Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чырысти адӕмӕн дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Чырысти адӕмы ахуыр кӕны

      17 СӔР

      Чырысти адӕмӕн дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

      Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ амыдта, фӕлӕ сын сӕйраджыдӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

      ЧЫРЫСТИ зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд? Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕз хъуамӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43). Чырысти сӕйраджыдӕр дзырдта, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст чи у, цыппар ахӕм хъуыддагыл. Ӕркӕсӕм сӕм.

      1. Чырысти уыдзӕн Паддзах. Йесо ӕргом загъта, пехуымпартӕ кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Мессийӕ, ома Чырысти, йӕхӕдӕг кӕй у (Иоанны 4:25, 26). Стӕй ма бамбарын кодта, пехуымпар Данел цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы Паддзах дӕр кӕй у. Чырысти йӕ апостолтӕн загъта, иу бон «кадджын паддзахбадӕныл» кӕй ӕрбаддзӕн ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (Матфейы 19:28). Схуыдта сӕ «гыццыл дзуг», ӕмӕ ма загъта, кӕй йын ис, уыцы дзугмӕ чи нӕ хауы, ахӕм «ӕндӕр фыстӕ» дӕр (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16).

      2. Хуыцауы Паддзахад сфидар кӕндзӕн рӕстдзинад. Чырысти бамбарын кодта, уыцы Паддзахад кӕй сраст кӕндзӕн, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, уый – срухс кӕндзӕн Йегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн, Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ куы рацыд, уыд ыл цы цъыфкалӕнтӕ фӕкодта, уымӕй (Матфейы 6:9, 10). Йесо алкӕмӕдӕр иухуызон цӕстӕй каст. Уый бӕрӕг уыд, нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, хъӕздгуыты ӕмӕ мӕгуырты кӕй ахуыр кодта, уымӕй. Ӕмӕ кӕд сӕйраджыдӕр дзуттӕгтӕм ӕрвыст уыди, уӕддӕр хъусын кодта самарийӕгтӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн дӕр, ома дзуттаг чи нӕ уыди, уыдонӕн. Уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕй уӕлдай, Чырысти никӕй хъулон кодта ӕмӕ йӕм цӕстмӕ митӕ дӕр нӕ уыд.

      3. Хуыцауы Паддзахадӕн ацы дунеимӕ иумӕйагӕй ницы уыдзӕн. Чырысти цард тынг змӕст рӕстӕг. Йӕ райгуырӕн бӕстӕ уыди ӕндӕр паддзахады къухы. Фӕлӕ йӕ адӕм сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд йӕхи айста (Иоанны 6:14, 15). Йесо иу хицауӕн загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр загъта: «Сымах та ацы дунейӕ... не стут» (Иоанны 15:19). Чырысти сӕ нӕ уагъта сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз исын, суанг йӕ сӕрыл куы рахӕцыдысты, уӕд дӕр (Матфейы 26:51, 52).

      Йесо «зылди... хъӕутыл, ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (Лукайы 8:1)

      4. Чырысти уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ Паддзах. Йесо адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, сӕ уаргъ сын кӕй фӕрог кӕндзӕн ӕмӕ сын удӕнцой кӕй ӕрхӕсдзӕн (Матфейы 11:28–30). Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Адӕмыл кӕй тыхсти, уый бӕрӕг у йӕ уынаффӕтӕй. Уыцы уынаффӕтӕ сын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны ма скодтаиккой, иннӕтимӕ хӕларӕй цардаиккой, мулкыл ма бафтыдаиккой ӕмӕ амондджын уыдаиккой (Матфейы 5–7 сӕртӕ). Йесо адӕмы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр йемӕ тынг ӕнцон уыди. Цыдысты йӕм, суанг былысчъилтӕ кӕуыл кодтой, уыдон дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, кӕй сыл баузӕлдзӕн ӕмӕ сыл йӕхи кӕй нӕ атигъ кӕндзӕн. Уӕдӕ адӕм уыдтой, Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд цӕй диссаджы Паддзах уыдзӕн, уый.

      Чырысти ма бирӕ диссӕгтӕ арӕзта. Цӕмӕн сӕ арӕзта ӕмӕ нын уыцы диссӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цӕуыл дзурӕг сты? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

      Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуытӕ.

      • Чырысти куыд бамбарын кодта, Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах кӕй у, уый?

      • Чырысти куыд равдыста, разамынд рӕстӕй кӕй дӕтдзӕн?

      • Йесо куыд равдыста, йӕ Паддзахадӕн ацы дунеимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис?

      • Чырысти фӕлмӕнзӕрдӕ Паддзах кӕй уыдзӕн, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

  • Чырысти арӕзта диссӕгтӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
    • Чырысти куырм лӕджы цӕстытӕм бавнӕлдта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта

      18 СӔР

      Чырысти арӕзта диссӕгтӕ

      Чырысти диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй бӕрӕг у, Паддзах куы суа, уӕд стыр хъуыддӕгтӕ кӕй араздзӕн

      ХУЫЦАУ Чырыстийӕн иннӕ адӕмӕй уӕлдай радта тых, цӕмӕй стыр хъуыддӕгтӕ араза. Арӕх Чырысти диссӕгтӕ арӕзта тынг бирӕ адӕмы раз. Уыцы диссӕгтӕй бӕрӕг уыд, йе знӕгтӕй тыхджындӕр кӕй у ӕмӕ, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бар цы хъуыддӕгтыл нӕ цӕуы, уыдонӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

      Ӕххормаг ничиуал уыдзӕн. Иухатт Чырысти донӕй сӕн сарӕзта – уый уыди йӕ фыццаг диссаг. Дыууӕ хатты та мингай адӕмы бафсӕста цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй, ӕмӕ хӕринаг алкӕмӕн дӕр фагӕй фылдӕр уыди.

      Рынчын ничиуал кӕндзӕн. Чырысти дзӕбӕх кодта рынчынты ӕмӕ ’нӕфӕразгӕты (Матфейы 4:23). Дзӕбӕх кодта куырмыты, къуырматы, къуылыхты, хъотырджынты ӕмӕ суртӕ чи кодта, уыдоны. Цы низ нӕ дзӕбӕх кодта, ахӕм нӕ уыд.

      Ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъыл Галилейы денджызы куы ленк кодта, уӕд ӕвиппайды тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ йӕ апостолтӕ тынг фӕтарстысты. Йесо та дымгӕйӕн загъта: «Банцай! Ныссабыр у!» Ӕмӕ дымгӕ ӕцӕгдӕр банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр (Марчы 4:37–39). Иухатт та абухгӕ денджызыл цыди, зӕххыл куыд фӕцӕуынц, афтӕ (Матфейы 14:24–33).

      Хӕйрӕджытӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ацы фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕмӕй бирӕ тыхджындӕр сты. Уыдон сты Хуыцауы знӕгтӕ ӕмӕ ӕнцой кӕмӕн нӕ дӕттынц, уыцы адӕмӕн сӕ бон нӕу, цӕмӕй сӕ сӕхи хъаруйӕ фервӕзой. Фӕлӕ-иу сын Чырысти куы загъта, цӕмӕй хъизӕмарӕй кӕй мардтой, уыдоны ныууадзой, уӕд-иу сӕ уайтагъд ныууагътой. Чырысти сӕ ӕппындӕр нӕ тарсти, фӕлӕ уыдон та зыдтой, цы бартӕ йын ис, уый ӕмӕ дзы фыртӕссӕй рызтысты.

      Мӕлӕт нал уыдзӕн. Библи мӕлӕт хоны «фӕстаг знаг», ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕу (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Фӕлӕ Чырысти ӕгас кодта мӕрдты. Иухатт райгас кодта идӕдз сылгоймаджы лӕппуйы, ӕндӕр хатт та – гыццыл чызджы. Ноджы диссагдӕр та уыд, Йесо йӕ зӕрдиаг ӕмбал Лазӕры мӕрддзыгой адӕмы раз кӕй райгас кодта, уый, кӕд ӕмӕ цыппар боны мард уыди. Суанг Чырыстийы знӕгтӕ дӕр зыдтой, уыцы хабар ӕцӕг кӕй уыд (Иоанны 11:38–48; 12:9–11).

      Чырысти кӕмӕн баххуыс кодта, уыцы адӕм фӕстӕдӕр амардысты. Ӕмӕ уӕд уыцы диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? Уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Уыцы диссӕгтӕй бӕрӕг уыд, Паддзах куы уа, уӕд зӕххыл цавӕр цард скӕндзӕн, уый тыххӕй пехуымпартӕ цы дзырдтой, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕххормагдзинадӕн, низтӕн, ӕрдзон бӕллӕхтӕн, хӕйрӕджытӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцауы хъаруйы фӕрцы ӕппӕт уыдӕттыл йӕ бар кӕй цӕуы.

      Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуытӕ.

      • Чырысти куыд равдыста, йӕ бар кӕй цӕуы ӕххормагдзинадыл, низтыл, ӕрдзон бӕллӕхтыл, хӕйрӕджытыл ӕмӕ мӕлӕтыл?

      • Чырысти диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый цӕуыл дзурӕг уыд?

  • Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
      1. Чырысти хъусын кӕнын райдыдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

      2. н. э. 31 азы Чырысти равзӕрста 12 апостолы; адӕмы ахуыр кодта хохыл

      3. н. э. 32 азы Чырысти Лазӕры райгас кодта

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын