-
Хуыцау раарфӕ кодта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕнБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
5 СӔР
Йегъовӕ раарфӕ кодта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн
Авраамы цот сбирӕ сты ӕмӕ схъӕздыг сты. Хуыцау Египеты Иосифӕн ӕххуыс кодта
ЙЕГЪОВӔ зыдта, ӕппӕты тынгдӕр кӕй уарзы, уый кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна ӕмӕ кӕй хъуамӕ амӕла. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕ амыдта, Райдианы 3:15 стихы цы фыст ис, уый. Цымӕ Хуыцау адӕмӕн куыд бамбарын кодта, йӕ Фырты нывондӕн куы ’рхӕсса, уӕд ын куыд зын уыдзӕн, уый? Библийы ныффыссын кодта иу зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар. Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ уарзон фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид.
Авраам стыр уырнындзинады хицау уыд. Хъуыды ма кӕныс, Хуыцау ын зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, зӕгъгӕ, Исахъӕй рацӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг кӕнӕ Байзӕддаг? Авраам Хуыцауы коммӕ бакаст ӕмӕ йӕ фырты акодта, цӕмӕй йӕ нывондӕн ӕрхастаид. Авраам фидарӕй ӕууӕндыд, куы бахъӕуа, уӕд Хуыцау Исахъы кӕй райгас кӕндзӕн. Авраам йӕ къухмӕ кард куы райста, уӕд ӕй Хуыцауы зӕд баурӕдта. Йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕн Хуыцау стыр аргъ скодта, ӕмӕ йын загъта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.
Фӕстӕдӕр Исахъӕн райгуырд дыууӕ фырты – Исав ӕмӕ Иаков. Исавӕй уӕлдай, Иаков Хуыцауы хъуыддӕгтӕн стыр аргъ кодта ӕмӕ арфӕгонд ӕрцыд. Хуыцау Иаковӕн радта ӕндӕр ном,– Израил, ӕмӕ йӕ 12 фыртӕй рацыдысты израилӕгты мыггӕгтӕ. Фӕлӕ цымӕ Иаковы бинонтӕй бирӕ адӕм куыд равзӕрд?
Иаковы фырттӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иосифмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Цагъарӕй йӕ ауӕй кодтой ӕмӕ афтӕмӕй Египетмӕ бахауд. Фӕлӕ Хуыцау арфӕ кодта уыцы коммӕгӕс ӕмӕ ныфсджын лӕппуйӕн. Иосиф бирӕ зындзинӕдтӕ баййӕфта, фӕлӕ йӕ ӕппынфӕстаг Египеты фараон стыр хицауӕй сӕвӕрдта. Раст уыцы рӕстӕг Иаков йӕ фыртты Египетмӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг скодта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Египеты хойраг иууылдӕр уыд Иосифы къухы. Иосиф куы федта, йӕ ’фсымӕртӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уӕд сын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ бинонты се ’ппӕты дӕр Египетмӕ цӕрынмӕ ӕркодта. Ӕрцардысты ӕппӕты хуыздӕр зӕххытыл, ӕмӕ уым сбирӕ сты ӕмӕ схъӕздыг сты. Иосиф бамбӕрста, уыцы хабӕрттӕ Хуыцауӕй кӕй уыдысты, цӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст кодтаид.
Зӕронд Иаков йӕ царды фӕстаг бонтӕ арвыста Египеты йе ’стыр бинонты ’хсӕн. Йӕ мӕлӕты размӕ загъта, зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг, кӕнӕ Байзӕддаг, йӕ фырт Иудӕйӕ кӕй рацӕудзӕн ӕмӕ стыр Паддзах кӕй суыдзӕн. Цасдӕры фӕстӕ Иосиф йӕ мӕлӕты размӕ загъта, Хуыцау Иаковы бинонты Египетӕй кӕй ракӕндзӕн.
-
-
Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
6 СӔР
Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад
Сайтан сдзырддаг кодта, Иов Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый, фӕлӕ Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта
ЦЫМӔ адӕймаг уӕззау фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕла ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсы, уый йын куы ницы пайда хӕсса, уӕд ыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн? Ацы фарста фӕзынд ӕмӕ йын дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд Иовы рӕстӕджы.
Израилӕгтӕ Египеты куы цардысты, уӕд Авраамы хӕстӕг Иов та царди Аравийы. Уыцы рӕстӕг уӕлӕрвты зӕдтӕ Хуыцауы раз ӕрлӕууыдысты, се ’хсӕн уыди Сайтан дӕр. Йегъовӕ йын загъта, йӕ лӕггадгӕнӕг Иовы хуызӕн ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг кӕй нӕй. Уӕд Хӕйрӕг Хуыцауӕн загъта, зӕгъгӕ йын куы нӕ арфӕ кӕнис ӕмӕ йӕ куы нӕ хъахъхъӕнис, уӕд дын Иов нӕ лӕггад кӕнид. Стӕй ма йын загъта, Иовмӕ цыдӕриддӕр ис, уый куы фесафа, уӕд ӕй кӕй ралгъитдзӕн.
Хуыцау Сайтанӕн бар радта, цӕмӕй Иовӕн йӕ хъӕздыгдзинад байса, йӕ сывӕллӕтты йын амара, йӕхиуыл та йын уӕззау низ бафтауа. Иов нӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ йӕ не ’мбӕрста, Хуыцау ын ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ цӕмӕн бавзарын кодта. Фӕлӕ уӕддӕр Иов Хуыцауы нӕ ралгъыста.
Иовмӕ ӕрбацыдысты йе ’ртӕ ӕмбалы ӕмӕ йемӕ бирӕ фӕныхас кодтой. Сӕ ныхӕстӕ фыст сты Иовы чиныджы. Уыцы ницӕйаг ӕмбӕлттӕ йын дзырдтой, Хуыцау ӕй кӕй бафхӕрдта, сусӕгӕй цы тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй. Стӕй ма йын загътой, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй райгонд кӕй никуы вӕййы ӕмӕ сыл кӕй не ’ууӕнды. Иов сӕ мӕнг хъуыдытыл не сразы ӕмӕ фидарӕй загъта, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн!
Фӕлӕ Иов йӕхи ӕгӕр кӕй раст кодта, уымӕй рӕдыди. Семӕ ма уыди, сӕхицӕй кӕстӕр чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаг, Елиуй, зӕгъгӕ. Уый лӕмбынӕг фӕхъуыста Иовмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм, стӕй йӕ хъуыды загъта. Иовӕн бауайдзӕф кодта, кӕй дзы ферох, ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – Йегъовӕ Хуыцау Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын сӕйрагдӕр у, цавӕрфӕнды адӕймаджы сраст кӕнынӕй дӕр. Стӕй ма Елиуй карзӕй бауайдзӕф кодта Иовы ’мбӕлттӕн дӕр.
Уый фӕстӕ Иовимӕ ныхас кодта Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йын йӕ хъуыды сраст кодта. Йӕ хъус ын ӕрдардта, цы сфӕлдыста, уымӕ ӕмӕ йын афтӕмӕй равдыста, Хуыцауы раз адӕймаг рыджы мур йеддӕмӕ кӕй ницы у. Иов йӕ рӕдыдыл сӕрныллӕгӕй басаст. Йегъовӕ адӕмы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Иовы сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ йын радта, раздӕр ӕм цы хъӕздыгдзинад уыд, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр, стӕй йын раарфӕ кодта ӕмӕ йын райгуырд дӕс сывӕллоны (Иаковы 5:11). Иов ахӕм уӕззау фӕлварӕнты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы дзуапп радта Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, фӕлварӕнты адӕймаг Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн.
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. размӕ 1750 азы Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой
н. э. размӕ 1613 азы размӕ Иовы фӕлварӕнтӕ
-