Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хуыцау израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Моисейы къухы дыууӕ къӕйдуры – фыст сыл ис Дӕс фӕдзӕхсты

      7 СӔР

      Хуыцау израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта

      Йегъовӕ Египетыл алыхуызон бӕллӕхтӕ ӕруагъта ӕмӕ Моисей израилӕгты уырдыгӕй ракодта. Хуыцау Моисейы уылты Израилы адӕмӕн радта закъӕттӕ

      БИРӔ азты дӕргъы израилӕгтӕ Египеты ӕнӕмӕтӕй цардысты ӕмӕ сбирӕ сты. Фӕлӕ дзы фӕзынд ног фараон ӕмӕ уый Иосифы нӕ зыдта. Уыцы ӕгъатыр фараон тынг тарсти, израилӕгтӕ бынтон куы сбирӕ уой, уымӕй ӕмӕ сӕ йӕхицӕн цагъартӕ сарӕзта. Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй сын сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы цӕугӕдоны ӕппӕрстаиккой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй иу хъӕбатыр сылгоймаг йӕ лӕппуйы мӕлӕтӕй бахызта. Чыргъӕды йӕ нывӕрдта ӕмӕ йӕ цӕугӕдоны был кӕрдӕджыты ’хсӕн сӕвӕрдта. Сывӕллоны ссардта фараоны чызг ӕмӕ йӕ йӕхицӕн ныууагъта. Сӕвӕрдта йыл ном Моисей. Лӕппу схъомыл фараоны хӕдзары.

      Моисейыл 40 азы куы цыди, уӕд фыдбылызы бахауд: иу египетаг цӕстдарӕг израилаг цагъары куыд ӕфхӕры, уый куы федта, уӕд йӕ сӕрыл рахӕцыд. Уый фӕстӕ Моисейы бахъуыд дард бӕстӕм алидзын. 80 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй Йегъовӕ Египеты фараонмӕ арвыста, цӕмӕй йын йӕ адӕмы ссӕрибар кодтаид.

      Фараон не сразы. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта. Алы бӕллӕхы размӕ дӕр-иу Моисей фараоны рагацау бафӕдзӕхста, цӕмӕй Египет фыдбылызӕй бахызтаид. Фӕлӕ та-иу фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ-иу нӕ байхъуыста Моисеймӕ ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ. Фӕстаг бӕллӕхы египетӕгты фыццаггуырд сывӕллӕттӕ амардысты. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ чи байхъуыста ӕмӕ нывондӕн уӕрыкк чи ’рхаста ӕмӕ йын йӕ тугӕй хӕдзары дуарыл чи бапырх кодта, уыдоныл ницы ’рцыд. Хуыцауы зӕд уыцы хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ сын сӕ фыццаггуырдты нӕ амардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттӕгтӕ алы аз дӕр бӕрӕг кодтой, диссаджы хуызы цы бон аирвӕзтысты, уый. Уыцы бӕрӕгбон схуыдтой Куадзӕн.

      Фараонӕн дӕр йӕ хистӕр лӕппу амард, ӕмӕ Моисейӕн ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Египетӕй ацыдаиккой. Уыдон дӕр уайтагъд сӕхи ацӕттӕ кодтой ӕмӕ рацыдысты. Фӕлӕ фараон фӕфӕсмон кодта, кӕй сӕ ауагъта, ууыл. Сӕ фӕстӕ сын арвыста стыр ӕфсад ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ. Израилӕгтӕ Сырх денджызмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕм афтӕ фӕкаст, цыма къӕппӕджы бахаудысты. Йегъовӕ Сырх денджызы дӕттӕ фӕдих кодта ӕмӕ йӕ адӕм, къултау цы дӕттӕ слӕууыдысты, уыдоны ’хсӕн иннӕ фарсмӕ ахызтысты! Египетӕгтӕ сӕ фӕстейӕ куы асырдтой, уӕд Хуыцау дӕттӕ фӕстӕмӕ ӕркалдта, ӕмӕ фараон йе ’фсадимӕ фӕдӕлдон.

      Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын куы ӕрбынат кодтой, уӕд Йегъовӕ семӕ бадзырд сарӕзта. Йегъовӕ сын Моисейы уылты радта закъӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ арӕзтаиккой ӕмӕ сӕхи алыхуызон бӕллӕхтӕй бахызтаиккой. Израилӕгтӕ Йегъовӕмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сын ӕххуыс кодтаид ӕмӕ уыдоны уылты иннӕ адӕмтӕн дӕр раарфӕ кодтаид.

      Фӕлӕ дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ риссын кодтой. Уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры 40 азы рахау-бахау кодтаиккой. Уый фӕстӕ Моисей йӕхи бӕсты разамонӕгӕй сӕвӕрдта Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг Йесо Навины. Ӕппынфӕстаг израилӕгтӕ бахӕццӕ сты, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ.

