, зӕхх кӕй цӕттӕ кодта цӕрынӕн ӕмӕ йыл диссаджы ӕрдз кӕй сфӕлдыста.

      Хуыцау зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты диссагдӕр у адӕймаг. Йегъовӕ Хуыцау ӕй сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, ома йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй йӕ схайджын кодта, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ зондӕй. Хуыцау адӕймаджы скодта сыджытӕй, радта йын ном Адам ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты – Едемы цӕхӕрадоны. Уыцы диссаджы рӕсугъд цӕхӕрадоны Хуыцау ӕрзайын кодта, дыргъ чи хӕссы, ахӕм бӕлӕстӕ.

      Хуыцау ӕмбӕрста, Адамы ӕмбал кӕй хъӕуы. Йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа ӕмӕ дзы сылгоймаджы скодта. Стӕй йӕм ӕй ӕрбакодта ӕмӕ сын сӕ цард баиу кодта. Уый фӕстӕ йыл Адам сӕвӕрдта ном Евӕ. Адам ныццин кодта ӕмӕ загъта: «Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй». Хуыцау загъта: «Уый тыххӕй адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:22–24; 3:20).

      Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта дыууӕ фӕдзӕхсты. Фыццаг: хъуамӕ зӕхмӕ зылдаиккой, сӕ хъус ӕм дардтаиккой, цот уагътаиккой ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уыдаиккой. Дыккаг: хъуамӕ ӕнӕхъӕн цӕхӕрадоны ӕрмӕстдӕр иу бӕласы дыргъӕй ма бахордтаиккой, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» (Райдиан 2:17). Куы нӕ йӕм байхъуыстаиккой, уӕд амардаиккой. Уыцы фӕдзӕхстытӕ сын Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид равдисын, сӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайынц. Сӕ коммӕгӕсдзинадӕй ма бӕрӕг уыдаид, кӕй йӕ уарзынц ӕмӕ дзы бузныг кӕй сты. Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ кастаиккой йӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй хорздзинад йеддӕмӕ ницы зыдтой. Фыццаг дыууӕ адӕймаджы алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уыдысты, иу хъӕндзинад дӕр сӕм нӕ уыд. Библийы кӕсӕм: «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:31).

      Райдианы чиныг, 1 ӕмӕ 2 сӕртӕ.

      • Адӕм ӕмӕ зӕхх куыд фӕзындысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

      • Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цавӕр цард хъуамӕ уыдаид?

      • Хуыцау сын цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта?

      ХУЫЦАУЫ НОМ

      Сыгъдӕг Фыстад Хуыцауы алыхуызон кады нӕмттӕй хоны, зӕгъӕм, Сфӕлдисӕг ӕмӕ Стыр Хуыцау. Йӕ кады нӕмттӕй иуӕй-иутӕ дзурӕг сты йӕ миниуджытыл – йӕ уарзондзинадыл, ӕнӕфау кӕй у, стыр хъару ӕмӕ зонды хицау кӕй у, стӕй рӕстӕй кӕй архайы, ууыл. Фӕлӕ Хуыцау йӕхицӕн радта ном – Йегъовӕ. Библийы фыццаг къухфыстыты Хуыцауы ном ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц, фыццаг хатт ӕмбӕлы Райдианы 2:4 стихы. Ном Йегъовӕ нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауӕн йӕ бон у йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ се ’ппӕт дӕр сӕххӕст кӕнын.

  • Дзӕнӕты цӕрыны бар сын нал уыд
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Евӕ бавнӕлдта, хӕрӕн сын кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргъмӕ

      2 СӔР

      Дзӕнӕты цӕрыны бар сын нал уыд

      Зӕдтӕй сӕ иу Хуыцауы ныхмӕ рацыд ӕмӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, йӕ зондыл акодта ӕмӕ сӕ Хуыцауы ныхмӕ сарӕзта. Уый аххосӕй адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ туджы тӕригъӕд рахастой ӕмӕ мӕлын райдыдтой

      ХУЫЦАУ адӕмы сфӕлдисыны размӕ сфӕлдыста бирӕ зӕдтӕ. Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕд, Хӕйрӕг, Едемы цӕхӕрадоны Евӕйы асайдта ӕмӕ йын бахӕрын кодта, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ, уыцы бӕласы дыргъӕй.

