-
Хуыцауы фӕндӕй фыст зарджытӕ нын сты удӕнцой ӕмӕ зонды хосБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
11 СӔР
Хуыцауы фӕндӕй фыст зарджытӕ нын сты удӕнцой ӕмӕ зонды хос
Давид ӕмӕ ма Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ныффыстой зарджытӕ Хуыцауы кадджын кӕнынӕн. Уыдонӕй Псаломты чиныджы ис 150 зарӕджы
БИБЛИЙЫ ӕппӕты стырдӕр чиныг у Хуыцауы кадӕн фыст зарджыты чиныг Псаломтӕ. Фыст цыдис 1 000 азы бӕрц. Ацы чиныджы ис, фидар уырнындзинады тыххӕй рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй фыст зарджытӕ. Ӕвдыст дзы сты, адӕймаджы зӕрдӕйы цы алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, уыдон – цин, маст, фӕсмон ӕмӕ хорздзинадӕн кӕй аргъ кӕны, уый. Бӕрӕг у, псаломтӕ чи фыста, уыцы адӕм Хуыцауыл сӕ ныфс кӕй дардтой ӕмӕ йӕ тынг кӕй уарзтой. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы зарджыты цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.
Йегъовӕ у Дун-дунейы Хицау ӕмӕ йын хъӕуы табу ӕмӕ кад кӕнын. Псалом 83:18 стихы фыст ис: «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Цалдӕр псаломы Йегъовӕйы кадджын кӕнынц йе сконд хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, стъалытӕ, ӕрдз ӕмӕ адӕймаджы буар куыд диссаджы конд сты, уыдӕтты тыххӕй (Псаломтӕ 8, 19, 139, 148). Иннӕ псаломты та фыст ис, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кодта ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта, уый тыххӕй (Псаломтӕ 18, 97, 138). Цалдӕр псаломы та йӕ кадджын кӕнынц, рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, ӕфхӕрд адӕмӕн удӕнцой кӕй хӕссы ӕмӕ фыдгӕнджыты кӕй бафхӕры, уый тыххӕй (Псаломтӕ 11, 68, 146).
Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи йӕ уарзы, уыдонӕн. Ӕвӕццӕгӕн, псаломтӕй ӕппӕты зындгонддӕр у 23-ӕм. Паддзах Давид ацы псаломы Йегъовӕйы хоны, йӕ фысты чи хъахъхъӕны ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ Фыййау. 65 псаломы 2 стих Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ кӕй у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау». Стыр тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕн ныфсы хос сты 39 ӕмӕ 51 псаломтӕ. Ацы дыууӕ псаломы Давид дзырдта, йӕ уӕззау тӕригъӕдтыл куыд тынг фӕсмон кӕны, стӕй йын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕдзӕн, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны. 55 псаломы 22 стих нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый йӕ бар кӕнӕм.
Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы ацы дунейӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ ног цард сараздзӕн. Иуӕй-иу псаломтӕ комкоммӕ амонынц, Хуыцау зӕрдӕ цы Паддзахӕй бавӕрдта, уымӕ – Чырыстимӕ. 2-аг псаломы фыст ис, уыцы Паддзах кӕй фесафдзӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыцы фыдгӕнӕг адӕмы. 72-аг псалом нын дзуры, Чырысти кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕххормагдзинад ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн, стӕй иннӕты чи ’фхӕры, уыдоны кӕй фесафдзӕн. 46 псаломы 9 стих куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕрон скӕндзӕн хӕстытӕн ӕмӕ зӕххыл иу хӕцӕнгарз дӕр нал ныууадздзӕн. 37-ӕм псаломы фыст ис, фыдгӕнджытӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн, раст адӕм та зӕххыл ӕнустӕм сабыр ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты.
-
-
Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕмБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
12 СӔР
Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕм
Ӕмбисӕндты чиныджы уынаффӕтӕ адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уа. Чиныгӕн йӕ фылдӕр хай ныффыста Соломон
ЦЫМӔ Йегъовӕ цы разамынд дӕтты, уый ӕппӕты хуыздӕр у? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Цымӕ адӕймагӕн исты пайда сты? Адӕймаг уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд амондджындӕр уыдзӕн? Зондджын паддзах Соломон ныффыста тынг бирӕ ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ, зӕгъӕн ис, царды алы хъуыддагмӕ дӕр хауынц. Ӕркӕсӕм дзы иуӕй-иутӕм.
Нӕ ныфс Хуыцауыл дарӕм. Адӕймаг Йегъовӕйыл йӕ ныфс куы дара, уӕд ын Йегъовӕ хорз ӕмбалы хуызӕн уыдзӕн. Соломон ныффыста: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Адӕймаг Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй дары, уый бӕрӕг вӕййы, разамынд дзы кӕй фӕагуры ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй фӕкӕсы, уымӕй. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдзыстӕм амондджын. Уӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн ӕмӕ йын фадат уыдзӕн Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн дзуапп раттынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).
Зондӕй архайӕм. Хуыцау нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон абон куыд хъӕуынц, афтӕ никуы. Хуыцау алы лӕджы дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй «цин кӕна йӕ усыл, йе ’взонджы бонты йӕ цард кӕимӕ баиу кодта, ууыл». Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ йӕ цардӕмбалыл йӕ зӕрдӕ макуы сива (Ӕмбисӕндтӕ 5:18–20). Ӕмбисӕндты чиныджы рӕсугъд ӕвзагӕй фыст ис, йӕ лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн аргъ кӕнынц, ахӕм сӕрӕн сылгоймаджы тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 31 сӕр). Сывӕллӕттӕн дӕр дзы ис уынаффӕ, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой (Ӕмбисӕндтӕ 6:20). Ацы чиныг ма нын ӕмбарын кӕны, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард куы фӕласы, уӕд свӕййы хиуарзон (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Фӕлӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ, уымӕн ӕмӕ ныл не ’мбӕлттӕ кӕнӕ хорзырдӕм фӕзынынц, кӕнӕ та – ӕвзӕрырдӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 17:17).
Хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Ӕмбисӕндты чиныджы ис хорз уынаффӕ, цӕмӕй фыднозт ма кӕнӕм, ныфсы хос нын цы фӕуыдзӕн, ууыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ кусын уарзӕм (Ӕмбисӕндтӕ 6:6; 14:30; 20:1). Фӕдзӕхсы нӕ, нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм ӕмӕ Хуыцауы зондыл та нӕ ныфс куы нӕ дарӕм, уӕд нӕ уый кӕй ӕркӕндзӕн бӕллӕхмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Ацы чиныг нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, уымӕн ӕмӕ «царды суадӕттӕ» зӕрдӕйы гуырынц (Ӕмбисӕндтӕ 4:23).
Тынг бирӕ адӕм цӕрынц ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ цард фӕхуыздӕр. Уый тыххӕй сӕ фӕнды Йегъовӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын.
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. размӕ 997 аз Израил дыууӕ паддзахадыл адих
н. э. размӕ 717 азмӕ ’ввахс Ӕмбисӕндты чиныг фыст фӕци
-