      Рацыд; Левит; Нымӕцтӕ; Дыккаг закъон; Псалом 136:10–15; Хъуыддӕгтӕ 7:17–36.

      • Хуыцау Моисейӕн цы бахӕс кодта, цӕмӕй Израилы адӕмы ссӕрибар кодтаид?

      • Израилӕгтӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнын цӕмӕн райдыдтой?

      • Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куыд ссӕрибар кодта?

  • Израилӕгтӕ бацыдысты зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Йесо Навин тохы хъӕр ныккодта, сауджынтӕ та фыры сыкъатӕй ныууасыдысты

      8 СӔР

      Израилы адӕм бацыдысты Ханаанмӕ

      Израилӕгтӕ сӕ разамонӕг Йесо Навинимӕ Ханаан бацахстой. Йегъовӕ ӕвӕрдта тӕрхонгӕнджыты, цӕмӕй йӕ адӕмы знӕгтӕй ирвӕзын кодтаид

      ИЗРАИЛӔГТӔ Ханаанмӕ куы бацыдысты, уымӕй бирӕ ӕнустӕ раздӕр Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы зӕхх йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй ратдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ Йесо Навин израилӕгты ӕрбакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бацахстаиккой.

      Хуыцау сфӕнд кодта ханаайнӕгты фесафын. Уыцы адӕм кодтой алы хӕлд митӕ ӕмӕ дуне туг ныккалдтой. Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ хъуамӕ Ханаанмӕ бабырстаиккой ӕмӕ йын йӕ горӕттӕ ныппырх кодтаиккой.

      Фӕлӕ уал уый размӕ Йесо Навин уырдӕм арвыста дыууӕ лӕджы, цӕмӕй хабӕрттӕ базыдтаиккой. Уыдон ӕрлӕууыдысты Иерихоны иу сылгоймагмӕ, Раав, зӕгъгӕ. Раав зыдта, уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы израилӕгтӕ кӕй уыдысты, фӕлӕ сӕ уӕддӕр суазӕг кодта, ӕмӕ сын тӕссаг куы уыди, уӕд сӕ бамбӕхста. Раав йӕ ныфс дардта израилӕгты Хуыцау Йегъовӕйыл, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта, уый. Уыцы дыууӕ лӕгӕн расомы кӕнын кодта, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ бинонты дӕр удӕгасӕй кӕй ныууадздзысты.

      Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Иерихоны алыварс куы ’рлӕууыдысты, уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй горӕты къултӕ ныккалдаиккой. Йесо Навины ӕфсад горӕтмӕ бабырста ӕмӕ йӕ ныппырх кодта, фӕлӕ Раав ӕмӕ йӕ бинонтӕм нӕ бавнӕлдта. Йесо Навин ӕхсӕз азмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ фылдӕр хай бацахста. Фӕстӕдӕр зӕхх уӕрст ӕрцыд Израилы мыггӕгтыл.

      Ханааны зӕхх картӕйыл[Картӕ 11 фарсыл]

      Йесо Навин куы базӕронд, уӕд адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕлтӕн куыд ӕххуыс кодта, уый ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ Йесо Навин ӕмӕ иннӕ иузӕрдион нӕлгоймӕгты мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Иу-300 азы дӕргъы Израилы адӕм Йегъовӕйы закъӕттӕ не ’ххӕст кодтой. Уыцы рӕстӕг сӕ Йегъовӕ се знӕгтӕй нӕ хъахъхъӕдта, зӕгъӕм, филистимӕгтӕй. Фӕлӕ-иу Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ куы скуывтой, уӕд-иу сын тӕрхонгӕнджытӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ ирвӕзын кодтаиккой. Тӕрхонгӕнджытӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты 12.

      Сӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цыди, уыдоны тыххӕй фыст ис Тӕрхонгӕнджыты чиныджы. Тӕрхонгӕнджытӕй фыццаг уыди Гофониил, фӕстаг та – Самсон, зӕххыл ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы ис иу ахсджиаг хъуыды: адӕймаг Йегъовӕйы коммӕ куы фӕкӕсы, уӕд ын Йегъовӕ фӕарфӕ кӕны, куы нӕ фӕкӕсы, уӕд та бӕллӕххы бахауы.

      Йесо Навины чиныг; Тӕрхонгӕнджыты чиныг; Левит 18:24, 25.

      • Йегъовӕ Раавы ӕмӕ йӕ бинонты цӕмӕн фервӕзын кодта?

      • Йесо Навины мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ цавӕр хъуыддагыл бафтыдысты?

      • Тӕрхонгӕнджыты чиныджы цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?

  • Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
      1. н. э. размӕ 1513 азы Египетӕй рацыдысты

      2. н. э. размӕ 1473 азы Йесо Навин израилӕгты Ханаанмӕ бакодта

      3. н. э. размӕ 1467 азы онг Ханаанӕн йӕ фылдӕр хай бацахстой

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын