-
Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
13 СӔР
Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ
Израилы паддзахад ныддихтӕ. Израилӕгтӕн бирӕ паддзӕхтӕ уыд, фӕлӕ сӕ фылдӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Вавилойнӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой
ЙЕГЪОВӔ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад: Соломон ын иузӕрдионӕй кӕй нал лӕггад кодта, уый тыххӕй Израил ныддихтӕ. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам. Ӕгъатыр адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ дзы Израилы дӕс мыггаджы фӕхицӕн сты ӕмӕ скодтой цӕгат паддзахад Израил. Иннӕ дыууӕ мыггаджы та иузӕрдион уыдысты, Давиды бинонтӕй Иерусалимы цы паддзах уыд, ууыл. Уыдон та скодтой хуссар паддзахад Иудӕ.
Ацы дыууӕ паддзахады ӕдзух змӕстытӕ уыди, сӕйраджыдӕр, сӕ паддзӕхтӕ хивӕнд кӕй уыдысты ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй. Цӕгат паддзахад Израилы уавӕр фыддӕр уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ паддзахад куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ паддзӕхтӕ адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕн кувын кодтой. Кӕд пехуымпартӕ Илиа ӕмӕ Елисей бирӕ диссӕгтӕ арӕзтой, суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодтой, уӕддӕр Израилы адӕм сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нӕ уагътой. Ӕппынфӕстаг сӕ Хуыцау сӕхи бар ныууагъта, ӕмӕ Ассири цӕгат паддзахад ныппырх кодта.
Иудӕйы паддзахад ма уый фӕстӕ иу ӕнусӕй гыццыл фылдӕр ахаста, фӕлӕ уый дӕр Хуыцауы фыдӕх баййӕфта. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр паддзахы байхъуыстой Хуыцауы пехуымпарты фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ бацархайдтой, цӕмӕй та адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Зӕгъӕм, паддзах Иоси бацархайдта, цӕмӕй Иудӕйы адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн мауал куывтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон бацалцӕг кодта. Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон радта, уый куы ссардтой ӕмӕ йӕ Иосийӕн куы бакастысты, уӕд ӕм йӕ ныхӕстӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдта мӕнг дины ныхмӕ тох кӕнын.
Фӕлӕ Иосийы фӕстӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон ӕндӕр зондыл хӕст уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Вавилон Иудӕйы паддзахадмӕ бабырстаид ӕмӕ Иерусалим ӕмӕ кувӕндон ныппырх кодтаид. Удӕгасӕй ма чи баззад, уыдоны та Вавилонмӕ уацары акодтой. Хуыцау загъта, уацары кӕй фӕуыдзысты 70 азы. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Иудӕйы цӕрӕг нӕ уыд, цалынмӕ, куыд загъд уыд, афтӕ дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ не ’рыздӕхтысты, уӕдмӕ.
Цалынмӕ зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райста, уӕдмӕ Давиды байзӕддӕгтӕй паддзах ничиуал уыд. Давиды фӕстӕ Иерусалимы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕры хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу иннӕтӕн разамынд дӕттын. Уый ӕрмӕстдӕр Чырыстийы бон у. Йегъовӕ Чырыстийы тыххӕй загъта: «Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:33).
1 Паддзӕхты чиныг; 2 Паддзӕхты чиныг; 2 Азфыст 10–36 сӕртӕ; Йереми 25:8–11.
-
-
Хуыцау дзырдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылтыБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
14 СӔР
Хуыцау дзырдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылты
Йегъовӕ ӕвӕрдта пехуымпарты, цӕмӕй хъусын кодтаиккой йӕ тӕрхӕтты, раст дины ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕджы тыххӕй
ИУДӔ ӕмӕ Израилы паддзӕхты рӕстӕг пехуымпартӕ ахсджиаг куыст кодтой. Уыцы пехуымпартӕн уыди фидар уырнындзинад ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кодтой Хуыцауы фӕндтӕ. Ӕркӕсӕм, цы ахсджиаг хабӕрттӕ хъусын кодтой, уыдонӕй цыппармӕ.
1. Иерусалим ныппырх кӕндзысты. Хуыцауы пехуымпартӕ Исай ӕмӕ Йереми, бирӕ азтӕ раздӕр адӕмы фӕдзӕхстой, знӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ дзы цӕрӕг кӕй нал баззайдзӕн. Дзырдтой, Хуыцауы фыдӕх сӕ цӕмӕн баййафдзӕн, уый тыххӕй. Иерусалим уый аккаг нал уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ном хастаид, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн, кодтой ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ (2 Паддзӕхты 21:10–15; Исай 3:1–8, 16–26; Йереми 2:1–3:13).
2. Раст дин та ӕрфидар уыдзӕн. Дзуттӕгтӕ Вавилоны 70 азы уацары куы фӕуой, уӕд сӕ Хуыцау ссӕрибар кӕндзӕн. Фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ ӕрӕздӕхдзысты ӕмӕ Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй сараздзысты (Йереми 46:27; Амос 9:13–15). Уымӕй иу-200 азы раздӕр Исай загъта, Персы паддзах Кир Вавилоныл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн бар кӕй ратдзӕн, цӕмӕй та сӕ райгуырӕн бӕстӕйы раст дин ӕрфидар кӕной. Исай суанг лыстӕгдзинӕдты онг ныффыста, Кир Вавилон куыд бацахсдзӕн, уый (Исай 44:24–45:3).
3. Фӕзындзӕн Ирвӕзынгӕнӕг. Чырысти райгуырдзӕн горӕт Вифлеемы (Михей 5:2). Йесо Иерусалиммӕ хӕрӕгыл бацӕудзӕн ӕмӕ уымӕй равдисдзӕн сӕрныллӕгдзинад (Захари 9:9). Кӕд фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыдзӕн, уӕддӕр ӕм бирӕтӕ нӕ хъусдзысты (Исай 42:1–3; 53:1, 3). Ӕгъатыр мард ӕй акӕндзысты, фӕлӕ ууыл йӕ цард нӕ фӕуыдзӕн. Йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый фӕрцы адӕмӕн фадат фӕзындзӕн, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой (Исай 53:4, 5, 9–12). Уымӕн гӕнӕн уыдзӕн, кӕй райгас, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.
4. Чырысти уыдзӕн паддзах. Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон нӕу зӕххыл сабыр цард скӕнын. Уый бантысдзӕн Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахӕн, уымӕн ӕмӕ хуыйны Фарны кънйаз (Исай 9:6, 7; Йереми 10:23). Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд адӕм цӕрдзысты хӕларӕй ӕмӕ сырдтӕй дӕр нӕ тӕрсдзысты (Исай 11:3–7). Рынчын ничиуал кӕндзӕн (Исай 33:24). Мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн (Исай 25:8). Уыцы рӕстӕг Чырысти райгас кӕндзӕн мӕрдты дӕр (Данел 12:13).
Исайы, Йеремийы, Данелы, Амосы, Михейы ӕмӕ Захарийы чингуытӕ.
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. размӕ 607 азы Иерусалим ныппырх кодтой; Вавилонмӕ сӕ уацары акодтой
н. э. размӕ 539 азы Кир Вавилонмӕ бабырста
н. э. размӕ 537 азы Дзуттӕгтӕ Иерусалиммӕ уацарӕй ӕрыздӕхтысты
н. э. размӕ 455 аз Иерусалимы къултӕ самадтой;
-