      Хӕйрӕг афтӕ бакодта, цыма Евӕимӕ калм ныхас кӕны, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ уӕ Хуыцау цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы. Уыцы зӕд Евӕйӕн загъта, ӕвналыны бар кӕмӕ нӕй, уыцы дыргъӕй куы бахӕрой, уӕд кӕй нӕ амӕлдзысты. Афтӕмӕй Хӕйрӕг Хуыцауы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, йӕ зӕххон сывӕллӕтты сайы. Хӕйрӕг афтӕ дзырдта, цыма Хуыцауы коммӕ куы нӕ кӕсой, уӕд сын хуыздӕр уыдзӕн – фылдӕр зондзысты ӕмӕ сӕрибар уыдзысты. Фӕлӕ уый мӕнг ныхас уыди – зӕххыл фыццаг мӕнг ныхас. Ӕцӕгӕй та ныхас цыди Хуыцауы бартыл: Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын ис, рӕстӕй архайы ӕмӕ кӕй сфӕлдыста, уыдоныл тыхсы ӕви нӕ.

      Евӕ Хӕйрӕджы ныхӕстыл баууӕндыд. Уыцы дыргъмӕ бабӕллыд ӕмӕ дзы стӕй бахордта. Фӕстӕдӕр дзы йӕ лӕгӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта. Афтӕмӕй систы тӕригъӕдджынтӕ. Фыццаг бакастӕй афтӕ зынди, цыма ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтой, фӕлӕ уый дзурӕг уыд, ӕгоммӕгӕс кӕй уыдысты, ууыл. Хуыцауы фӕдзӕхст кӕй фехӕлдтой, уымӕй Адам ӕмӕ Евӕ равдыстой, се Сфӕлдисӕджы, алцыдӕр сын чи радта, ӕххӕст цардӕй сӕ чи схайджын кодта, уый сӕ хицауыл кӕй нӕ нымайынц.

      «Байзӕддаг... дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15)

      Хуыцау тӕрхон рахаста, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн. Ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй ӕрцӕудзӕн «Байзӕддаг», кӕнӕ «Ирвӕзынгӕнӕг», ӕмӕ Хӕйрӕджы – калмы, кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйыл мӕлӕты тӕрхон уайтагъд нӕ сӕххӕст кодта. Афтӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста сӕ фидӕны цотмӕ. Сӕ сывӕллӕттӕн ныфс фӕзынд: Хуыцау сӕм рарвитдзӕн, тӕригъӕд ӕмӕ сӕ мӕлӕтӕй чи ссӕрибар кӕндзӕн, уый. Хуыцау йӕ ныхас куыд сӕххӕст кодта ӕмӕ уыцы Ирвӕзынгӕнӕг чи уыд? Уый рабӕрӕг фӕстӕдӕр, Библи фыст куыд цыди, афтӕ.

      Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы дзӕнӕтӕй ратардта. Цӕмӕй сӕхи фӕдардтаиккой, уый тыххӕй сӕ ныр хъуыд уӕззау фыдӕбон кӕнын. Стӕй Евӕйӕн райгуырд фыццаг сывӕллон – Каин. Фӕстӕдӕр ма Адам ӕмӕ Евӕйӕн ноджыдӕр райгуырд лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, уыимӕ Авел ӕмӕ Сиф, Нойы фыдӕлтӕй иу.

      Райдианы чиныг, 3 ӕмӕ 5 сӕртӕ; Раргомад 12:9.

      • Фыццаг мӕнг ныхас цавӕр уыди ӕмӕ йӕ чи загъта?

      • Адам ӕмӕ Евӕйӕн дзӕнӕты цӕрыны бар цӕуылнӕуал уыд?

      • Хуыцау сын тӕрхон куы рахаста, уӕд ныфс цӕмӕй бавӕрдта?

      ТӔРИГЪӔД ӔМӔ МӔЛӔТ

      Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ алцӕмӕйдӕр ӕххӕст уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ ӕнустӕм дзӕнӕты цардаиккой. Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастысты, уӕд систы тӕригъӕдджын. Ӕххӕст нал уыдысты ӕмӕ сӕ Царддӕттӕг Йегъовӕйӕ фӕхицӕн сты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фӕрвӕзын (Ромӕгтӕм 5:12).

  • Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕ

      1. «Райдиан...»

      2. н. э. размӕ 4026 азы Хуыцау сфӕлдыста Адамы

      3. н. э. размӕ 3096 азы Адам амард

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын